Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

104 РАДЗЫРД

Йесо аздӕхт уӕларвмӕ

Йесо аздӕхт уӕларвмӕ

УЫЦЫ бонты Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕм фӕзынд бирӕ хӕттыты. Иу хатт ӕй иумӕ федтой фондзсӕдӕ ахуыргӕнинаджы. Ӕмӕ сын Йесо цӕй тыххӕй дзырдта, уый зоныс? Хуыцауы паддзахады тыххӕй. Иегъовӕ йӕ зӕхмӕ уымӕн рарвыста, цӕмӕй адӕмӕн уыцы Паддзахады тыххӕй амыдтаид. Йесо йӕ райгасы фӕстӕ дӕр кӕны уыцы хъуыддаг.

Хуыцауы паддзахад цы у, уый ма хъуыды кӕныс? Раст зӕгъыс, уый у Хуыцауы уӕларвон ӕцӕг хицауад. Паддзахӕй та дзы Хуыцау сӕвӕрдта Йесойы. Куыд базыдтам, афтӕмӕй Йесо, диссаджы паддзах кӕй уыдзӕн, уый равдыста, зӕххыл ӕххормаг адӕмы кӕй ӕфсӕста, рынчынты кӕй дзӕбӕх кодта ӕмӕ ма суанг мӕрдты дӕр кӕй ӕгас кодта, уымӕй!

Уӕдӕ Йесо миназы дӕргъы уӕлӕрвтӕй куы паддзахиуӕг кӕна, уӕд та цыхуызӕн уыдзӕн зӕхх? Иттӕг раст зӕгъыс, зӕххы къори ӕгасӕй дӕр суыдзӕн диссаджы рӕсугъд дзӕнӕт. Уым нал уыдзӕн хӕстытӕ, фыдракӕндтӕ ӕмӕ низтӕ, суанг мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн. Ӕцӕг афтӕ кӕй уыдзӕн, уый мах фидарӕй зонӕм, уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕхх уый тыххӕй сфӕлдыста, цӕмӕй йыл адӕм дзӕнӕтон уавӕрты цардаиккой. Райдианы Едемы цӕхӕрадон дӕр уый тыххӕй скодта. Уӕдӕ Хуыцауы фӕндтӕ иууылдӕр Йесо фидӕны сӕххӕст кӕндзӕн.

Ныр та Йесо хъуамӕ фӕстӕмӕ уӕларвмӕ ацӕуа. Дыууиссӕдз боны дӕргъы уый бирӕ хӕттыты фӕзынд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм. Ныр сӕ фидарӕй уырны, Йесо удӕгас кӕй у, уый. Фӕлӕ ма сын йӕ ацыды размӕ ноджыдӕр дзуры: «Цалынмӕ сыгъдӕг уд нӕ райсат, уӕдмӕ Иерусалимӕй макуыдӕм ацӕут». Сыгъдӕг уд у Хуыцауы архайгӕ тых; уый у дымгӕйы уддзӕфы хуызӕн. Уыцы тых ӕххуыс кӕндзӕн Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн. Фӕстагмӕ сын Йесо загъта: «Фехъусын кӕнут мӕн тыххӕй суанг зӕххы кӕронмӕ».

Йесо уыцы ныхӕстӕ куыд загъта, афтӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уынынц ӕнахуыр цыдӕр. Нывы куыд уыныс, афтӕ Йесо зӕххӕй фӕхицӕн ӕмӕ уӕлӕмӕ фӕцӕуы. Уый фӕстӕ мигъты аууон фӕци ӕмӕ йӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нал уыдтой. Уыйадыл Йесо ацыд уӕларвмӕ ӕмӕ уырдыгӕй райдыдта разамынд кӕнын йӕ фӕдылдзӕуджытыл.