Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

108 РАДЗЫРД

Дамаскмӕ фӕндагыл

Дамаскмӕ фӕндагыл

ЗӔХХЫЛ чи афӕлдӕхт, уыцы лӕг чи у, уый зоныс? Уый у Савл. Хъуыды кӕныс, Стефаны дуртӕй чи амардта, уыдонӕн сӕ дзаумӕттӕ хъахъхъӕдта. Ӕркӕс ма, бӕстӕ куыд ныррухс и! Уый цы хабар у?

Стефаны мӕлӕты фӕстӕ Савл тынг ӕфхӕрын райдыдта Йесойы фӕдылдзӕуджыты. Уый-иу хӕдзӕрттыл зылд, чырыстӕттӕй-иу дзы кӕй ссардта, уыдоны-иу ӕддӕмӕ лӕгдыхӕй ракодта ӕмӕ-иу сӕ ахӕстоны ныппӕрста. Ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ лыгъдысты ӕндӕр сахартӕм ӕмӕ уым хъусын кодтой цины хабар. Фӕлӕ Савл уырдӕм дӕр цыди сӕ фӕдыл. Ныртӕккӕ та Дамаскмӕ у йӕ фӕндаг. Фӕлӕ фӕндагыл ӕрцыд ӕнахуыр хабар.

Ӕвиппайды уӕларвӕй цыдӕр Савлы алыварс ныррухс кодта. Ӕмӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй Савл зӕххыл афӕлдӕхти. Уый фӕстӕ ӕрыхъуыст хъӕлӕс: «Савл! Савл! Цӕмӕн мӕ ӕфхӕрыс?» Савлимӕ цы лӕгтӕ ис, уыдон дӕр уынынц рухс ӕмӕ хъусынц уыцы хъӕлӕс, фӕлӕ цы дзуры, уый не ’мбарынц.

– Хицау, чи дӕ?– фӕрсы Савл.

– Ӕз Йесо дӕн, ды кӕй ӕфхӕрыс, уый,– дзуапп ын радта хъӕлӕс. Йесо афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ йын Савл ӕфхӕрдта йӕ фӕдылдзӕуджыты. Йесойӕн йӕ фӕдылдзӕуджыты куы фефхӕрынц, уӕд ын афтӕ зын вӕййы, цыма йын раст йӕхи ӕфхӕрынц.

– Цы кӕнын мӕ хъӕуы, Хицау?– бафарста йӕ уӕд Савл.

«Сыст ӕмӕ Дамаскмӕ ацу,– дзуры йын Йесо.– Уым дын зӕгъдзысты, цы кӕнын дӕ хъӕуы, уый». Савл куы сыстад ӕмӕ йӕ цӕстытӕ куы бакодта, уӕд ницы уыдта. Бакуырм! Уымӕ гӕсгӕ, йемӕ цы лӕгтӕ уыд, уыдон ӕй йӕ къухыл хӕцгӕ ӕркодтой Дамаскмӕ.

Дамаскы Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иуӕн загъта: «Анани, сыст ӕмӕ ацу, йӕ ном Раст кӕмӕн хуыйны, уыцы уынгмӕ. Уым Иудӕйы хӕдзармӕ бацу ӕмӕ дзы Савлы бафӕрс. Ӕз ӕй равзӕрстон, цӕмӕй мын уа сӕрмагонд лӕггадгӕнӕг».

Анани раст афтӕ бакодта. Савлимӕ куы фембӕлд, уӕд ыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йын загъта: «Хицау мӕ рарвыста дӕумӕ, цӕмӕй ногӕй уынай ӕмӕ сыгъдӕг удӕй хайджын фӕуай». Ӕмӕ уыцы тӕккӕ Савлы цӕстытӕй фӕлм цыдӕр ӕрбаци ӕмӕ та йӕ бон сси уынын.

Савл тынг бирӕ хъусын кӕны алыхуызон адӕмыхӕттытӕн. Ныр ӕй зонынц апостол Павелӕй ӕмӕ иннӕ сӕрты фылдӕр базондзыстӕм уый тыххӕй. Фӕлӕ уал уый размӕ базонӕм, Хуыцау Петры цы хъуыддаджы фӕдыл арвыста, уый.