Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

87 РАДЗЫРД

Гыццыл Йесо кувӕндоны

Гыццыл Йесо кувӕндоны

УЫНЫС, лӕппу ныхас кӕны хистӕртимӕ. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ сты, Иерусалимы Хуыцауы кувӕндоны адӕмы чи ахуыр кӕны, уыдон. Лӕппу та у Йесо. Байрӕзт, дыууадӕс азы йыл цӕуы ныр.

Ахуыргӕнджытӕ тынг дис кӕнынц, Йесо Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ, Библийы цы фыст ис, уымӕй куыд бирӕ цыдӕртӕ зоны, ууыл. Фӕлӕ Иосиф ӕмӕ Мариа йӕ фарсмӕ цӕуылнӕ сты? Кӕм сты? Базонӕм ӕй.

Алы аз дӕр Иосиф йӕ бинонтимӕ фӕцӕуы Иерусалиммӕ стыр бӕрӕгбонмӕ, хонынц ӕй Куадзӕн. Иерусалим Назаретӕй тынг дард у. Стӕй машинӕтӕ никӕмӕн ис, поездтӕ дӕр нӕй. Уӕды заман ахӕм цыдӕртӕн сӕ кой дӕр нӕма уыди. Уӕдӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр цӕуынц фистӕгӕй, ӕмӕ сӕ Иерусалиммӕ фӕндагыл бахъӕуы ӕртӕ боны бӕрц.

Иосифӕн ныр ис бирӕ сывӕллӕттӕ. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ кӕсын хъӕуы Йесойы кӕстӕр ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕм. Уӕдӕ та ныр дӕр Иосиф ӕмӕ Мариа сӕ сывӕллӕттимӕ фӕстӕмӕ Назаретмӕ араст сты. Афтӕ ӕнхъӕлынц, ӕмӕ Йесо дӕр уым кӕмдӕр фӕндаггон адӕмимӕ ис. Фӕлӕ изӕры ӕхсӕвиуат кӕнынмӕ куы ӕрлӕууыдысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ Йесо никуы зыны. Сӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ йӕ сӕ хӕлӕртты ’хсӕн агурынц, фӕлӕ йӕ никуы арынц! Уымӕ гӕсгӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхтысты йӕ агурӕг.

Ӕппынфӕстаг ӕй ам ахуыргӕнджыты ’хсӕн ссардтой. Уый сӕм хъусы ӕмӕ сӕм фарстытӕ дӕтты. Адӕм дис кӕнынц, Йесо куыд зондджын у, ууыл. Фӕлӕ йӕ Мариа фӕрсы:

– Хъӕбул, ахӕм ми нын цӕмӕн бакодтай? Дӕ фыдимӕ дӕ агурынӕй нӕ сӕр куы разылд.

– Омӕ мӕ цӕмӕ агуырдтат?– загъта Йесо.– Мӕ Фыды хӕдзары кӕй хъуамӕ уон, уый нӕ зыдтат?

О, Йесойы фӕнды, Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонӕн кӕм ис, уым куы уаид, уый. Цымӕ мах дӕр хъуамӕ ма тырнӕм уымӕ? Сӕхимӕ Назареты Йесо алы къуыри дӕр цыди, адӕм Хуыцауӕн иумӕ кӕм куывтой, уырдӕм. Ӕмӕ-иу алы хатт дӕр лӕмбынӕг хъуыста, цы дзы дзырдтой, уымӕ. Библи афтӕ хорз дӕр уымӕн зоны. Цӕй уӕдӕ мах дӕр фӕзмӕм Йесойы.