Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

105 РАДЗЫРД

Ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Иерусалимы

Ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Иерусалимы

АЦЫ адӕм Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ сты. Ӕмӕ сын куыд загъта, афтӕ Иерусалимӕй никуыдӕм ацыдысты. Иууылдӕр иумӕ ӕмбырдӕй кӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы хӕдзар ӕвиппайды цыдӕр уынӕрӕй байдзаг. Раст цыма тыхдымгӕ сыстад, уыйау. Гыццыл фӕстӕдӕр алы ахуыргӕнинаджы сӕрмӕ дӕр фӕзынд арты ӕвзӕгтӕ. Уыныс сӕ? Цымӕ цы у уый?

Уый у диссаг! Йесо уӕларвмӕ йӕ Фыдмӕ аздӕхт ӕмӕ ныр Хуыцауы сыгъдӕг уд ӕруагъта йӕ фӕдылдзӕуджытыл. Ӕмӕ сыл, зоныс, куыд фӕзынд? Се ’ппӕтдӕр дзурын райдыдтой алыхуызон ӕвзӕгтыл.

Иерусалимы ма цы адӕм уыд, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ фехъуыстой, тыхдымгӕ цыма сыстад, ахӕм уынӕр, ӕмӕ ӕрбамбырд сты, цы хабар у, уый базонӕм, зӕгъгӕ. Уыдон се ’ппӕт израилӕгтӕ не сты. Иуӕй-иутӕ сӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕрцыдысты израилаг бӕрӕгбонмӕ – Фӕндзайӕм бонмӕ. Ӕмӕ мӕнӕ диссаг, уый цы хъусынц?! Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ сын сӕ мадӕлон ӕвзӕгтыл дзурынц Хуыцауы диссаг хъуыддӕгты тыххӕй.

– Ацы адӕм иууылдӕр Галилейӕ куы сты,– дис кӕнынц адӕм.– Куыд у сӕ бон, нӕ бӕстӕты цы алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурынц, уыцы ӕвзӕгтыл дзурын?

Уӕд Петр сыстад ӕмӕ сын ӕмбарын кӕнын райдыдта. Уый адӕмӕн хъӕрӕй дзуры, Йесойы кӕй амардтой ӕмӕ йӕ стӕй Иегъовӕ кӕй райгас кодта, уый тыххӕй. «Ныр Йесо ис уӕларвы Хуыцауы рахиз фарс,– дзуры Петр.– Ӕмӕ уый ӕруагъта, зӕрдӕ нын кӕмӕй бавӕрдта, уыцы сыгъдӕг уд. Ахӕм диссӕгтӕ дӕр уый тыххӕй уынут ӕмӕ хъусут».

Петры ныхӕстӕм хъусгӕйӕ адӕмӕй бирӕтӕ тынг фӕфӕсмон кодтой, Йесойы кӕй амардтой, ууыл.

– Цы нӕ хъӕуы бакӕнын?– фӕрсынц уыдон.

– Сымах хъӕуы уӕ цардыуаг фӕивын ӕмӕ донаргъуыд райсын,– загъта сын Петр.

Афтӕмӕй уыцы бон ӕртӕ мин адӕймаджы райстой донаргъуыд ӕмӕ систы Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ.