Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

76 РАДЗЫРД

Иерусалим пырх ӕрцыд

Иерусалим пырх ӕрцыд

НАВУХОДОНОСОР ӕппӕты ахуыргонддӕр израилӕгты Вавилонмӕ куы акодта, уӕдӕй рацыд дӕс азӕй фылдӕр. Ӕмӕ ма ӕркӕс, уый цы хабар у! Иерусалим судзы. Израилӕгтӕй удӕгас чи баззад, уыдоны та фӕкӕнынц Вавилонмӕ уацары.

Хъуыды ма кӕныс, Иегъовӕйы пехуымпартӕ сӕ кӕй фӕдзӕхстой, зӕгъгӕ, уе ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы нӕ ныууадзат, уӕд уыл ахӕм хабар ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ израилӕгтӕ нӕ хъуыстой пехуымпартӕм. Дарддӕр дӕр куывтой Иегъовӕйӕн нӕ, фӕлӕ мӕнг хуыцӕуттӕн. Уый тыххӕй адӕмы хъуыди бафхӕрын. Израилӕгтӕ цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кодтой, уыдон тыххӕй зонӕм Хуыцауы пехуымпар Иезекилы ныхӕстӕй.

Иезекил чи у, уый зоныс? Уый у, Иерусалим куы ныппырх кодтой, уымӕй дӕс азы раздӕр Навуходоносор Вавилонмӕ цы ӕвзонг лӕппуты акодта, уыдонӕй сӕ иу. Уӕд Вавилонмӕ акодтой Данел ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы, Седрах, Мисах ӕмӕ Авденагойы дӕр. Вавилоны Иезекилӕн Иегъовӕ равдыста, Иерусалимы кувӕндоны адӕм цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кодтой, уый. Иегъовӕ уый сарӕзта диссаджы хуызы. Иезекил Вавилоны ис, фӕлӕ Иегъовӕ афтӕ сарӕзта, ӕмӕ уый федта, кувӕндоны цытӕ цыд, ӕппӕт уыдӕттӕ. Иезекил уыны тынг цъаммар хъуыддӕгтӕ!

– Ӕркӕс, адӕм кувӕндоны цӕй цъаммар хъуыддӕгтӕ кӕнынц,– дзуры Иегъовӕ Иезекилӕн.– Акӕс ма, алырдыгӕй къултӕ нал зынынц кӕлмытӕ ӕмӕ цӕрӕгойты нывтӕй! Кӕс ма, израилӕгтӕ сын куыд кувынц, уымӕ! Иезекил кӕсы, ӕмӕ цыдӕриддӕр уыны, уый фыссы.

– Уыныс, Израилы разамонджытӕ сусӕгӕй цы митӕ кӕнынц?– фӕрсы Иегъовӕ Иезекилы. О, уый дӕр уыны. Ӕвдай нӕлгоймаджы лӕууынц ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кувынц. Уыимӕ сӕхимидӕг дзурынц: «Нӕ нӕ уыны Иегъовӕ. Ферох нын кодта нӕ бӕстӕ».

Уый фӕстӕ Иегъовӕ Иезекилӕн фенын кодта, кувӕндоны цӕгат кулдуары цур чи бады, уыцы сылгоймӕгты. Уыдон кувынц мӕнг хуыцау Фаммузӕн. Ӕркӕс ма, Иегъовӕйы кувӕндоны бахизӕны чи лӕууы, уыцы нӕлгоймӕгтӕм! Дыууын фондзы бӕрц сты. Иезекил сӕм кӕсы. Уыдон хурыскӕсӕнырдӕм азылдысты ӕмӕ кувынц хурӕн!

«Уыдон ӕнӕуи ӕвзӕрдзинад нӕ аразынц, фӕлӕ мӕ кувӕндонмӕ ӕрбацӕуынц ӕмӕ йӕ мидӕг кӕнынц сӕ ӕнаккаг митӕ!– дзуры Иегъовӕ.– Мӕ фыдӕх сӕ баййафдзӕн. Цагъды куы кӕной, уӕддӕр сын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн».

Иегъовӕ уыцы хъуыддӕгтӕ Иезекилӕн куы равдыста, уымӕй ӕртӕ азы дӕр нӕ рацыд, афтӕ израилӕгтӕ сыстадысты паддзах Навуходоносоры ныхмӕ. Ӕмӕ уӕд уый дӕр сӕ ныхмӕ хӕцын райдыдта. Афӕдз ӕмӕ ’рдӕджы фӕстӕ вавилойнӕгтӕ Иерусалимы систӕ ныппырх кодтой, ӕмӕ стӕй сахарыл арт бафтыдтой. Адӕмӕн сӕ фылдӕры кӕй маргӕ акодтой, кӕй та Вавилонмӕ уацары акодтой.

Иегъовӕ израилӕгтыл ахӕм бӕллӕх цӕмӕн ӕруагъта? Раст зӕгъыс, кӕй йӕм нӕ хъуыстой ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ кӕй не ’ххӕст кодтой, уый тыххӕй. Ацы цау мах ууыл ахуыр кӕны, цӕмӕй Иегъовӕ куыд дзуры, афтӕ кӕнӕм алы хатт дӕр.

Райдианы адӕмӕй иу цасдӕры ныууагътой Израилы зӕххыл цӕргӕйӕ. Паддзах Навуходоносор сын хистӕрӕй сӕвӕрдта иудейаг лӕг Годолийы. Фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр цалдӕр израилаг лӕджы амардтой. Адӕм фӕтарстысты, вавилойнӕгтӕ сӕм куы ӕрцӕуой ӕмӕ сӕ куы амарой, уымӕй. Уымӕ гӕсгӕ Иеремийы дӕр тыхӕй семӕ акодтой ӕмӕ Египетмӕ алыгъдысты.

Израилы зӕххыл иу адӕймаг дӕр нал баззад. Ӕвдай азы дӕргъы у ӕдзӕрӕг. Змӕлӕг дӕр дзы нӕй. Фӕлӕ Иегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ бавӕрдта, ӕвдай азы фӕстӕ сӕ фӕстӕмӕ уыцы зӕхмӕ кӕй ӕркӕндзӕн. Цымӕ уыцы рӕстӕджы дӕргъы Хуыцауы адӕмыл Вавилоны уацары та цы ’рцыд? Уый тыххӕй базондзыстӕм дарддӕр.