Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

115 РАДЗЫРД

Зӕххыл – ногӕй дзӕнӕт

Зӕххыл – ногӕй дзӕнӕт

ӔРКӔС МА, цӕй стыр бӕлӕстӕ, цӕй диссаджы дидинджытӕ ӕмӕ дзы цӕй бӕрзонд хӕхтӕ ис. Ӕццӕй, рӕсугъд дзы нӕу? Мӕнӕ ма, саджы лӕппын гыццыл лӕппуйы къухӕй хӕры. Фалдӕр кӕрдӕгыл хуыссынц домбӕйттӕ, бӕхтӕ та хизынц. Ахӕм рӕсугъд ран дӕ нӕ фӕндид цӕрын?

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй ды ӕнустӕм зӕххыл цӕрай. Уый нӕ фӕнды, цӕмӕй абон адӕм цы рис ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц, уый ды дӕр ӕвзарай. Уымӕ гӕсгӕ, ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыдонӕн Библи дӕтты ахӕм зӕрдӕвӕрд: «Хуыцау уыдзӕн семӕ. Уым нӕдӕр мӕлӕт уыдзӕн, нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр низ. Раздӕр цы уыд, уымӕн йӕ фӕд дӕр нал ис».

Йесо бацархайдзӕн, цӕмӕй уыцы диссаджы ивындзинӕдтӕ иууылдӕр ӕрцӕуой. Кӕд уыдзӕн, уый зоныс? Раст зӕгъыс, зӕххыл ӕвзӕрдзинад куы нал уа ӕмӕ ӕвзӕр адӕмы куы фесафа, уӕд. Хъуыды ма кӕныс, Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд дзӕбӕх кодта алы низ дӕр, суанг ма мӕрдты дӕр ӕгас кодта. Уымӕй Йесо равдыста, Хуыцауы паддзахады Паддзах куы суа, уӕд цы сараздзӕн, уый.

Ӕрмӕст ма ахъуыды кӕн – зӕххыл дзӕнӕты куыд хорз уыдзӕн! Йесо, зӕххӕй цы адӕмы равзӕрста, уыдонимӕ иумӕ уынаффӕ кӕндзӕн уӕларвӕй. Уыдон батыхсдзысты зӕххыл алы адӕймагыл дӕр ӕмӕ ӕппӕтдӕр сараздзысты, цӕмӕй адӕм амондджын уой. Фӕлӕ нын цӕмӕй Хуыцау зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны бар ратта, уый тыххӕй цы хъӕуы? Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.