Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фарстытӕ «Мӕ библион радзырдты чиныг» ахуыр кӕнынӕн

Фарстытӕ «Мӕ библион радзырдты чиныг» ахуыр кӕнынӕн

1-аг радзырд

Хуыцау райдыдта фӕлдисын

  1. Ӕппӕт хорздзинӕдтӕ дӕр кӕмӕй цӕуынц ӕмӕ дӕ бон у цӕвиттон ӕрхӕссын?

  2. Хуыцау ӕппӕты фыццаг цы сфӕлдыста?

  3. Фыццаг зӕд иннӕтӕй цӕмӕн хицӕн кодта?

  4. Райдианы зӕхх цыхуызӕн уыд? (Кӕс нывы.)

  5. Хуыцау цӕрӕгойтӕ ӕмӕ адӕмӕн зӕхх цӕттӕ кӕнын куыд райдыдта?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Иереми 10:12.

    Хуыцау цы сфӕлдыста, уым йӕ миниуджытӕй цавӕртӕ зынынц? (Ис. 40:26; Ром. 11:33).

  2. Бакӕс Колоссӕгтӕм 1:15–17.

    Хуыцау дуне куы фӕлдыста, уӕд Йесо цы арӕзта ӕмӕ йӕм уымӕ гӕсгӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? (Кол. 1:15–17).

  3. Бакӕс Уӕвынад 1:1–10.

    1. Зӕхх куыд фӕзынд? (Уӕв. 1:1).

    2. Фыццаг сфӕлдыстадон бон цы фӕзынд? (Уӕв. 1:3–5).

    3. Дыккаг сфӕлдыстадон бон цы ’рцыд? (Уӕв. 1:7, 8).

2-аг радзырд

Диссаджы цӕхӕрадон

  1. Хуыцау нын зӕхх цӕрынӕн куыд ӕрцӕттӕ кодта?

  2. Хуыцау цавӕр цӕрӕгойтӕ сфӕлдыста? (Кӕс нывы.)

  3. Едемы цӕхӕрадон диссаджы бынат цӕмӕн уыд?

  4. Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕгас зӕхх дӕр цыхуызӕн хъуамӕ суыдаид?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 1:11–25.

    1. Ӕртыккаг сфӕлдыстадон бон Хуыцау цы сфӕлдыста? (Уӕв. 1:12).

    2. Цы ’рцыд цыппӕрӕм сфӕлдыстадон бон? (Уӕв. 1:16).

    3. Фӕндзӕм ӕмӕ ӕхсӕзӕм бонты Хуыцау цавӕр цӕрӕгойтӕ сфӕлдыста? (Уӕв. 1:20, 21, 25).

  2. Бакӕс Уӕвынад 2:8, 9.

    Хуыцау ма Едемы цӕхӕрадоны, иннӕ бӕлӕстӕй уӕлдай, цавӕр дыууӕ бӕласы ныссагъта ӕмӕ цы нысан кодтой?

3-аг радзырд

Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг

  1. 3-аг радзырды ныв 2-аг радзырды нывӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

  2. Чи сфӕлдыста фыццаг нӕлгоймаджы ӕмӕ йӕ ном куыд уыд?

  3. Цавӕр куыст бахӕс кодта Хуыцау Адамӕн?

  4. Хуыцау Адамы тарф фынӕй цӕмӕн бакодта?

  5. Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕ бон цас цӕрын уыдаит ӕмӕ Иегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ цавӕр куыст хъуамӕ кодтаиккой?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Псалом 82:19, МГТ.

    Куыд у Хуыцауы ном ӕмӕ зӕхмӕ цы бар дары? (Рац. 15:3; Дан. 4:14).

  2. Бакӕс Уӕвынад 1:26–31.

    1. Ӕхсӕзӕм бон Хуыцау кӕй сфӕлдыста ӕмӕ цӕрӕгойтӕй цӕмӕй хицӕн кодта? (Уӕв. 1:26).

    2. Иегъовӕ адӕймагӕн дӕр ӕмӕ цӕрӕгойтӕн дӕр цы радта? (Уӕв. 1:30).

  3. Бакӕс Уӕвынад 2:7–25.

    1. Цӕмӕй Адам цӕрӕгойтӕн нӕмттӕ радтаид, уый тыххӕй йӕ цы кӕнын хъуыди? (Уӕв. 2:19).

    2. Уӕвынад 2:24 нын куыд ӕххуыс кӕны, Иегъовӕ ӕмкъайадмӕ, хицӕнӕй цӕрынмӕ ӕмӕ хицӕн кӕнынмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый бамбарынӕн? (Матф. 19:4–6, 9).

4-ӕм радзырд

Сырд ӕрцыдысты сӕ хӕдзарӕй

  1. Ацы нывы куыд уынӕм, афтӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕйыл цы ’рцыд?

  2. Иегъовӕ сӕ цӕмӕн бафхӕрдта?

  3. Калм Евӕйӕн цы загъта?

  4. Евӕимӕ калмы уылты чи дзырдта?

  5. Адам ӕмӕ Евӕ дзӕнӕты хӕдзарӕй сырд цӕмӕн ӕрцыдысты?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 2:16, 17 ӕмӕ 3:1–13, 24.

    1. Калм Евӕмӕ цы фарст радта, уымӕй Иегъовӕйӕ мӕнг куыд загъта? (Уӕв. 3:1–5; 1 Иоан. 5:3).

    2. Евӕйы хабар нын зондзонӕн куыд у? (Фил. 4:8; Иак. 1:14, 15; 1 Иоан. 2:16).

    3. Адам ӕмӕ Евӕ сӕхи куыд рӕстытӕ кодтой? (Уӕв. 3:12, 13).

    4. Едемы цӕхӕрадоны скӕсӕнырдыгӕй цы херувимты сӕвӕрдӕуыд, уыдон Иегъовӕйы хицаудзинады фарс куыд уыдысты? (Уӕв. 3:24).

  2. Бакӕс Раргомад 12:9.

    Сайтан Хуыцауы хицаудзинады ныхмӕ цас адӕмы скодта? (1 Иоан. 5:19).

5-ӕм радзырд

Райдыдта зын цард

  1. Адам ӕмӕ Евӕ Едемы цӕхӕрадонӕй сырд куы ’рцыдысты, уӕд куыд цардысты?

  2. Цы ӕнхъӕлмӕ каст Адам ӕмӕ Евӕмӕ ӕмӕ цӕмӕн?

  3. Адам ӕмӕ Евӕйы сывӕллӕттӕн сӕ кӕрон зӕронд ӕмӕ мӕлӕтмӕ цӕмӕн цыд?

  4. Адам ӕмӕ Евӕ Иегъовӕмӕ куы хъуыстаиккой, уӕд сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ дӕр куыд цардаиккой?

  5. Евӕ Иегъовӕмӕ кӕй нӕ байхъуыста, уый тыххӕй цавӕр рыстытӕ ӕвзарын райдыдта?

  6. Куыд хуындысты Адам ӕмӕ Евӕйы фыццаг дыууӕ фырты?

  7. Нывы иннӕ сывӕллӕттӕ чи сты?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 3:16–23 ӕмӕ 4:1, 2.

    1. Зӕхх ӕлгъыст куы ’рцыд, уӕд Адамы цард куыд фӕивта? (Уӕв. 3:17–19; Ром. 8:20, 22).

    2. Ном Евӕ, ома «Цӕрдуд», фыццаг сылгоймагыл цӕмӕн фидыдта? (Уӕв. 3:20).

    3. Иегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйыл сӕ тӕригъӕдракӕнды фӕстӕ дӕр куыд батыхст? (Уӕв. 3:7, 21).

  2. Бакӕс Раргомад 21:3, 4.

    Цавӕр «раздӕрыон» хъуыддӕгтӕн дӕ фӕнды фенын сӕ кӕрон?

6-ӕм радзырд

Хорз фырт ӕмӕ ӕвзӕр фырт

  1. Цы куыст кодта Каин? Авел та?

  2. Цавӕр лӕвӕрттӕ ӕрхастой Каин ӕмӕ Авел Иегъовӕйӕн?

  3. Иегъовӕ Авелы лӕварӕй райгонд цӕмӕн уыд ӕмӕ Каины лӕвар та йӕ зӕрдӕмӕ цӕуылнӕ фӕцыд?

  4. Цавӕр адӕймаг у Каин, ӕмӕ йын Иегъовӕ йӕ зондахаст сраст кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны?

  5. Каин йе ’фсымӕримӕ быдыры куы уыд, уӕд цы ми бакодта?

  6. Радзур, Каин йе ’фсымӕры куы амардта, уӕд ыл цы ’рцыд.

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 4:2–26.

    1. Каин цы тӕссаг уавӕры уыд, уый йын Иегъовӕ куыд бамбарын кодта? (Уӕв. 4:7).

    2. Каин, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый куыд раргом кодта? (Уӕв. 4:9).

    3. Иегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы ӕнаххос адӕймаджы туг ныккалынмӕ? (Уӕв. 4:10; Ис. 26:21).

  2. Бакӕс 1 Иоанны 3:11, 12.

    1. Каин мӕстӕй цӕмӕн рафыхт ӕмӕ ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Уӕв. 4:4, 5; Ӕмб. 14:30; 28:22).

    2. Кӕд нӕ бинонтӕ иууылдӕр Иегъовӕйы ныхмӕ сты, уӕддӕр нӕ бон иузӕрдионӕй баззайын кӕй у, уый Библи куыд ӕвдисы? (Пс. 26:10; Матф. 10:21, 22).

  3. Бакӕс Иоанны 11:25.

    Рӕстдзинады тыххӕй чи амард, ӕппӕт уыдоны тыххӕй Иегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры? (Иоан. 5:24).

7-ӕм радзырд

Хъӕбатыр адӕймаг

  1. Енох иннӕты хуызӕн цӕуылнӕ уыд?

  2. Енохы бонты адӕм афтӕ бирӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ цӕмӕн кодтой?

  3. Цавӕр фыдхъуыддӕгтӕ кодтой адӕм? (Кӕс нывы.)

  4. Енох хъӕбатыр цӕмӕн хъуамӕ уыдаид?

  5. Уыцы рӕстӕджы адӕм цас цардысты, ӕмӕ Енох та цас фӕцард?

  6. Енохы мӕлӕты фӕстӕ зӕххыл цытӕ цыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 5:21–24, 27.

    1. Цавӕр ахастытӕ уыд Енохӕн Иегъовӕимӕ? (Уӕв. 5:24).

    2. Библимӕ гӕсгӕ зӕххыл ӕппӕты фылдӕр чи фӕцард ӕмӕ куы амард, уӕд ыл цал азы цыд? (Уӕв. 5:27).

  2. Бакӕс Уӕвынад 6:5.

    Енохы мӕлӕты фӕстӕ зӕххыл уавӕртӕ куыд фӕфыддӕр сты ӕмӕ сӕ нӕ рӕстӕгмӕ куыд ис ахӕссӕн? (2 Тим. 3:13).

  3. Бакӕс Дзуттытӕм 11:5.

    Енох Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕй тыххӕй цыд ӕмӕ уый Енохӕн цы ’рхаста? (Уӕв. 5:22).

  4. Бакӕс Иудӕйы 14, 15.

    Абон чырыстӕттӕ адӕмӕн Армагеддоны хӕсты тыххӕй куы фӕдзурынц, уӕд сӕ бон куыд у, ӕмӕ Енохау хъӕбатыр уой? (2 Тим. 4:2; Дзут. 13:6).

8-ӕм радзырд

Зӕххыл уӕйгуытӕ куыд фӕзынд

  1. Цы ’рцыд, Хуыцауы зӕдтӕй иуӕй-иутӕ Сайтанмӕ куы байхъуыстой, уӕд?

  2. Зӕдтӕй иуӕй-иутӕ, уӕлӕрвты сӕ куыст цӕуылнӕуал кодтой ӕмӕ зӕхмӕ цӕмӕн ӕрцыдысты?

  3. Зӕдтӕ зӕхмӕ кӕй ӕрцыдысты ӕмӕ сӕхицӕн адӕймаджы буӕрттӕ кӕй скодтой, уый тынг ӕвзӕр хъуыддаг цӕмӕн уыд?

  4. Зӕдты сывӕллӕттӕ иннӕ сывӕллӕттӕй цӕмӕй хицӕн кодтой?

  5. Ацы нывы куыд уыныс, афтӕмӕй зӕдты сывӕллӕттӕ куы сыстыр сты, уӕд цытӕ кодтой?

  6. Енохы фӕстӕ зӕххыл цавӕр хорз адӕймаг цард ӕмӕ йӕ Хуыцау цӕмӕн уарзта?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 6:1–8.

    Нӕ уагахаст Иегъовӕйӕн уӕлдай кӕй нӕу, уый Уӕвынады 6:6 куыд зыны? (Пс. 77:40, 41; Ӕмб. 27:11).

  2. Бакӕс Иудӕйы 6.

    Нойы бонты «йӕ кад [чи] нӕ бахъахъхъӕдта», уыцы зӕдты хабар нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ дарӕм? (1 Кор. 3:5–9; 2 Пет. 2:4, 9, 10).

9-ӕм радзырд

Ной аразы нау

  1. Нойы бинонтӕ цал уыдысты ӕмӕ йӕ ӕртӕ фырты цы хуындысты?

  2. Хуыцау Нойӕн цавӕр ӕнахуыр хъуыддаг бахӕс кодта ӕмӕ цӕмӕн?

  3. Ной адӕмӕн науы тыххӕй куы дзырдта, уӕд сӕхи куыд дардтой?

  4. Хуыцау Нойӕн цӕрӕгойты тыххӕй цы загъта?

  5. Хуыцау науы дуар куы сӕхгӕдта, уӕд Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ цы куыстой?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 6:9–22.

    1. Ной ӕцӕг Хуыцауы зындгонд лӕггадгӕнӕг цӕмӕн хуыйны? (Уӕв. 6:9, 22).

    2. Цы цӕстӕй кӕсы Иегъовӕ тыхмимӕ ӕмӕ уый, нӕ рӕстӕг куыд ӕрвитӕм, уымӕ куыд хауы? (Уӕв. 6:11, 12; Пс. 10:5).

    3. Иегъовӕ йӕ организацийы уылты исты куы фӕдзуры, уӕд нӕ бон куыд у Нойы фӕзмын? (Уӕв. 6:22; 1 Иоан. 5:3).

  2. Бакӕс Уӕвынад 7:1–9.

    Иегъовӕ, ӕнӕххӕст адӕймаг Нойы рӕстгӕнӕгыл кӕй нымадта, уый нӕ абон куыд фидар кӕны? (Уӕв. 7:1; Ӕмб. 10:16; Ис. 26:7).

10-ӕм радзырд

Ӕппӕтдунеон Доны хъаймӕт

  1. Къӕвда куы райдыдта, уӕд наумӕ иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон бацӕуын цӕуылнӕуал уыд?

  2. Иегъовӕ къӕвда цал боны ӕмӕ ӕхсӕвы фӕуарын кодта ӕмӕ зӕххыл дон кӕйонг ссыди?

  3. Нау цы баци, дон зӕхх ӕмбӕрзын куы райдыдта, уӕд?

  4. Уӕйгуытӕ Доны хъаймӕтӕй аирвӕзтысты ӕви нӕ, ӕмӕ сӕ фыдӕлтыл та цы ’рцыд?

  5. Фондз мӕйы фӕстӕ нау кӕм ӕрлӕууыд?

  6. Ной науӕй халон цӕмӕн рауагъта?

  7. Зӕххыл дон кӕй фӕкъаддӕр, уый Ной куыд базыдта?

  8. Ной йӕ бинонтимӕ науы иу азӕй фылдӕр куы фӕци, уӕд ын Хуыцау цы загъта?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 7:10–24.

    1. Доны хъаймӕты чи фӕцагъды? (Уӕв. 7:23).

    2. Доны хъаймӕты дӕттӕ къаддӕр кӕнын кӕд райдыдтой? (Уӕв. 7:24).

  2. Бакӕс Уӕвынад 8:1–17.

    Уӕвынады 8:17 куыд ӕвдисы, Иегъовӕмӕ зӕххы тыххӕй фыццаг цы фӕнд уыди, уый кӕй нӕ фӕивта? (Уӕв. 1:22).

  3. Бакӕс 1 Петры 3:19, 20.

    1. Ӕгоммӕгӕс зӕдтӕ уӕларвмӕ куы сыздӕхтысты, уӕд сӕ цавӕр тӕрхон баййӕфта? (Иуд. 6).

    2. Иегъовӕйӕн йӕ бон йӕ адӕмы ирвӕзын кӕнын кӕй у, ууыл нӕ ныфс куыд фидардӕр кӕны Ной ӕмӕ йӕ бинонты хабарӕй? (2 Пет. 2:9).

11-ӕм радзырд

Фыццаг арвӕрдын

  1. Нывы куыд уынӕм, афтӕмӕй Ной науӕй куы рахызт, уӕд фыццаджыдӕр цы сарӕзта?

  2. Доны хъаймӕты фӕстӕ Хуыцау Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕн цы бафӕдзӕхста?

  3. Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

  4. Арвӕрдын куы фенӕм, уӕд нын уый нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ ӕрлӕууын кӕна?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 8:18–22.

    1. Нӕ бон куыд у Иегъовӕйӕн «ӕхсызгон хӕрздӕф» хӕссын? (Уӕв. 8:21; Дзут. 13:15, 16).

    2. Иегъовӕ адӕймаджы зӕрдӕйы тыххӕй цы бафиппайдта ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ хъус цӕмӕ хъуамӕ дарӕм? (Уӕв. 8:21; Матф. 15:18, 19).

  2. Бакӕс Уӕвынад 9:9–17.

    1. Зӕххыл цыдӕриддӕр цӕрдудтӕ ис, уыдонимӕ Иегъовӕ цавӕр бадзырд скодта? (Уӕв. 9:10, 11).

    2. Арвӕрдыны бадзырд цас рӕстӕг уыдзӕн йӕ тыхы? (Уӕв. 9:16).

12-ӕм радзырд

Адӕм амайынц стыр мӕсыг

  1. Чи уыд Нимрод ӕмӕ йӕм Хуыцау цы цӕстӕй каст?

  2. Нывы цы адӕмы уыныс, уыдон агуыридуртӕ цӕмӕн аразынц?

  3. Уыцы арӕзтад Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуылнӕ фӕцыд?

  4. Хуыцау цы бакодта, цӕмӕй мӕсыг мауал амадтаиккой?

  5. Уыцы сахар цы хуынд ӕмӕ цы нысан кӕны?

  6. Хуыцау адӕмӕн се ’взаг куы схӕццӕ кодта, уӕд цы ’рцыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 10:1, 8–10.

    Цавӕр адӕймаг уыд Нимрод ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ нӕхи цӕмӕй хъӕуы хизын? (Ӕмб. 3:31).

  2. Бакӕс Уӕвынад 11:1–9.

    Мӕсыг амайын цӕмӕн райдыдтой ӕмӕ уыцы хъуыддагӕй цӕуылнӕ исты рауад? (Уӕв. 11:4; Ӕмб. 16:18; Иоан. 5:44).

13-ӕм радзырд

Авраам – Хуыцауы хӕлар

  1. Цавӕр адӕм цард Уры?

  2. Ацы нывы кӕй уыныс, уыцы нӕлгоймаг чи у, кӕд райгуырд ӕмӕ кӕм цард?

  3. Хуыцау Авраамӕн цы загъта?

  4. Авраам Хуыцауы хӕлар цӕмӕн хуыйны?

  5. Урӕй Авраамимӕ чи рацыд?

  6. Авраам Ханааны зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд ын Хуыцау цы загъта?

  7. Авраамыл 99 (нӕуӕдз фараст) азы куы цыд, уӕд ын Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 11:27–32.

    1. Авраам ӕмӕ Лот кӕрӕдзийӕн цы хӕстӕг ӕййӕфтой? (Уӕв. 11:27).

    2. Кӕд афтӕ фыст у, ӕмӕ Фарӕ ракодта йӕ бинонты Ханааны зӕхмӕ, уӕддӕр кӕцӕй зонӕм, ӕцӕгӕй сӕ Авраам кӕй ракодта, ӕмӕ афтӕ цӕмӕн бакодта? (Уӕв. 11:31; Ап. к. 7:2–4 ).

  2. Бакӕс Уӕвынад 12:1–7.

    Авраам Ханааны зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд ма Иегъовӕ йӕ бадзырдмӕ Авраамимӕ цы бафтыдта? (Уӕв. 12:7).

  3. Бакӕс Уӕвынад 17:1–8, 15–17.

    1. Аврамыл 99 азы куы цыд, уӕд ын Хуыцау йӕ ном куыд фӕивта ӕмӕ цӕмӕн? (Уӕв. 17:5).

    2. Иегъовӕ Саррӕйӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта? (Уӕв. 17:15, 16).

  4. Бакӕс Уӕвынад 18:9–19.

    1. Уӕвынады 18:19 гӕсгӕ ныййарджытыл цавӕр хӕс ис? (Дык. з 6:6, 7; Еф. 6:4).

    2. Иегъовӕйӕ бамбӕхсӕн кӕй ницы ис, уый Саррӕйы царды хабӕрттӕй кӕцыйӕ у бӕрӕг? (Уӕв. 18:12, 15; Пс. 43:22).

14-ӕм радзырд

Хуыцау фӕлвары Авраамы уырнындзинад

  1. Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ йӕ дзырд куыд нӕ фӕсайдта?

  2. Нывы куыд уынӕм, афтӕмӕй Хуыцау Авраамы уырнындзинад куыд фӕлвӕрдта?

  3. Кӕд Авраам Хуыцауы бардзырд кӕронмӕ не ’мбӕрста, уӕддӕр цы бакодта?

  4. Авраам йӕ фырты амарынмӕ йӕ кард куы сласта, уӕд цы ’рцыд?

  5. Авраам Хуыцауыл куыд тынг ӕууӕндыд?

  6. Хуыцау Авраамӕн нывонд ӕрхӕссынӕн цы радта ӕмӕ куыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 21:1–7.

    Авраам йӕ фыртӕн ӕстӕм бон сунӕт цӕмӕн скодта? (Уӕв. 17:10–12; 21:4).

  2. Бакӕс Уӕвынад 22:1–18.

    Исахъ йӕ фыд Авраамы коммӕ куыд бакаст ӕмӕ уый фидӕны цавӕр стырдӕр цаумӕ амыдта? (Уӕв. 22:7–9; 1 Кор. 5:7; Фил. 2:8, 9).

15-ӕм радзырд

Лоты ус фӕстӕмӕ фӕкаст

  1. Авраам ӕмӕ Лот цӕмӕн фӕхицӕнтӕ сты?

  2. Лот цӕрынӕн Содом цӕмӕн равзӕрста?

  3. Цыхуызӕн адӕм цард Содомы?

  4. Дыууӕ зӕды Лоты цӕмӕй бафӕдзӕхстой?

  5. Лоты ус цӕхдур цӕмӕн фестад?

  6. Лоты усыл цы ’рцыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 13:5–13.

    Быцӕуаг фарстатӕ скъуыддзаг кӕнын куыд хъӕуы, уый фӕдыл Авраамӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Уӕв. 13:8, 9; Ром. 12:10; Фил. 2:3, 4).

  2. Бакӕс Уӕвынад 18:20–33.

