Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

98 РАДЗЫРД

Елеоны хохыл

Елеоны хохыл

ЙЕСО бады Елеоны хохыл. Йӕ фарсмӕ та бадынц йӕ цыппар апостолы. Андрей ӕмӕ Петр сты хӕрз ӕфсымӕртӕ, стӕй иннӕ дыууӕ дӕр – Иаков ӕмӕ Иоанн – сты хӕрз ӕфсымӕртӕ. Нывы ма зыны Иерусалимы Хуыцауы кувӕндон дӕр.

Йесо Иерусалиммӕ къӕлӕуыл куы бацыд, уӕдӕй рацыд дыууӕ боны. Абон у дыццӕг. Райсомӕй раджы Йесо уыдис кувӕндоны ӕмӕ йӕ уым сауджынтӕ хъавыдысты марынмӕ. Фӕлӕ адӕм Йесойы кӕй уарзынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ ныфс нӕ бахастой.

«Сымах стут кӕлмытӕ ӕмӕ кӕлмыты фырттӕ!»– дзуры Йесо дины разамонджытӕн. Ӕмӕ сӕ ноджыдӕр фӕдзӕхсы, се ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй Хуыцауы раз дзуапп кӕй ратдзысты, уымӕй. Уый фӕстӕ Йесо ссыд Елеоны хохмӕ ӕмӕ йӕ мӕнӕ ам цыппар апостолы цӕмӕйдӕр фӕрсынц. Зоныс цӕмӕй?

Апостолтӕ Йесойы фӕрсынц фидӕны хабӕрттӕй. Уыдон зонынц, зӕххыл цыдӕриддӕр ӕвзӕрдзинӕдтӕ ис, уыдонӕн Йесо кӕрон кӕй скӕндзӕн, уый. Фӕлӕ уыцы хабар кӕд ӕрцӕудзӕн, уый дӕр сӕ фӕнды базонын. Кӕд ӕрыздӕхдзӕн Йесо ӕмӕ Паддзахӕй хицауиуӕг кӕнын кӕд райдайдзӕн?

Йесо зоны, ногӕй куы ’рцӕуа, уӕд ӕй зӕххыл йӕ фӕдылдзӕуджытӕ кӕй нал уындзысты, уый. Уымӕн ӕмӕ уый уӕлӕрвты уыдзӕн, ӕмӕ йӕ уым та фенӕн нӕй. Уымӕ гӕсгӕ Йесо йӕ апостолтӕн дзуры, уӕларвӕй куы паддзахиуӕг кӕна, уӕд зӕххыл цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уыдон тыххӕй. Цымӕ цавӕр хабӕрттӕ сты?

Йесо дзуры, кӕй уыдзӕн стыр хӕстытӕ, адӕмӕй бирӕтӕ кӕй кӕндзысты рынчын ӕмӕ бирӕтӕ ӕххормаг кӕй ӕййафдзысты, фыдракӕндтӕ тынг кӕй сарӕх уыдзысты ӕмӕ стыр зӕххӕнкъуыстытӕ кӕй уыдзӕн. Йесо ма загъта, зӕгъгӕ, Хуыцауы паддзахады тыххӕй цины хабар хъуыстгонд цӕудзӕн ӕгас зӕххыл дӕр. Цымӕ ӕппӕт уыдӕттӕ абон нӕхи цӕстӕй нӕ уынӕм? Уынӕм! Уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зонӕм, Йесо уӕларвыл кӕй паддзахиуӕг кӕны, уый. Тагъд Йесо кӕрон скӕндзӕн, зӕххыл цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдонӕн.