Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

89 РАДЗЫРД

Йесо асыгъдӕг кодта кувӕндон

Йесо асыгъдӕг кодта кувӕндон

ЙЕСО куыд тынг смӕсты, нӕ? Цӕмӕн, уый зоныс? Иерусалимы кувӕндоны уыцы лӕгтӕ тынг зыд ӕмӕ кӕрӕф кӕй сты, уый тыххӕй. Ардӕм Хуыцауӕн кувынмӕ цы адӕм цӕуы, уыдоны стигъынц ӕмӕ афтӕмӕй стыр ӕхцатӕ аразынц.

Уыныс уӕнгуытӕ, фыстӕ ӕмӕ бӕлӕттӕ? Тӕккӕ дӕр сӕ кувӕндоны уӕй кӕнынц. Зоныс, цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ израилӕгты Хуыцауӕн нывондӕн ӕрхӕссынӕн хъӕуы фос ӕмӕ мӕргътӕ.

Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ-иу израилаг исты ӕвзӕрдзинад куы ракодта, уӕд-иу хъуамӕ Хуыцауӕн нывонд ӕрхастаид. Ӕндӕр цӕйдӕрты тыххӕй дӕр хастой израилӕгтӕ нывӕндтӕ. Фӕлӕ кӕцӕй хъуамӕ ӕрхастаид израилаг лӕг нывондӕн маргъ кӕнӕ фосӕй исты?

Иуӕй-иутӕ сӕхӕдӕг дардтой фос дӕр ӕмӕ мӕргътӕ дӕр. Ӕмӕ уыдонӕй уыд сӕ бон нывонд ӕрхӕссын. Фӕлӕ бирӕтӕм фосӕй дӕр ӕмӕ маргъӕй дӕр ницы уыд. Иннӕтӕн та кӕд сӕхимӕ фос уыд, уӕддӕр Иерусалимӕй афтӕ дард цардысты, ӕмӕ сӕ бон нӕ уыд семӕ кувӕндонмӕ фос ӕркӕнын. Ӕмӕ сын ӕндӕр цы гӕнӕн уыд, кусӕрттагӕн-иу сӕ цы хъуыди, уый-иу кувӕндонӕн йӕхимидӕг балхӕдтой. Фӕлӕ уӕйгӕнджытӕ адӕмӕй истой бирӕ ӕхца. Стыгътой сӕ. Стӕй сӕ кувӕндонӕн йӕхимидӕг дӕр хъуамӕ ма уӕй кодтаиккой.

Йесо афтӕ мӕсты дӕр уый тыххӕй у. Ӕхцатӕ чи ивы, уыцы лӕгтӕн се стъолтӕ афӕлдӕхта ӕмӕ сын се ’хцатӕ ныппырх кодта. Ноджы ма бӕндӕнтӕй ехс скодта ӕмӕ, кувӕндоны цы фос уыд, уыдон ӕддӕмӕ ратардта. Бӕлӕттӕ чи уӕй кодта, уыдонӕн та загъта: «Тагъддӕр ахӕссут адон ардыгӕй! Мӕ Фыды хӕдзарӕй мын ӕхцааразӕн бынат мауал кӕнут».

Йесоимӕ Иерусалимы кувӕндоны сты йӕ фӕдылдзӕуджытӕй иуӕй-иутӕ. Йесойы митӕ сӕ стыр дисы ӕфтауынц. Ӕмӕ ӕрхъуыды кодтой иу бынат Библийӕ. Уым Хуыцауы Фырты тыххӕй дзырдӕуы: «Хуыцауы хӕдзармӕ уарзондзинад йӕ зӕрдӕйы артау судздзӕн».

Куадзӕны бӕрӕгбоны рӕстӕджы Йесо Иерусалимы равдыста бирӕ диссӕгтӕ. Уый фӕстӕ Иудейы бӕстӕй сыстад ӕмӕ фӕстӕмӕ Галилеймӕ ацыд. Фӕлӕ ацы хатт йӕ фӕндаг акодта Самарийы бӕстыл. Цӕй уӕдӕ базонӕм, уым цы хабар ӕрцыд, уый.