Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

109 РАДЗЫРД

Петр ӕрбацыд Корнилимӕ

Петр ӕрбацыд Корнилимӕ

АЦЫ лӕг у апостол Петр, йӕ фӕстӕ та лӕууынц йӕ дыууӕ ӕмбалы. Фӕлӕ уыцы лӕг Петры раз йӕ зонгуытыл цӕмӕн ӕрлӕууыд? Исты афтӕ гӕнӕн ис? Уыцы лӕг чи у, уый зоныс?

Уый у Корнилий – Ромы ӕфсады сӕдӕйы хицау. Корнилий Петры нӕ зоны, фӕлӕ йын афтӕ загъдӕуыд, цӕмӕй йӕ йӕ хӕдзармӕ фӕхона. Цӕй ӕмӕ базонӕм, афтӕ куыд рауад, уый.

Йесойы фыццаг фӕдылдзӕуджытӕ уыдысты иудейтӕ, Корнилий та ӕндӕр адӕмыхаттӕй у. Фӕлӕ уый уарзы Хуыцауы, кувы йӕм, стӕй адӕмӕн дӕр аразы бирӕ хорздзинӕдтӕ. Иу бон ӕм зӕд фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Хуыцау дӕ райгонд у, ӕмӕ дын дӕ куывдтытӕ фехъуыста. Дӕ адӕмы арвит иу лӕгмӕ, йӕ ном Петр, зӕгъгӕ. Ныртӕккӕ уый ис Иоппийы, уым денджызы был цӕрӕг Симоны хӕдзары».

Корнилий уыцы тӕккӕ арвыста йӕ адӕмы Петрмӕ. Иннӕ бон уыцы лӕгтӕ Иоппимӕ куы ӕрхӕццӕ сты, уӕд Петр уыди Симоны хӕдзары тъӕпӕн сӕрыл. Хуыцау Петрӕн цӕстылуайӕны фенын кодта, уӕларвӕй куыд ӕруагъдӕуыд стыр фынгӕмбӕрзӕн, йӕ цыппар къуымы баст, афтӕмӕй. Йӕ мидӕг уыди алыхуызон цӕрӕгойтӕ. Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ уыцы цӕрӕгойтӕ кӕд ӕнӕсыгъдӕг уыдысты ӕмӕ хӕрынӕн нӕ бӕззыдысты, уӕддӕр ын хъӕлӕс дзуры: «Петр, сыст. Аргӕвд ӕмӕ хӕр».

«Нӕ,– дзуапп радта Петр.– Ӕз мӕ дзыхмӕ ӕнӕсыгъдӕгӕй никуы ницы систон». «Хуыцау нырӕй фӕстӕмӕ сыгъдӕг цы хоны, уый ӕнӕсыгъдӕг мауал хон»,– загъта йын уӕд хъӕлӕс. Ӕмӕ афтӕ ӕртӕ хатты. Цалынмӕ Петр, ӕппӕт уыдӕттӕ цы нысан кӕнынц, ууыл хъуыдытӕ кодта, уӕдмӕ Корнилийы ӕрвыст лӕгтӕ ӕрбахӕццӕ сты Симоны хӕдзармӕ ӕмӕ бафарстой Петрӕй.

Петр сӕм ӕрхызт ӕмӕ сын загъта: «Сымах кӕй агурут, уый ӕз дӕн. Цы хъуыддаджы фӕдыл ӕрбацыдыстут?» Куы йын бамбарын кодтой, зӕд Корнилийӕн кӕй загъта, цӕмӕй Петры йӕ хӕдзармӕ фӕхона, уӕд Петр сразы семӕ ацӕуыныл. Дыккаг бон Петр йе ’мбӕлттимӕ ӕрбацыд Кесарийы бӕстӕм Корнилимӕ.

Корнилий ӕрӕмбырд кодта йӕ хӕстӕджыты ӕмӕ йе ’ввахс ӕмбӕлтты. Петр куы ’рбацыд, уӕд Корнилий йӕ размӕ рацыд. Уыныс – йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ Петрӕн бакуывта. Фӕлӕ йын Петр дзуры: «Сыст, ӕз дӕр адӕймаг дӕн». О, Библи куыд дзуры, афтӕмӕй раст нӕу, адӕймаджы раз зонгуытыл лӕууын ӕмӕ йын табу кӕнын. Табу кӕнын ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйӕн.

Ныр Петр хъусын кӕнын райдыдта, цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдонӕн. «Ӕз бамбӕрстон,– дзуры Петр,– Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыцы адӕмӕй Хуыцау йӕхи кӕй никӕуыл атигъ кӕны, уый». Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ Хуыцау адӕмыл ӕруагъта йӕ сыгъдӕг уд, ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой. Петримӕ цы ахуыргӕнинӕгтӕ уыди, уыдон сты иудейтӕ, ӕмӕ ныр дисы бахаудысты. Уыдон афтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ Хуыцау ӕрмӕстдӕр иудейтӕн дӕтты йӕ хорзӕх. Фӕлӕ ныр бамбӕрстой, Хуыцау иу адӕмы иннӕ адӕмӕй уӕлдӕр кӕй не ’вӕры кӕнӕ сӕ хуыздӕрыл кӕй нӕ нымайы. Цымӕ мах дӕр уый нӕ зӕрдыл куы дариккам, уӕд хорз нӕ уаид?