    Иегъовӕ Аврааммӕ цы зӕрдӕ дардта, уый нын нӕ ныфс куыд фидар кӕны, Иегъовӕ ӕмӕ Йесо раст кӕй тӕрхон кӕндзысты? (Уӕв. 18:25, 26; Матф. 25:31–33).

  3. Бакӕс Уӕвынад 19:1–29.

    1. Хуыцау гомосексуализммӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй нын ацы цау цы ӕвдисы? (Уӕв. 19:5, 13; Лев. 20:13).

    2. Хуыцауы бардзырдмӕ Лотӕн цы ахаст уыди? Авраамӕн та? Ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Уӕв. 19:15, 16, 19, 20; 22:3).

  4. Бакӕс Лукайы 17:28–32.

    Лоты ус мулкмӕ цы цӕстӕй каст ӕмӕ нын уый зондзонӕн цӕмӕй у? (Лук. 12:15; 17:31, 32; Матф. 6:19–21, 25).

  5. Бакӕс 2 Петры 2:6–8.

    Мах дӕр Лотау ацы ӕнӕхуыцау дунемӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? (Иез. 9:4; 1 Иоан. 2:15–17).

16-ӕм радзырд

Исахъ ссардта хорз ус

  1. Ацы нывы цы нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы уыныс, уыдон чи сты?

  2. Цы бакодта Авраам, цӕмӕй йӕ фыртӕн ус ӕрхастаид ӕмӕ цӕмӕн?

  3. Авраамы лӕггадгӕнӕг йӕ куывдӕн дзуапп куыд райста?

  4. Ревеккӕйы куы бафарстой, зӕгъгӕ, Исахъӕй смой кӕндзынӕ, уӕд цы загъта?

  5. Исахъы та ногӕй амондджын цы скодта?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 24:1–67.

    1. Цавӕр хорз миниуджытӕ равдыста Ревеккӕ, Авраамы лӕггадгӕнӕгыл цъайы цур куы фембӕлд, уӕд? (Уӕв. 24:17–20; Ӕмб. 31:17, 31).

    2. Авраам Исахъы тыххӕй цы сарӕзта, уый абоны чырыстӕттӕн фӕзминаг цӕмӕй у? (Уӕв. 24:37, 38; 1 Кор. 7:39; 2 Кор. 6:14).

    3. Исахъау мах дӕр хъуыды кӕнынӕн рӕстӕг арын цӕмӕн хъӕуы? (Уӕв. 24:63; Пс. 76:13; Фил. 4:8).

17-ӕм радзырд

Фаззӕттӕ – ӕмхуызон не сты

  1. Чи уыдысты Исав ӕмӕ Иаков ӕмӕ цӕмӕй хицӕн кодтой?

  2. Исав ӕмӕ Иаковыл цал азы цыд, сӕ фыдыфыд Авраам куы амард, уӕд?

  3. Исав ахӕмӕй цы сарӕзта, йӕ мад ӕмӕ йӕ фыд тынг цӕуыл фӕмаст кодтой?

  4. Исав йе ’фсымӕр Иаковмӕ тынг цӕуыл смӕсты?

  5. Исахъ йӕ фырт Иаковӕн цы бауынаффӕ кодта?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 25:5–11, 20–34.

    1. Иегъовӕ Ревеккӕйы дыууӕ фырты тыххӕй развӕлгъау цы загъта? (Уӕв. 25:23).

    2. Иаков ӕмӕ Исав хистӕры бармӕ цавӕр цӕстӕй кастысты? (Уӕв. 25:31–34).

  2. Бакӕс Уӕвынад 26:34, 35; 27:1–46 ӕмӕ 28:1–5.

    1. Исав Хуыцауы фӕдзӕхстытӕн кӕй нӕ аргъ кодта, уый куыд рабӕрӕг? (Уӕв. 26:34, 35; 27:46).

    2. Цӕмӕй Иаков Хуыцауы хорзӕх ссардтаид, уый тыххӕй йын Исахъ цы бакӕнын кодта? (Уӕв. 28:1–4).

  3. Бакӕс Дзуттытӕм 12:16, 17.

    Уаз, сыгъдӕг хъуыддӕгтӕ чи ницӕмӕ дары, уыдоныл цы ’рцӕуы, уый Исавы хабарӕй куыд зыны?

18-ӕм радзырд

Иаков ацыд Харранмӕ

  1. Нывы ацы ӕрыгон сылгоймаг чи у ӕмӕ йын Иаков куыд балӕггад кодта?

  2. Цӕмӕй Иаков Рахилы ракуырдтаид, уый тыххӕй цӕуыл сразы?

  3. Лаван цы ми бакодта, Иаков ӕмӕ Рахилы чындзӕхсӕвы афон куы ’рхӕццӕ, уӕд?

  4. Иаков цӕуыл сразы, цӕмӕй Рахил йӕ ус суыдаид, уый тыххӕй?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 29:1–30.

    1. Кӕд Лаван Иаковы фӕсайдта, уӕддӕр Иаков йӕхи уӕзданӕй куыд равдыста ӕмӕ уымӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Уӕв. 25:27; 29:26–28; Матф. 5:37).

    2. Ӕцӕг уарзондзинадӕн сонт уарзтимӕ иумӕйагӕй кӕй ницы ис, уый Иаковы хабарӕй куыд зыны? (Уӕв. 29:18, 20, 30; Сол. з. 8:6).

    3. Чи уыдысты, Иаков кӕй ракуырдта ӕмӕ йын фӕстӕдӕр фырттӕ чи ныййардта, уыцы цыппар сылгоймаджы? (Уӕв. 29:23, 24, 28, 29).

19-ӕм радзырд

Иаковы стыр бинонтӕ

  1. Иаковӕн йӕ фыццаг ус Лиа цы ӕхсӕз фырты ныййардта, уыдон куыд хуындысты?

  2. Лиайы лӕггадгӕнӕг сылгоймаг Зелфӕ Иаковӕн цы дыууӕ фырты ныййардта, уыдон чи уыдысты?

  3. Рахилы лӕггадгӕнӕг сылгоймаг Валлӕ Иаковӕн кӕй ныййардта, уыцы дыууӕ фырты нӕмттӕ куыд уыдысты?

  4. Рахил цы дыууӕ фырты ныййардта, уыдон куыд хуындысты, ӕмӕ дыккаг фырт куы гуырди, уӕд цы ’рцыд?

  5. Нывмӕ гӕсгӕ, Иаковӕн цал фырты уыд ӕмӕ сӕ чи равзӕрд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 29:32–35 ӕмӕ 30:1–26.

    Иаковы 12 фырты хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй рагзаманты дзуттаг лӕппутыл арӕх нӕмттӕ куыд ӕвӕрдтой?

  2. Бакӕс Уӕвынад 35:16–19 ӕмӕ 37:35.

    Кӕд Библийы ӕрмӕстдӕр Динӕйы кой цӕуы, уӕддӕр кӕцӕй зонӕм, Иаковӕн ма ноджыдӕр чызджытӕ кӕй уыд, уый? (Уӕв. 37:34, 35).

20-ӕм радзырд

Динӕйыл ӕрцыд ӕнамонд хабар

  1. Авраам ӕмӕ Исахъы цӕуылнӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ Ханааны зӕххы цӕрджыты чызджыты куырдтаиккой?

  2. Иаковы чызг ханаайнаг чызджытимӕ лымӕн кӕй уыд, уый Иаковы зӕрдӕмӕ цыди?

  3. Нывы Динӕмӕ цы нӕлгоймаг кӕсы, уый чи у ӕмӕ цавӕр ӕвзӕр ми бакодта?

  4. Динӕйы ӕфсымӕртӕ Симеон ӕмӕ Левий хабар куы фехъуыстой, уӕд цы бакодтой?

  5. Симеон ӕмӕ Левий цы бакодтой, уымӕй Иаков разыйӕ баззад?

  6. Ацы бӕллӕхтӕ цӕмӕй райдыдтой?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 34:1–31.

    1. Динӕ ханаайнаг чызджытӕм ӕрмӕст иу хатт ацыд? Бамбарын ӕй кӕн. (Уӕв. 34:1, НД).

    2. Динӕйӕн тыхми кӕй бакодтой, уый тынгдӕр йӕхи аххос цӕмӕн уыд? (Гал. 6:7).

    3. Абоны ӕрыгӕттӕ Динӕйы зондзонӕн цӕвиттон сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстой, уый сӕ бон куыд у ӕвдисын? (Ӕмб. 13:20; 1 Кор. 15:33; 1 Иоан. 5:19).

21-ӕм радзырд

Иосиф йе ’фсымӕртӕн ӕнӕуынон фестад

  1. Иосифмӕ йе ’фсымӕртӕ цӕмӕн хӕлӕг кодтой ӕмӕ йын цы бакодтой?

  2. Иосифӕн йе ’фсымӕртӕ цы сфӕнд кодтой бакӕнын, фӕлӕ сын Рувим цы загъта?

  3. Измаилаг сӕудӕджергӕнӕг лӕгтӕ сӕ цурты куы фӕцӕйцыдысты, уӕд цы ’рцыд?

  4. Иосифы ӕфсымӕртӕ цы бакодтой, цӕмӕй сӕ фыды бауырныдтаид, Иосиф кӕй амард, уый?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 37:1–35.

    1. Ӕмбырды исчи исты тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд уый базонгӕйӕ чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у Иосифы бафӕзмын? (Уӕв. 37:2; Лев. 5:1; 1 Кор. 1:11).

    2. Иосифыл йе ’фсымӕртӕ гадзрахатӕй цӕмӕн рацыдысты? (Уӕв. 37:11, 18; Ӕмб. 27:4; Иак. 3:14–16).

    3. Иаков, маст кӕй кӕны, уый куыд ӕвдыста ӕмӕ уый худинаг цӕуылнӕ у? (Уӕв. 37:35).

22-ӕм радзырд

Иосифы ахӕстоны ныппӕрстой

  1. Цал азы цыд Иосифыл, Египетмӕ йӕ куы акодтой, уӕд, ӕмӕ уым цы баци?

  2. Иосиф ахӕстонмӕ куыд бахауд?

  3. Ахӕстоны Иосифы бӕрны цы бакодтой?

  4. Фараоны сӕндар ӕмӕ дзулгӕнӕгӕн Иосиф ахӕстоны цы загъта?

  5. Сӕндары ахӕстонӕй куы ссӕрибар кодтой, уӕд цы ’рцыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 39:1–23.

    Кӕд Иосифы заман Хуыцау хӕтындзинады ныхмӕ фыст закъон нӕма радта, уӕд Иосиф Потифары усӕй цӕмӕн алыгъд? (Уӕв. 2:24; 20:3; 39:9).

  2. Бакӕс Уӕвынад 40:1–23.

    1. Сӕндар цы фын федта ӕмӕ йӕ Иегъовӕ Иосифӕн куыд райхӕлдта? (Уӕв. 40:9–13).

    2. Дзулгӕнӕг цавӕр фын федта ӕмӕ цы нысан кодта? (Уӕв. 40:16–19).

    3. Абон ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар Иосифы цӕмӕй фӕзмы? (Уӕв. 40:8; Пс. 35:10; Иоан. 17:17; Ап. к. 17:2, 3).

    4. Чырыстӕттӕ гуырӕнбонтӕ бӕрӕг кӕнынмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уый бамбарынӕн Уӕвынады 40:20 куыд ӕххуыс кӕны? (Еккл. 7:1; Мар. 6:21–28).

23-ӕм радзырд

Фараоны фынтӕ

  1. Иу ӕхсӕв фараоныл цы ’рцыд?

  2. Ӕппынфӕстаг сӕндары зӕрдыл Иосиф цӕмӕн ӕрлӕууыд?

  3. Нывы куыд зыны, афтӕмӕй фараон цавӕр дыууӕ фыны федта?

  4. Иосиф фынтӕ куыд райхӕлдта?

  5. Иосиф Египеты фараоны фӕстӕ дыккаг лӕг куыд сси?

  6. Иосифы ӕфсымӕртӕ Египетмӕ цӕмӕн ӕрцыдысты ӕмӕ йӕ цӕуылнӕуал базыдтой?

  7. Иосифы зӕрдыл цавӕр фын ӕрлӕууыд ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цы бамбӕрста?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 41:1–57.

    1. Иосиф иннӕты ӕргом Иегъовӕмӕ куыд аздӕхта ӕмӕ абон чырыстӕттӕн дӕр куыд у сӕ бон афтӕ кӕнын? (Уӕв. 41:16, 25, 28; Матф. 5:16; 1 Пет. 2:12).

    2. Египеты бӕркадджын азты фӕстӕ ӕххормаг азтӕ кӕй скодта, уыцы хабар ирдӕй куыд ӕвдисы, абон Иегъовӕйы адӕмы уавӕр чырыстон дунейы уавӕрӕй куыд хицӕн кӕны, уый? (Уӕв. 41:29, 30; Амос 8:11, 12).

  2. Бакӕс Уӕвынад 42:1–8 ӕмӕ 50:20.

    Цымӕ Иегъовӕйы адӕмӕн ӕмбӕлы, стыр бынат чи ахсы, уымӕн сӕрӕй акувын ӕмӕ йын афтӕмӕй скад кӕнын, кӕд сӕ бӕстӕйы ахӕм ӕгъдау ис, уӕд? (Уӕв. 42:6).

24-ӕм радзырд

Иосиф фӕлвары йе ’фсымӕрты

  1. Иосиф йе ’фсымӕрты сгарджытӕ цӕмӕн схуыдта?

  2. Иаков йӕ кӕстӕр фырт Вениамины Египетмӕ цӕмӕн ауагъта?

  3. Иосифы ӕвзист къус Вениамины голлагмӕ куыд бахауд?

  4. Вениамины ссӕрибар кӕныны тыххӕй Иудӕ цӕмӕ у цӕттӕ?

  5. Иосифы ӕфсымӕртӕ куыд аивтой?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 42:9–38.

    Абон Иегъовӕйы организацийы йӕхимӕ бӕрндзинад чи исы, уыдонӕн Уӕвынады 42:18 стихы Иосифы ныхӕстӕ хорз зӕрдылдарӕн куыд сты? (Неем. 5:15; 2 Кор. 7:1, 2).

  2. Бакӕс Уӕвынад 43:1–34.

    1. Кӕд Рувим хистӕр уыд, уӕддӕр цӕмӕй бӕрӕг у, ӕмӕ-иу йе ’фсымӕрты номӕй Иудӕ дзырдта? (Уӕв. 43:3, 8, 9; 44:14, 18; 1 Пар. 5:2).

    2.  

  3. Бакӕс Уӕвынад 44:1–34.

    1. Иосифы цӕмӕй йе ’фсымӕртӕ ма базыдтаиккой, уый тыххӕй йӕхи цы схуыдта? (Уӕв. 44:5, 15; Лев. 19:26).

    2. Иосифы ӕфсымӕртӕ раздӕрау хӕлӕггӕнаг кӕй нал уыдысты, уый цӕмӕй рабӕрӕг? (Уӕв. 44:13, 33, 34).

25-ӕм радзырд

Бинонтӕ иууылдӕр алыгъдысты Египетмӕ

  1. Иосиф йе ’фсымӕртӕн йӕхи куы схъӕр кодта, уӕд цы ’рцыд?

  2. Иосиф йе ’фсымӕртӕн фӕлмӕнӕй цы бамбарын кодта?

  3. Фараон Иосифы ӕфсымӕрты тыххӕй куы фехъуыста, уӕд цы загъта?

  4. Иаковы бинонтӕ Египетмӕ куы ’рцыдысты, уӕд цас уыдысты?

  5. Иаковы бинонты куыд райдыдтой хонын ӕмӕ цӕмӕн?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Уӕвынад 45:1–28.

    Библийы Иосифы тыххӕй цы хабар фыст ис, уымӕй куыд зыны, Иегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у, йӕ лӕггадгӕнджытӕн зиан цы ’рхӕссы, уый дӕр хорзырдӕм фӕзилын? (Уӕв. 45:5–8; Ис. 8:10; Фил. 1:12–14).

  2. Бакӕс Уӕвынад 46:1–27.

    Иаков Египетмӕ куы цыди, уӕд ын Иегъовӕ ногӕй зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта? (Уӕв. 46:1–4).

26-ӕм радзырд

Иов – Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг

  1. Чи уыди Иов?

  2. Сайтаны ныфс цӕмӕй уыди, фӕлӕ йын исты рауад?

  3. Иегъовӕ Сайтанӕн цы бар радта ӕмӕ цӕмӕн?

  4. Иовӕн йӕ ус афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, «ралгъит Хуыцауы ӕмӕ амӕл»? (Кӕс нывы.)

  5. Дыккаг нывы куыд уыныс, афтӕмӕй Иегъовӕ Иовӕн куыд раарфӕ кодта ӕмӕ цӕмӕн?

  6. Мах дӕр Иовау Иегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд нын куыд раарфӕ кӕндзӕн?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Иов 1:1–22.

    Абон чырыстӕттӕ Иовы куыд фӕзмынц? (Иов 1:1; Фил. 2:15; 2 Пет. 3:14).

  2. Бакӕс Иов 2:1–13.

    Сайтаны ӕфхӕрдмӕ Иов цы цӕстӕй каст, ӕмӕ йӕ ус та? (Иов 2:9, 10; Ӕмб. 19:3; Мих. 7:7; Мал. 3:14).

  3. Бакӕс Иов 42:10–17.

    1. Цы ис ӕмхуызонӕй, Иов ӕмӕ Йесо иузӕрдионӕй кӕй баззадысты, уый тыххӕй куыд арфӕгонд ӕрцыдысты, уым? (Иов 42:12; Фил. 2:9–11).

    2. Иов Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ кӕй не сивта, уый тыххӕй арфӕгонд кӕй ӕрцыд, уый нӕ куыд фидар кӕны? (Иов 42:10, 12; Дзут. 6:10; Иак. 1:2–4, 12; 5:11).

27-ӕм радзырд

Египеты хицауиуӕг кӕны ӕвзӕр паддзах

  1. Нывы ехсимӕ чи лӕууы, уыцы лӕг чи у, ӕмӕ кӕй нӕмы?

  2. Иосиф куы амард, уӕд израилӕгтӕ цы баисты?

  3. Египетӕгтӕ израилӕгтӕй цӕмӕн старстысты?

  4. Израилаг устытӕн аргӕ-арын цы сылгоймӕгтӕ ӕххуыс кодтой, уыдонӕн фараон цавӕр бардзырд радта?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Рацыд 1:6–22.

    1. Иегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый ӕххӕст кӕнын куыд райдыдта? (Рац. 1:7; Уӕв. 12:2; Ап. к. 7:17).

    2. Дзуттаг ӕвгъӕдгӕс сылгоймӕгтӕ цардӕн стыр аргъ кӕй кодтой, уый куыд равдыстой? (Рац. 1:17; Уӕв. 9:6).

    3. Ӕвгъӕдгӕс сылгоймӕгтӕ Иегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыдысты, уый тыххӕй цавӕр хорзӕхтӕй хайджын ӕрцыдысты? (Рац. 1:20, 21; Ӕмб. 19:17).

    4. Иегъовӕмӕ Авраамӕн зӕрдӕвӕрд Мыггаджы тыххӕй цы фӕнд уыди, уый бакъуылымпы кӕныныл Сайтан куыд архайдта? (Рац. 1:22; Матф. 2:16).

28-ӕм радзырд

Ноггуырд Моисей куыд фервӕзт

  1. Нывы ацы сывӕллон чи у ӕмӕ кӕй ӕнгуылдзыл хӕцы?

  2. Цӕмӕй сывӕллоны ма амардтаиккой, уый тыххӕй Моисейы мад цы сфӕнд кодта?

  3. Нывы гыццыл чызг чи у ӕмӕ уым цы арӕзта?

  4. Фараоны чызг сабийы куы федта, уӕд ын Мариам цы загъта?

  5. Ӕхсин Моисейы мадӕн цы загъта?

Уӕлӕмхасӕн фарст:

  1. Бакӕс Рацыд 2:1–10.

    Моисейы мадӕн цавӕр фадат фӕци йӕ фыртӕн йӕ сабибонты зонд амонынӕн ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнынӕн, ӕмӕ уымӕй абоны ныййарджытӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц? (Рац. 2:9, 10; Дык. з 6:6–9; Ӕмб. 22:6; Еф. 6:4; 2 Тим. 3:15).

29-ӕм радзырд

Моисей цӕмӕн алыгъди

  1. Моисей кӕм схъомыл, ӕмӕ йӕ ныййарджыты тыххӕй цы зыдта?

  2. Моисейыл дыууиссӕдз азы куы цыд, уӕд цы бакодта?

  3. Хыл чи кодта, уыцы израилаг лӕгӕн Моисей цы загъта ӕмӕ йын уый цавӕр дзуапп радта?

  4. Моисей Египетӕй цӕмӕн алыгъд?

  5. Кӕдӕм алыгъд Моисей ӕмӕ уым кӕимӕ базонгӕ?

  6. Моисей Египетӕй куы алыгъд, уый фӕстӕ дыууиссӕдз азы дӕргъы цы куыста?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Рацыд 2:11–25.

    Кӕд Моисейы бирӕ азты дӕргъы Египеты зонындзинӕдтыл ахуыр кодтой, уӕддӕр Иегъовӕ ӕмӕ йӕ адӕмыл иузӕрдион кӕй уыд, уый куыд равдыста? (Рац. 2:11, 12; Дзут. 11:24).

  2. Бакӕс Куыстытӕ 7:22–29.

    Моисей йӕхӕдӕг кӕй архайдта израилӕгты Египеты цагъарадӕй фервӕзын кӕныныл, уымӕй нӕ бон зондӕн цы у райсын? (Ап. к. 7:23–25; 1 Пет. 5:6, 10).

30-ӕм радзырд

Судзгӕ къутӕр

  1. Нывы цы хох уыныс, уый куыд хуыйны?

  2. Моисей йӕ фыстимӕ хохы цурмӕ куы бахӕццӕ, уӕд цавӕр ӕнахуыр хабар федта?

  3. Судзгӕ къутӕрӕй йӕм хъӕлӕс цы радзырдта ӕмӕ уый кӕй хъӕлӕс уыд?

  4. Цавӕр дзуапп радта Моисей, Хуыцау ын куы загъта, зӕгъгӕ, мын хъуамӕ мӕ адӕмы ды ракӕнай Египетӕй?

  5. Хуыцау Моисейӕн цы бафӕдзӕхста зӕгъын, адӕм ӕй куы бафарстаиккой, чи дӕ рарвыста, зӕгъгӕ, уӕд?

  6. Цы хъуамӕ сарӕзтаид Моисей, цӕмӕй адӕмы бауырныдтаид, Хуыцау ӕй кӕй рарвыста, уый?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Рацыд 3:1–22.

    Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ нӕ бон нӕу Хуыцау нын цы бахӕс кодта, уый саразын, уӕд нын Иегъовӕ кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл нын Моисейы хабӕрттӕ нӕ ныфс куыд фидар кӕнынц? (Рац. 3:11, 13; 2 Кор. 3:5, 6).

  2. Бакӕс Рацыд 4:1–20.

