Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

88 РАДЗЫРД

Иоанн Йесойы доны саргъуыдта

Иоанн Йесойы доны саргъуыдта

КӔС МА! Бӕлон йӕхи лӕджы сӕрыл ӕруагъта. Уыцы лӕг у Йесо. Ныр ыл дӕс ӕмӕ ссӕдз азы бӕрц цӕуы. Йӕ фарсмӕ чи лӕууы, уый та у Иоанн. Раззаг сӕртӕй иуы дзырдтам Иоанны тыххӕй. Хъуыды ма кӕныс, Мариа Елисаветӕмӕ уазӕгуаты куы ’рцыд, уӕд Елисаветӕйы гуыбыны сывӕллон фырцинӕй кӕй стӕлфыд? Йӕ гуыбыны уыцы сывӕллон Иоанн уыд. Фӕлӕ ныр Иоанн ӕмӕ Йесо цы кусынц?

Ацы тӕккӕ Иоанн Йесойы ӕнӕхъӕнӕй дӕр Иорданы цӕугӕдоны фӕтъыста. Адӕймаг афтӕ райсы донаргъуыд. Фыццаг уал ӕй фӕдӕлдон кӕнынц, стӕй йӕ фӕстӕмӕ сисынц. Иоанн адӕмы кӕй аргъауы, уымӕ гӕсгӕ йӕ хонынц Аргъауӕг Иоанн. Фӕлӕ Йесойы та цӕмӕн саргъуыдта?

Йесо йӕхӕдӕг ӕрбацыд Иоаннмӕ ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй йӕ саргъауа. Ӕнӕуи та Иоанн доны аргъауы, се ’взӕр хъуыддӕгтыл чи фӕсмон кӕны, уыцы адӕмы. Фӕлӕ цымӕ Йесо ахӕм исты сарӕзта, фӕсмон кӕнын ӕй цӕуыл хъуыдаид? Нӕ, уымӕн ӕмӕ уый у Хуыцауы иунӕг Фырт ӕмӕ ӕрцыд уӕларвӕй. Уӕдӕ Йесо Иоаннӕн ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй дзуры, цӕмӕй йӕ доны саргъауа. Фӕлӕ цӕй тыххӕй?

Йесо цалынмӕ Иоаннмӕ не ’рбацыд, уӕдмӕ уыд пълотник. Пълотник у, хъӕдӕй алыхуызон мигӕнӕнтӕ, стъӕлттӕ, бандӕттӕ ӕмӕ даргъ бандӕттӕ дӕр чи аразы, ахӕм адӕймаг. Мариайӕн йӕ сӕрыхицау Иосиф уыд пълотник, ӕмӕ Йесойы дӕр уыцы дӕсниадыл сахуыр кодта. Фӕлӕ Иегъовӕ Йесойы зӕхмӕ уымӕн нӕ рарвыста, цӕмӕй пълотниччы куыст кӕна. Сӕрмагонд хъуыддаг ын бакодта йӕ бӕрны ӕмӕ ныр уыцы хъуыддагӕн йӕ сӕххӕст кӕныны рӕстӕг ӕрцыд. Уӕдӕ Йесо йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ кӕй ӕрцыд, уый равдисынӕн бахатыд Иоаннмӕ дӕр, цӕмӕй йӕ доны саргъуыдтаид. Цымӕ уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ фӕцыд?

О, уымӕн ӕмӕ Йесо донӕй куы рахызт, уӕд уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: «Уый мӕ Фырт у, Ӕз дзы райгонд дӕн». Уый фӕстӕ ӕрвтӕ фегом сты ӕмӕ Йесойы сӕрмӕ бӕлон йӕхи ӕруагъта. Фӕлӕ уый ӕцӕг бӕлон нӕу. Уый ӕрмӕстдӕр афтӕ зыны. Ӕцӕгӕй та у Хуыцауы сыгъдӕг уд, йӕ архайгӕ тых.

Ныр Йесо хъуамӕ бирӕ цӕуылдӕрты ахъуыды кӕна, ӕмӕ уый тыххӕй дыууиссӕдз боны дӕргъы ис хибар ран. Уым ӕм бацыд Сайтан. Ӕртӕ хатты архайдта Йесойы Хуыцауы раз фӕрӕдийын кӕныныл. Фӕлӕ Йесо фидар фӕлӕууыд.

Уый фӕстӕ Йесо раздӕхт ӕмӕ фембӕлд цалдӕр адӕймагыл. Уыдон систы йӕ фыццаг фӕдылдзӕуджытӕ, кӕнӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Мӕнӕ дзы цалдӕрӕн сӕ нӕмттӕ: Андрей, Петр (хонынц ма йӕ Симон дӕр), Филипп ӕмӕ Нафанаил (хонынц ма йӕ Варфоломей дӕр). Йесо йӕ ног ахуыргӕнинӕгтимӕ араст Галилейы бӕстӕм ӕмӕ Нафанаилы райгуырӕн сахар Канӕйы ӕрбынат кодтой. Ам Йесойы фӕхуыдтой стыр чындзӕхсӕвмӕ ӕмӕ чындзӕхсӕвы рӕстӕджы сарӕзта йӕ фыццаг диссаг. Уыцы диссаг, зоныс, цы у? Дон фестад сӕн.