Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

81 РАДЗЫРД

Сӕ ныфс дардтой Хуыцауыл

Сӕ ныфс дардтой Хуыцауыл

ВАВИЛОНӔЙ Иерусалиммӕ дард фӕндагыл цӕуы мингай адӕм. Фӕлӕ куы ’рхӕццӕ сты, уӕд Иерусалимы дурты цӕндӕй дарддӕр ницы ӕрӕййӕфтой. Цӕрӕг дзы нӕй. Израилӕгты алцыдӕр ногӕй хъӕуы аразын.

Фыццаг уал сарӕзтой нывондхӕссӕн. Уый у, Иегъовӕйӕн нывӕндтӕ, кӕнӕ лӕвӕрттӕ, кӕм хастой, ахӕм бынат. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ та ӕрӕвнӕлдтой кувӕндон аразынмӕ. Фӕлӕ сӕ алыварс цы ӕвзӕр адӕмтӕ цард, уыдонӕн уый сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Ӕмӕ цӕмӕй кувӕндон ма саразой, уый тыххӕй сӕ сфӕнд кодтой фӕтӕрсын кӕнын. Ӕппынфӕстаг сӕ къухы бафтыд Персы ног паддзахы сразы кӕнын, цӕмӕй бардзырд ратта, ӕмӕ израилӕгтӕ кувӕндон мауал аразой.

Азтӕ ивгъуыдтой. Израилӕгтӕ Вавилонӕй куы ’рыздӕхтысты, уӕдӕй рацыд ӕвддӕс азы. Иегъовӕ йӕ пехуымпартӕ Аггей ӕмӕ Захарийы арвыста, цӕмӕй адӕмӕн зӕгъой, аразын райдайут, зӕгъгӕ. Адӕм сӕ ныфс сӕвӕрдтой Хуыцауыл, ӕмӕ сын пехуымпартӕ куыд загътой, афтӕ бакодтой. Кӕд сын закъонмӕ гӕсгӕ аразыны бар нӕ уыди, уӕддӕр сӕ хъуыддагмӕ ӕрӕвнӕлдтой.

Персаг хицау Фафнай сӕм куы ’рцыд ӕмӕ сӕ куы бафарста, кувӕндон аразынӕн уын бар чи радта, зӕгъгӕ, уӕд ын бамбарын кодтой, Вавилоны куы уыдысты, уӕд сын паддзах Кир афтӕ кӕй загъта: «Ацӕут ныр Иерусалиммӕ ӕмӕ уӕ Хуыцау Иегъовӕйы кувӕндон саразут».

Уӕд Фафнай Вавилонмӕ арвыста фыстӕг, зӕгъгӕ, Кир (уӕд удӕгас нал уыд) ӕцӕгдӕр загъта афтӕ, ӕви нӕ. Иу цасдӕры фӕстӕ Персы ног паддзахӕй ӕрцыд фыстӕг. Уым дзырдӕуыд, зӕгъгӕ, Кир ӕцӕгдӕр загъта афтӕ. Уымӕ гӕсгӕ паддзах ныффыста: «Уадз ӕмӕ аразӕнт израилӕгтӕ кувӕндон сӕ Хуыцауӕн. Дӕуӕн та зӕгъын, куыд сын ӕххуыс кӕнай, афтӕ». Цыппар азмӕ кувӕндон арӕзт фӕци, ӕмӕ израилӕгты цинӕн кӕрон нал уыд.

Рӕстӕг йӕ цыды кой кодта. Кувӕндон арӕзт куы фӕци, уӕдӕй рацыд 48 азы. Иерусалимы адӕм цардысты тынг мӕгуыр, сахар ӕмӕ Хуыцауы кувӕндон дӕр уыдысты тынг мӕгуырау уавӕры. Уыцы рӕстӕджы Вавилоны иу израилаг лӕг, Ездрӕ, зӕгъгӕ, базыдта, Хуыцауы кувӕндон цалцӕг кӕнинаг кӕй у, уый. Зоныс ӕй, цы сарӕзта?

Ездрӕ фембӕлд Персы паддзах Артаксерксимӕ, ӕмӕ уыцы хорз паддзах Ездрӕйӕн радта бирӕ лӕвӕрттӕ, цӕмӕй сӕ Иерусалиммӕ аласа. Уый фӕстӕ Ездрӕ бахатыд, израилӕгтӕй Вавилоны чи уыд, уыдонмӕ, цӕмӕй йын баххуыс кӕной лӕвӕрттӕ Иерусалиммӕ фӕхӕццӕ кӕнынӕн. Сразы ис ӕхсӕз мин адӕймаджы бӕрц. Семӕ Иерусалиммӕ аластой бирӕ ӕвзист, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕндӕр зынаргъ цыдӕртӕ.

Ездрӕ тыхсы, уымӕн ӕмӕ фӕндагыл бирӕ ӕвзӕр адӕм ис. Тӕссаг у сӕ ӕвзист ӕмӕ сын сӕ сыгъзӕрин куы байсой, сӕхи та сын куы амарой, уымӕй. Ӕмӕ куыд уыныс, афтӕ Ездрӕ фӕндаггон адӕмы иу ранмӕ ӕрӕмбырд кодта. Уыдон скуывтой Иегъовӕмӕ, цӕмӕй сӕ уыцы дард фӕндагыл хъахъхъӕна ӕмӕ Иерусалиммӕ дзӕбӕхӕй фӕххӕццӕ уой.

Ӕмӕ сӕ Иегъовӕ хъахъхъӕдта. Цыппар мӕйы фӕстӕ адӕм сӕрӕгасӕй ӕрххӕццӕ сты Иерусалиммӕ. Цымӕ ацы цау ууыл дзурӕг нӕу, Иегъовӕ алкӕддӕр кӕй ӕххуыс кӕны, йӕ ныфс ыл чи дары, уыдонӕн?