Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

106 РАДЗЫРД

Ссӕрибар сты ахӕстонӕй

Ссӕрибар сты ахӕстонӕй

КӔС МА, зӕд ахӕстоны дуар бакодта ӕмӕ Йесойы апостолты ссӕрибар кодта. Цӕй ӕмӕ базонӕм, ахӕстонмӕ цӕмӕн бахаудысты, уый.

Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ сыгъдӕг удӕй куы схайджын сты, уӕд цасдӕры фӕстӕ ӕрцыд ахӕм хабар: иу хатт фӕссихор Петр ӕмӕ Иоанн ацыдысты Иерусалимы кувӕндонмӕ. Уым кулдуары цур бадти, йӕ цард-цӕрӕнбонты цӕнкуыл чи уыди, иу ахӕм лӕг. Алы бон дӕр-иу ӕй уырдӕм ӕрбахастой, ӕмӕ-иу кувӕндонмӕ цӕуӕг адӕмӕй ӕхца куырдта. Петр ӕмӕ Иоанны куы федта, уӕд уыдонӕн дӕр лӕгъстӕ кӕны, цӕмӕй йын исты авӕрой. Куыд бакӕндзысты апостолтӕ?

Уыдон йӕ цуры ӕрлӕууыдысты ӕмӕ йӕм кӕсынц. «Ӕхца мӕм нӕй,– дзуры йын Петр,– фӕлӕ мӕм цы ис, уый дын ратдзынӕн. Йесойы номӕй дын зӕгъын, сыст ӕмӕ цу!» Уый фӕстӕ Петр лӕгӕн йӕ рахиз къухыл схӕцыд, уый фӕгӕпп кодта ӕмӕ ӕцӕгдӕр цӕуын райдыдта. Адӕм уый куы федтой, уӕд тынг бадис кодтой ӕмӕ сӕ цинӕн кӕрон нал уыдис.

«Ацы диссаг мах сарӕзтам, Йесойы мӕрдтӕй чи райгас кодта, уыцы Хуыцауы хъаруйӕ»,– бамбарын сын кодта Петр. Петр ӕмӕ Иоанн адӕмимӕ куы ныхас кодтой, уӕд дины разамонджытӕй цалдӕр сӕ уӕлхъус балӕууыдысты. Уыдон мӕстӕй рафыхтысты, Йесо мӕрдтӕй кӕй райгас, уый тыххӕй адӕмӕн кӕй дзурынц, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ сӕ ӕрцахстой ӕмӕ сӕ ахӕстоны ныппӕрстой.

Дыккаг бон дины разамонджытӕ скодтой стыр ӕмбырд. Уырдӕм ӕрбакодтой Петр ӕмӕ Иоанны, стӕй, цы лӕджы сдзӕбӕх кодтой, уый дӕр. «Уыцы диссаг цавӕр хъаруйӕ сарӕзтат?»– фӕрсынц сӕ дины разамонджытӕ.

Петр сын загъта, зӕгъгӕ, Йесойы мӕрдтӕй чи райгас кодта, уыцы Хуыцауы хъаруйӕ. Сауджынтӕ цы кӕной, уый нӕ зонынц, уымӕн ӕмӕ уыцы стыр диссаг ӕцӕгдӕр кӕй ӕрцыд, уый ныхмӕ сӕ бон ницы у зӕгъын. Уымӕ гӕсгӕ апостолты бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы кой мауал кӕной, ӕмӕ сӕ ауагътой.

Бонтӕ цӕуынц, апостолтӕ дарддӕр хъусын кӕнынц Йесойы тыххӕй ӕмӕ рынчынты дзӕбӕх кӕнынц. Уыцы диссӕгты хабар айхъуыст дардыл. Ӕмӕ Иерусалимы алыварс сахартӕй дуне адӕм сӕ рынчынты кӕнынц апостолтӕм, цӕмӕй сӕ сдзӕбӕх кӕной. Дины разамонджытӕ та хӕлӕг кӕнынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ апостолты ӕрцахстой ӕмӕ сӕ ахӕстоны бакодтой. Фӕлӕ дзы бирӕ нӕ фесты.

Куыд уыныс нывы, афтӕмӕй ӕхсӕвы Хуыцауы зӕд ахӕстоны дуар бакодта. Уый сын дзуры: «Ацӕут, кувӕндоны слӕуут ӕмӕ дарддӕр дзурут адӕмӕн». Райсомӕй дины разамонджытӕ сӕ адӕмы апостолты бӕрӕггӕнӕг куы арвыстой, уӕд сӕ ахӕстоны нал баййӕфтой. Фӕстӕдӕр сӕ ссардтой кувӕндоны, адӕмы ахуыргӕнгӕйӕ, ӕмӕ сӕ синедрионмӕ бакодтой.

«Карзӕй уӕ нӕ бафӕдзӕхстам, Йесойы тыххӕй мауал амонут,– хыл сӕм кӕнынц дины разамонджытӕ.– Фӕлӕ сымах уӕддӕр уӕ ахуырадӕй ӕгас Иерусалим байдзаг кодтат». «Мах хъуамӕ фылдӕр хъусӕм адӕммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцаумӕ»,– уыд сӕ дзуапп апостолтӕн. Уымӕ гӕсгӕ цины хабар дарддӕр дӕр хъусын кӕнынц. Куыд дӕм кӕсы, уый махӕн хорз дӕнцӕг нӕу?