    1. Моисей Мадиамы дыууиссӕдз азы дӕргъы кӕй фӕци, уый йын йӕ зондахаст куыд фӕивта ӕмӕ уымӕй, ӕмбырды бӕрнон хӕстӕ ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн сӕ бон зондӕн цы у райсын? (Рац. 2:11, 12; 4:10, 13; Мих. 6:8; 1 Тим. 3:1, 6, 10).

    2. Кӕд нын Иегъовӕ йӕ организацийы уылты уайдзӕф дӕр кӕны, уӕддӕр фидарӕй цӕуыл у нӕ бон ӕууӕндын? (Рац. 4:12–14; Пс. 102:14; Дзут. 12:4–11).

31-ӕм радзырд

Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ

  1. Моисей ӕмӕ Аарон цы диссӕгтӕ равдыстой, уыдон израилӕгтыл куыд бандӕвтой?

  2. Моисей ӕмӕ Аарон фараонӕн цы загътой ӕмӕ сын уый цавӕр дзуапп радта?

  3. Нывы куыд уынӕм, афтӕмӕй Аарон йӕ лӕдзӕг зӕхмӕ куы аппӕрста, уӕд цы ’рцыд?

  4. Иегъовӕ фараонӕн зонд куыд амыдта ӕмӕ-иу фараон цы бакодта?

  5. Дӕсӕм ӕфхӕрды фӕстӕ цы ’рцыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Рацыд 4:27–31 ӕмӕ 5:1–23.

    Фараон афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, «Ӕз Иегъовӕйы нӕ зонын», уӕд ӕй цы зӕгъын фӕндыд? (Рац. 5:2; 1 Пад. 2:12; Ром. 1:21).

  2. Бакӕс Рацыд 6:1–13, 26–30.

    1. Куыд ӕмбаргӕ у, Иегъовӕ йӕхи Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковӕн кӕй нӕ раргом кодта, уый? (Рац. 3:13, 14; 6:3; Уӕв. 12:8; 22:14).

    2. Моисей йӕхи йӕ хӕслӕвӕрды аккаг кӕд нӕ кодта, уӕддӕр ыл Иегъовӕ йӕ къух кӕй нӕ ауыгъта, уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? (Рац. 6:12, 30; Лук. 21:13–15).

  3. Бакӕс Рацыд 7:1–13.

    1. Моисей ӕмӕ Аарон Иегъовӕйы тӕрхӕтты тыххӕй фараонӕн ныфсджынӕй кӕй дзырдтой, уымӕй абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн цавӕр дӕнцӕг ныууагътой? (Рац. 7:2, 3, 6; Ап. к. 4:29–31).

    2. Иегъовӕ, Египеты хуыцӕуттӕ йӕ разы кӕй ницы сты, уый куыд равдыста? (Рац. 7:12; 1 Пар. 29:12).

32-ӕм радзырд

Дӕс ӕфхӕрды

  1. Ацы нывтӕм гӕсгӕ радзур, Иегъовӕ Египетыл цы ӕфхӕрдтӕ ӕруагъта, уыдонӕй фыццаг ӕртӕйы тыххӕй.

  2. Фыццаг ӕртӕ ӕфхӕрды иннӕ ӕфхӕрдтӕй цӕмӕй хицӕн кодтой?

  3. Цавӕртӕ уыдысты цыппӕрӕм, фӕндзӕм ӕмӕ ӕхсӕзӕм ӕфхӕрды?

  4. Радзур ӕвдӕм, ӕстӕм ӕмӕ фарӕстӕм ӕфхӕрды тыххӕй.

  5. Дӕсӕм ӕфхӕрды размӕ Иегъовӕ израилӕгтӕн цы бакӕнын кодта?

  6. Цавӕр уыд дӕсӕм ӕфхӕрд ӕмӕ уый фӕстӕ цы ’рцыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Рацыд 7:19–8:23.

    1. Кӕд Египеты кӕлӕнгӕнӕг сауджынтӕ Иегъовӕйы фыццаг дыууӕ ӕфхӕрды сфӕлхат кодтой, уӕддӕр ӕртыккаг ӕфхӕрды фӕстӕ цӕуыл басастысты? (Рац. 8:18, 19; Матф. 12:24–28).

    2. Иегъовӕйӕн йӕ бон йӕ адӕмы бахъахъхъӕнын кӕй у, уый цыппӕрӕм ӕфхӕрдӕй куыд рабӕрӕг, ӕмӕ уый зонгӕйӕ Хуыцауы адӕм абон, «стыр бӕллӕхы» размӕ, сӕхи куыд хатынц? (Рац. 8:22, 23; Рарг. 7:13, 14; 2 Пар. 16:9).

  2. Бакӕс Рацыд 8:24; 9:3, 6, 10, 11, 14, 16, 23–25 ӕмӕ 10:13–15, 21–23.

    1. Дӕс ӕфхӕрды фӕрцы цавӕр дыууӕ къорд рабӕрӕг ӕмӕ абон мах уыцы къордтӕм цы цӕстӕй кӕсӕм? (Рац. 8:10, 18, 19; 9:14).

    2. Рацыды 9:16 нын куыд ӕххуыс кӕны, Иегъовӕ абоны онг Сайтаны удӕгасӕй цӕмӕн ныууагъта, уый бамбарынӕн? (Ром. 9:21, 22).

  3. Бакӕс Рацыд 12:21–32.

    Куадзӕны фӕрцы бирӕтӕ куыд фервӕзтысты ӕмӕ Куадзӕн цӕмӕ амыдта? (Рац. 12:21–23; Иоан. 1:29; Ром. 5:18, 19, 21; 1 Кор. 5:7).

33-ӕм радзырд

Ахызтысты сырх денджызыл

  1. Египетӕй цал израиладжы рацыд ӕмӕ ма семӕ чи рацыд?

  2. Фараон израилӕгты куы ауагъта, уӕд цы ахъуыды кодта ӕмӕ цы бакодта?

  3. Цӕмӕй египетӕгтӕ йӕ адӕмӕн ма разиан кодтаиккой, уый тыххӕй Иегъовӕ цы сарӕзта?

  4. Моисей йӕ лӕдзӕг Сырх денджызмӕ куы адардта, уӕд цы ’рцыд ӕмӕ израилӕгтӕ цы сарӕзтой?

  5. Египетӕгтӕ израилӕгты фӕдыл денджызы куы ныййарц сты, уӕд цы ’рцыд?

  6. Израилӕгтӕ сӕ ирвӕзындзинадыл кӕй цин кодтой ӕмӕ Иегъовӕйӕ бузныг кӕй уыдысты, уый куыд равдыстой?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Рацыд 12:33–36.

    Израилӕгтӕ Египеты цагъартӕй цы рӕстӕг уыдысты, уый сӕрмӕ сын цӕмӕй бафыстаиккой, ууыл Иегъовӕ куыд батыхстис? (Рац. 3:21, 22; 12:35, 36).

  2. Бакӕс Рацыд 14:1–31.

    Рацыды 14:13, 14 фыст Моисейы ныхӕстӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытыл абон, Армагеддоны хӕсты къӕсӕрыл, куыд ӕндавынц? (2 Пар. 20:17; Пс. 90:8).

  3. Бакӕс Рацыд 15:1–8, 20, 21.

    1. Иегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ кады зарджытӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕной? (Рац. 15:1, 2; Пс. 104:2, 3; Рарг. 15:3, 4).

    2. Сырх денджызы цур Мариам ӕмӕ иннӕ сылгоймӕгтӕ Иегъовӕйы кӕй скадджын кодтой, уымӕй абоны чырыстон сылгоймӕгтӕн фӕзминаг куыд сты? (Рац. 15:20, 21; Пс. 67:12).

34-ӕм радзырд

Ног хӕринаг

  1. Нывы адӕм зӕххӕй цы ӕмбырд кӕнынц ӕмӕ цы хуыйны?

  2. Моисей маннӕ ӕмбырд кӕныны тыххӕй адӕмӕн цавӕр амындтӕ радта?

  3. Иегъовӕ адӕмӕн ӕхсӕзӕм бон цы аразын бафӕдзӕхста ӕмӕ цӕмӕн?

  4. Маннӕйӕ-иу ӕвдӕм бонмӕ куы баззад, уӕд-иу Иегъовӕ цавӕр диссаг сарӕзта?

  5. Иегъовӕ адӕмӕн маннӕ кӕдмӕ лӕвӕрдта?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Рацыд 16:1–36 ӕмӕ Нымӕцтӕ 11:7–9.

    1. Чырыстон ӕмбырды цы фӕтк ис, уымӕн кӕй хъуамӕ аргъ кӕнӕм, уый фӕдыл Рацыды 16:8 цы дзуры? (Дзут. 13:17).

    2. Израилӕгтӕн сӕ цард Иегъовӕйӕ кӕнгӕ кӕй у, уый сын ӕдзӕрӕг быдыры алы бон дӕр сӕ зӕрдыл цы лӕууын кодта? (Рац. 16:14–16, 35; Дык. з. 8:2, 3).

    3. Йесо маннӕйӕн фӕсномыгӕй цавӕр нысаниуӕг радта ӕмӕ нын уыцы «дзул арвӕй» куыд фӕахъаз уыдзӕн? (Иоан. 6:31–35, 40).

  2. Бакӕс Йесо Навин 5:10–12.

    Израилӕгтӕ маннӕ цал азы хордтой, стӕй уымӕй фӕлвӕрд куыд цыдысты ӕмӕ ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Рац. 16:35; Ным. 11:4–6; 1 Кор. 10:10, 11).

35-ӕм радзырд

Иегъовӕ адӕмӕн радта йӕ закъӕттӕ

  1. Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уымӕй дыууӕ мӕйы фӕстӕ сӕхицӕн халагъудтӕ кӕм сарӕзтой?

  2. Иегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ адӕмы цы хъуыди аразын ӕмӕ йын цы загътой?

  3. Иегъовӕ Моисейӕн дыууӕ тъӕпӕн дуры цӕмӕн радта?

  4. Дӕс фӕдзӕхстӕй дарддӕр ма Иегъовӕ израилӕгтӕн цавӕр закъӕттӕ радта?

  5. Йесо Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цавӕр дыууӕ закъоны сты ӕппӕты ахсджиагдӕр?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Рацыд 19:1–25; 20:1–21; 24:12–18 ӕмӕ 31:18.

    Рацыды 19:8 ныхӕстӕ нын куыд ӕмбарын кӕнынц, чырыстон нывонддзырд раттынмӕ цы хауы, уый? (Матф. 16:24; 1 Пет. 4:1–3).

  2. Бакӕс Дыккаг закъон 6:4–6; Левит 19:18; Матфейы 22:36–40.

    Чырыстӕттӕ Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзынц, уый куыд ӕвдисынц? (Маркы 6:34; Ап. к. 4:20; Ром. 15:2).

36-ӕм радзырд

Сыгъзӕрин род

  1. Нывы адӕм цы ми кӕнынц ӕмӕ цӕмӕн?

  2. Иегъовӕ цӕмӕн смӕсты ӕмӕ Моисей, адӕм цы ми кӕнынц, уый куы федта, уӕд цы бакодта?

  3. Моисей цалдӕр нӕлгоймагӕн цавӕр бардзырд радта?

  4. Ацы радзырдӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Рацыд 32:1–35.

    1. Мӕнг дин раст динимӕ чи ӕмхӕццӕ кӕны, уыдонмӕ Иегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый ацы хабар куыд ӕвдисы? (Рац. 32:4–6, 10; 1 Кор. 10:7, 11).

    2. Чырыстӕттӕ хиирхӕфсӕнтӕ, зӕгъӕм, зарджытӕ ӕмӕ кӕфтытӕ ӕвзаргӕйӕ, сӕ хъус цӕмӕ хъуамӕ дарой? (Рац. 32:18, 19; Еф. 5:15, 16; 1 Иоан. 2:15–17).

    3. Левийы мыггаг рӕстдзинады фарс кӕй рахӕцыд, уымӕй цавӕр хорз цӕвиттон ныууагъта? (Рац. 32:25–28).

37-ӕм радзырд

Цатыр кувынӕн

  1. Нывы цы уыныс, уый цы хуыйны ӕмӕ цӕмӕн хъуыди?

  2. Иегъовӕ Моисейӕн цатыр ӕнцонрайхалӕн куыд уыдаид, афтӕ цӕмӕн саразын кодта?

  3. Цатыры фӕстаг хайы гыццыл хатӕны цы асыкк ис, уый цы у ӕмӕ дзы цы ис?

  4. Иегъовӕ хистӕр сауджынӕй кӕй равзӕрста ӕмӕ хистӕр сауджын цы фӕкусы?

  5. Цатыры стыр хатӕны цавӕр ӕртӕ дзаумайы ис?

  6. Хӕсгӕ кувӕндоны цатыры кӕрты цавӕр дыууӕ дзаумайы ис ӕмӕ цӕмӕн хъӕуынц?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Рацыд 25:8–40; 26:1–37; 27:1–8 ӕмӕ 28:1.

    «Бадзырды чырыны» сӕрмӕ цы херувимтӕ уыд, уыдон цӕуыл дзурӕг уыдысты? (Рац. 25:20, 22; Нымӕц. 7:89; 4 Пад. 19:15).

  2. Бакӕс Рацыд 30:1–10, 17–21; 34:1, 2 ӕмӕ Дзуттытӕм 9:1–5.

    1. Сауджынтӕ, хӕсгӕ кувӕндоны цатыры лӕггадгӕнгӕйӕ, сӕхи ӕмӕ сӕ уӕлӕдарӕс сыгъдӕгӕй кӕй хъуамӕ дардтаиккой, уымӕ сын Иегъовӕ се ’ргом цӕмӕн здӕхта ӕмӕ уый абон махӕн цӕуыл дзурӕг у? (Рац. 30:18–21; 40:30, 31; Дзут. 10:22).

    2. Апостол Павел дзуттаг чырыстӕттӕм фыстӕг куы фыста, уӕд цатыр ӕмӕ Закъоны бадзырд сӕ тыхы кӕй нал уыдысты, уый куыд равдыста? (Дзут. 9:1, 9; 10:1).

38-ӕм радзырд

Дыууадӕс сгарӕджы

  1. Нывы цы сӕнӕфсиры цупал уыныс, уый тыххӕй цы зӕгъис ӕмӕ йӕ кӕцӕй ӕрбахастой?

  2. Цӕмӕн арвыста Моисей Ханааны зӕхмӕ дыууадӕс сгарӕджы?

  3. Дӕс сгарӕджы фӕстӕмӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд Моисейӕн цы загътой?

  4. Дыууӕ сгарӕджы Иегъовӕйыл сӕ ныфс куыд дардтой ӕмӕ цы хуындысты?

  5. Иегъовӕ тынг цӕмӕн смӕсты ӕмӕ цы загъта Моисейӕн?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Нымӕцтӕ 13:1–33.

    1. Зӕхх басгарынмӕ ӕвзӕрст чи ’рцыд ӕмӕ сӕм цавӕр стыр кад ӕрхауд? (Нымӕц. 13:2, 3, 18–20).

    2. Йесо Навин ӕмӕ Халев иннӕты хуызӕн цӕуылнӕ хъуыды кодтой ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Нымӕц. 13:28–30; Матф. 17:20; 2 Кор. 5:7).

  2. Бакӕс Нымӕцтӕ 14:1–38.

    1. Нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм, Иегъовӕйы зӕххон минӕвӕрттыл хъуыр-хъуыр кӕнын кӕй не ’мбӕлы, уый фӕдыл? (Нымӕц. 14:2, 3, 27; Матф. 25:40, 45; 1 Кор. 10:10).

    2. Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕуылдӕр кӕй тыхсы, уый Нымӕцты 14:24 куыд зыны? (3 Пад. 19:18; Ӕмб. 15:3).

39-ӕм радзырд

Аароны лӕдзӕг дидин рафтыдта

  1. Моисей ӕмӕ Аароны барты ныхмӕ чи уыди ӕмӕ Моисейӕн цы загътой?

  2. Корей ӕмӕ, йӕ сӕрыл цы дыууӕ сӕдӕ фӕндзай адӕймаджы хӕцыд, уыдонӕн Моисей цы загъта?

  3. Моисей адӕмӕн цы загъта, ӕмӕ куыддӕр йӕ ныхас фӕци, афтӕ цы ’рцыд?

  4. Корей ӕмӕ, йӕ сӕрыл цы дыууӕ сӕдӕ фӕндзай адӕймаджы хӕцыд, уыдоныл цы ’рцыд?

  5. Зынгӕй чи фӕмард, уыдоны будсудзӕнтӕн Аароны фырт Елеазар цы бакодта ӕмӕ цӕмӕн?

  6. Иегъовӕ Аароны лӕдзӕгыл дидин цӕмӕн рафтауын кодта? (Кӕс нывы.)

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Нымӕцтӕ 16:1–49.

    1. Корей ӕмӕ, йӕ сӕрыл чи хӕцыд, уыдон цы сарӕзтой ӕмӕ уымӕй Иегъовӕйы ныхмӕ куыд рацыдысты? (Нымӕц. 16:9, 10, 18; Лев. 10:1, 2; Ӕмб. 11:2).

    2. Цавӕр ӕвзӕр зондыл ныххӕцыдысты Корей ӕмӕ «ӕмбырды хистӕртӕй» 250 нӕлгоймаджы? (Нымӕц. 16:1–3; Ӕмб. 15:33; Ис. 49:7).

  2. Бакӕс Нымӕцтӕ 17:1–11 ӕмӕ 26:10.

    1. Аароны лӕдзӕг дидин кӕй рафтыдта, уый цӕуыл дзурӕг уыд ӕмӕ йӕ Иегъовӕ чырыны цӕмӕн сӕвӕрын кодта? (Нымӕц. 17:5, 8, 10; Дзут. 9:4).

    2. Аароны лӕдзӕджы хабар нын цавӕр ахсджиаг зондзонӕн у? (Нымӕц. 17:10; Ап. к. 20:28; Фил. 2:14; Дзут. 13:17).

40-ӕм радзырд

Моисей бацавта къӕдзӕх

  1. Израилӕгтӕ цалынмӕ ӕдзӕрӕг быдыры сты, уӕдмӕ сыл Иегъовӕ куыд тыхсы?

  2. Израилӕгтӕ Кадесы куы ӕрбынат кодтой, уӕд цӕуыл хъаст кодтой?

  3. Иегъовӕ адӕмӕн ӕмӕ сӕ фосӕн дон куыд радта?

  4. Нывы йӕхимӕ чи амоны, уыцы нӕлгоймаг чи у ӕмӕ афтӕ цӕмӕн кӕны?

  5. Иегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронмӕ цӕмӕн смӕсты ӕмӕ сӕ куыд бафхӕрдта?

  6. Оры хохыл цы ’рцыд ӕмӕ Израилы хистӕр сауджын чи сси?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Нымӕцтӕ 20:1–13, 22–29 ӕмӕ Дыккаг закъон 29:5.

    1. Иегъовӕ израилӕгтыл ӕдзӕрӕг быдыры куыд тыхст, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Дык. з. 29:5; Матф. 6:31; Дзут. 13:5; Иак. 1:17).

    2. Иегъовӕ цы цӕстӕй ракаст, Моисей ӕмӕ йын Аарон израилӕгты раз кӕй не скад кодтой, уымӕ? (Нымӕц. 20:12; 1 Кор. 10:12; Рарг. 4:11).

    3. Моисей Иегъовӕйы ӕфхӕрд цы зӕрдӕйӕ айста, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Нымӕц. 12:3; 20:12, 27, 28; Дык. з 32:4; Дзут. 12:7–11).

41-ӕм радзырд

Ӕрхуы калм

  1. Нывы цӕджындзыл цы ’ртыхст ӕмӕ йӕ Иегъовӕ Моисейӕн уым цӕмӕн бафидар кӕнын кодта?

  2. Цӕмӕй бӕрӕг у, Хуыцау израилӕгтӕн цыдӕриддӕр сарӕзта, уымӕн кӕй нӕ аргъ кӕнынц?

  3. Иегъовӕ афтӕ куы сарӕзта, ӕмӕ адӕмыл маргджын кӕлмытӕ хӕцын райдыдтой, уӕд адӕм Моисейӕн цӕй тыххӕй лӕгъстӕ кодтой?

  4. Иегъовӕ Моисейӕн ӕрхуы калм цӕмӕн саразын кодта?

  5. Ацы радзырдӕй нӕ бон зондӕн цы у райсын?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Нымӕцтӕ 21:4–9.

    1. Иегъовӕ цы лӕвӕрдта, уымӕй израилӕгтӕ кӕй хъаст кодтой, уый нӕ цӕмӕй фӕдзӕхсы? (Нымӕц. 21:5, 6; Ром. 2:4).

    2. Ӕнустӕ фӕстӕдӕр израилӕгтӕ ӕрхуы калмӕй цы сарӕзтой ӕмӕ паддзах Езеки цы бакодта? (Нымӕц. 21:9; 4 Пад. 18:1–4).

  2. Бакӕс Иоанны 3:14, 15.

    Ӕрхуы калмы цӕджындзыл кӕй бафидарчындӕуыд, уый куыд амоны, Йесо Чырыстийы кӕй байтындздзысты, уымӕ? (Гал. 3:13; 1 Пет. 2:24).

42-ӕм радзырд

Хӕрӕг дзуры

  1. Чи у Валак ӕмӕ Валааммӕ цӕмӕн арвыста?

  2. Валаамы хӕрӕг фӕндаджы астӕу цӕмӕн ӕрхауд?

  3. Валаам йӕ хӕрӕгӕй цы фехъуыста?

  4. Зӕд Валаамӕн цы загъта?

  5. Валаам Израилы ралгъитыныл куы архайдта, уӕд цы ’рцыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Нымӕцтӕ 21:21–35.

    Израилӕгтӕ цӕмӕн фӕуӕлахиз сты аморейӕгты паддзах Сигон ӕмӕ Васаны паддзах Огыл? (Нымӕц. 21:21, 23, 33, 34).

  2. Бакӕс Нымӕцтӕ 22:1–40.

    Валаамы цӕмӕн фӕндыд израилӕгты ралгъитын ӕмӕ нын уый зондзонӕн куыд у? (Нымӕц. 22:16, 17; Ӕмб. 6:16, 18; 2 Пет. 2:15; Иуд. 11).

  3. Бакӕс Нымӕцтӕ 23:1–30.

    Кӕд Валаам афтӕ дзырдта, зӕгъгӕ, Иегъовӕйӕн кувӕг адӕймаг дӕн, уӕддӕр йӕ хъуыддӕгтӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты? (Нымӕц. 23:3, 11–14; 1 Пад. 15:22).

  4. Бакӕс Нымӕцтӕ 24:1–25.

    Иегъовӕйӕн йӕ фӕнд кӕй сӕххӕст уыдзӕн, ууыл нын Библийӕ ацы хабар не ’ууӕнк куыд фидар кӕны? (Нымӕц. 24:10; Ис. 54:17).

43-ӕм радзырд

Навины фырт Йесо сси раздзог

  1. Нывы Моисеимӕ цы дыууӕ лӕджы лӕууы, уыдон чи сты?

  2. Иегъовӕ Йесойӕн цы загъта?

  3. Моисей Невойы хохы цъуппмӕ цӕмӕн ссыд ӕмӕ йын Иегъовӕ цы загъта?

  4. Моисей цы кары амард?

