Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

113 РАДЗЫРД

Павел Ромы

Павел Ромы

УЫНЫС, Павелы къухтыл хъадамантӕ, йӕ цуры та – йӕ хъахъхъӕнӕг ромаг ӕфсӕддон. Павел бады Ромы ахӕстоны. Уый ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Ромы кесӕр ын цы тӕрхон рахӕсдзӕн, уымӕ. Ӕцӕг, ахӕстоны дӕр Павелӕн бар ис, цӕмӕй йӕм адӕм цӕуой.

Павел Роммӕ куы ’рхӕццӕ, уымӕй ӕртӕ боны фӕстӕ йӕхимӕ фӕхуыдта иудейтӕн сӕ зындгонд лӕгтӕй цалдӕры. Ӕмӕ иудейтӕй Ромы чи цард, уыдонӕй йӕм бирӕтӕ ӕрбацыдысты. Павел сын бирӕ цыдӕртӕ радзырдта Йесо ӕмӕ Хуыцауы паддзахады тыххӕй. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ баууӕндыдысты ӕмӕ систы чырыстӕттӕ, иннӕтӕ та нӕ баууӕндыдысты.

Павел ма хъусын кӕны, цы ӕфсӕддонтӕ йӕ хъахъхъӕнынц, уыдонӕн дӕр. Дыууӕ азы ахӕстоны цы ис, уымӕй Павел, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, кӕмӕн нӕ хъусын кодта, ахӕм нал баззад. Суанг ма кесӕры хӕдзаронтӕ дӕр фехъуыстой Паддзахады цины хабар, ӕмӕ дзы цалдӕр адӕймаджы чырыстон фӕндагыл слӕууыди.

Фӕлӕ стъолы уӕлхъус чи бады ӕмӕ цыдӕртӕ чи фыссы, уый та чи у? Базыдтай йӕ? Раст зӕгъыс, уый Тимофей у. Тимофей йӕхӕдӕг дӕр ахӕстоны бадт, Паддзахады хабар кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй, фӕлӕ йӕ стӕй рауагътой. Ӕмӕ ныр ӕрцыд Павелӕн ӕххуыс кӕнынмӕ. Тимофей, зоныс, цы фыссы? Цӕй, базонӕм ӕй.

Хъуыды ма кӕныс, 110-ӕм радзырды Филипптӕ ӕмӕ Ефесы кой куы цыдис? Уыцы сахарты Павел ӕххуыс кодта чырыстон ӕмбырдтӕ аразынӕн. Ӕмӕ ныр ахӕстонӕй фыстӕджытӕ фыссы уым цӕрӕг чырыстӕттӕм. Уыцы фыстӕджытӕ сты Библийы, ӕмӕ хуыйнынц Филиппӕгтӕм ӕрвыст ӕмӕ Ефесӕгтӕм ӕрвыст. Ныртӕккӕ Тимофей фыссы Павелы ныхӕстӕ, Филиппты сын цы чырыстон хӕлӕрттӕ ис, уыдонмӕ.

Филиппты чырыстӕттӕ Павелӕн бирӕ хорздзинӕдтӕ сарӕзтой. Ахӕстонмӕ ма йын лӕвӕрттӕ дӕр ӕрӕрвыстой ӕмӕ сын ныр фыстӕджы уый тыххӕй арфӕ кӕны. Уыцы лӕвӕрттӕ йын ӕрхаста Епафродит. Фӕлӕ уый фӕстӕ Епафродит тыхджын фӕрынчын, гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ амӕла. Ныр дзӕбӕхдӕр у, ӕмӕ тагъд фӕстӕмӕ хӕдзармӕ аздӕхдзӕн. Филипптӕм йемӕ ахӕсдзӕн Павел ӕмӕ Тимофейы фыстӕг.

Павел ма ахӕстоны ныффыста ноджыдӕр дыууӕ фыстӕджы, ӕмӕ уыдон дӕр сты Библийы. Уыдонӕй иу у Колоссы чырыстӕттӕм. Куыд хуыйны, уый зоныс? Колоссӕгтӕм ӕрвыст. Иннӕ фыстӕг та у йе ’ввахс хӕлар Филимонмӕ, уый дӕр цӕры Колоссы. Фыстӕджы дзырд цӕуы Филимоны цагъар Онисимыл.

Онисим Филимонӕй алыгъд ӕмӕ Роммӕ ӕрцыд. Уым цыдӕр ӕгъдауӕй базыдта, Павел ахӕстоны кӕй ис, уый, ӕмӕ йӕм бацыд. Павел ын Чырыстийы тыххӕй радзырдта ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ Онисим дӕр сси чырыстон. Ныр уый фӕсмон кӕны, йӕ хицауӕй кӕй алыгъд, ууыл. Павел Филимонмӕ цы фыссы, уый зоныс?

Куры дзы, цӕмӕй Онисимӕн ныххатыр кӕна. «Онисимы дӕм фӕстӕмӕ ӕрвитын,– дзуры Филимонӕн.– Фӕлӕ ныр уый ӕнӕуи цагъар нал у дӕуӕн. Уый у хорз чырыстон ӕфсымӕр дӕр». Онисим фӕстӕмӕ Колоссмӕ йемӕ ахаста уыцы дыууӕ фыстӕджы, сӕ иу – колоссӕгтӕм, иннӕ та – Филимонмӕ. Ахъуыды ма кӕн, Филимон уый куы базыдта, ӕмӕ йӕ цагъар чырыстон сси, уӕд ын куыд ӕхсызгон уыд.

Павел филиппӕгтӕм ӕмӕ Филимонмӕ цы фыстӕджытӕ арвыста, уым сын фехъусын кодта стыр цины хабар. «Ӕрвитын уӕм Тимофейы,– дзуры Павел.– Фӕлӕ уӕм тагъд фӕзындзынӕн мӕхӕдӕг дӕр». Филимонмӕ та фыссы: «Ӕрцӕттӕ мын кӕн, кӕм ӕрлӕууон, ахӕм бынат».

Павелы ахӕстонӕй куы рауагътой, уӕд бӕрӕг кӕны йӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты алы рӕтты. Фӕлӕ та йӕ фӕстӕдӕр ногӕй Ромы ахӕстоны бакодтой. Ныр уый зоны, кӕй йӕ амардзысты. Уымӕ гӕсгӕ фыссы Тимофеймӕ ӕмӕ йын дзуры, цӕмӕй йӕм тагъд хӕццӕ кӕна. «Ӕз Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ не сивтон,– фыссы Павел,– ӕмӕ мӕ Хуыцау схорзӕхджын кӕндзӕн». Павелы куы амардтой, уымӕй цалдӕр азы фӕстӕ Иерусалим ногӕй пырх ӕрцыд – ацы хатт ӕй ныппырх кодтой ромӕгтӕ.

Фӕлӕ Библи ууыл нӕ фӕцис. Хуыцау Иегъовӕйы разамындӕй апостол Иоанн ныффыста Библийы фӕстаг чингуытӕ, уыимӕ Раргомады чиныг дӕр. Уыцы чиныг дзуры нӕ фидӕны тыххӕй. Цӕй уӕдӕ базонӕм, фидӕны нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.