Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

97 РАДЗЫРД

Йесо паддзахы цыд бакодта

Йесо паддзахы цыд бакодта

ЙЕСО дыууӕ куырм лӕджы куы сдзӕбӕх кодта, уӕд араст Иерусалиммӕ хӕстӕг иу гыццыл хъӕумӕ. Хъӕугӕрон йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕйӕн загъта: «Бацӕут хъӕумӕ, ӕмӕ уым ссардзыстут къӕлӕу. Суӕгъд ӕй кӕнут ӕмӕ мӕм ӕй ардӕм ӕрбакӕнут».

Йесомӕ къӕлӕуы куы бакодтой, уӕд ыл сбадти ӕмӕ Иерусалиммӕ араст. Сахармӕ хӕстӕг йӕ размӕ рацыди дуне адӕм. Уыдонӕй бирӕтӕ раластой сӕ уӕлӕдарӕс ӕмӕ сӕ тауынц фӕндагыл йӕ разы. Иннӕтӕ та цъӕл кӕнынц пальмӕйы къалиутӕ, уыдон дӕр ын йӕ разы калынц ӕмӕ цингӕнгӕйӕ хъӕр кӕнынц: «Иегъовӕ Хуыцауӕй арфӕгонд уӕд, йӕ номӕй цы паддзах цӕуы, уый!»

Раздӕр Израилы ахӕм ӕгъдау уыди: ног паддзахы-иу йӕхи адӕммӕ равдисын куы фӕндыд, уӕд-иу Иерусалиммӕ бацыд къӕлӕуыл. Афтӕ бакодта ныртӕккӕ Йесо дӕр. Ӕмӕ адӕм ӕвдисынц, кӕй сӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ паддзах уа Йесо. Фӕлӕ уый алкӕй нӕ фӕнды. Уый бӕрӕг у, кувӕндоны цы хабар ӕрцыд, уымӕй.

Кувӕндоны Йесо дзӕбӕх кӕны куырмыты ӕмӕ цӕнкуылты. Сывӕллӕттӕ уый куы федтой, уӕд кадджын кӕнын райдыдтой Йесойы. Фӕлӕ уый сауджынтӕм хъыг кӕсы ӕмӕ Йесойӕн дзурынц: «Сывӕллӕттӕ цы дзурынц, уый нӕ хъусыс?»

«Хъусын,– дзуапп сын дӕтты Йесо.– Ӕппын Библийы ахӕм ныхӕстӕ никуы кастыстут: „Гыццыл сывӕллӕты дзыхӕй Хуыцау йӕхицӕн скӕндзӕн кад?“» Ӕмӕ сывӕллӕттӕ дарддӕр кадджын кӕнынц, Хуыцау паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, уый.

Фӕнды дӕ, ды дӕр уыцы сывӕллӕтты хуызӕн куы уаис, уый? Хуыцауы паддзахады тыххӕй кӕй дзурӕм, уый, гӕнӕн ис, алкӕй зӕрдӕмӕ ма цӕуа. Фӕлӕ мах раст бакӕндзыстӕм, Йесо адӕмӕн фидӕны цы диссаджы хорздзинӕдтӕ сараздзӕн, уый тыххӕй дарддӕр дӕр куы дзурӕм, уӕд.

Йесо зӕххыл куы царди, уӕд йӕ рӕстӕг нӕма уыд, цӕмӕй паддзахиуӕг кӕнын райдыдтаид. Кӕд ӕрцӕудзӕн уыцы рӕстӕг? Йесойы ахуыргӕнинӕгты фӕнды уый базонын. Ӕмӕ уый тыххӕй бакӕсдзыстӕм дарддӕр.