  5. Адӕм цӕуыл хъыг кӕнынц, фӕлӕ уӕддӕр амондджын цӕмӕн сты?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Нымӕцтӕ 27:12–23.

    Иегъовӕ Йесойы бӕрны цавӕр ахсджиаг хъуыддаг бакодта ӕмӕ Иегъовӕ абон йӕ адӕмыл кӕй тыхсы, уый цӕмӕй бӕрӕг у? (Нымӕц. 27:15–19; Ап. к. 20:28; Дзут. 13:7).

  2. Бакӕс Дыккаг закъон 3:23–29.

    Иегъовӕ цӕуылнӕ бауагъта Моисей ӕмӕ Аароны Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуын ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Дык. з. 3:25–27; Нымӕц. 20:12, 13).

  3. Бакӕс Дыккаг закъон 31:1–8, 14–23.

    Моисей израилӕгтӕн фӕстагмӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй куыд зыны, Иегъовӕйы ӕфхӕрдыл сӕрныллӕгӕй кӕй сразы, уый? (Дык. з. 31:6–8, 23).

  4. Бакӕс Дыккаг закъон 32:45–52.

    Хуыцауы Ныхас нӕ цардыл куыд хъуамӕ зына? (Дык. з. 32:47; Лев. 18:5; Дзут. 4:12).

  5. Бакӕс Дыккаг закъон 34:1–12.

    Кӕд Моисей Иегъовӕйы никуы федта, уӕддӕр нын Дыккаг закъон 34:10 цы дзуры, Иегъовӕимӕ цы ахастыты уыд, уый тыххӕй? (Рац. 33:11, 20; Нымӕц. 12:8).

44-ӕм радзырд

Раав бамбӕхста сгарджыты

  1. Кӕм цӕры Раав?

  2. Нывы ацы дыууӕ лӕджы чи сты ӕмӕ Иерихонмӕ цӕмӕн ӕрцыдысты?

  3. Иерихоны паддзах Раавӕй цы домы ӕмӕ йын Раав цы загъта?

  4. Раав дыууӕ нӕлгоймагӕн куыд баххуыс кодта ӕмӕ сӕ цы хорздзинад ракуырдта?

  5. Дыууӕ сгарӕджы Раавӕн цавӕр дзырд радтой?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Йесо Навин 2:1–24.

    Израилӕгтӕ Иерихоны ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд Рацыды 23:28 (НД) фыст Иегъовӕйы зӕрдӕвӕрд куыд сӕххӕст? (Йес. Н. 2:9–11).

  2. Бакӕс Дзуттытӕм 11:31.

    Раавы цӕвиттонӕй куыд зыны, уырнындзинад ӕнӕмӕнг кӕй у? (Ром. 1:17; Дзут. 10:39; Иак. 2:25).

45-ӕм радзырд

Адӕм ахызтысты Иорданы цӕугӕдоныл

  1. Иегъовӕ цавӕр диссаг сарӕзта, цӕмӕй израилӕгтӕ Иорданы цӕугӕдоныл ахызтаиккой?

  2. Иорданы цӕугӕдоныл ахизынӕн израилӕгтӕ сӕ уырнындзинад цавӕр хъуыддагӕй хъуамӕ равдыстаиккой?

  3. Иегъовӕ Йесойӕн цӕугӕдоны астӕуӕй дыууадӕс стыр дуры цӕмӕн сисын кодта?

  4. Сауджынтӕ куыддӕр Иорданӕй рахызтысты, афтӕ цы ’рцыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Йесо Навин 3:1–17.

    1. Ацы хабӕрттӕй куыд уынӕм, афтӕмӕй нӕ цы аразын хъӕуы, цӕмӕй нын Иегъовӕ ӕххуыс кӕна ӕмӕ нӕ йӕ хорзӕх уа? (Йес. Н. 3:13, 15; Ӕмб. 3:5; Иак. 2:22, 26).

    2. Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы цыдысты, уӕд Иорданы цӕугӕдон цыхуызӕн уыд, ӕмӕ уыцы хабарӕй Иегъовӕйы ном куыд скадджын? (Йес. Н. 3:15; 4:18; Пс. 65:5–7).

  2. Бакӕс Йесо Навин 4:1–18.

    Иорданӕй кӕй систой ӕмӕ Галгалы кӕй сӕвӕрдтой, уыцы 12 дуры цӕмӕн хъуыдысты? (Йес. Н. 4:4–7, 19–24).

46-ӕм радзырд

Иерихоны систӕ

  1. Иегъовӕ ӕхсӕз боны дӕргъы ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ сауджынтӕн цы аразын бафӕдзӕхста?

  2. Нӕлгоймӕгтӕ ӕвдӕм бон цы хъуамӕ сарӕзтаиккой?

  3. Нывы куыд уыныс, афтӕмӕй Иерихоны систыл цы ’рцыд?

  4. Рудзынгыл сырх бӕндӕн ауыгъд цӕмӕн ис?

  5. Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕфсӕддонтӕ адӕм ӕмӕ сахарӕн цы хъуамӕ бакодтаиккой, фӕлӕ сын ӕвзист, сыгъзӕрин, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаджы тыххӕй та цы загъта?

  6. Дыууӕ сгарӕгӕн цы загъдӕуыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Йесо Навин 6:1–25.

    1. Израилӕгтӕ Иерихоны алыварс ӕвдӕм бон куыд цыдысты, уымӕн, ацы фӕстаг бонты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъусын кӕныны хъуыддагимӕ иумӕйагӕй цы ис? (Йес. Н. 6:15, 16; Ис. 60:22; Матф. 24:14; 1 Кор. 9:16).

    2. Йесо Навины 6:26 пехуымпарад иу-500 азы фӕстӕ куыд сӕххӕст ӕмӕ ацы хабарӕй, Иегъовӕ цы ныхас фӕзӕгъы, уый тыххӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (3 Пад. 16:34; Ис. 55:11).

47-ӕм радзырд

Израилы къӕрных куыд фӕзынд

  1. Нывы, Иерихонӕй цы хъӕздыгдзинад рахастӕуыд, уый чи ныгӕны, ӕмӕ йын чи ӕххуыс кӕны?

  2. Ахан ӕмӕ йӕ бинонтӕ цы сарӕзтой, уый афтӕ ӕвзӕр цӕмӕн у?

  3. Йесо Иегъовӕйы куы бафарста, зӕгъгӕ, израилӕгтӕ Гайы ныхмӕ схӕцгӕйӕ састы бынаты цӕмӕн баззадысты, уӕд ын цы загъта?

  4. Аханы ӕмӕ йӕ бинонты Йесомӕ куы ’рбакодтой, уӕд сыл уый фӕстӕ цы ’рцыд?

  5. Аханы цы тӕрхон баййӕфта, уый нын цавӕр ахсджиаг зондзонӕн у?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Йесо Навин 7:1–26.

    1. Йесойӕн йе Сфӕлдисӕгимӕ цы ахастытӕ уыд, уый тыххӕй йӕ куывдӕй цы ис базонӕн? (Йес. Н. 7:7–9; Пс. 118:145; 1 Иоан. 5:14).

    2. Аханы хабар цӕуыл дзурӕг у ӕмӕ нӕ цӕмӕй фӕдзӕхсы? (Йес. Н. 7:11, 14, 15; Ӕмб. 15:3; 1 Тим. 5:24; Дзут. 4:13).

  2. Бакӕс Йесо Навин 8:1–29.

    Чырыстон ӕмбырды раз махыл сӕрмагондӕй цавӕр хӕс ис? (Йес. Н. 7:13; Лев. 5:1; Ӕмб. 28:13).

48-ӕм радзырд

Зондджын гаваойнӕгтӕ

  1. Гаваоны цӕрджытӕ иннӕ ӕввахс сахарты цӕрӕг ханаайнӕгтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

  2. Нывы куыд зыны, афтӕмӕй гаваойнӕгтӕ цы сарӕзтой ӕмӕ цӕмӕн?

  3. Йесо ӕмӕ Израилы хистӕртӕ гаваойнӕгтӕн ныфс цӕмӕй бавӕрдтой, фӕлӕ ӕртӕ боны фӕстӕ цы базыдтой?

  4. Гаваойнӕгтӕ Израилимӕ сабырдзинады бадзырд кӕй сарӕзтой, уый иннӕ сахарты паддзӕхтӕ куы базыдтой, уӕд цы ’рцыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Йесо Навин 9:1–27.

    1. Иегъовӕ израилӕгтӕн афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, уыцы «зӕххы цӕрджыты иууылдӕр ныццӕгъдут», уымӕ гӕсгӕ, гаваойнӕгты удӕгасӕй кӕй ныууагъта, уымӕй цавӕр миниуджытӕ равдыста? (Йес. Н. 9:22, 24; Матф. 9:13; Ап. к. 10:34, 35; 2 Пет. 3:9).

    2. Йесо Навин гаваойнӕгтимӕ йӕ бадзырд кӕй нӕ фехӕлдта, уый абоны чырыстӕттӕн фӕзминаг цӕмӕй у? (Йес. Н. 9:18, 19; Матф. 5:37; Еф. 4:25).

  2. Бакӕс Йесо Навин 10:1–5.

    «Тынг бирӕ адӕм» абон гаваойнӕгты куыд фӕзмынц ӕмӕ уый тыххӕй сӕ ныхмӕ куыд рацӕуынц? (Йес. Н. 10:4; Зах. 8:23; Матф. 25:35–40; Рарг. 12:17).

49-ӕм радзырд

Хур ӕрлӕууыд

  1. Нывы Йесо цы дзуры ӕмӕ цӕмӕн?

  2. Иегъовӕ куыд баххуыс кодта Йесо ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕн?

  3. Йесо цал паддзахы басаста ӕмӕ йӕ уымӕн цас рӕстӕг бахъуыд?

  4. Йесо Ханааны зӕхх цӕмӕн адихтӕ кодта?

  5. Цы кары амард Йесо ӕмӕ уый фӕстӕ адӕмыл цы ’рцыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Йесо Навин 10:6–15.

    Иегъовӕ израилӕгты тыххӕй хур ӕмӕ мӕй кӕй ӕрлӕууын кодта, уыцы хабар зонгӕйӕ абон мах фидарӕй цӕуыл ӕууӕндӕм? (Йес. Н. 10:8, 10, 12, 13; Пс. 17:4; Ӕмб. 18:10).

  2. Бакӕс Йесо Навин 12:7–24.

    Ханааны 31 паддзахы ӕцӕгӕй чи ныддӕрӕн кодта ӕмӕ уый абон махӕн ахсджиаг цӕмӕн у? (Йес. Н. 12:7; 24:11–13; Дык. з 31:8; Лук. 21:9, 25–28).

  3. Бакӕс Йесо Навин 14:1–5.

    Израилы мыггӕгты ’хсӕн зӕхх дихгонд куыд ӕрцыд ӕмӕ уый куыд ӕвдисы, Дзӕнӕты бынтӕ куыд уардзысты? (Йес. Н. 14:2; Ис. 65:21; Иез. 47:21–23; 1 Кор. 14:33).

  4. Бакӕс Тӕрхонгӕнджытӕ 2:8–13.

    Йесо Израилы куыд архайдта, афтӕ абон чи архайы, цӕмӕй раст динӕн динафӕливджытӕ мацы зиан ракӕной? (Тӕрх. 2:8, 10, 11; Матф. 24:45–47; 2 Фес. 2:3–6; Тит. 1:7–9; Рарг. 1:1; 2:1, 2).

50-ӕм радзырд

Дыууӕ хъӕбатыр сылгоймаджы

  1. Чи сты тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ уыдонӕй фыццаджы ном куыд у?

  2. Цавӕр кадджын хӕс уыд Деворӕйӕн ӕмӕ уымӕ цы хаудта?

  3. Израилӕн паддзах Иавин ӕмӕ йе ’фсады хистӕр Сисарӕйӕ ӕдас куы нӕ уыд, уӕд Деворӕ тӕрхонгӕнӕг Варакмӕ Иегъовӕйы номӕй цавӕр ныхӕстӕ арвыста ӕмӕ йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ кад кӕмӕ ӕрхаудаид?

  4. Иаил хъӕбатырдзинад куыд равдыста?

  5. Паддзах Иавины мӕлӕты фӕстӕ уавӕр куыд уыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Тӕрхонгӕнджытӕ 2:14–22.

    Израилӕгты Иегъовӕйы фыдӕх цӕй тыххӕй баййӕфта ӕмӕ уымӕй нӕ бон цы у зондӕн райсын? (Тӕрх. 2:20; Ӕмб. 3:1, 2; Иез. 18:21–23).

  2. Бакӕс Тӕрхонгӕнджытӕ 4:1–24.

    Деворӕ ӕмӕ Иаилы хабарӕй абоны чырыстон сылгоймӕгтӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй? (Тӕрх. 4:4, 8, 9, 14, 21, 22; Ӕмб. 31:30; 1 Кор. 16:13).

  3. Бакӕс Тӕрхонгӕнджытӕ 5:1–31.

    Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Варак ӕмӕ Деворӕйы уӕлахизы зарӕджы ныхӕстӕй Армагеддоны хӕсты фӕдыл кувӕн ис? (Тӕрх. 5:3, 31; 1 Пар. 16:8–10; Рарг. 7:9, 10; 16:16; 19:19–21).

51-ӕм радзырд

Руф ӕмӕ Ноемин

  1. Ноемин Моавы бӕстӕм куыд бахаудта?

  2. Чи сты Руф ӕмӕ Орфӕ?

  3. Ноемин Руф ӕмӕ Орфӕйӕн куы загъта, цӕмӕй сӕ адӕммӕ аздӕхой, уӕд ын цавӕр дзуапп радтой?

  4. Чи у Вооз ӕмӕ Руф ӕмӕ Ноеминӕн куыд баххуыс кодта?

  5. Вооз ӕмӕ Руфӕн цы сывӕллон райгуырд, уый цы хуынди ӕмӕ йӕ бахъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Руф 1:1–17.

    1. Руф рӕсугъд ӕнувыд уарзт куыд равдыста? (Руф 1:16, 17).

    2. Абон ма сӕрстытӕй зӕххыл чи ис, уыдонмӕ «ӕндӕр фыстӕ» цы зӕрдӕ дарынц, уый Руфы зондахастӕй хорз куыд зыны? (Иоан. 10:16; Зах. 8:23).

  2. Бакӕс Руф 2:1–23.

    Абоны ӕрыгон сылгоймӕгтӕн Руф фӕзминаг цӕмӕй у? (Руф 2:17, 18; Ӕмб. 23:22; 31:15).

  3. Бакӕс Руф 3:5–13.

    1. Вооз цы цӕстӕй ракаст, Руф ӕрыгон нӕлгоймагимӕ нӕ, фӕлӕ йемӕ йӕ цард баиу кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй уыди, уымӕ?

    2. Руфы зондахастӕй ӕнувыд уарзты тыххӕй цы базонӕн ис? (Руф 3:10; 1 Кор. 13:4, 5).

  4. Бакӕс Руф 4:7–17.

    Абон чырыстон нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон цӕмӕй у Воозы бафӕзмын? (Руф 4:9, 10; 1 Тим. 3:1, 12, 13; 5:8).

52-ӕм радзырд

Гедеон ӕмӕ йӕ ӕртӕсӕдӕ хӕстоны

  1. Куыд ӕмӕ цӕмӕн бахаудысты израилӕгтӕ тыхст уавӕры?

  2. Иегъовӕ Гедеонӕн цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, де ’фсады ӕгӕр бирӕ адӕм ис?

  3. Гедеон, тӕрсгӕ чи кодта, уыдоны фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм куы аздӕхта, уӕд ма йӕм цал адӕймаджы баззад?

  4. Нывмӕ гӕсгӕ бамбарын кӕн, Иегъовӕ Гедеоны ӕфсад ӕртӕсӕдӕйы онг куыд фӕкъаддӕр кодта.

  5. Гедеон йӕ ӕртӕсӕдӕ хӕстоны куыд сӕвӕрдта ӕмӕ израилӕгтӕ тохы куыд фӕуӕлахиз сты?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Тӕрхонгӕнджытӕ 6:36–40.

    1. Гедеоны куыд бауырныдта, Иегъовӕйы фӕндон цы уыди, уый?

    2. Абон мах куыд базонӕм, Иегъовӕйы фӕндон цы у, уый? (Ӕмб. 2:3–6; Матф. 7:7–11; 2 Тим. 3:16, 17).

  2. Бакӕс Тӕрхонгӕнджытӕ 7:1–25.

    1. Ӕнӕмӕтӕй дон чи нуӕзта, уыдонӕй уӕлдай, цырддзаст чи уыд, уыцы 300 хӕстоны цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Тӕрх. 7:3, 6; Ром. 13:11, 12; Еф. 5:15–17).

    2. 300 хӕстоны Гедеонмӕ кӕсгӕйӕ куыд базыдтой, цы кӕнын сӕ хъӕуы, афтӕ мах дӕр Йесо Чырыстимӕ, Стырдӕр Гедеонмӕ, кӕсгӕйӕ куыд ахуыр кӕнӕм? (Тӕрх. 7:17; Матф. 11:29, 30; 28:19, 20; 1 Пет. 2:21).

    3. Тӕрхонгӕнджыты 7:21 нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй разы уӕм, Иегъовӕйы организацийы нӕ кӕмфӕнды ма снысан кӕной, уым лӕггад кӕнын? (1 Кор. 4:2; 12:14–18; Иак. 4:10, НФ).

  3. Бакӕс Тӕрхонгӕнджытӕ 8:1–3.

    Гедеон мӕсты ефремӕгтӕн цавӕр дзуапп радта ӕмӕ хъуыддаг куыд аскъуыддзаг кодта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, не ’фсымӕр кӕнӕ нӕ хоимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уый фӕдыл? (Ӕмб. 15:1; Матф. 5:23, 24; Лук. 9:48).

53-ӕм радзырд

Иеффай дзырд радта

  1. Чи у Иеффай ӕмӕ цавӕр рӕстӕджы цард?

  2. Иеффай Иегъовӕйӕн цавӕр дзырд радта?

  3. Иеффай аммонитӕгтыл куы фӕуӕлахиз ӕмӕ хӕдзармӕ куы ’рыздӕхт, уӕд цӕмӕн ӕрӕнкъард?

  4. Цы загъта Иеффайы чызг, йӕ фыд цы дзырд радта, уый базонгӕйӕ?

  5. Адӕм Иеффайы чызджы цӕмӕн уарзынц?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Тӕрхонгӕнджытӕ 10:6–18.

    Израил Иегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ куыд сивта, уыцы хабарӕй нӕхицӕн зондӕн цы хъуамӕ райсӕм? (Тӕрх. 10:6, 15, 16; Ром. 15:4; Рарг. 2:10).

  2. Бакӕс Тӕрхонгӕнджытӕ 11:1–11, 29–40.

    1. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Иеффай йӕ чызджы «басудзинаг нывондӕн» кӕй лӕвӕрдта, уый ууыл дзурӕг кӕй нӕ уыд, ӕмӕ йӕ артыл нывондӕн басыгътаид? (Тӕрх. 11:31; Лев. 16:24; Дык. з 18:10, 12).

    2. Иеффай йӕ чызджы нывондӕн цы хуызы радта?

    3. Иеффай Иегъовӕйӕн цы дзырд радта, уый кӕй сӕххӕст кодта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Тӕрх. 11:35, 39; Еккл. 5:4, 5; Матф. 16:24).

    4. Ӕххӕстрӕстӕг лӕггад царды фӕндагӕн равзарыны Иеффайы чызг ӕрыгӕттӕн хорз цӕвиттон куыд у? (Тӕрх. 11:36; Матф. 6:33; Фил. 3:8).

54-ӕм радзырд

Ӕппӕты тыхджындӕр адӕймаг

  1. Зӕххыл ӕппӕты тыхджындӕр адӕймаг цы хуынд ӕмӕ йын уыцы тых чи радта?

  2. Нывы куыд уыныс, афтӕмӕй Самсон иу хатт стыр домбайӕн цы бакодта?

  3. Нывы Самсон Далидӕйӕн цавӕр сусӕгдзинад ӕргом кӕны ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ филистимӕгтӕ уацары куыд акодтой?

  4. Самсон йӕ мӕлӕты бон йе знаг филистимӕгтӕй ӕртӕ мины куыд амардта?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Тӕрхонгӕнджытӕ 13:1–14.

    Маной ӕмӕ йӕ ус ныййарджытӕн сывӕллӕттӕ хъомыл кӕныны хъуыддаджы хорз цӕвиттон куыд сты? (Тӕрх. 13:8; Пс. 126:3; Еф. 6:4).

  2. Бакӕс Тӕрхонгӕнджытӕ 14:5–9 ӕмӕ 15:9–16.

    1. Самсон домбай кӕй амардта, цы ног бӕндӕнтӕй уыд баст, уыдон кӕй арӕдывта ӕмӕ хӕрӕджы ӕфсӕрӕй иу мин адӕймаджы кӕй амардта, уыцы хабӕрттӕ нын Иегъовӕйы сыгъдӕг уды архайды тыххӕй цы дзурынц?

    2. Абон нын Хуыцауы сыгъдӕг уд куыд ӕххуыс кӕны? (Тӕрх. 14:6; 15:14; Зах. 4:6; Ап. к. 4:31).

  3. Бакӕс Тӕрхонгӕнджытӕ 16:18–31.

    Самсоныл йе ’взӕр ӕмбӕлттӕ куыд бандӕвтой ӕмӕ мах уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Тӕрх. 16:18, 19; 1 Кор. 15:33).

55-ӕм радзырд

Гыццыл лӕппу лӕггад кӕны Хуыцауӕн

  1. Нывы цы гыццыл лӕппу ис, уымӕн йӕ ном куыд у ӕмӕ иннӕтӕ та чи сты?

  2. Иу бон Аннӕ Иегъовӕйы цатырмӕ куы ’рцыд, уӕд цӕй тыххӕй куывта ӕмӕ йын Иегъовӕ йӕ куывдӕн дзуапп куыд радта?

  3. Самуилы Иегъовӕйы цатырмӕ лӕггад кӕнынмӕ куы ’рбакодтой, уӕд ыл цал азы цыд ӕмӕ йын йӕ мад алы аз дӕр цы хаста?

  4. Илийы фырттӕ цы хуыйнынц ӕмӕ цавӕр адӕймӕгтӕ сты?

  5. Иегъовӕ Самуилмӕ куыд фӕдзырдта ӕмӕ йын цавӕр хабар фехъусын кодта?

  6. Самуил куы слӕг и, уӕд чи сси ӕмӕ йӕ лӕджы кары куы бацыд, уӕд цы ’рцыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс 1 Паддзахӕдты 1:1–28.

    1. Бинонты хистӕртӕ Хуыцауӕн кувыны хъуыддаджы разамынд сӕхимӕ куыд хъуамӕ исой, уымӕн Елхъан фӕзминаг цӕмӕй у? (1 Пад. 1:3, 21; Матф. 6:33; Фил. 1:10).

    2. Аннӕ зын уавӕры йӕхи куыд дардта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (1 Пад. 1:10, 11; Пс. 54:23; Ром. 12:12).

  2. Бакӕс 1 Паддзахӕдты 2:11–36.

    Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Илийӕн йӕ фырттӕ Иегъовӕйӕ зынаргъдӕр уыдысты, ӕмӕ нӕ ацы хабар цӕмӕй фӕдзӕхсы? (1 Пад. 2:22–24, 27, 29; Дык. з. 21:18–21; Матф. 10:36, 37).

  3. Бакӕс 1 Паддзахӕдты 4:16–18.

    Хӕстӕй цавӕр цыппар ӕвзӕр хабары ӕрыхъуыст ӕмӕ Илийыл куыд фӕзындысты?

  4. Бакӕс 1 Паддзахӕдты 8:4–9.

    Израилӕгтӕ Иегъовӕйы тынг куыд фӕхъыг кодтой ӕмӕ нӕ бон куыд у иузӕрдионӕй йӕ Паддзахады фарс лӕууын? (1 Пад. 8:5, 7; Иоан. 17:16; Иак. 4:4).

56-ӕм радзырд

Саул – Израилы фыццаг паддзах

  1. Нывы Самуил цы кусы ӕмӕ цӕмӕн?

  2. Иегъовӕ Саулы цӕмӕн уарзы ӕмӕ цавӕр адӕймаг у?

  3. Саулы фырт цы хуыйны ӕмӕ цавӕр адӕймаг у?

  4. Самуилмӕ банхъӕлмӕ кӕсыны бӕсты Саул нывонд цӕмӕн ӕрхаста?

  5. Саулы царды хабӕрттӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс 1 Паддзахӕдты 9:15–21 ӕмӕ 10:17–27.

    Саул бонзонгӕ кӕй уыд, уый йӕ куыд бахызта ӕнӕрхъуыды мийӕ, чидӕртӕ йыл былысчъилтӕ куы кодтой, уӕд? (1 Пад. 9:21; 10:21, 22, 27; Ӕмб. 17:27).

  2. Бакӕс 1 Паддзахӕдты 13:5–14.

    Саул Галгалы цавӕр тӕригъӕд ӕруагъта? (1 Пад. 10:8; 13:8, 9, 13).

  3. Бакӕс 1 Паддзахӕдты 15:1–35.

    1. Саул цавӕр уӕззау тӕригъӕд ракодта амаликӕгты паддзах Агагимӕ баст хъуыддаджы? (1 Пад. 15:2, 3, 8, 9, 22).

    2. Саул йӕхи куыд рӕстытӕ кодта ӕмӕ кӕй фӕаххосджын кодта? (1 Пад. 15:24).

    3. Абон нын исчи уынаффӕ куы дӕтта, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм? (1 Пад. 15:19–21; Пс. 140:5; Ӕмб. 9:8, 9; 11:2).

57-ӕм радзырд

Хуыцау равзӕрста Давиды

  1. Нывы цы лӕппу ис, уый куыд хуыйны ӕмӕ йӕ кӕцӕй зонӕм, хъӕбатыр кӕй у, уый?

  2. Давид кӕм цӕры ӕмӕ йӕ фыд ӕмӕ йӕ фыдыфыд цы хуыйнынц?

  3. Иегъовӕ Самуилы Вифлееммӕ Иессейы хӕдзармӕ цӕмӕн арвыста?

  4. Иессей йӕ фырттӕй авды Самуилмӕ куы ’рбакодта, уӕд цы ’рцыд?

  5. Давиды куы ’рбакодтой, уӕд Иегъовӕ Самуилӕн цы загъта?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс 1 Паддзахӕдты 17:34, 35.

    Ацы цаутӕй куыд зыны Давиды хъӕбатырдзинад ӕмӕ Иегъовӕйыл йӕ ныфс кӕй дардта, уый? (1 Пад. 17:37).

  2. Бакӕс 1 Паддзахӕдты 16:1–14.

    1. 1 Паддзахӕдты 16:7 фыст Иегъовӕйы ныхӕстӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй макӕй хъулон кӕнӕм ӕмӕ адӕймаджы ӕддаг бакастмӕ ма кӕсӕм? (Ап. к. 10:34, 35; 1 Тим. 2:4).

    2. Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг уд адӕймагӕй куы айсы, уӕд дзы ӕвзӕр тых кӕй бацӕуы, ома йӕ йӕ мидзӕрдӕйы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕнын кӕй фӕфӕнды, уый Саулы хабарӕй куыд зыны? (1 Пад. 16:14; Матф. 12:43–45; Гал. 5:16).

58-ӕм радзырд

Давид ӕмӕ Голиаф

  1. Израилӕгты ӕфсад Голиафы тыххӕй цавӕр зын уавӕры уыдысты?

  2. Цӕйас у Голиаф ӕмӕ йӕ чи амардтаид, уымӕн паддзах Саул зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

  3. Саул Давидӕн куы загъта, зӕгъгӕ, дӕ бон Голиафимӕ схӕцын нӕу, уымӕн ӕмӕ нырма сывӕллон дӕ, уӕд ын Давид цавӕр дзуапп радта?

  4. Давид Голиафӕн цы загъта, уымӕй куыд зыны, Иегъовӕйыл йӕ ныфс кӕй дардта?

  5. Нывы куыд уынӕм, афтӕмӕй Давид Голиафы амарынӕн цӕмӕй спайда кодта ӕмӕ уый фӕстӕ филистимӕгтыл цы ’рцыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс 1 Паддзахӕдты 17:1–54.

    1. Давид афтӕ ныфсджын цӕмӕн уыд ӕмӕ махӕн нӕ бон куыд у, ӕмӕ уыйау хъӕбатыр уӕм? (1 Пад. 17:37, 45; Еф. 6:10, 11).

    2. Чырыстӕттӕ сӕ фӕллад уадзгӕйӕ, исты хъӕзтытӕй хъазгӕйӕ сӕхи Голиафы зондахастӕй цӕмӕн хъуамӕ хизой, ома ерыс цӕуылнӕ хъуамӕ кӕной? (1 Пад. 17:8; Гал. 5:26; 1 Тим. 4:8).

    3. Давиды ныхӕстӕй куыд зыны, Иегъовӕ йын ӕххуысгӕнӕг уыдзӕн, уый йӕ кӕй уырныдта? (1 Пад. 17:45–47; 2 Пар. 20:15).

    4. Ацы хабар куыд ӕвдисы, хӕст ӕрмӕст дыууӕ ныхмӕлӕууӕг ӕфсады ’хсӕн кӕй нӕ уыд, фӕлӕ мӕнг хуыцӕуттӕ ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйы ’хсӕн? (1 Пад. 17:43, 46, 47).

    5. Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон Давидау Иегъовӕйыл сӕ ныфс куыд дарынц? (1 Пад. 17:37; Иер. 1:17–19; Рарг. 12:17).

59-ӕм радзырд

Давиды лидзын цӕмӕн бахъуыд

  1. Саул Давидмӕ цӕмӕн хӕлӕг кӕны, фӕлӕ йӕм Саулы фырт Ионафан та цы зӕрдӕ дары?

  2. Иу бон Давид Саулӕн дыууадӕстӕнон фӕндырыл куы цагъта, уӕд цы ’рцыд?

  3. Саул Давидӕн йӕ чызг Мелхолӕйы ракурыны размӕ цы загъта бакӕнын ӕмӕ йын афтӕ цӕмӕн загъта?

  4. Нывы куыд зыны, афтӕмӕй Давид Саулӕн дыууадӕстӕнон фӕндырыл куы цагъта, уӕд та ӕртыккӕгӕм хатт дӕр цы ’рцыд?

  5. Мелхолӕ Давиды куыд фервӕзын кодта ӕмӕ уый фӕстӕ Давид авд азы дӕргъы цы ми кодта?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс 1 Паддзахӕдты 18:1–30.

    1. Ионафан Давиды тынг кӕй уарзта, уый куыд ӕвдисы, «ӕндӕр фыстӕ» ӕмӕ «гыццыл дзуг» кӕрӕдзи куыд уарзынц, уый? (1 Пад. 18:1; Иоан. 10:16; Лук. 12:32; Зах. 8:23).

    2. Саулы фӕстӕ Ионафан хъуамӕ суыдаид паддзах, фӕлӕ 1 Паддзахӕдты 18:4 гӕсгӕ цы зӕгъӕн ис, Ионафан, паддзахӕй ӕвзӕрст чи ’рцыд, уымӕ куыд ӕнувыдӕй хъуыста, уый тыххӕй?

    3. Саулы хабарӕй куыд зыны, хӕлӕгдзинад уӕззау тӕригъӕдмӕ кӕй сайы ӕмӕ нын уый зондзонӕн цӕмӕй у? (1 Пад. 18:7–9, 25; Иак. 3:14–16).

  2. Бакӕс 1 Паддзахӕдты 19:1–17.

    Ионафан Саулы ныхмӕ куы рацыд, уӕд йӕ цард тӕссаг уавӕры куыд ӕппӕрста? (1 Пад. 19:1, 4–6; Ӕмб. 16:14).

60-ӕм радзырд

Авигейӕ ӕмӕ Давид

  1. Нывы Давиды размӕ цы сылгоймаг ӕрбацӕуы, уый чи у ӕмӕ цавӕр адӕймаг у?

  2. Чи у Навал?

  3. Давид йӕ адӕмы Навалмӕ ӕххуысгур цӕмӕн арвыста?

  4. Навал Давиды адӕмӕн цы загъта ӕмӕ Давид уый базонгӕйӕ цы сфӕнд кодта?

  5. Авигейӕ зондджын сылгоймаг кӕй у, уый цӕмӕй рабӕрӕг?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс 1 Паддзахӕдты 22:1–4.

    Чырыстон ӕмбырды кӕрӕдзийӕн куыд хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, уыцы хъуыддаджы Давиды бинонтӕ фӕзминаг цӕмӕй сты? (Ӕмб. 17:17; 1 Фес. 5:14).

  2. Бакӕс 1 Паддзахӕдты 25:1–43.

    1. Библийы Навалы тыххӕй афтӕ ӕвзӕр цӕмӕн дзырдӕуы? (1 Пад. 25:2–5, 10, 14, 21, 25).

    2. Абон чырыстон устытӕ Авигейӕйӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц? (1 Пад. 25:32, 33; Ӕмб. 31:26; Еф. 5:24).

    3. Авигейӕ Давиды цавӕр дыууӕ ӕвзӕр хъуыддаг саразынӕй бахызта? (1 Пад. 25:31, 33; Ром. 12:19; Еф. 4:26).

    4. Давид Авигейӕйы ныхӕстӕм кӕй байхъуыста, уый абон нӕлгоймӕгтӕн куыд ӕххуыс кӕны сылгоймӕгтӕм Иегъовӕйы цӕстӕй кӕсынӕн? (Ап. к. 21:8, 9; Ром. 2:11; 1 Пет. 3:7).

61-ӕм радзырд

Давид сси паддзах

  1. Саул ӕмӕ йе ’фсад куы фынӕй кодтой, уӕд Давид ӕмӕ Авессӕ цы сарӕзтой?

  2. Цӕмӕй бафарста Давид Саулы?

  3. Давид Саулӕй куы рацыд, уӕд йӕ ных кӕдӕм сарӕзта?

  4. Давид тынг цӕуыл хъыг кӕны ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ зарӕг кӕй тыххӕй ныффыста?

  5. Хевроны Давид цал аздзыдӕй сси паддзах ӕмӕ йӕ фырттӕй иуӕй-иутӕ куыд хуыйнынц?

  6. Давид фӕстӕдӕр кӕм паддзахиуӕг кодта?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс 1 Паддзахӕдты 26:1–25.

    1. 1 Паддзахӕдты 26:10, 11 цы ныхӕстӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ Давид Хуыцауы ӕвӕрд фӕткмӕ куыд каст? (Пс. 36:7; Ром. 13:2).

    2. Искӕуыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ не ’нувыд уарзт куы тауӕм, фӕлӕ йын уый куы нӕ аргъ кӕна, уӕд нын 1 Паддзахӕдты 26:23 Давиды ныхӕстӕ куыд баххуыс кӕндзысты раст зондыл хӕцынӕн? (3 Пад. 8:32; Пс. 17:21).

  2. Бакӕс 2 Паддзахӕдты 1:26.

    Чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у сӕ кӕрӕдзи Давид ӕмӕ Ионафанау «зӕрдиагӕй уарзын»? (1 Пет. 4:8, НФ; Кол. 3:14; 1 Иоан. 4:12).

  3. Бакӕс 2 Паддзахӕдты 5:1–10.

    1. Давид цал азы паддзахиуӕг кодта ӕмӕ уыцы рӕстӕг куыд дих цӕуы? (2 Пад. 5:4, 5).

    2. Давид номдзыд лӕг цӕй фӕрцы уыд ӕмӕ уый махӕн зӕрдыл бадаринаг цӕмӕн у? (2 Пад. 5:10; 1 Пад. 16:13; 1 Кор. 1:31; Фил. 4:13).

62-ӕм радзырд

Давиды хӕдзарыл ӕрцыд стыр бӕллӕхтӕ

  1. Иегъовӕйы ӕххуысӕй израилӕгтӕ Ханааны зӕххӕн цы бакодтой?

  2. Иу изӕр Давид йӕ галуаны сӕрӕй куы каст, уӕд цы ’рцыд?

  3. Иегъовӕ Давидмӕ тынг цӕмӕн смӕсты?

  4. Нывы куыд уынӕм, афтӕмӕй Иегъовӕ Давидмӕ кӕй арвыста, цӕмӕй йын йӕ рӕдыдтытӕ хурмӕ ракалдтаид, ӕмӕ ацы нӕлгоймаг цы загъта, Давидыл цытӕ ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй?

  5. Давидыл цавӕр бӕллӕхтӕ ’рцыд?

  6. Давиды фӕстӕ Израилы паддзах чи сси?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс 2 Паддзахӕдты 11:1–27.

    1. Ӕдзух Иегъовӕйы хъуыддӕгтыл хӕст куы уӕм, уӕд нӕ уый куыд хъахъхъӕндзӕн?

    2. Куыд рауад афтӕ, ӕмӕ Давид тӕригъӕд ракодта, ӕмӕ уыцы хабар абон Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн зондзонӕн куыд у? (2 Пад. 11:2; Матф. 5:27–29; 1 Кор. 10:12; Иак. 1:14, 15).

  2. Бакӕс 2 Паддзахӕдты 12:1–18.

    1. Нафан Давидӕн уынаффӕ куыд радта, уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ ныййарджытӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц? (2 Пад. 12:1–4; Ӕмб. 12:18; Матф. 13:34).

    2. Иегъовӕ Давидӕн цӕмӕн фӕтӕригъӕд кодта? (2 Пад. 12:13; Пс. 31:5; 2 Кор. 7:9, 10).

63-ӕм радзырд

Зондджын паддзах Соломон

  1. Иегъовӕ Соломоны цӕмӕй бафарста ӕмӕ йын уый цавӕр дзуапп радта?

  2. Соломоны курдиат Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ кӕй фӕцыд, уымӕ гӕсгӕ йын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

  3. Дыууӕ сылгоймаджы Соломонмӕ цавӕр зынаскъуыддзаггӕнӕн хъуыддагимӕ ӕрбацыдысты?

  4. Нывы куыд зыны, афтӕмӕй Соломон хъуыддаг куыд аскъуыддзаг кодта?

  5. Соломоны рӕстӕджы адӕм куыд цардысты ӕмӕ цӕмӕн?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс 3 Паддзахӕдты 3:3–28.

    1. Хуыцауы организацийы бӕрнхӕссӕг нӕлгоймӕгтӕ абон цӕуыл ахуыр кӕнынц, Соломон 3 Паддзахӕдты 3:7 цы зӕрдӕбын ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй? (Пс. 118:105; Ӕмб. 3:5, 6).

    2. Кувын цӕй тыххӕй хъӕуы, уымӕн Соломоны курдиат хорз дӕнцӕг цӕмӕн у? (3 Пад. 3:9, 11; Ӕмб. 30:8, 9; 1 Иоан. 5:14).

    3. Соломон дыууӕ сылгоймаджы хъаугъа куыд аскъуыддзаг кодта, уый нын цавӕр ныфс дӕтты, фидӕны Стырдӕр Соломон, Йесо Чырысти, куыд хицауиуӕг кӕндзӕн, уый фӕдыл? (3 Пад. 3:28; Ис. 9:6, 7; 11:2–4).

  2. Бакӕс 3 Паддзахӕдты 4:29–34.

    1. Соломон коммӕгӕс зӕрдӕ куы ракуырдта, уӕд ын Иегъовӕ цы ралӕвар кодта? (3 Пад. 4:29).

    2. Соломоны зондмӕ байхъусыны тыххӕй адӕм цы арӕзтой, уый зонгӕйӕ, мах цы зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынмӕ? (3 Пад. 4:29, 34; Иоан. 17:3; 2 Тим. 3:16).

64-ӕм радзырд

Соломон сарӕзта кувӕндон

  1. Соломон Иегъовӕйы кувӕндон цас арӕзта ӕмӕ йыл тынг бирӕ ӕхца цӕмӕн ацыд?

  2. Кувӕндоны цал сӕйраг хатӕны ис ӕмӕ рӕбинаг хатӕны цы сӕвӕрдтой?

  3. Кувӕндон арӕзт куы фесты, уӕд Соломон йӕ куывды цы загъта?

  4. Соломоны куывд Иегъовӕйӕн ӕхсызгон кӕй уыд, уый куыд равдыста?

  5. Соломоны йӕ устытӕ цӕмӕ ’ркодтой ӕмӕ йыл цы ’рцыд?

  6. Иегъовӕ Соломонмӕ тынг цӕмӕн смӕсты ӕмӕ йын цы загъта?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс 1 Паралипоменон 28:9, 10.

    1 Паралипоменоны 28:9, 10 Давиды ныхӕстӕ нӕ зӕрдыл даргӕйӕ, алы бон дӕр цы хъуамӕ аразӕм? (Пс. 18:15; Фил. 4:8, 9).

  2. Бакӕс 2 Паралипоменон 6:12–21, 32–42.

    1. Соломон куыд бамбарын кодта, адӕймаджы къухӕй конд кувӕндоны Стыр Хуыцау кӕй нӕ бацӕудзӕн? (2 Пар. 6:18; Ап. к. 17:24, 25).

    2. 2 Паралипоменоны 6:32, 33 Соломоны ныхӕстӕ Иегъовӕйы тыххӕй цы ’вдисынц? (Ап. к. 10:34, 35; Гал. 2:6).

  3. Бакӕс 2 Паралипоменон 7:1–5.

    Израилы фырттӕ Иегъовӕйы кад куы федтой, уӕд сӕ уый скадджын кӕнын кӕй бафӕндыд, уымӕ гӕсгӕ мах та цы хъуамӕ аразӕм, Иегъовӕ йӕ адӕмӕн кӕй арфӕ кӕны, уый уынгӕйӕ? (2 Пар. 7:3; Пс. 21:23; 33:2; 95:2).

  4. Бакӕс 3 Паддзахӕдты 11:9–13.

    Соломоны цард нын куыд ӕвдисы, кӕронмӕ иузӕрдионӕй кӕй хъуамӕ баззайӕм, уый? (3 Пад. 11:4, 9; Матф. 10:22; Рарг. 2:10).

65-ӕм радзырд

Паддзахад фӕдих

  1. Нывы дыууӕ лӕджы цы хуыйнынц ӕмӕ чи сты?

  2. Ахи йӕ уӕлӕдарӕсӕн цы кусы ӕмӕ уый цӕуыл дзурӕг у?

  3. Соломон Иеровоамӕн цы кӕнынмӕ хъавы?

  4. Адӕм Иеровоамы дӕс мыггагӕн паддзахӕй цӕмӕн ӕвӕрынц?

  5. Иеровоам дыууӕ сыгъзӕрин роды цӕмӕн сарӕзта ӕмӕ цасдӕр рӕстӕгмӕ бӕстӕйы цы ’рцыд?

  6. Дыууӕ мыггаджы кӕм цӕрынц, уыцы паддзахадыл ӕмӕ Иерусалимы Иегъовӕйы кувӕндоныл цы ’рцыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс 3 Паддзахӕдты 11:26–43.

    Цавӕр адӕймаг уыд Иеровоам ӕмӕ йын Иегъовӕ Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, йӕ закъӕттӕ йын куы ӕххӕст кодтаид, уӕд? (3 Пад. 11:28, 38).

  2. Бакӕс 3 Паддзахӕдты 12:1–33.

    1.  Ровоамы ӕвзӕр дӕнцӕг ныййарджытӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цӕуыл дзурӕг у, сӕ бартӕй куыд хъуамӕ пайда кӕной, уый фӕдыл? (3 Пад. 12:13; 1 Пет. 5:2, 3).

    2. Ӕрыгӕттӕ абон, царды ахсджиаг уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ, зондагур кӕмӕ хъуамӕ цӕуой? (3 Пад. 12:6, 7; Ӕмб. 1:8, 9; 2 Тим. 3:16, 17; Дзут. 13:7).

    3. Иеровоам дыууӕ ран родӕн кувӕн бынӕттӕ цӕмӕн скодта ӕмӕ уымӕй куыд рабӕрӕг, Иегъовӕйыл ӕппындӕр кӕй не ’ууӕндыд? (3 Пад. 11:37; 12:26–28).

    4. Дӕс мыггаджы кӕм цӕрынц, уыцы паддзахады цӕрӕг адӕмы раст динӕй чи аздӕхта? (3 Пад. 12:32, 33).

66-ӕм радзырд

Иезавел – цъаммар ус-паддзах

  1. Чи у Иезавел?

  2. Иу бон паддзах Ахав цӕуыл ӕнкъард уыд?

  3. Иезавел цы бакодта, цӕмӕй йӕ лӕг Ахавӕн Навуфейы сӕнӕфсирдон йӕ къухы бафта?

  4. Иегъовӕ кӕй арвыста Иезавелы бафхӕрынмӕ?

  5. Нывы куыд уыныс, афтӕмӕй Ииуй Иезавелы галуанмӕ куы бахӕццӕ, уӕд цы ’рцыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс 3 Паддзахӕдты 16:29–33 ӕмӕ 18:3, 4.

    Паддзах Ахавы рӕстӕджы Израилы цавӕр ӕвзӕр уавӕр уыд? (3 Пад. 16:33).

  2. Бакӕс 3 Паддзахӕдты 21:1–16.

    1. Навуфей йӕ хъӕбатырдзинад, ӕмӕ Иегъовӕйыл иузӕрдион кӕй у, уый куыд равдыста? (3 Пад. 21:1–3; Лев. 25:23–28).

    2. Истӕмӕй куы фӕфыдӕнхъӕл уӕм, уӕд нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм, уымӕн нын Ахавы цӕвиттон зондзонӕн куыд у? (3 Пад. 21:4; Ром. 5:3–5).

  3. Бакӕс 4 Паддзахӕдты 9:30–37.

    Ииуй Иегъовӕйы фӕндон куыд зынгзӕрдӕйӕ ӕххӕст кодта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (4 Пад. 9:4–10; 2 Кор. 9:1, 2; 2 Тим. 4:2).

67-ӕм радзырд

Иосафат йӕ ныфс дардта Иегъовӕйыл

  1. Чи у Иосафат ӕмӕ цы рӕстӕджы цӕры?

  2. Израилӕгты тас цӕмӕн бацыд ӕмӕ сӕ бирӕтӕ цы бакодтой?

