Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

94 РАДЗЫРД

Йесо уарзы сабиты

Йесо уарзы сабиты

КӔС МА, Йесо гыццыл лӕппуйы куыд ӕрбахъӕбыс кодта. Бӕрӕг у, ӕцӕгӕй кӕй уарзы сывӕллӕтты. Йесомӕ чи кӕсы, уыдон та йӕ апостолтӕ сты. Цымӕ сын Йесо цы дзуры? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

Гыццыл раздӕр Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ ӕрыздӕхтысты дард балцӕй. Фӕндагыл апостолтӕ быцӕу кодтой сӕ кӕрӕдзиимӕ. Уымӕ гӕсгӕ куы ӕрхӕццӕ сты, уӕд сӕ Йесо фӕрсы: «Цӕуыл быцӕу кодтат фӕндагыл?» Ӕцӕгӕй та Йесо зоны, цӕуыл быцӕу кодтой, уый. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр фӕрсы, цӕмӕй базона, раст ын зӕгъдзысты ӕви нӕ.

Апостолтӕ йын ницы загътой, уымӕн ӕмӕ фӕндагыл быцӕу кодтой, стырдӕр сӕ чи у, ууыл. Апостолтӕй иуӕй-иутӕ сӕхи ӕвӕрынц иннӕтӕй уӕлдӕр. Цымӕ афтӕ кӕнын раст кӕй нӕу, уый сын Йесо куыд бамбарын кӕндзӕн?

Йесо гыццыл лӕппумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йӕ апостолты бакомкоммӕ слӕууын кодта. Стӕй сын загъта: «Фӕнды мӕ, цӕмӕй йӕ дзӕбӕх бамбарат: уӕ зондахаст куы нӕ фӕиват ӕмӕ сывӕллӕтты хуызӕн куы нӕ суат, уӕд Хуыцауы паддзахадмӕ нӕ бацӕудзыстут. Ацы сабийы хуызӕн чи суа, уый паддзахады уыдзӕн ӕппӕты стырдӕр». Йесо сын афтӕ цӕмӕн загъта, уый зоныс?

Гыццыл сывӕллӕттӕ никуы фӕхъуыды кӕнынц, цӕмӕй иннӕтӕй уӕлдӕр кӕнӕ хуыздӕр уой. Уымӕ гӕсгӕ апостолтӕ хъуамӕ фӕзмой сывӕллӕтты, ӕмӕ сӕ стырдӕр кӕнӕ уӕлдӕр чи у, ууыл ма быцӕу кӕной.

Йесо гыццыл сывӕллӕтты куыд тынг уарзы, уый канд уӕд нӕ равдыста. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ йӕм адӕм ӕрбакодтой сӕ сывӕллӕтты, цӕмӕй уыдон дӕр феной Йесойы. Фӕлӕ сӕ апостолтӕ Йесомӕ ӕввахс нӕ уагътой. Ӕмӕ сын уӕд уый загъта: «Рауадзут мӕм сабиты, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы паддзахад уыдоны хуызӕтты у». Уый фӕстӕ Йесо сывӕллӕтты радгай йӕ къухмӕ исы ӕмӕ сын арфӕ кӕны. Йесо сывӕллӕтты кӕй уарзы, уый дын ӕхсызгон нӕу?