Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

79 РАДЗЫРД

Данел домбӕйтты хъоргъы

Данел домбӕйтты хъоргъы

ӔЛЛӔХ! Мӕнӕ цӕй стыр фыдбылызы бахауд Данел. Фӕлӕ йӕм домбӕйттӕ не ’вналынц! Зоныс цӕуылнӕ? Стӕй йӕ чи ныппӕрста уырдӕм? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

Ныртӕккӕ Вавилоны паддзах у Дари. Данел тынг зондджын ӕмӕ хӕларзӕрдӕ кӕй у, уый тыххӕй йӕ зӕрдӕмӕ цӕуы. Уымӕ гӕсгӕ йӕ сӕвӕрдта йӕ паддзахады сӕйраг хицауӕй. Уый тыххӕй иннӕтӕ хӕлӕг кӕнынц Данелмӕ ӕмӕ мӕнӕ цы сарӕзтой.

Уыдон Даримӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «О паддзах, мах аскъуыддзаг кодтам, кӕй дӕ хъӕуы ахӕм бардзырд радтын, цӕмӕй дӕс ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы дӕу йеддӕмӕ, о паддзах, иу хуыцауӕн дӕр ӕмӕ иу адӕймагӕн дӕр мачи кува. Чи нӕ байхъуса, уымӕн та домбӕйтты хъоргъы йӕ бынат». Дари йӕ нӕ зоны, ахӕм бардзырд ратта, уый сӕ цӕмӕн фӕнды. Фӕлӕ сӕ фӕнд йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, ӕмӕ йыл уымӕ гӕсгӕ йӕ къух ӕрфыста. Ныр бардзырдӕн фӕивӕн нал и.

Паддзах ахӕм бардзырд ратта, уый базонгӕйӕ, Данел хӕдзармӕ ацыд ӕмӕ алы хатт куыд кодта, афтӕ та ныр дӕр кувын райдыдта. Уыцы ӕвзӕр адӕм зыдтой, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр Данел йӕ Хуыцау Иегъовӕмӕ кувын кӕй нӕ ныууадздзӕн. Ӕмӕ сӕ цинӕн кӕрон нал и. Ӕнхъӕлынц, ӕмӕ сӕ фыдвӕнд сӕ къухы бафтыд – ныр фервӕздзысты Данелӕй.

Паддзах Дари куы базыдта, уыцы адӕм ахӕм уынаффӕ цӕмӕн рахастой, уый, уӕд тынг фӕфӕсмон кодта. Фӕлӕ бардзырдӕн фӕивӕн нал уыди, ӕмӕ загъта, цӕмӕй Данелы домбӕйтты хъоргъы ныппарой. Ӕрмӕст ын уый размӕ загъта: «Ныфс мӕ ис, цы Хуыцауӕн лӕггад кӕныс, уый дӕ фервӕзын кӕндзӕн».

Дари фырмӕт ӕмӕ фӕсмонӕй ӕнӕхъӕн ӕхсӕв хуыссӕг нӕ федта. Дыккаг бон райсомӕй раджы азгъордта домбӕйтты хъоргъмӕ. Уыныс, куыд лӕууы ӕмӕ бынмӕ куыд хъӕр кӕны:

– Данел, удӕгас Хуыцауы лӕггадгӕнӕг! Цы Хуыцауӕн лӕггад кӕныс, уый дӕ домбӕйттӕй бахъахъхъӕдта?

– Хуыцау рарвыста йӕ зӕды,– загъта Данел,– ӕмӕ уый сӕхгӕдта домбӕйтты дзыхтӕ, ӕмӕ мын ницы зиан ракодтой.

Паддзахы цинӕн ма кӕрон кӕм и. Уайтагъд бардзырд радта, цӕмӕй Данелы уырдыгӕй сисой ӕмӕ дзы ныппарой, йӕ фесафын кӕй фӕндыд, уыцы фыдлӕгты. Уыдон хъоргъы бынмӕ хӕццӕ дӕр нӕ ныйисты, афтӕ сыл домбӕйттӕ сӕхи ныццавтой, ӕмӕ сын се стджытӕ дӕр ныммур кодтой.

Уый фӕстӕ паддзах Дари йӕ паддзахады ӕппӕт адӕммӕ дӕр арвыста ахӕм фыстӕг: «Ӕз бардзырд дӕттын, адӕм иууылдӕр Данелы Хуыцауӕн куыд кад кӕной. Уый аразы стыр диссӕгтӕ. Данелы фервӕзын кодта домбӕйтты дзыхӕй».