  3. Иосафаты куывдӕн Иегъовӕ цавӕр дзуапп радта?

  4. Хӕсты размӕ Иегъовӕ цы сарӕзта?

  5. Иосафаты хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс 2 Паралипоменон 20:1–30.

    1. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ тӕссаг уавӕрты бахаугӕйӕ цы хъуамӕ аразой, уый Иосафат куыд равдыста? (2 Пар. 20:12; Пс. 24:15; 61:2).

    2. Куыд уынӕм, афтӕмӕй Иегъовӕ йӕ адӕмимӕ алкӕддӕр кӕйдӕр уылты кӕй ныхас кодта, уымӕ гӕсгӕ абон та кӕй уылты ныхас кӕны? (2 Пар. 20:14, 15; Матф. 24:45–47; Иоан. 15:15).

    3. «Ӕппӕтылхӕцӕг, Хуыцауы уыцы стыр боны» хӕст куы райдайа, уӕд нӕ уавӕр Иосафаты уавӕры хуызӕн цӕмӕй уыдзӕн? (2 Пар. 20:15, 17; 32:8; Рарг. 16:14, 16).

    4. Левиттау, абон пионертӕ ӕмӕ миссионертӕ ӕппӕтдунеон хъусын кӕныны хъуыддагӕн куыд ахъаз кӕнынц? (2 Пар. 20:19, 21; Ром. 10:13–15; 2 Тим. 4:2).

68-ӕм радзырд

Дыууӕ лӕппуйы райгас сты

  1. Нывы ӕртӕ адӕймаджы чи сты ӕмӕ гыццыл лӕппуйыл цы ’рцыд?

  2. Илиа лӕппуйы тыххӕй куыд скуывта ӕмӕ уый фӕстӕ цы ’рцыд?

  3. Илиайы ӕххуысгӕнӕджы ном куыд у?

  4. Елисеймӕ Сонаммӕ иу сылгоймаджы хӕдзармӕ цӕмӕн фӕдзырдтой?

  5. Елисей цы сарӕзта ӕмӕ мард сывӕллоныл цы ’рцыд?

  6. Илиа ӕмӕ Елисейы хъуыддӕгтӕй куыд зыны, афтӕмӕй Иегъовӕмӕ цы тых ис?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс 3 Паддзахӕдты 17:8–24.

    1. Илиа куыд коммӕгӕс у ӕмӕ, йӕ уырнындзинад цас фидар у, уый фӕлвӕрд куыд ӕрцыд? (3 Пад. 17:9; 19:1–4, 10).

    2. Сарептӕйаг идӕдз усы уырнындзинад диссаг цӕмӕн уыд? (3 Пад. 17:12–16; Лук. 4:25, 26).

    3. Матфейы 10:41, 42 Йесойы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый сарептӕйаг идӕдз усы хабарӕй куыд зыны? (3 Пад. 17:10–12, 17, 23, 24).

  2. Бакӕс 4 Паддзахӕдты 4:8–37.

    1. Уазӕг уарзыны тыххӕй Сонамы цӕрӕг сылгоймагӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (4 Пад. 4:8; Лук. 6:38; Ром. 12:13; 1 Иоан. 3:17).

    2. Нӕ бон куыд у Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн хорздзинад кӕнын? (Ап. к. 20:35; 28:1, 2; Гал. 6:9, 10; Дзут. 6:10).

69-ӕм радзырд

Гыццыл чызг стыр хицауӕн куыд баххуыс кодта

  1. Нывы гыццыл чызг сылгоймагӕн цы дзуры?

  2. Нывы сылгоймаг чи у ӕмӕ гыццыл чызг йӕ хӕдзары цы аразы?

  3. Елисей Нееманӕн цавӕр ныхӕстӕ рарвыста йӕ фӕсдзӕуинимӕ ӕмӕ Нееман цӕмӕн смӕсты?

  4. Цы ’рцыди, Нееман йӕ лӕггадгӕнӕджы ныхасмӕ куы байхъуыста, уӕд?

  5. Елисей Нееманы лӕвар цӕуылнӕ айста, фӕлӕ Гиези цы бакодта?

  6. Гиезийыл цы ’рцыд ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс 4 Паддзахӕдты 5:1–27.

    1. Израилаг гыццыл чызджы цӕвиттон абоны ӕрыгӕтты куыд фидар кӕны? (4 Пад. 5:3; Пс. 8:3; 148:12, 13).

    2. Библийӕ нын уынаффӕ куы фӕдӕттынц, уӕд хорз цӕмӕн уаид Нееманы хабар нӕ зӕрдыл дарын? (4 Пад. 5:15; Дзут. 12:5, 6; Иак. 4:6).

    3. Елисей ӕмӕ Гиезийы кӕрӕдзиимӕ абаргӕйӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (4 Пад. 5:9, 10, 14–16, 20; Матф. 10:8; Ап. к. 5:1–5; 2 Кор. 2:17).

70-ӕм радзырд

Ионӕ ӕмӕ стыр кӕсаг

  1. Чи у Ионӕ ӕмӕ йын Иегъовӕ цы бахӕс кодта?

  2. Цы сарӕзта Ионӕ, Иегъовӕ йӕ кӕдӕм ӕрвыста, уырдӕм цӕуын ӕй кӕй нӕ фӕндыд, уый тыххӕй?

  3. Науыл цы адӕм ис, уыдонӕн Ионӕ цы кӕнын кӕны, цӕмӕй уад ныссабыр уа, уый тыххӕй?

  4. Нывы куыд уыныс, афтӕмӕй Ионӕ доны бын куы фӕци, уӕд цы ’рцыд?

  5. Ионӕ кӕсаджы хуылфы цас фӕци ӕмӕ уым цы ми кодта?

  6. Стыр кӕсаг Ионӕйы куы раомдта, уӕд Ионӕ кӕдӕм ацыд ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Ионӕ 1:1–17.

    Ионӕ ниневийӕгтӕн кӕй хъуамӕ хъусын кодтаид, уымӕ цы цӕстӕй каст? (Ион. 1:2, 3; Ӕмб. 3:7; Еккл. 8:12).

  2. Бакӕс Ионӕ 2:1, 2, 10.

    Иегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕй фехъусдзӕн, уыцы ныфс нын Ионӕйы хабӕрттӕ куыд фидар кӕнынц? (Пс. 21:25; 33:7; 1 Иоан. 5:14).

  3. Бакӕс Ионӕ 3:1–10.

    1. Ионӕйы райдианы йӕ хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнын кӕд нӕ фӕндыд, уӕддӕр ын Иегъовӕ йӕ бӕрны цыдӕр хъуыддӕгтӕ кӕй кодта, уый нӕ куыд фидар кӕны? (Пс. 102:14; 1 Пет. 5:10).

    2. Нӕ территорийы цӕрӕг адӕмы тыххӕй рагацау хатдзӕгтӕ кӕнын кӕй не ’мбӕлы, ууыл Ионӕ ӕмӕ ниневийӕгты хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Ионӕ 3:6–9; Еккл. 11:6; Ап. к. 13:48).

71-ӕм радзырд

Хуыцау скӕндзӕн дзӕнӕт

  1. Чи уыд Исай, кӕд цард ӕмӕ йын Иегъовӕ цы равдыста?

  2. Дзырд «дзӕнӕт» цы нысан кӕны ӕмӕ дын дӕ зӕрдыл цы лӕууын кӕны?

  3. Иегъовӕ Исайӕн ног Дзӕнӕты тыххӕй цы ныффыссын кодта?

  4. Адам ӕмӕ Евӕ сӕ диссаджы хӕдзарӕй сырд цӕмӕн ӕрцыдысты?

  5. Иегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕн уый зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Исай 11:6–9.

    1. Ног дунейы цӕрӕгойтӕ ӕмӕ адӕмы ’хсӕн цы фарн уыдзӕн, уый Хуыцауы Ныхасӕй куыд уынӕм? (Пс. 148:10, 13; Ис. 65:25; Иез. 34:25).

    2. Исайы ныхӕстӕ Иегъовӕйы адӕмы ’хсӕн абон цы хуызы ӕххӕст кӕнынц? (Ром. 12:2; Еф. 4:23, 24).

    3. Адӕймагӕн йӕ удыхъӕд абон бынтондӕр кӕй фӕивы ӕмӕ ног дунейы дӕр кӕй ивдзӕн, уый тыххӕй кад кӕмӕ ӕмбӕлы? (Ис. 48:17, 18; Гал. 5:22, 23; Фил. 4:7).

  2. Бакӕс Раргомад 21:3, 4.

    1. Хуыцау адӕмимӕ цӕрдзӕн, зӕгъгӕ, уый комкоммӕ ӕмбарын кӕй нӕ хъӕуы, уый Фыстад куыд амоны? (Лев. 26:11, 12; 2 Пар. 6:18; Ис. 66:1; Рарг. 21:2, 3, 22–24).

    2. Цавӕр цӕссыгтӕ ӕмӕ рыст нал уыдзӕн? (Лук. 8:49–52; Ром. 8:21, 22; Рарг. 21:4).

72-ӕм радзырд

Хуыцау баххуыс кодта паддзах Езекийӕн

  1. Нывы ацы лӕг чи у ӕмӕ тынг тыхст цӕмӕн у?

  2. Паддзах Езеки Хуыцауы раз цавӕр фыстӕджытӕ равӕрдта ӕмӕ цӕй тыххӕй кувы?

  3. Цавӕр паддзах у Езеки ӕмӕ йын Иегъовӕ пехуымпар Исайӕн цавӕр ныхӕстӕ рарвыста?

  4. Нывы куыд уынӕм, афтӕмӕй Иегъовӕйы зӕд ассириӕгтӕн цы бакодта?

  5. Дыууӕ мыггаг кӕм цӕрынц, уыцы паддзахад кӕд цасдӕр рӕстӕг сабырӕй цӕры, уӕддӕр Езекийы мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс 4 Паддзахӕдты 18:1–36.

    1. Ассириӕгты минӕвар Рабсак израилӕгты уырнындзинад фӕцудын кӕныныл куыд архайдта? (4 Пад. 18:19, 21; Рац. 5:2; Пс. 63:4).

    2. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд Езекийы куыд бафӕзмынц? (4 Пад. 18:36; Пс. 38:2; Ӕмб. 26:4; 2 Тим. 2:24).

  2. Бакӕс 4 Паддзахӕдты 19:1–37.

    1. Иегъовӕйы адӕм тыхст заман Езекийау цы фӕаразынц? (4 Пад. 19:1, 2; Ӕмб. 3:5, 6; Дзут. 10:24, 25; Иак. 5:14, 15).

    2. Паддзах Сеннахирим цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы баззади састы бынаты ӕмӕ ахӕсгӕ хуызы кӕмӕ амоны? (4 Пад. 19:32, 35, 37; Рарг. 20:2, 3).

  3. Бакӕс 4 Паддзахӕдты 21:1–6, 16.

    Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Манассийӕ ӕвзӕрдӕр паддзах Иерусалимы никуы уыд? (2 Пар. 33:4–6, 9).

73-ӕм радзырд

Израилы фӕстаг хорз паддзах

  1. Иоси паддзах куы сси, уӕд ыл цал азы цыд, ӕмӕ паддзахӕй авд азы куы уыди, уӕд цы райдыдта аразын?

  2. Фыццаг нывы Иоси цы кусы?

  3. Адӕм кувӕндон куы цалцӕг кодтой, уӕд хистӕр сауджын цы ссардта?

  4. Иоси йӕ дарӕс йӕ уӕлӕ цӕмӕн ӕррӕдывта?

  5. Иосийӕн ус-пехуымпар Олданӕ Иегъовӕйӕ цавӕр хабар фехъусын кодта?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс 2 Паралипоменон 34:1–28.

    1. Йӕ сабибонты хорзӕй чи ницы федта, уыдонӕн Иоси фӕзминаг цӕмӕй у? (2 Пар. 33:21–25; 34:1, 2; Пс. 26:10).

    2. Раст дин йӕ къахыл слӕууын кӕнынӕн Иоси йӕ хицаудзинады 8-ӕм, 12-ӕм ӕмӕ 18-ӕм азты цавӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕ сарӕзта? (2 Пар. 34:3, 8).

    3. Нӕ кувӕн бынӕттӕм зилыны хъуыддаджы нын паддзах Иоси ӕмӕ хистӕр сауджын Хелки фӕзминаг цӕмӕй сты? (2 Пар. 34:9–13; Ӕмб. 11:14; 1 Кор. 10:31).

74-ӕм радзырд

Ныфсджын адӕймаг

  1. Нывы ацы лӕппулӕг чи у?

  2. Иереми цы хъуыды кӕны, пехуымпар суа, уый тыххӕй, фӕлӕ йын Иегъовӕ цы загъта?

  3. Иереми адӕмӕн цавӕр хабар хъусын кӕны?

  4. Цӕмӕй Иереми мацыуал дзура, уый тыххӕй сауджынтӕ цы аразынц, фӕлӕ пехуымпар, кӕй нӕ фӕтарст, уый куыд равдыста?

  5. Израилӕгтӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы нӕ ныууагътой, уӕд сыл цы ’рцыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Иереми 1:1–8.

    1. Иеремийы цӕвиттонӕй куыд зыны, афтӕмӕй адӕймаджы Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн чи саккаг кӕны? (2 Кор. 3:5, 6).

    2. Ӕрыгон чырыстӕтты Иеремийы цӕвиттон куыд фидар кӕны? (Еккл. 12:1; 1 Тим. 4:12).

  2. Бакӕс Иереми 10:1–5.

    Гуымирытыл ныфс дарын куыд ӕнӕпайда хъуыддаг у, уый Иереми куыд равдыста? (Иер. 10:5; Ис. 46:7; Ав. 2:19).

  3. Бакӕс Иереми 26:1–16.

    1. Абон сӕрстыты къорд адӕмы куыд фӕдзӕхсы, уымӕй куыд зыны, сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстой, Иегъовӕ Иеремийӕн цы загъта, уый, зӕгъгӕ дзы иу ныхас дӕр ма аппар? (Иер. 26:2; Дык. з 4:2; Ап. к. 20:27).

    2. Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ адӕмтӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы Иереми Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн цавӕр хорз цӕвиттон ныууагъта? (Иер. 26:8, 12, 14, 15; 2 Тим. 4:1–5).

  4. Бакӕс 4 Паддзахӕдты 24:1–17.

    Иудӕ Иегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ кӕй сивта, уымӕн цавӕр ӕвзӕр фӕстиуджытӕ уыд? (4 Пад. 24:2–4, 14).

75-ӕм радзырд

Цыппар лӕппуйы Вавилоны

  1. Нывы ацы цыппар лӕппуйы чи сты ӕмӕ Вавилоны цӕмӕн сты?

  2. Навуходоносормӕ цыппар лӕппуйы тыххӕй цы фӕнд ис ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн цавӕр бардзырд радта?

  3. Данел йӕхицӕн ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалӕн цы ракуырдта хӕрд ӕмӕ нозтӕн?

  4. Данел ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы дӕс боны халсӕрттӕ куы фӕхордтой, уӕд сӕ, иннӕ лӕппутимӕ абаргӕйӕ, цы зӕгъӕн уыди?

  5. Данел ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы паддзахы галуанмӕ куыд бахаудысты, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ зондджын лӕгтӕй хуыздӕр цы хъуыддаджы уыдысты?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Данелы 1:1–21.

    1. Куыд архайын хъӕуы, цӕмӕй фӕлварӕн сфӕразӕм ӕмӕ нӕ лӕмӕгъдзинадыл фӕуӕлахиз уӕм? (Дан. 1:8; Уӕв. 39:7, 10; Гал. 6:9).

    2. Куыд ис гӕнӕн, ӕмӕ абон ӕрыгӕттӕ фӕлвӕрд цӕуой хуыздӕрыл нымад «хӕринӕгтӕй»? (Дан. 1:8; Ӕмб. 20:1; 2 Кор. 6:17–7:1).

    3. Библийы цыппар дзуттаджы тыххӕй цы фыст ис, уый фӕрцы ацы дунейы зонындзинӕдтӕ исыны тыххӕй цы ис бамбарӕн? (Дан. 1:20; Ис. 54:13; 1 Кор. 3:18–20).

76-ӕм радзырд

Иерусалим пырх ӕрцыд

  1. Нывы куыд уынӕм, афтӕмӕй Иерусалим ӕмӕ израилӕгтыл цы ’рцыд?

  2. Чи у Иезекил ӕмӕ йын Иегъовӕ цавӕр цъаммар хъуыддӕгтӕ равдыста?

  3. Израилӕгтӕ Иегъовӕйӕн кӕй нӕ аргъ кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ сын Иегъовӕ цы дзуры?

  4. Израилӕгтӕ паддзах Навуходоносоры ныхмӕ куы сыстадысты, уӕд сын уый цы бакодта?

  5. Иегъовӕ израилӕгтыл ахӕм бӕллӕх цӕмӕн ӕруагъта?

  6. Израилы зӕхх ӕдзӕрӕг куыд сси ӕмӕ афтӕмӕй цас рӕстӕг ахаста?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс 4 Паддзахӕдты 25:1–26.

    1. Чи у Седеки, цы йыл ӕрцыд ӕмӕ уымӕй Библийы пехуымпарад куыд сӕххӕст? (4 Пад. 25:5–7; Иез. 12:13–15).

    2. Израилы тӕригъӕдты Иегъовӕ кӕй аххосджын кодта? (4 Пад. 25:9, 11, 12, 18, 19; 2 Пар. 36:14, 17).

  2. Бакӕс Иезекил 8:1–18.

    Израилӕгтӕй Хуыцауы чи ныууагъта ӕмӕ хурӕн чи куывта, уыдоны чырыстон дуне куыд фӕзмы? (Иез. 8:16; Ис. 5:20, 21; Иоан. 3:19–21; 2 Тим. 4:3).

77-ӕм радзырд

Нӕ йын бакуывтой

  1. Вавилоны паддзах Навуходоносор адӕмӕн цавӕр бардзырд радта?

  2. Данелы ӕртӕ хӕлары сыгъзӕрин гуымирыцырты раз сӕ зонгуытыл цӕуылнӕ ӕрхаудысты?

  3. Навуходоносор ма ӕртӕ дзуттагӕн ноджы иу фадат куы радта гуымирыцыртӕн бакувынӕн, уӕд уыдон сӕ ныфс Иегъовӕйыл куыд сӕвӕрдтой?

  4. Навуходоносор цы бакодта Седрах, Мисах ӕмӕ Авденагойӕн?

  5. Навуходоносор пецмӕ куы бакаст, уӕд цы федта?

  6. Паддзах цӕмӕн кадджын кӕны Седрах, Мисах ӕмӕ Авденагойы Хуыцауы ӕмӕ уыцы ӕртӕ лӕппуйы хабарӕй зондӕн райсӕн цы ис?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Данелы 3:1–30.

    1. Хуыцауы адӕмы иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд се ’ппӕт дӕр ӕртӕ ӕрыгон дзуттагау цавӕр зӕрдӕйы уаг хъуамӕ равдисой? (Дан. 3:17, 18; Матф. 10:28; Ром. 14:7, 8).

    2. Иегъовӕ Хуыцау Навуходоносорӕн цы бамбарын кодта? (Дан. 3:28, 29; 4:34, 35).

78-ӕм радзырд

Къух фыссы къулыл

  1. Вавилоны паддзах стыр куывд куы сарӕзта ӕмӕ дзы Иерусалимӕй Иегъовӕйы кувӕндонӕй хаст нуазӕн къустӕ ӕмӕ кӕхцытӕй куы нуӕзтой, уӕд цы ’рцыд?

  2. Валтасар йӕ зондджын лӕгтӕн цы загъта, фӕлӕ сӕ бон цы нӕ сси бакӕнын?

  3. Паддзахы мад йӕ фыртӕн цы дзуры?

  4. Данел паддзахӕн куыд загъта, афтӕмӕй Хуыцау къулыл уыцы ныхӕстӕ цӕмӕн ныффыссын кодта?

  5. Къулыл фыст ныхӕсты нысаниуӕг Данел куыд бамбарын кодта?

  6. Данел йӕ ныхас куы нӕма фӕци, уӕд цы ’рцыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Данелы 5:1–31.

    1. Валтасар къулыл къух фысгӕйӕ куы федта, уӕд куыд фӕтарст, уыцы тас куыд хицӕн кӕны Хуыцауӕй тӕрсынӕй? (Дан. 5:6, 7; Пс. 18:10; Ром. 8:35–39).

    2. Данел стыр хъӕбатырдзинад куыд равдыста, Валтасар ӕмӕ йӕ адӕммӕ дзургӕйӕ? (Дан. 5:17, 18, 22, 26–28; Ап. к. 4:29).

    3. Иегъовӕ Дунедарӕг Стыр Хуыцау кӕй у, уый Данелы чиныджы 5-ӕм сӕр куыд бӕлвырд кӕны? (Дан. 4:17, 25; 5:21).

79-ӕм радзырд

Данел домбӕйтты хъоргъы

  1. Чи у Дари ӕмӕ Данелмӕ цы зӕрдӕ дары?

  2. Иуӕй-иу хӕлӕггӕнджытӕ Дарийӕн цы аразын кӕнынц?

  3. Данел ног закъоны тыххӕй куы базыдта, уӕд цы бакодта?

  4. Дари ӕгъуыссӕг цӕй тыххӕй фӕци ӕмӕ иннӕ райсом цы кусы?

  5. Данел Дарийӕн цы загъта?

  6. Цы ’рцыд, Данелы марынмӕ чи хъавыд, уыцы ӕвзӕр адӕмыл, ӕмӕ Дари йӕ паддзахады ӕппӕт адӕммӕ дӕр цавӕр фыстӕг арвыста?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Данелы 6:1–28.

    1. Данелы ныхмӕ сусӕгвӕнд кӕй скодтой, уый нын нӕ зӕрдыл куыд лӕууын кӕны, нӕ рӕстӕджы знӕгтӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты куыст бакъуылымпы кӕныныл куыд архайынц, уый? (Дан. 6:7; Ис. 10:1; Ром. 8:31).

    2. Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ «уӕлдӕр хицауадӕн» коммӕгӕс кӕй сты, уымӕй Данелы куыд фӕзмынц? (Дан. 6:5, 10; Ром. 13:1; Ап. к. 5:29).

    3. Махӕн дӕр нӕ бон куыд у Данелау Иегъовӕйӕн ӕдзухдӕр лӕггад кӕнын? (Дан. 6:16, 20; Фил. 3:16; Рарг. 7:15).

80-ӕм радзырд

Хуыцауы адӕм рацыдысты Вавилонӕй

  1. Нывы куыд зыны, афтӕмӕй израилӕгтӕ цы ми кӕнынц?

  2. Иегъовӕ Исайы дзыхӕй цы пехуымпарад загъта, уый Кир куыд сӕххӕст кодта?

  3. Йӕ бон Иерусалиммӕ ацӕуын кӕмӕн нӕ уыд, уыцы израилӕгтӕн Кир цы загъта?

  4. Кир адӕмӕн фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ ахӕссынӕн цы радта?

  5. Израилӕгтӕ Иерусалиммӕ здӕхгӕйӕ фӕндагыл цас бахъуыдысты?

  6. Зӕхх ӕдзӕрӕгӕй куы баззад, уӕдӕй цал азы рацыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Исай 44:28 ӕмӕ 45:1–4.

