Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

112 РАДЗЫРД

Наусӕфт сакъадахмӕ ӕввахс

Наусӕфт сакъадахмӕ ӕввахс

КӔС МА, нау цы бӕллӕхы бахауд! Ныппырх и! Уыныс, адӕм донмӕ куыд ныггӕппытӕ кодтой. Иутӕ дзы бынтон хӕстӕг сты былмӕ. Се ’хсӕн уый Павел нӕу, ӕви? Цӕй ӕмӕ базонӕм, цы йыл ӕрцыди, уый.

Хъуыды кӕныс, Павел дыууӕ азы фӕци ахӕстоны Кесарийы. Уый фӕстӕ йӕ, йемӕ чи бадти, уыдонӕй цалдӕр адӕймагимӕ науыл сбадын кодтой ӕмӕ сӕ Роммӕ арвыстой. Криты сакъадахмӕ сӕ бирӕ нал хъуыди, афтӕ денджызы тыхджын уад сыстад. Уад афтӕ тынг дымдта, ӕмӕ нау тӕрынӕн ницыуал фӕрӕзтой. Боныгон хур никуыцӕй зынд, ӕхсӕвыгон та – стъалытӕ. Дзӕвгар бонтӕ аивгъуыдта. Науыл цы адӕм уыд, уыдоны бынтондӕр ницыуал ныфс уыди.

Уӕд Павел сыстад ӕмӕ дзуры: «Иу адӕймаг дӕр уӕ нӕ фесӕфдзӕн, ӕрмӕстдӕр нау ныппырх уыдзӕн. Ӕхсӕвы мӕм Хуыцауы зӕд фӕзынд ӕмӕ мын афтӕ загъта: „Павел, ма тӕрс! Ды хъуамӕ ӕрлӕууай Ромы хицау кесӕры раз. Ӕмӕ науыл демӕ цы адӕм ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр Хуыцау фервӕзын кӕндзӕн“».

Цыппӕрдӕсӕм бон, ӕмбисӕхсӕвмӕ ’ввахс, науы адӕм фӕхатыдысты, донӕн йӕ тӕнджыты кӕй бацыдысты! Талынджы нау къӕдзӕхтыл куы сӕмбӕла, уый тӕсӕй наутӕрджытӕ науӕнгуыртӕ аппӕрстой денджызмӕ. Куы ӕрбабон, уӕд федтой донбакӕлӕн. Ӕмӕ архайынц нау тӕккӕ былмӕ батӕрыныл.

Фӕлӕ ма сӕ былмӕ хӕрз гыццыл куыд хъуыд, афтӕ нау донӕн йӕ тӕнӕджы змисы бафардӕг ӕмӕ дзы ныссагъд. Йӕ фӕрстӕ та йын уылӕнтӕ пырх кӕнын райдыдтой. Науыл цы сӕдӕйы хицау уыд, уый дзуры: «Ленк кӕнын уӕ чи зоны, уыдон фыццаг агӕпп кӕнӕнт денджызмӕ ӕмӕ ленк кӕнӕнт былмӕ. Иннӕтӕ та уыдоны фӕстӕ агӕпп кӕнӕнт, ӕмӕ цӕмӕй ма фӕдӕлдон уат, уый тыххӕй хӕцут, науы фӕрстӕй цы фӕйнӕджы гӕппӕлтӕ рахауд, уыдоныл». Ӕмӕ иууылдӕр афтӕ бакодтой. Уыйадыл, зӕд куыддӕриддӕр загъта, афтӕ ’рцыд: науыл цы дыууӕ сӕдӕ ӕвдай ӕхсӕз адӕймаджы уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр сӕрӕгасӕй рахызтысты былмӕ.

Цы сакъадахмӕ рахызтысты, уый у Мальтӕйы сакъадах. Сакъадахы цӕрджытӕ сты тынг уазӕгуарзон. Сӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр уыди, уымӕй баххуыс кодтой, науыл цы адӕм уыди, уыдонӕн. Боныхъӕд куы фӕхуыздӕр, уӕд Павелы ӕндӕр науыл сбадын кодтой ӕмӕ йӕ Роммӕ арвыстой.