Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

68 РАДЗЫРД

Дыууӕ лӕппуйы райгас сты

Дыууӕ лӕппуйы райгас сты

ЗӔГЪӔМ амардтӕ, фӕлӕ стӕй фӕстӕмӕ райгас дӕ. Куыд хъуыды кӕныс, цымӕ дӕ мад йӕхи куыд хатид? Йӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уаид! Фӕлӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ мард адӕймаг райгас уа? Искуы ӕрцыд ахӕм хабар?

Нывы нӕлгоймаг, сылгоймаг ӕмӕ гыццыл лӕппуйы уыныс? Уыцы нӕлгоймаг у пехуымпар Илиа. Сылгоймаг у идӕдз ус, Сарептӕйы сахарӕй, гыццыл лӕппу та – йӕ фырт. Иу бон лӕппу ӕрбарынчын. Йӕ уавӕр ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр кодта, ӕмӕ ӕппынфӕстаг амард. Уӕд Илиа сылгоймагмӕ дзуры: «Сывӕллоны ма мӕм ратт».

Илиа мард сывӕллоны уӕллаг уатмӕ схаста, уым ӕй сынтӕгыл ӕрӕвӕрдта ӕмӕ скуывта: «О Иегъовӕ, курӕг дӕ дӕн, райгас кӕн ацы лӕппуйы». Ӕмӕ диссаг, сывӕллон улӕфын райдыдта! Уӕд Илиа сывӕллоны фӕстӕмӕ бынмӕ ӕрхаста ӕмӕ йӕ мадӕн загъта: «Ӕркӕс ма, дӕ фырт удӕгас у!» Уымӕн афтӕ цин кӕны йӕ мад.

Иегъовӕйы иннӕ зындгонд пехуымпар та хуыйны Елисей. Райдианы уый ӕххуыс кодта Илиайӕн. Фӕлӕ ӕрцыд рӕстӕг, ӕмӕ Иегъовӕ диссӕгтӕ аразын райдыдта Елисейы уылты дӕр. Иу бон Елисей ацыд Сонаммӕ ӕмӕ йын уым иу сылгоймаг бирӕ хорздзинӕдтӕ сарӕзта. Фӕстӕдӕр уыцы сылгоймагӕн райгуырд лӕппу.

Лӕппу куы бахъомыл, уӕд иу бон быдырмӕ йӕ фыдмӕ ацыд. Ӕмӕ уым ӕвиппайды хъӕр кӕнын райдыдта: «Мӕ сӕр риссы!» Хӕдзармӕ йӕ куы ӕрбахастой, уӕд амард. Цӕй стыр зиан ӕрцыд йӕ мадыл! Уыцы тӕккӕ сыстад ӕмӕ ацыд Елисеймӕ.

Елисей сӕм куы ’рцыд, уӕд мард сывӕллон кӕм уыд, уыцы уатмӕ бацыд, скуывта Иегъовӕмӕ ӕмӕ марды буарыл ӕрхуыссыд. Гыццыл фӕстӕдӕр лӕппуйы буар схъарм ӕмӕ авд хатты ӕрӕхснырста. Ахъуыды ма кӕн, йӕ мад куы бацыд ӕмӕ йӕ хъӕбулы удӕгасӕй куы федта, уӕд куыд амондджын уыд!

Зӕххыл тынг бирӕ адӕм амард. Уый стыр маст ӕрхаста сӕ бинонтӕ ӕмӕ сӕ хӕлӕрттӕн. Махӕн нӕ бон нӕу, чи амард, уыдоны райгас кӕнын. Фӕлӕ Иегъовӕйӕн у йӕ бон. Фӕстӕдӕр мах базондзыстӕм, Хуыцау милуангай адӕймӕгты фӕстӕмӕ цардмӕ куыд раздахдзӕн, уый.