Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

6 ХАЙ

Йесойы райгуырдӕй йӕ мӕлӕты онг

Йесойы райгуырдӕй йӕ мӕлӕты онг

Хуыцау зӕд Гавриилы ӕрӕрвыста ӕвзонг хӕдӕфсарм чызг Мариамӕ. Зӕд Мариайӕн загъта, кӕй йын райгуырдзӕн сывӕллон, ӕмӕ уый ӕнустӕм кӕй паддзахиуӕг кӕндзӕн. Уыцы саби, Йесо, райгуырд скъӕты. Уырдӕм ӕм ӕрцыдысты фыййӕуттӕ. Фӕстӕдӕр ноггуырдмӕ иу стъалы ӕркодта цалдӕр лӕджы Скӕсӕнӕй. Мах базондзыстӕм, уыцы стъалы сын чи фенын кодта, уый тыххӕй, стӕй, Йесо мӕлӕтӕй куыд фервӕзт, уый дӕр.

Уый фӕстӕ базондзыстӕм, дыууадӕсаздзыд Йесо кувӕндоны ахуыргӕнджытимӕ куыд ныхас кодта, уый. Ӕстдӕс азы фӕстӕ Йесо райста донаргъуыд, ӕмӕ ӕххӕст кӕнын райдыдта, Хуыцау ӕй зӕхмӕ цы хъуыддаджы тыххӕй ӕрӕрвыста, уый: хъусын кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ адӕмы ахуыр кодта. Йӕхицӕн равзӕрста дыууадӕс ӕххуысгӕнӕджы ӕмӕ уыдон систы йӕ апостолтӕ.

Йесо арӕзта диссӕгтӕ дӕр. Цалдӕр дзул ӕмӕ цалдӕр гыццыл кӕсагӕй бафсӕста мингай адӕймӕгты. Дзӕбӕх кодта рынчынты ӕмӕ ма суанг мӕрдты дӕр ӕгас кодта. Ӕппынфӕстаг базондзыстӕм, Йесойы царды фӕстаг бон цы бирӕ хабӕрттӕ ’рцыд ӕмӕ йӕ куыд амардтой, уый тыххӕй. Йесо хъусын кодта ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕг, уымӕ гӕсгӕ ӔХСӔЗӔМ ХАЙ ахсы ӕртын цыппар азӕй гыццыл фылдӕр.

 

АЦЫ ХАЙЫ

84 РАДЗЫРД

Зӕд фӕзынд Мариамӕ

Хуыцау зӕды Мариамӕ арвыста, цӕмӕй йын фехъусын кодтаид, тагъд ын сывӕллон кӕй райгуырдзӕн ӕмӕ уыцы сывӕллон кӕй уыдзӕн паддзах ӕнустӕм.

85 РАДЗЫРД

Йесо райгуырд скъӕты

Фидӕны паддзах чи хъуамӕ суыдаид, уый скъӕты цӕмӕн райгуырд?

86 РАДЗЫРД

Лӕгтӕ цӕуынц стъалыйы фӕдыл

Стъалыдӕсныты Йесомӕ чи ӕрбакодта, уый куы базонай, уӕд, чи зоны, бадис кӕнай.

87 РАДЗЫРД

Гыццыл Йесо кувӕндоны

Уый дисы бафтыдта суанг кувӕндоны ахуыргӕнджыты дӕр.

88 РАДЗЫРД

Иоанн Йесойы доны саргъуыдта

Аргъауӕг Иоанн донаргъуыд лӕвӕрдта тӕригъӕдджын адӕмӕн. Фӕлӕ Йесо тӕригъӕд никуы сарӕзта. Цымӕ йӕ уӕд Иоанн цӕмӕн саргъуыдта?

89 РАДЗЫРД

Йесо асыгъдӕг кодта кувӕндон

Йесойы уарзондзинад рабӕрӕг, ӕнӕраст хъуыддӕгтӕн кӕй нӕ быхста, уымӕй.

90 РАДЗЫРД

Цъайы цур

Йесо цы доны кой кодта, уый самариаг сылгоймагӕн куыд баххуыс кодтаид, цӕмӕй макуыуал сдойны уыдаид?

91 РАДЗЫРД

Йесо хохыл адӕмы ахуыр кӕны

Базон, Йесо адӕмы хохыл цӕуыл ахуыр кодта, уый.

92 РАДЗЫРД

Йесо ӕгас кӕны мӕрдты

Йесо дыууӕ хуымӕтӕг ныхасы загъта, ӕмӕ Хуыцауы тыхы фӕрцы чызг райгас.

93 РАДЗЫРД

Йесо бафсӕста бирӕ адӕмы

Йесо диссаджы хуызы цалдӕр мин адӕймаджы кӕй бафсӕста, уымӕй йӕ цы фӕндыд бамбарын кӕнын?

94 РАДЗЫРД

Йесо уарзы сабиты

Йесо йӕ апостолтӕн бамбарын кодта, сывӕллӕтты тыххӕй сӕ бон кӕй у бирӕ цыдӕртӕ базонын, стӕй ма сӕ бон кӕй у уыдонӕй ахуыр кӕнын дӕр.

95 РАДЗЫРД

Йесо адӕмы куыд ахуыр кӕны

Йесо хӕларзӕрдӕ самариаг лӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй бӕрӕг у, арӕхдӕр-иу адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ цавӕр мадзалӕй пайда кодта, уый.

96 РАДЗЫРД

Йесо дзӕбӕх кӕны рынчынты

Йесо диссӕгтӕ цӕмӕн арӕзта?

97 РАДЗЫРД

Йесо паддзахы цыд бакодта

Дуне адӕм йӕ размӕ рацыдысты, фӕлӕ уый алкӕй зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд.

98 РАДЗЫРД

Елеоны хохыл

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй цыппарӕн радзырдта, нӕ рӕстӕджы цы хабӕрттӕ цӕуы, уый тыххӕй.

99 РАДЗЫРД

Уӕллаг уаты

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ цӕмӕн загъта, цӕмӕй-иу Хицауы ӕхсӕвӕр алы аз дӕр бӕрӕг кодтаиккой?

100 РАДЗЫРД

Йесо дыргъдоны

Цымӕ Иудӕ Йесойыл гадзрахатӕй цӕмӕн рацыд ӕмӕ йын цӕмӕн апъа кодта?

101 РАДЗЫРД

Йесойы мӕлӕт

Йӕ фарсмӕ цӕджындзыл цы фыдгӕнӕг уыд ауыгъд, уымӕн зӕрдӕ бавӕрдта, дзӕнӕты кӕй уыдзӕн.