Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5 ХАЙ

Вавилоны уацарӕй, Иерусалимы систӕ ногӕй амад куы ’рцыдысты, уӕды онг

Вавилоны уацарӕй, Иерусалимы систӕ ногӕй амад куы ’рцыдысты, уӕды онг

Цалынмӕ израилӕгтӕ Вавилоны уацары уыдысты, уӕдмӕ сӕ уырнындзинад ӕдзухдӕр цыд фӕлвӕрд. Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго ӕппӕрст ӕрцыдысты фыртӕвдӕй зынг чи фӕстад, ахӕм пецы, фӕлӕ сӕ Хуыцау фервӕзын кодта, ӕппындӕр сыл ницы зиан ӕрцыд, афтӕмӕй. Фӕстӕдӕр мидийӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгтӕ Вавилон куы басастой, уӕд Данелы ныппӕрстой, домбӕйттӕ кӕм уыдысты, ахӕм хъоргъы, фӕлӕ та Хуыцау уый дӕр бахъахъхъӕдта – домбӕйттӕн сӕ дзыхтӕ сӕхгӕдта.

Фӕстагмӕ Персы паддзах Кир ссӕрибар кодта израилӕгты. Вавилоны уацары растдӕр ӕвдай азы куы фесты, уӕд фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн зӕхмӕ ӕрыздӕхтысты. Ӕмӕ фыццаджыдӕр ӕрӕвнӕлдтой Иегъовӕйы кувӕндон ногӕй аразынмӕ. Фӕлӕ сын тагъд се знӕгтӕ сӕ куыст бакъуылымпы кодтой. Уымӕ гӕсгӕ кувӕндон арӕзт фесты, Иерусалиммӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕдӕй дыууын дыууӕ азы куы рацыд, ӕрмӕстдӕр уӕд.

Дарддӕр мах базондзыстӕм, Ездрӕ Иерусалиммӕ кувӕндон срӕсугъд кӕнынмӕ куыд ӕрцыд, уый тыххӕй. Уый уыд кувӕндон арӕзт куы фӕци, уымӕй цыппор авд азы фӕстӕ. Ездрӕйӕ ӕртындӕс азы фӕстӕдӕр та Иерусалимы хӕлд систӕ саразынӕн баххуыс кӕнынмӕ ’рцыд Нееми. ФӔНДЗӔМ ХАЙЫ ӕмткӕй райсгӕйӕ дзырд цӕуы, 152 (сӕдӕ фӕндзай дыууӕ) азы дӕргъы цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоныл.

 

АЦЫ ХАЙЫ

77 РАДЗЫРД

Нӕ йын бакуывтой

Цымӕ Иегъовӕ уыцы коммӕгӕс лӕппуты фервӕзын кодта?

78 РАДЗЫРД

Къух фыссы къулыл

Пехуымпар Данел цыппар ӕнахуыр ныхасӕн сӕ хъуыды райхӕлдта.

79 РАДЗЫРД

Данел домбӕйтты хъоргъы

Данелӕн мӕлӕты тӕрхон рахастой. Цымӕ удӕгасӕй баззайдзӕн?

80 РАДЗЫРД

Хуыцауы адӕм рацыдысты Вавилонӕй

Персы паддзах Кир Вавилон куы бацахста, уӕд сӕххӕст кодта иу пехуымпарад. Ацы хатт та сӕххӕст кӕндзӕн ӕндӕр пехуымпарад.

81 РАДЗЫРД

Сӕ ныфс дардтой Хуыцауыл

Израилӕгтӕ адӕмы закъӕтты сӕрты ахызтысты, цӕмӕй Хуыцаумӕ байхъуыстаиккой. Цымӕ сын Хуыцау раарфӕ кӕндзӕн?

82 РАДЗЫРД

Мардохей ӕмӕ Есфир

Кӕд паддзахы ус Астин рӕсугъд уыд, уӕддӕр цымӕ паддзах Артаксеркс Есфиры цӕмӕн ракуырдта?

83 РАДЗЫРД

Иерусалимы систӕ

Систӕ амайгӕйӕ кусджытӕ хъуамӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ цӕттӕйӕ дардтаиккой.