Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

70 РАДЗЫРД

Ионӕ ӕмӕ стыр кӕсаг

Ионӕ ӕмӕ стыр кӕсаг

ӔРКӔС МА, доны мидӕг цы лӕг ис, уымӕ. Уыныс, цы фыдбылыз ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Иу гыццыл ма, ӕмӕ йӕ кӕсаг аныхъуырдзӕн! Зоныс, уыцы лӕг чи у? Уый у Ионӕ. Базонӕм ӕй, ахӕм бӕллӕхы куыд бахауд.

Ионӕ Иегъовӕйы пехуымпар у. Елисейы мӕлӕтӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йын Иегъовӕ загъта: «Ацу стыр сахар Ниневимӕ. Йӕ адӕмы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ бӕстыл нал цӕуынц, ӕмӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй сын уый тыххӕй зӕгъай».

Фӕлӕ Ионӕйы нӕ фӕнды уыцы хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ сыстад, науыл сбадт, ӕмӕ Ниневимӕ нӕ, фӕлӕ бынтон ӕндӕрырдӕм йӕхи айста. Ионӕ афтӕ кӕй бакодта, уый Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Уымӕ гӕсгӕ денджызы тыхджын уад сыстын кодта. Уылӕнтӕ афтӕ тынг абухын райдыдтой, ӕмӕ нау фӕдӕлдон уа, уымӕ йӕ бирӕ нал хъӕуы. Науыл цы адӕм ис, уыдон тынг фӕтарстысты, ӕмӕ сӕ хуыцӕуттӕм ӕххуысмӕ кувын райдыдтой. Ӕмӕ сын уӕд Ионӕ загъта: «Ӕз арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕг Хуыцау Иегъовӕйӕн кувӕг лӕг дӕн. Ныр та лидзын, уымӕн ӕмӕ мӕ нӕ фӕнды, Иегъовӕ мын цы бахӕс кодта, уый саразын». «Цы дын бакӕнӕм, цӕмӕй уад ныссабыр уа?» – фӕрсынц ӕй, науыл цы адӕм ис, уыдон. «Денджызы мӕ ныппарут, ӕмӕ уӕд денджыз ныссабыр уыдзӕн»,– дзуапп сын радта Ионӕ. Адӕмы нӕ фӕнды Ионӕйӕн ахӕм ми бакӕнын, фӕлӕ уаддымгӕ тыхджынӕй-тыхджындӕр кодта, ӕмӕ сын ӕндӕр гӕнӕн куы нал уыди, уӕд ӕй науӕй аппӕрстой. Куыддӕр ӕй аппӕрстой, афтӕ уаддымгӕ банцад ӕмӕ денджыз ныссабыр.

Доны бын Ионӕйы стыр кӕсаг аныхъуырдта, фӕлӕ мӕлгӕ нӕ акодта. Ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы фӕци кӕсаджы хуылфы. Уым Ионӕ тынг ӕрфӕсмон кодта, Иегъовӕмӕ кӕй нӕ байхъуыста ӕмӕ Ниневимӕ кӕй нӕ ацыд, ууыл. Ӕмӕ зоныс, цы бакодта?

Ионӕ скуывта Иегъовӕмӕ, цӕмӕй йын баххуыс кӕна. Уӕд Иегъовӕ кӕсагӕн афтӕ бакодта, ӕмӕ Ионӕйы сурзӕхмӕ раомдта. Уый фӕстӕ Ионӕ ацыд Ниневимӕ. Цымӕ нӕ ацы цау ууыл нӕ ахуыр кӕны, ӕмӕ нын Иегъовӕ цыфӕнды ма зӕгъа, уӕддӕр ӕй ӕнӕуӕлдай ныхасӕй кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм?