Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

93 РАДЗЫРД

Йесо бафсӕста бирӕ адӕмы

Йесо бафсӕста бирӕ адӕмы

ТЫНГ ӕвирхъау хабар ӕрцыд. Ацы тӕккӕ амардтой Аргъауӕг Иоанны. Паддзахы ус Иродиадӕ йӕ нӕ уарзта. Ӕмӕ йын паддзахӕн йӕ сӕр ракӕнын кодта.

Йесо уыцы хабарыл тынг хъыг кӕны, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ иунӕгӕй хибар ранмӕ ацыд. Фӕлӕ та адӕм уырдӕм дӕр йӕ фӕдыл ацыдысты. Йесо сӕ куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй семӕ ныхас кӕнын райдыдта. Рынчын дзы чи уыд, уыдоны та сдзӕбӕх кодта.

Уыцы изӕр ӕм йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын дзурынц: «Ныр ӕнафон у, ам та ӕввахс цӕрӕг никуы ис. Адӕмы хӕстӕгдӕр хъӕутӕм арвит, цӕмӕй сӕхицӕн къӕбӕр самал кӕной».

«Адӕмы никуыдӕм хъӕуы ӕрвитын. Сымах сын раттут хӕринаг»,– загъта Йесо ӕмӕ уый фӕстӕ Филиппы бафарста:

«Ӕппӕт ацы адӕмӕн кӕм ис хӕринаг балхӕнӕн?»

«Цӕмӕй дзы алкӕмӕдӕр фӕйнӕ къӕбӕры ӕрхауа, ӕрмӕст уымӕн дӕр тынг бирӕ ӕхца хъӕуы»,– загъта Филипп. Йӕ ныхӕстӕм ын Андрей та бафтыдта: «Нӕ фӕндаггӕгтӕ нын цы лӕппу хӕссы, уымӕ ис фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы. Фӕлӕ айбӕрц адӕмӕн уыдон цы фаг сты».

«Адӕмы кӕрдӕгыл ӕрбадын кӕнут»,– загъта Йесо. Стӕй хӕринӕгты тыххӕй Хуыцауӕн бузныг загъта ӕмӕ сӕ акӕрдихтӕ кодта. Уый фӕстӕ сӕ алӕвӕрдта ахуыргӕнинӕгтӕм, уыдон та сӕ адӕмыл байуӕрстой. Уым уыди фондз мин нӕлгоймаджы, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ та ноджы фылдӕр. Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр бафсӕстысты. Къӕбӕртӕй ма цы баззад, уый ахуыргӕнинӕгтӕ куы ӕрӕмбырд кодтой, уӕд дзы байдзаг дыууадӕс чыргъӕды!

Ныр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй бӕлӕгъы сбадой ӕмӕ Галилейы денджызы иннӕ фарсмӕ аленк кӕной. Ӕхсӕвы тыхджын дымгӕ сыстад ӕмӕ бӕлӕгъ дыууӕрдӕм раппар-баппар кӕнын райдыдта. Ахуыргӕнинӕгтӕ тынг фӕтарстысты. Фӕлӕ иу афон ӕхсӕвы тары ауыдтой, доныл сӕм чидӕр кӕй ӕрбацӕуы. Фыртӕссӕй ныхъхъӕр кодтой, уымӕн ӕмӕ цы у, уый не ’мбарынц.

«Ма тӕрсут. Ӕз дӕн!»– дзуры сӕм Йесо. Фӕлӕ сӕ нӕ уырны. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Петр дзуры: «Кӕд уый ӕцӕгдӕр ды дӕ, Хицау, уӕд мын зӕгъ, цӕмӕй дӕм доныл бацӕуон». «Рацу!»– загъта йын Йесо. Петр уыцы тӕккӕ рахызт бӕлӕгъӕй ӕмӕ Йесомӕ фӕцӕуы доныл! Фӕлӕ стӕй фӕтарст ӕмӕ ныгъуылын райдыдта, фӕлӕ йӕ Йесо фервӕзын кодта.

Фӕстӕдӕр та Йесо ногӕй бафсӕста мингай адӕймӕгты. Ацы хатт – авд дзул ӕмӕ фондз гыццыл кӕсагӕй. Ӕмӕ та алкӕй фаг дӕр уыдысты. Йесо адӕмыл афтӕ тынг кӕй тыхсы, уый диссаг нӕу? Куыд Хуыцауӕй ӕвӕрд паддзах, афтӕ куы хицауиуӕг кӕна, уӕд нӕ бынтондӕр ницыуал тыхсын кӕндзӕн!