    1. Киры тыххӕй пехуымпарад ӕнӕмӕнгдӕр кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уый Иегъовӕ куыд банысан кодта? (Ис. 55:10, 11; Ром. 4:17).

    2. Исай Киры тыххӕй рагагъоммӕ цы загъта, уымӕй куыд зыны, Иегъовӕ Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у, фидӕны цы уыдзӕн, уый зӕгъын? (Ис. 42:9; 45:21; 46:10, 11; 2 Пет. 1:20).

  2. Бакӕс Ездрӕ 1:1–11.

    Йӕ бон Иерусалиммӕ ацӕуын кӕмӕн не сси, уыдонау, махӕн дӕр нӕ бон куыд у, ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдоны «къухтӕ фидар кӕнын»? (Езд. 1:4, 6; Ром. 12:13; Кол. 4:12).

81-ӕм радзырд

Сӕ ныфс дардтой Хуыцауыл

  1. Вавилонӕй Иерусалиммӕ дард фӕндагыл цас адӕм рацыд, ӕмӕ куы ’рхӕццӕ сты, уӕд цы ’рӕййӕфтой?

  2. Израилӕгтӕ куы ’рцыдысты, уӕд цы райдыдтой аразын, фӕлӕ ӕвзӕр адӕмтӕ цы сфӕнд кодтой?

  3. Чи сты Аггей ӕмӕ Захари ӕмӕ адӕмӕн цы дзурынц?

  4. Фафнай Вавилонмӕ фыстӕг цӕмӕн арвыста ӕмӕ цавӕр дзуапп райста?

  5. Хуыцауы кувӕндон цалцӕг кӕнинаг кӕй у, уый Ездрӕ куы базыдта, уӕд цы сарӕзта?

  6. Нывы Ездрӕ цӕй тыххӕй кувы, йӕ куывд ын фехъуыстӕуыд ӕмӕ нын уый цӕуыл дзурӕг у?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Ездрӕ 3:1–13.

    Иегъовӕйы адӕмӕн ӕмбырд кӕм нӕй, ахӕм ран куы уӕм, уӕд дӕр цы хъуамӕ аразӕм? (Езд. 3:3, 6; Ап. к. 17:16, 17; Дзут. 13:15).

  2. Бакӕс Ездрӕ 4:1–7.

    Ӕндӕр дины минӕвӕрттимӕ хӕццӕ кӕныны хъуыддаджы Зоровавел Иегъовӕйы адӕмӕн цавӕр дӕнцӕг ныууагъта? (Рац. 34:12; 1 Кор. 15:33; 2 Кор. 6:14–17).

  3. Бакӕс Ездрӕ 5:1–5, 17 ӕмӕ 6:1–22.

    1. Знӕгты къухы кувӕндоны арӕзтад ӕрлӕууын кӕнын цӕуылнӕ бафтыд? (Езд. 5:5; Ис. 54:17).

    2. Иудейты хистӕртӕ куыд архайдтой, уый, чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгты ахӕм зондыл куыд аразы, цӕмӕй ныхмӕлӕуды рӕстӕджы Иегъовӕйӕ разамынд курой? (Езд. 6:14; Пс. 31:8; Ром. 8:31; Иак. 1:5).

  4. Бакӕс Ездрӕ 8:21–23, 28–36.

    Исты хъуыддаг аразыныл куы ныллӕууӕм, уӕд нӕ Ездрӕйы бафӕзмын хорз цӕмӕй уаид? (Езд. 8:23; Пс. 126:1; Ӕмб. 10:22; Иак. 4:13–15).

82-ӕм радзырд

Мардохей ӕмӕ Есфир

  1. Чи сты Мардохей ӕмӕ Есфир?

  2. Паддзах Артаксерксы цӕмӕн бафӕндыд ног ус ӕркӕнын ӕмӕ кӕй равзӕрста?

  3. Чи у Аман ӕмӕ цӕуыл мӕсты кӕны?

  4. Цавӕр бардзырд рацыд, ӕмӕ Есфир цы аразы, Мардохей йын хабар куы фехъусын кодта, уӕд?

  5. Цы ’рцыд Аманыл? Мардохейыл та?

  6. Израилӕгтӕ се знӕгтӕй куыд фервӕзтысты?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Есфир 2:12–18.

    Адӕймаг «фӕлмас ӕмӕ сабыр» кӕй хъуамӕ уа, уый Есфир куыд равдыста? (Есф. 2:15; 1 Пет. 3:1–5).

  2. Бакӕс Есфир 4:1–17.

    Есфирӕн раст дины сӕрыл сдзурыны фадат куыд уыд, афтӕ махӕн дӕр абон цавӕр фадат ис, Иегъовӕйыл иузӕрдион кӕй стӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ кӕй нӕ ивӕм, уый равдисынӕн? (Есф. 4:13, 14; Матф. 5:14–16; 24:14).

  3. Бакӕс Есфир 7:1–6.

    Есфирау абон Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕн ӕфхӕрдӕй тӕссаг куыд вӕййы? (Есф. 7:4; Матф. 10:16–22; 1 Пет. 2:12).

83-ӕм радзырд

Иерусалимы систӕ

  1. Иерусалимы алыварс сис кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй израилӕгтӕ сӕхи куыд хатыдысты?

  2. Чи у Нееми?

  3. Цы куыст кӕны Нееми ӕмӕ уый бӕрнон хӕс цӕмӕн у?

  4. Нееми цавӕр хабӕртты тыххӕй ӕрӕнкъард ӕмӕ цы бакодта?

  5. Паддзах Артаксеркс Неемимӕ хӕларзӕрдӕ куыд равдыста?

  6. Цӕмӕй сӕ се знӕгтӕ ма бахъыгдардтаиккой, уый тыххӕй Нееми арӕзтадон куыстытӕ цавӕр фӕткыл сӕвӕрдта?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Нееми 1:4–6 ӕмӕ 2:1–20.

    Нееми Иегъовӕйӕ разамынд куыд агуырдта? (Неем. 2:4, 5; Ром. 12:12; 1 Пет. 4:7).

  2. Бакӕс Нееми 3:3–5.

    Фекойӕгтӕ ӕмӕ сӕ уӕздӕттӕ куыд хицӕн кодтой, уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн сӕ бон зондӕн райсын цы у? (Неем. 3:5, 27; 2 Фес. 3:7–10; 1 Пет. 5:5).

  3. Бакӕс Нееми 4:1–23.

    1. Кӕд израилӕгты ныхмӕ карзӕй цыдысты, уӕддӕр сӕ арӕзтад цӕй фӕрцы адарддӕр кодтой? (Неем. 4:6, 8, 9; Пс. 49:15; Ис. 65:13, 14).

    2. Абон нӕ израилӕгты цӕвиттон куыд фидар кӕны?

  4. Бакӕс Нееми 6:15.

    Иерусалимы систӕ дыууӕ мӕймӕ амад кӕй фесты, уый, уырнындзинадӕн йӕ бон цас у, ууыл дзургӕг куыд у? (Пс. 55:4, 5; Матф. 17:20; 19:26).

84-ӕм радзырд

Зӕд фӕзынд Мариамӕ

  1. Нывы ацы сылгоймаг чи у?

  2. Цы загъта Гавриил Мариайӕн?

  3. Гавриил Мариайӕн куыд бамбарын кодта, сывӕллон ын кӕй уыдзӕн, кӕд нӕлгоймагимӕ никуы цард, уӕддӕр?

  4. Мариа йӕ хӕстӕг Елисаветӕмӕ куы бацыд, уӕд цы ’рцыд?

  5. Мариа сывӕллонмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый Иосиф куы базыдта, уӕд цы ахъуыды кодта, фӕлӕ йӕ фӕнд цӕмӕн аивта?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Лукайы 1:26–56.

    1. Лукайы 1:35 нын куыд ӕмбарын кӕны, Хуыцауы Фырты цард уӕлӕрвтӕй Мариайы зӕнӕгдонмӕ хаст куы ’рцыд, уӕд ыл Адамӕй рахӕсгӕ ӕнӕххӕстдзинад искуыд фӕзынд ӕви нӕ? (Агг. 2:11–13; Иоан. 6:69; Дзут. 7:26; 10:5).

    2. Йесойӕн йӕ райгуырды размӕ дӕр куыд скад кодтой? (Лук. 1:41–43).

    3. Абон чырыстӕттӕй сӕрмагонд бартӕ чи райсы, уыдонӕн Мариа фӕзминаг цӕмӕй у? (Лук. 1:38, 46–49; 17:10; Ӕмб. 11:2).

  2. Бакӕс Матфейы 1:18–25.

    Кӕд Йесойы Еммануил не схуыдтой, уӕддӕр зӕххыл цы арӕзта, уымӕй уыцы номы нысаниуӕг куыд сӕххӕст? (Матф. 1:22, 23; Иоан. 14:8–10; Дзут. 1:1–3).

85-ӕм радзырд

Йесо райгуырд скъӕты

  1. Нывы гыццыл сывӕллон чи у ӕмӕ йӕ Мариа кӕм ӕвӕры?

  2. Йесо скъӕты цӕмӕн райгуырд?

  3. Нывы, скъӕтмӕ цы нӕлгоймӕгтӕ фӕцӕуы, уыдон чи сты, ӕмӕ сын зӕд цы загъта?

  4. Йесо иннӕ сывӕллӕттӕй тынг цӕмӕн хицӕн кӕны?

  5. Йесойы Хуыцауы Фырт схонӕн цӕмӕн ис?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Лукайы 2:1–20.

    1. Кесӕр Август цы сарӕзта, уымӕй Йесойы райгуырды фӕдыл цы сӕххӕст? (Лук. 2:1–4; Мих. 5:2).

    2. Цӕмӕй адӕймаг, сӕ «мидӕг хорзӕх» ис, зӕгъгӕ, кӕмӕй загъдӕуыд, уыдоныл нымад ӕрцӕуа, уый тыххӕй цы хъӕуы? (Лук. 2:14; Матф. 16:24; Иоан. 17:3; Ап. к. 3:19; Дзут. 11:6).

    3. Кӕд сӕрныллӕг иудейаг фыййӕуттӕн Ирвӕзынгӕнӕджы райгуырд цины хос уыд, уӕд абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн та стырдӕр цины хос цы у? (Лук. 2:10, 11; Еф. 3:8, 9; Рарг. 11:15; 14:6).

86-ӕм радзырд

Лӕгтӕ цӕуынц стъалыйы фӕдыл

  1. Нывы ацы лӕгтӕ чи сты ӕмӕ сӕ иу ирд стъалымӕ цӕмӕн амоны?

  2. Паддзах Ирод тынг цӕмӕн стыхст ӕмӕ цы бакодта?

  3. Ирд стъалы лӕгты кӕдӕм ӕркодта, фӕлӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕм ӕндӕр фӕндагыл цӕмӕн аздӕхтысты?

  4. Ирод цавӕр бардзырд радта ӕмӕ цӕмӕн?

  5. Иегъовӕ Иосифӕн цы загъта?

  6. Чи ссыгъта уыцы ног стъалы ӕмӕ цӕмӕн?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Матфейы 2:1–23.

    Астрологтӕ Йесомӕ куы ’рцыдысты, уӕд ыл цас цыди ӕмӕ кӕм цард? (Матф. 2:1, 11, 16).

87-ӕм радзырд

Гыццыл Йесо кувӕндоны

  1. Нывы Йесойыл цал азы цӕуы ӕмӕ кӕм ис?

  2. Алы аз дӕр Иосиф ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕдӕм фӕцӕуынц?

  3. Хӕдзармӕ здӕхгӕйӕ ӕнӕхъӕн бон куы фӕцыдысты, уӕд Иосиф ӕмӕ Мариа фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ цӕмӕн аздӕхтысты?

  4. Иосиф ӕмӕ Мариа Йесойы кӕм ссардтой ӕмӕ уым цы адӕм уыд, уыдон цӕуыл дис кӕнынц?

  5. Йесо йӕ мад Мариайӕн, цы загъта?

  6. Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базоныны хъуыддаджы нын Йесо фӕзминаг цӕмӕй у?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Лукайы 2:41–52.

    1. Закъонмӕ гӕсгӕ ӕрвылазон бӕрӕгбонтӕм кӕд ӕрмӕст нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ цыдаиккой, уӕддӕр Иосиф ӕмӕ Мариа абоны ныййарджытӕн фӕзминаг цӕмӕй сты? (Лук. 2:41; Дык. з 16:16; 31:12; Ӕмб. 22:6).

    2. Ӕрыгӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ кӕй хъуамӕ кӕсой, уым сын Йесо фӕзминаг куыд у? (Лук. 2:51; Дык. з 5:16; Ӕмб. 23:22; Кол. 3:20).

  2. Бакӕс Матфейы 13:53–56.

    Библимӕ гӕсгӕ Йесойы цыппар ӕфсымӕры куыд хуыйнынц ӕмӕ дзы дыууӕ фӕстӕдӕр чырыстон ӕмбырдӕн куыд ӕххуыс кодтой? (Матф. 13:55; Ап. к. 12:17; 15:6, 13; 21:18; Гал. 1:19; Иак. 1:1; Иуд. 1).

88-ӕм радзырд

Иоанн Йесойы доны саргъуыдта

  1. Нывы ацы дыууӕ лӕджы чи сты?

  2. Адӕймаг донаргъуыд куыд райсы?

  3. Иоанн доны кӕй аргъуыдта?

  4. Йесо Иоаннӕн цӕмӕн загъта, цӕмӕй йӕ доны саргъауа?

  5. Иегъовӕ куыд равдыста, Йесо донаргъуыд кӕй райста, уый йӕ зӕрдӕмӕ кӕй фӕцыд?

  6. Йесо дыууиссӕдз боны дӕргъы хибар ран куы уыд, уӕд цы ’рцыд?

  7. Йесойы фыццаг фӕдылдзӕуджытӕ, кӕнӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, чи сты ӕмӕ йӕ фыццаг диссаг цы у?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Матфейы 3:13–17.

    Аргъуыд исыны фӕдыл Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цавӕр дӕнцӕг ныууагъта? (Пс. 39:8, 9; Матф. 28:19, 20; Лук. 3:21, 22).

  2. Бакӕс Матфейы 4:1–11.

    Йесо Фыстытӕй арӕхстджынӕй кӕй пайда кодта, уый нӕ куыд разӕнгард кӕны иудадзыг Библи ахуыр кӕнынмӕ? (Матф. 4:5–7; 2 Пет. 3:17, 18; 1 Иоан. 4:1).

  3. Бакӕс Иоанны 1:29–51.

    Аргъауӕг Иоанн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн кӕмӕ бацамыдта ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у фӕзмын? (Иоан. 1:29, 35, 36; 3:30; Матф. 23:10).

  4. Бакӕс Иоанны 2:1–12.

    Йесойы фыццаг диссагӕй куыд зыны, Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн хорзӕй кӕй ницы ӕвгъау кӕны? (Иоан. 2:9, 10; Пс. 83:12; Иак. 1:17).

89-ӕм радзырд

Йесо асыгъдӕг кодта кувӕндон

  1. Кувӕндоны фос цӕмӕн уӕй кӕнынц?

  2. Йесо тынг цӕуыл смӕсты?

  3. Нывы куыд уыныс, афтӕмӕй Йесо цы кусы ӕмӕ бӕлӕттӕ чи уӕй кӕны, уыцы нӕлгоймӕгтӕн цы загъта?

  4. Йесойы митӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ куы федтой, уӕд сӕ зӕрдыл цы ’рлӕууыд?

  5. Галилеймӕ здӕхгӕйӕ Йесо йӕ фӕндаг цавӕр бӕстӕйыл акодта?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Иоанны 2:13–25.

    Йесо кувӕндоны ӕхцаивджытӕм кӕй смӕсты, уый зонгӕйӕ, цавӕр цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, Паддзахады залы исчи ӕхцайы куыст кӕныныл куы архайа, уымӕ? (Иоан. 2:15, 16; 1 Кор. 10:24, 31–33).

90-ӕм радзырд

Цъайы цур

  1. Йесо Самарийы цъайы цур цӕмӕн ӕрлӕууыд ӕмӕ уым сылгоймагӕн цы загъта?

  2. Сылгоймаг цӕмӕн дис кӕны Йесойы ныхӕстыл?

  3. Йесо доны кой куы скодта, уӕд сылгоймаг цавӕр доныл ахъуыды кодта, фӕлӕ Йесо ӕцӕгӕй та цавӕр доны тыххӕй дзырдта?

  4. Йесо йын йӕ хабӕрттӕ кӕй зоны, ууыл сылгоймаг цӕмӕн дис кӕны, ӕмӕ Йесо уыцы хабӕрттӕ кӕцӕй зоны?

  5. Цъайы цур цы ’рцыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Иоанны 4:5–43.

    1. Йесойы фӕзмгӕйӕ мах дӕр цавӕр цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм ӕндӕр адӕмыхӕттытӕм кӕнӕ, ӕндӕрхуызон уавӕрты чи цӕры, уыдонмӕ? (Иоан. 4:9; 1 Кор. 9:22; 1 Тим. 2:3, 4; Тит. 2:11).

    2. Йесойы ахуыргӕнинаг чи свӕййы, уый цавӕр хорзӕхтӕй схайджын вӕййы? (Иоан. 4:14; Ис. 58:11; 2 Кор. 4:16).

    3. Самариаг сылгоймаг цы базыдта, уый ӕвӕстиатӕй иннӕтӕн дзурын куыд райдыдта, афтӕ махӕн дӕр нӕ бон куыд у, ӕцӕгадӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый ӕвдисын? (Иоан. 4:7, 28; Матф. 6:33; Лук. 10:40–42).

91-ӕм радзырд

Йесо амоны хохыл

  1. Нывы Йесо кӕм амоны ӕмӕ йӕм ӕввахс чи бады, уыдон чи сты?

  2. Дыууадӕс апостолы куыд хуыйнынц?

  3. Йесо цы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕны, уый цы у?

  4. Йесо адӕмы цӕуыл ахуыр кӕны кувын?

  5. Адӕм кӕрӕдзимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, уый тыххӕй Йесо цы дзуры?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Матфейы 5:1–12.

    Ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый кӕй ӕмбарӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын? (Матф. 5:3; Ром. 10:13–15; 1 Тим. 4:13, 15, 16).

  2. Бакӕс Матфейы 5:21–26.

    Матфейы 5:23, 24 куыд зыны, не ’фсымӕртӕм цы зӕрдӕ дарӕм, уый нӕ ахастытыл Иегъовӕимӕ кӕй ӕндавы? (Матф. 6:14, 15; Пс. 132:1; Кол. 3:13; 1 Иоан. 4:20).

  3. Бакӕс Матфейы 6:1–8.

    Чырыстӕттӕ сӕхи иннӕтӕй хуыздӕр цавӕр хъуыддӕгты хъуамӕ ма хоной? (Лук. 18:11, 12; 1 Кор. 4:6, 7; 2 Кор. 9:7).

  4. Бакӕс Матфейы 6:25–34.

    Цардамӕлттӕ кӕныны хъуыддаджы Иегъовӕйыл нӕ ныфс кӕй хъуамӕ дарӕм, уый фӕдыл Йесо цы амыдта? (Рац. 16:4; Пс. 36:25; Фил. 4:6).

  5. Бакӕс Матфейы 7:1–11.

    Матфейы 7:5 цы ирд цӕстуынгӕ цӕвиттон ис, уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны? (Ӕмб. 26:12; Ром. 2:1; 14:10; Иак. 4:11, 12).

92-ӕм радзырд

Йесо ӕгас кӕны мӕрдты

  1. Нывы цы чызг ис, уымӕн йӕ фыд чи у ӕмӕ йӕ бинойнагимӕ сӕхи мӕтӕй цӕмӕн хордтой?

  2. Иаир Йесойы куы ссардта, уӕд цы ми бакодта?

  3. Цы ’рцыд, Йесо Иаиры хӕдзармӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд, ӕмӕ фӕндагыл Иаирӕн цы фехъусын кодтой?

  4. Иаиры хӕдзары цы адӕм уыд, уыдон Йесойыл цӕмӕн худынц?

  5. Йесо йӕ ӕртӕ апостолы, чызджы фыд ӕмӕ мады уатмӕ куы бакодта, уӕд цы сарӕзта?

  6. Йесо ма кӕй райгас кодта ӕмӕ уый цӕуыл дзурӕг у?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Лукайы 8:40–56.

    Йесо тугнизӕй рынчын сылгоймагӕн куыд фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ уавӕры куыд бацыд, уымӕй абон чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц? (Лук. 8:43, 44, 47, 48; Лев. 15:25–27; Матф. 9:12, 13; Кол. 3:12–14).

  2. Бакӕс Лукайы 7:11–17.

    Йесо Наины сахарӕй идӕдз усӕн цы загъта, уый зианджынтӕн стыр ныфсы хос цӕмӕн у? (Лук. 7:13; 2 Кор. 1:3, 4; Дзут. 4:15).

  3. Бакӕс Иоанны 11:17–44.

    Адӕймаг бирӕ кӕй уарзта, уый мардыл кӕуын худинаг кӕй нӕу, уый Йесо куыд равдыста? (Иоан. 11:33–36, 38; 2 Пад. 18:33; 19:1–4).

93-ӕм радзырд

Йесо бафсӕста бирӕ адӕмы

  1. Аргъауӕг Иоанныл цавӕр ӕвирхъау хабар ӕрцыд ӕмӕ Йесо уый тыххӕй куыд фӕци?

  2. Йесо, йӕ фӕдыл цы адӕм ацыд, уыдоны куыд бафсӕста ӕмӕ уый фӕстӕ къӕбӕртӕй цас баззад?

  3. Ахуыргӕнинӕгтӕ ӕхсӕвы цӕмӕн фӕтарстысты ӕмӕ Петрыл цы ’рцыд?

  4. Ноджы ма иу хатт Йесо мингай адӕймӕгты куыд бафсӕста?

  5. Хуыцау Йесойӕн зӕххыл паддзахиуӕг кӕныны бар куы радта, уӕд уый хорз цӕмӕн уыдзӕн?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Матфейы 14:1–32.

    1. Матфейы 14:23–32 фыст хабӕрттӕй Петры тыххӕй цы ис базонӕн?

    2. Петр фӕлтӕрд чырыстон кӕй сси ӕмӕ афтӕ тӕвдтуг кӕй нал уыд, уый Фыстадӕй куыд зыны? (Матф. 14:27–30; Иоан. 18:10; 21:7; Ап. к. 2:14, 37–40; 1 Пет. 5:6, 10).

  2. Бакӕс Матфейы 15:29–38.

    Йесо йӕ Фыды лӕвӕрттӕн кӕй аргъ кӕны, уый куыд равдыста? (Матф. 15:37; Иоан. 6:12; Кол. 3:15).

  3. Бакӕс Иоанны 6:1–21.

    Йесойӕн хицауадмӕ цы ахаст уыд, уый абоны чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у фӕзмын? (Иоан. 6:15; Матф. 22:21; Ром. 12:2; 13:1–4).

94-ӕм радзырд

Йесо уарзы сабиты

  1. Апостолтӕ дард балцӕй куы здӕхтысты, уӕд фӕндагыл цӕуыл быцӕу кодтой?

