Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

74 РАДЗЫРД

Ныфсджын адӕймаг

Ныфсджын адӕймаг

УЫНЫС, адӕм ацы лӕппулӕгыл куыд худынц. Зоныс ӕй, чи у? Уый у Иереми. Хуыцауы зындгонд пехуымпар.

Паддзах Иоси гуымирыты сафын куы райдыдта, уымӕй иу цасдӕры фӕстӕ Иегъовӕ Иеремийӕн загъта, цӕмӕй йӕ пехуымпар суа. Иеремимӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ пехуымпарӕн нырма ӕгӕр ӕрыгон у. Фӕлӕ йын Иегъовӕ ныфс ӕвӕры, ӕз дын ӕххуыс кӕндзынӕн, зӕгъгӕ.

Иереми израилӕгтӕм сиды, цӕмӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ мауал кӕной. «Ӕппӕт адӕмтӕ цы хуыцӕуттӕн кувынц, уыдон мӕнг хуыцӕуттӕ сты»,– дзуры сын уый. Фӕлӕ израилӕгтӕй бирӕтӕм хуыздӕр кӕсы ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйӕн нӕ, фӕлӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувын. Иереми адӕмӕн куы фӕдзуры, тагъд сӕ Хуыцау кӕй бафхӕрдзӕн, уӕд ыл худӕгӕй сӕхи схӕссынц.

Аивгъуыдтой азтӕ. Иоси амард ӕмӕ ӕртӕ мӕйы фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иоаким. Иереми та дарддӕр дзуры адӕмӕн: «Уе ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы нӕ ныууадзат, уӕд Иерусалим пырхгонд ӕрцӕудзӕн». Уӕд дын ӕй сауджынтӕ ӕрцахстой ӕмӕ хъӕр кӕнынц: «Ахӕм ныхӕстӕ кӕй кӕныс, уый тыххӕй дӕ марын хъӕуы». Уый фӕстӕ Израилы кънйӕзтӕн загътой: «Иереми маринаг у, уымӕн ӕмӕ нӕ сахары ныхмӕ дзуры».

Цы кӕндзӕн Иереми? Уый нӕ фӕтарст! Ӕмӕ сын уӕндонӕй загъта: «Иегъовӕ мӕ рарвыста сымахмӕ, цӕмӕй уын загътаин, цы фехъуыстат, уый. Уе ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы нӕ ныууадзат, уӕд Иегъовӕ Иерусалим ныппырх кӕндзӕн. Фӕлӕ мӕн куы амарат, уӕд ӕй зонут, ӕнаххос адӕймаджы кӕй амардтат, уый».

Кӕд кънйӕзтӕ Иеремийы нӕ амардтой, уӕддӕр израилӕгтӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ нӕ ныууагътой. Фӕстӕдӕр Вавилоны паддзах Навуходоносор Иерусалимы ныхмӕ хӕцын райдыдта ӕмӕ ӕппынфӕстаг израилӕгтӕй йӕхицӕн цагъартӕ скодта. Адӕмӕй мингӕйтты акодта Вавилонмӕ. Ахъуыды ма кӕн, куыд зын дын уаид, дӕ хӕдзарӕй дӕ ӕцӕгӕлон адӕм ӕнӕзонгӕ бӕстӕм куы акӕниккой!