Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

84 РАДЗЫРД

Зӕд фӕзынд Мариамӕ

Зӕд фӕзынд Мариамӕ

АЦЫ рӕсугъд сылгоймаг у Мариа. Уый у израилаг, цӕры чысыл сахар Назареты. Хуыцау зоны, тынг хорз адӕймаг кӕй у, уый. Зӕд Гавриилы дӕр йемӕ аныхас кӕнынмӕ уый тыххӕй ӕрӕрвыста. Зӕд Мариайӕн цы загъта, уый зоныс? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

– Дӕ бон хорз, арфӕгонд чызг. Иегъовӕйы хорзӕх дӕ уӕд,– загъта йын Гавриил.

Мариа Гавриилы нырмӕ никуы федта. Йӕхимидӕг тыхсы, уымӕн ӕмӕ, уыцы ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц, уый не ’мбары. Фӕлӕ йӕ Гавриил ӕрсабыр кодта.

– Ма тӕрс, Мариа,– дзуры йын уый.– Иегъовӕ дӕ тынг райгонд у. Ӕмӕ йӕ фӕнды дӕуӕн стыр хорзӕх ракӕнын. Тагъд дын райгуырдзӕн лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдзынӕ ном – Йесо.

– Уыцы сывӕллон уыдзӕни номдзыд, ӕмӕ хуыйндзӕн Дунедарӕг Хуыцауы Фырт,– дарддӕр ӕмбарын кӕны Гавриил.– Иегъовӕ йӕ сӕвӕрдзӕн паддзахӕй Давидау. Ӕрмӕст Йесо паддзах уыдзӕн ӕнустӕм ӕмӕ йӕ паддзахадӕн кӕрон никуы ӕрцӕудзӕн!

– Ӕппӕт уыдӕттӕн куыд ис гӕнӕн?– фӕрсы йӕ Мариа.– Чындзыцыд куы нӕ дӕн ӕмӕ нӕлгоймагимӕ куы никуы цардтӕн, уӕд мын сывӕллон куыд хъуамӕ уа?

– Хуыцауы тых дыл ӕрцӕудзӕн,– ӕмбарын ын кӕны Гавриил.– Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сывӕллоны хондзысты Хуыцауы Фырт. Ӕрхъуыды ма кӕн дӕ хӕстӕг Елисаветӕйы. Адӕм дзырдтой, зӕгъгӕ, зӕронд у ӕмӕ йын сывӕллон нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ йын мӕнӕ тагъд лӕппу райгуырдзӕн. Уыныс, Хуыцауӕн йӕ бон цы нӕу, ахӕм ницы ис.

– Ӕз дӕн Иегъовӕйы цагъар! Куыддӕриддӕр загътай, афтӕ мыл ӕрцӕуӕд,– сразы Мариа.

Ӕмӕ уӕд зӕд цыдӕр фӕци.

Мариа уыцы тӕккӕ араст Елисаветӕмӕ. Елисаветӕ Мариайы хъӕлӕс куы фехъуыста, уӕд йӕ гуыбыны сывӕллон фырцинӕй стӕлфыди. Елисаветӕйыл Хуыцауы тых ӕрцыд, ӕмӕ Мариайӕн дзуры: «Уӕлдай арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ’хсӕн». Мариа Елисаветӕмӕ уазӕгуаты фӕци ӕртӕ мӕйы бӕрц ӕмӕ стӕй аздӕхт сӕхимӕ Назаретмӕ.

Тагъд Мариа хъуамӕ чындзы ацӕуа Иосифмӕ. Фӕлӕ Мариа сывӕллонмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый Иосиф куы базыдта, уӕд ӕй нал фӕнды йӕ ракурын. Ӕмӕ йын Хуыцауы зӕд загъта: «Мариайы ракурынӕй ма тӕрс. Уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау радта фырт». Афтӕ Мариа ӕмӕ Иосиф сӕ цард баиу кодтой ӕмӕ ныр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Йесойы райгуырдмӕ.