Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

103 РАДЗЫРД

Ӕхгӕд уаты

Ӕхгӕд уаты

ПЕТР ӕмӕ Иоанн, Йесойы буар цы зӕппадзы уыд ӕвӕрд, уырдыгӕй куы ацыдысты, уӕд Мариа уым иунӕгӕй баззад. Ӕмӕ кӕуын райдыдта. Стӕй ӕргуыбыр кодта ӕмӕ, иннӕ фӕрсыл нывы куыд федтам, афтӕ зӕппадзмӕ бакаст. Ӕмӕ дзы уыны дыууӕ зӕды! Уыдон ӕй фӕрсынц:

– Цӕуыл кӕуыс?

– Мӕ Хицауы мын ахастой, ӕмӕ йӕ кӕм бавӕрдтой, уый нӕ зонын,– дзуапп сын радта Мариа.

Стӕй фӕстӕмӕ фӕзылд ӕмӕ уыны иу лӕджы. Уый йӕ фӕрсы: «Кӕй агурыс?»

Мариа лӕджы дыргъдонгӕс фенхъӕлдта ӕмӕ ахъуыды кодта, зӕгъгӕ, кӕд, мыййаг, уый ахаста Йесойы буар. Уымӕ гӕсгӕ йын лӕгъстӕ кӕны: «Кӕд ӕй ды ахастай, уӕд мын ӕй зӕгъ, кӕм ӕй бавӕрдтай». Афтӕмӕй уый та Йесо йӕхӕдӕг у. Мариамӕ ахӕм буары фӕзынд, ӕмӕ йӕ нал базыдта. Фӕлӕ йӕм йӕ номӕй куы сдзырдта, уӕд ӕй уайтагъд базыдта. Мариа адугъ кодта ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын дзуры: «Ӕз Хицауы федтон!»

Уыцы бон ахуыргӕнинӕгтӕ дыууӕйӕ фӕцӕйцыдысты Еммаусы хъӕумӕ ӕмӕ сӕм фӕндагыл иу лӕг ӕрбамбал. Ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойы мӕлӕтыл тынг хъыг кӕнынц. Фӕлӕ сын фӕндагыл уыцы лӕг Библийӕ бирӕ цыдӕртӕ ӕмбарын кӕны ӕмӕ сын фенцондӕр. Ӕппынфӕстаг, къӕбӕр хӕрынмӕ куы ӕрлӕууыдысты, уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ бамбӕрстой, уыцы лӕг Йесо кӕй у, уый. Фӕлӕ уӕд Йесо ӕрбайсӕфт, ӕмӕ дыууӕ ахуыргӕнинаджы фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхтысты, цӕмӕй апостолтӕн ацы хабар радзурой.

Уыцы рӕстӕджы Йесо фӕзынд Петрмӕ дӕр. Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы базыдтой уый тыххӕй, уӕд уыдонӕн дӕр сӕ зӕрдӕ барухс. Уӕдмӕ дыууӕ ахуыргӕнинаджы дӕр ӕрхӕццӕ сты Иерусалиммӕ ӕмӕ апостолты ссардтой. Дзурынц сын, фӕндагыл Йесо уыдонмӕ дӕр кӕй фӕзынд, уый тыххӕй. Сӕ ныхас нӕма фесты, афтӕ, зоныс, цы ’рцыд?

Ӕркӕс ма нывмӕ. Кӕд дуар ӕхгӕд у, уӕддӕр Йесо уаты тӕккӕ астӕу февзӕрд. Куыд цин кӕнынц ахуыргӕнинӕгтӕ! Ӕцӕг диссаджы бон нӕу? Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕм цал хатты фӕзынд, уый дӕ бон банымайын у? Фондз хатты дын рауадысты?

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм куы фӕзынд, уӕд апостол Фома семӕ нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ йын уый фӕстӕ дзурынц: «Мах федтам Хицауы!» Фӕлӕ Фома загъта, зӕгъгӕ, цалынмӕ Йесойы мӕхи цӕстӕй нӕ фенон, уӕдмӕ мӕ нӕ бауырндзӕн. Ӕмӕ та аст боны фӕстӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ногӕй ӕрӕмбырд сты уаты ӕмӕ сӕхиуыл дуар сӕхгӕдтой, ацы хатт Фома дӕр семӕ ис. Ӕваст та уаты февзӕрд Йесо. Ныр Фомайы дӕр уырны, Йесо кӕй райгас, уый.