  2. Йесо гыццыл лӕппумӕ цӕмӕн фӕдзырдта ӕмӕ йӕ апостолты раз цӕмӕн слӕууын кодта?

  3. Апостолтӕ гыццыл сывӕллӕтты хуызӕн цӕмӕй хъуамӕ уыдаиккой?

  4. Йесо сывӕллӕтты кӕй уарзы, уый цалдӕр мӕйы фӕстӕ куыд равдыста?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Матфейы 18:1–4.

    Йесо исты бацамонынӕн цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ цӕмӕн хаста? (Матф. 13:34, 36; Маркы 4:33, 34).

  2. Бакӕс Матфейы 19:13–15.

    Цӕмӕй Паддзахады хорзӕхтӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй нӕ гыццыл сывӕллӕтты цавӕр хъуыддаджы хъӕуы фӕзмын? (Пс. 24:9; 137:6; 1 Кор. 14:20).

  3. Бакӕс Маркы 9:33–37.

    Стырдӕр бынатмӕ тырныны фӕдыл Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты цӕуыл ахуыр кодта? (Маркы 9:35; Матф. 20:25, 26; Гал. 6:3; Фил. 2:5–8).

  4. Бакӕс Маркы 10:13–16.

    Йесо куыд хуымӕтӕг уыд ӕмӕ чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнынц? (Маркы 6:30–34; Фил. 2:1–4; 1 Тим. 4:12).

95-ӕм радзырд

Йесо адӕмы куыд ахуыр кӕны

  1. Иу лӕг Йесойы куыд бафарста ӕмӕ цӕмӕн?

  2. Йесо хаттӕй-хатт зонд цӕй фӕрцы бацамоны, ӕмӕ иудейтӕ ӕмӕ самариӕгты тыххӕй айразмӕ цы базыдтам?

  3. Йесо цы хабар ракодта, уым иу иудейыл Иерихонмӕ цӕугӕйӕ цы ’рцыд?

  4. Фӕндагыл иудейаг сауджын ӕмӕ левит куы фӕцӕйцыдысты, уӕд куыд бакодтой?

  5. Нывы фыднад иудейӕн чи ӕххуыс кӕны?

  6. Йесо хабар куы радзырдта, уӕд цавӕр фарст радта ӕмӕ йын уыцы лӕг цы загъта?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Лукайы 10:25–37.

    1. Йесо комкоммӕ дзуапп раттыны бӕсты, Закъон чи зыдта, уыцы нӕлгоймагӕн ахъуыды кӕнынӕн куыд баххуыс кодта? (Лук. 10:26; Матф. 16:13–16).

    2. Цӕмӕй йӕ ныхасмӕхъусджытӕ ӕнӕрвӕссон мауал уыдаиккой, уый тыххӕй Йесо цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй куыд пайда кодта? (Лук. 10:36, 37; 18:9–14; Тит. 1:9).

96-ӕм радзырд

Йесо дзӕбӕх кӕны рынчынты

  1. Йесо ӕгас бӕстыл куы зылд, уӕд цы куыста?

  2. Йесойы аргъуыды фӕстӕ ӕртӕ азы бӕрц куы рацыд, уӕд йӕ апостолтӕн цы загъта?

  3. Нывы ацы адӕм чи сты ӕмӕ Йесо ацы сылгоймагӕн цы сарӕзта?

  4. Дины разамонджыты ӕфхӕрӕн ныхӕстӕн Йесо цы дзуапп радта, уымӕн сӕ бон цӕуылнӕ уал сси исты зӕгъын?

  5. Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ Иерихоны цур куы уыдысты, уӕд Йесо дыууӕ мӕгуыргур куырм лӕгӕн цы сарӕзта?

  6. Йесо диссӕгтӕ цӕмӕн арӕзта?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Матфейы 15:30, 31.

    Йесо цы арӕзта, уым Иегъовӕйы диссаджы тых куыд рабӕрӕг ӕмӕ нын уый, Иегъовӕ ног дунейы тыххӕй зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый фӕдыл цӕуыл дзурӕг у? (Пс. 36:29; Ис. 33:24).

  2. Бакӕс Лукайы 13:10–17.

    Йесо йӕ иууыл стырдӕр диссӕгтӕй бирӕтӕ сабаты кӕй сарӕзта, уымӕй куыд зыны, йӕ Миназон хицаудзинады рӕстӕджы адӕмӕн цы удӕнцой ӕрхӕсдзӕн, уый? (Лук. 13:10–13; Пс. 45:10; Матф. 12:8; Кол. 2:16, 17; Рарг. 21:1–4).

  3. Бакӕс Матфейы 20:29–34.

    Ацы хабар нын куыд ӕвдисы, Йесо афтӕ ӕнӕвдӕлон кӕй никуы уыд, цӕмӕй адӕмӕн ма баххуыс кодтаид, ӕмӕ мах уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Дык. з 15:7; Иак. 2:15, 16; 1 Иоан. 3:17).

97-ӕм радзырд

Йесо паддзахы цыд бакодта

  1. Йесо Иерусалиммӕ хӕстӕг гыццыл хъӕумӕ куы бахӕццӕ, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы загъта?

  2. Нывы куыд уынӕм, афтӕмӕй Йесо Иерусалиммӕ куы бахӕстӕг, уӕд цы ’рцыд?

  3. Сывӕллӕттӕ Йесойы куырмыты ӕмӕ цӕнкуылты дзӕбӕхгӕнгӕйӕ куы федтой, уӕд цы сарӕзтой?

  4. Йесо мӕстджын сауджынтӕн цы загъта?

  5. Йесойы чи кадджын кодта, уыцы сывӕллӕтты нӕ бон куыд у фӕзмын?

  6. Ахуыргӕнинӕгты цавӕр фарст цымыдис кӕны?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Матфейы 21:1–17.

    1. Йесо Иерусалиммӕ паддзахы цыд куыд бакодта, уый куыд хицӕн кӕны, Ромы инӕлартӕ-иу цы цыдӕй бацыдысты, уымӕй? (Матф. 21:4, 5; Зах. 9:9; Фил. 2:5–8; Кол. 2:15).

    2. Йесо кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд израилаг лӕппутӕ 117 псаломы ныхӕстӕ кӕй фӕлхат кодтой, уымӕй ӕрыгӕттӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц? (Матф. 21:9, 15; Пс. 117:25, 26; 2 Тим. 3:15; 2 Пет. 3:18).

  2. Бакӕс Иоанны 12:12–16.

    Йесойы чи кадджын кодта, уыцы адӕмӕн сӕ къухы пальмӕйы къалиутӕ кӕй уыд, уый цы нысан кодта? (Иоан. 12:13; Фил. 2:10; Рарг. 7:9, 10).

98-ӕм радзырд

Елеоны хохыл

  1. Нывы ацы нӕлгоймӕгтӕй Йесо кӕцы у ӕмӕ ма йемӕ чи ис?

  2. Сауджынтӕ Йесойӕн кувӕндоны цы бакӕнынмӕ хъавыдысты ӕмӕ сын уый цы загъта?

  3. Апостолтӕ Йесойы цӕмӕй фӕрсынц?

  4. Йесо уӕларвыл куы паддзахиуӕг кӕна, уӕд зӕххыл цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уыдонӕй иуӕй-иуты тыххӕй йӕ апостолтӕн цӕмӕн дзуры?

  5. Зӕххыл цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ цӕуы, цалынмӕ уыдонӕн Йесо кӕрон не скӕна, уӕдмӕ ма цы хъуамӕ ӕрцӕуа йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Матфейы 23:1–39.

    1. Кӕд Фыстадмӕ гӕсгӕ кады нӕмттӕй ис пайда кӕнӕн, уӕддӕр Йесо Матфейы 23:8–11 цы загъта, уый цы амоны чырыстон ӕмбырды зӕрдӕ ӕлхӕнынӕн кады нӕмттӕй пайда кӕныны тыххӕй? (Ап. к. 26:25; Ром. 13:7; 1 Пет. 2:13, 14).

    2. Фарисейтӕ цы арӕзтой, цӕмӕй адӕм чырыстӕттӕ ма суыдаиккой, уый тыххӕй, ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр дины кусджытӕ уыдонау куыд архайынц? (Матф. 23:13; Лук. 11:52; Иоан. 9:22; 12:42; 1 Фес. 2:16).

  2. Бакӕс Матфейы 24:1–14.

    1. Фӕразондзинад ӕнӕмӕнгхъӕугӕ кӕй у, уый Матфейы 24:13 куыд зыны?

    2. Матфейы 24:13 дзырд «кӕронмӕ» цӕмӕ амоны? (Матф. 16:27; Ром. 14:10–12; 2 Кор. 5:10).

  3. Бакӕс Маркы 13:3–10.

    Хорз хабар ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын кӕй хъӕуы, уый Маркы 13:10 цавӕр дзырдӕй у бӕрӕг ӕмӕ ныл Йесойы ныхӕстӕ куыд хъуамӕ ӕндавой? (Ром. 13:11, 12; 1 Кор. 7:29–31; 2 Тим. 4:2).

99-ӕм радзырд

Уӕллаг уаты

  1. Нывӕй куыд зыны, афтӕмӕй Йесо ӕмӕ йӕ дыууадӕс апостолы уӕллаг уаты цӕмӕн сты?

  2. Дуарӕй чи фӕхизы, уыцы лӕг чи у ӕмӕ цы аразынвӕнд кӕны?

  3. Куадзӕны ӕхсӕвӕр куы бахордтой, уӕд Йесо цавӕр ӕндӕр ног ӕхсӕвӕр райдыдта?

  4. Куадзӕн израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл цавӕр хабар лӕууын кодта ӕмӕ ацы сӕрмагонд ӕхсӕвӕр та Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн сӕ зӕрдыл цы лӕууын кӕны?

  5. Ӕхсӕвӕры фӕстӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы загъта ӕмӕ стӕй цы куыстой?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Матфейы 26:14–30.

    1. Матфейы 26:15 куыд зыны, Иудӕ Йесойы зонгӕ-зонын кӕй ауӕй кодта, уый?

    2. Йесо йӕ туг цавӕр дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй ныккалдта? (Матф. 26:27, 28; Иер. 31:31–33; Еф. 1:7; Дзут. 9:19, 20).

  2. Бакӕс Лукайы 22:1–39.

    Сайтан Хӕйрӕг Иудӕйы бацыд, зӕгъгӕ, куыд ӕмбаргӕ у? (Лук. 22:3; Иоан. 13:2; Ап. к. 1:24, 25).

  3. Бакӕс Иоанны 13:1–20.

    1. Иоанны 13:2 цы дзырдӕуы, уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Иудӕ, цы арӕзта, уый не ’мбӕрста, ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн ацы хабарӕй сӕ бон цы у зондӕн райсын? (Уӕв. 4:7; 2 Кор. 2:11; Гал. 6:1; Иак. 1:13, 14).

    2. Йесо цы сарӕзта ӕмӕ йӕ уымӕй йӕ апостолты зонды цы фӕндыди ныффидар кӕнын? (Иоан. 13:15; Матф. 23:11; 1 Пет. 2:21).

  4. Бакӕс Иоанны 17:1–26.

    Йесойы цы зӕгъын фӕндыд, куы куывта, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ «уой иу»? (Иоан. 17:11, 21–23; Ром. 13:8; 14:19; Кол. 3:14).

100-ӕм радзырд

Йесо дыргъдоны

  1. Йесо ӕмӕ апостолтӕ уӕллаг уатӕй куы рацыдысты, уӕд кӕдӕм араст сты ӕмӕ сын Йесо цы дзуры?

  2. Апостолтӕ кӕм уыдысты, уырдӕм Йесо куы ’рбаздӕхт уӕд цы куыстой ӕмӕ сӕ цал хатты ӕрбаййӕфта афтӕмӕй?

  3. Дыргъдонмӕ чи ӕрбацыд ӕмӕ нывы куыд зыны, афтӕмӕй Искариотаг Иудӕ цы ми кӕны?

  4. Иудӕ Йесойӕн цӕмӕн апъа кодта ӕмӕ Петр цы бакодта?

  5. Йесо Петрӕн цы загъта ӕмӕ Хуыцауӕй цӕуылнӕ куры, цӕмӕй йӕм зӕдты рарвита?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Матфейы 26:36–56.

    1. Йесо йӕ апостолтӕн уынаффӕтӕ куыд лӕвӕрдта, уый абоны чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕн хорз цӕвиттон цӕмӕй у? (Матф. 20:25–28; 26:40, 41; Гал. 5:17; Еф. 4:29, 31, 32).

    2. Йесо цы хъуыды кодта адӕймагмӕ хӕцӕнгарз сисыны тыххӕй? (Матф. 26:52; Лук. 6:27, 28; Иоан. 18:36).

  2. Бакӕс Лукайы 22:39–53.

    Гефсиманы дыргъдоны зӕд Йесойы кӕй фидар кодта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йесойӕн йӕ уырнындзинад фӕцудыдта? Бамбарын ӕй кӕн. (Лук. 22:41–43; Ис. 49:8; Матф. 4:10, 11; Дзут. 5:7)

  3. Бакӕс Иоанны 18:1–12.

    Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты йе знӕгтӕй куыд бахызта ӕмӕ нын уый цӕуыл дзурӕг у? (Иоан. 10:11, 12; 18:1, 6–9; Дзут. 13:6; Иак. 2:25).

101-ӕм радзырд

Йесойы мӕлӕт

  1. Йесойы мӕлӕты сӕйраджыдӕр аххосджын чи у?

  2. Дины разамонджытӕ Йесойы куы ’рцахстой, уӕд апостолтӕ цы ми бакодтой?

  3. Хистӕр сауджын Каиафӕйы хӕдзары цы ’рцыд?

  4. Петр ӕддӕмӕ цӕмӕн ацыд ӕмӕ цӕмӕн ныккуыдта?

  5. Йесойы фӕстӕмӕ Пилатмӕ куы ’рбакодтой, уӕд сауджынтӕ цы хъӕр кодтой?

  6. Йесойыл майрӕмбоны бонӕй цы ’рцыд ӕмӕ йӕ фарсмӕ цӕджындзыл цы фыдгӕнӕг уыд ауыгъд, уымӕн ныфс цӕмӕй бавӕрдта?

  7. Йесо цы Дзӕнӕты кой кодта, уый кӕм уыдзӕн?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Матфейы 26:57–75.

    Иудейты сӕйраг тӕрхондоны уӕнгтӕ фыдзӕрдӕ адӕм кӕй уыдысты, уый куыд рабӕрӕг? (Матф. 26:59, 67, 68).

  2. Бакӕс Матфейы 27:1–50.

    Цӕмӕн у нӕ бон зӕгъын, ӕмӕ Иудӕ зӕрдӕйӕ кӕй не ’фӕсмон кодта? (Матф. 27:3, 4; Маркы 3:29; 14:21; 2 Кор. 7:10, 11).

  3. Бакӕс Лукайы 22:54–71.

    Йесойыл гадзрахатӕй куы рацыдысты ӕмӕ йӕ куы ’рцахстой, уыцы ӕхсӕв ыл Петр кӕй бавдисӕн кодта, уый нын зондзонӕн куыд у? (Лук. 22:60–62; Матф. 26:31–35; 1 Кор. 10:12).

  4. Бакӕс Лукайы 23:1–49.

    Йесойы рӕстӕй куы ’фхӕрдтой, уӕд йӕхи куыд дардта ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Лук. 23:33, 34; Ром. 12:17–19; 1 Пет. 2:23).

  5. Бакӕс Иоанны 18:12–40.

    Петрыл иу уысммӕ адӕмы тас кӕй фӕтых, фӕлӕ стӕй фӕстӕмӕ кӕй сфидар ӕмӕ зындгонд апостол кӕй сси, уый цӕуыл дзурӕг у? (Иоан. 18:25–27; 1 Кор. 4:2; 1 Пет. 3:14, 15; 5:8, 9).

  6. Бакӕс Иоанны 19:1–30.

    1. Йесо мулкмӕ цы цӕстӕй каст? (Иоан. 2:1, 2, 9, 10; 19:23, 24; Матф. 6:31, 32; 8:20).

    2. Йесо йӕ мӕлӕты размӕ, цы ныхӕстӕ загъта, уыдон диссаджы ӕвдисӕн куыд сты, Иегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй хӕцыд, уымӕн? (Иоан. 16:33; 19:30; 2 Пет. 3:14; 1 Иоан. 5:4).

102-ӕм радзырд

Йесо райгас

  1. Нывы ацы сылгоймаг ӕмӕ дыууӕ нӕлгоймаджы чи сты ӕмӕ кӕм сты?

  2. Пилат сауджынтӕн цӕмӕн загъта, цӕмӕй ӕфсӕддонты Йесойы зӕппадз хъахъхъӕнынмӕ арвитой?

  3. Йесойы мӕлӕты фӕстӕ ӕртыккаг бон райсомӕй раджы зӕд цы сарӕзта, фӕлӕ сауджынтӕ цы бакодтой?

  4. Сылгоймӕгтӕй чидӕртӕ Йесойы зӕппадзмӕ куы ’рбацыдысты, уӕд дисы цӕмӕн бахаудысты?

  5. Петр ӕмӕ Иоанн Йесойы зӕппадзмӕ цӕмӕн згъорынц ӕмӕ дзы цы федтой?

  6. Йесойы буар цы фӕци, фӕлӕ Йесо цы сарӕзта, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгты бауырна, ӕцӕгдӕр кӕй райгас?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Матфейы 27:62–66 ӕмӕ 28:1–15.

    Йесо куы райгас, уӕд хистӕр сауджынтӕ, фарисейтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сыгъдӕг уды ныхмӕ тӕригъӕд куыд ракодтой? (Матф. 12:24, 31, 32; 28:11–15).

  2. Бакӕс Лукайы 24:1–12.

    Йесо куы райгас, уӕд цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй куыд зыны, Иегъовӕйы цӕсты сылгоймӕгтӕ ӕууӕнчы аккаг ӕвдисӕнтӕ кӕй сты? (Лук. 24:4, 9, 10; Матф. 28:1–7).

  3. Бакӕс Иоанны 20:1–12.

    Библийы пехуымпарады сӕххӕст кӕронмӕ куы нӕ ӕмбарӕм, уӕд фӕразон кӕй хъуамӕ уӕм, уый нын Иоанны 20:8, 9 куыд ӕвдисы? (Ӕмб. 4:18; Матф. 17:22, 23; Лук. 24:5–8; Иоан. 16:12).

103-ӕм радзырд

Ӕхгӕд уаты

  1. Мариа дыргъдонгӕс цы лӕджы фенхъӕлдта, уымӕн цы загъта, фӕлӕ стӕй цӕй фӕрцы базыдта, уый Йесо йӕхӕдӕг кӕй уыд?

  2. Еммаусы хъӕумӕ цы дыууӕ ахуыргӕнинаджы фӕцӕйцыд, уыдоныл фӕндагыл цы ’рцыд?

  3. Дыууӕ ахуыргӕнинаджы апостолтӕн куы дзырдтой, зӕгъгӕ, Йесойы федтам, уӕд цы диссаджы хабар ӕрцыд?

  4. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕм цал хатты фӕзынд?

  5. Ахуыргӕнинӕгтӕ Фомайӕн куы дзырдтой, Хицауы кӕй федтой, уый тыххӕй, уӕд сын уый цы загъта, фӕлӕ аст боны фӕстӕ цы ’рцыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Иоанны 20:11–29.

    Цымӕ Иоанны 20:23 Йесо афтӕ загъта, ӕмӕ адӕмӕн сӕ бон у тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнын? Бамбарын ӕй кӕн. (Пс. 48:3, 8; Ис. 55:7; 1 Тим. 2:5, 6; 1 Иоан. 2:1, 2).

  2. Бакӕс Лукайы 24:13–43.

    Куыд у нӕ бон нӕ зӕрдӕ афтӕ бацӕттӕ кӕнын, ӕмӕ Библийы ӕцӕгад исынхъом уа? (Лук. 24:32, 33; Езд. 7:10; Матф. 5:3; Ап. к. 16:14; Дзут. 5:11–14).

104-ӕм радзырд

Йесо аздӕхт уӕларвмӕ

  1. Иу хатт Йесойы иумӕ цал ахуыргӕнинаджы федта ӕмӕ семӕ цӕй тыххӕй дзырдта?

  2. Цы у Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йесо миназы дӕргъы куы паддзахиуӕг кӕна, уӕд зӕххыл цард цыхуызӕн уыдзӕн?

  3. Цал боны дӕргъы-иу фӕзынд Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, фӕлӕ ныр цы хъуамӕ сараза?

  4. Йесо ма йӕ ацыды размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы загъта?

  5. Нывы цы уыныс ӕмӕ Йесо куыд бааууон?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 15:3–8.

    Йесо кӕй райгас, уый тыххӕй апостол Павел афтӕ ныфсджынӕй цӕмӕн дзырдта ӕмӕ абон дӕр чырыстӕттӕ ныфсджынӕй цӕуыл дзурынц? (1 Кор. 15:4, 7, 8; Ис. 2:2, 3; Матф. 24:14; 2 Тим. 3:1–5).

  2. Бакӕс Куыстытӕ 1:1–11.

    Куыстыты 1:8 развӕлгъау куыд уыд загъд, афтӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг кӕйонг анхъӕвзта? (Ап. к. 6:7; 9:31; 11:19–21; Кол. 1:23).

105-ӕм радзырд

Ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Иерусалимы

  1. Нывы куыд зыны, афтӕмӕй, Иерусалимы чи ӕнхъӕлмӕ каст, Йесойы уыцы ахуыргӕнинӕгтыл цы ’рцыд?

  2. Иерусалиммӕ чи ’рцыд, уыдон цы диссаг хабар федтой?

  3. Петр адӕмӕн цы ӕмбарын кӕны?

  4. Адӕм Петрмӕ хъусгӕйӕ сӕхи куыд хатынц ӕмӕ сын Петр цы загъта?

  5. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны цал адӕймаджы райста донаргъуыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Куыстытӕ 2:1–47.

    1. Куыстыты 2:23, 36 фыст Петры ныхӕстӕй куыд зыны, ӕппӕт иудейтӕ дӕр кӕй уыдысты аххосджын Йесойы мӕлӕты? (1 Фес. 2:14, 15).

    2. Петр Фыстады бындурыл куыд ныхас кодта, уымӕй фӕзминаг куыд у? (Ап. к. 2:16, 17, 29, 31, 36, 39; Кол. 4:6).

    3. Йесо Петрӕн зӕрдӕ цы «Уӕларвон Паддзахады дӕгъӕлтӕй» бавӕрдта, уыдонӕй фыццагӕй апостол куыд спайда кодта? (Ап. к. 2:14, 22–24, 37, 38; Матф. 16:19).

106-ӕм радзырд

Ссӕрибар сты ахӕстонӕй

  1. Иу хатт фӕссихор Петр ӕмӕ Иоанн кувӕндонмӕ куы ацыдысты, уӕд сыл цы ’рцыд?

  2. Петр къуылых лӕгӕн цы загъта ӕмӕ йын ахӕмӕй цы радта, ӕхцайӕ зынаргъдӕр цы уыд?

  3. Дины разамонджытӕ мӕстӕй цӕуыл рафыхтысты ӕмӕ Петр ӕмӕ Иоаннӕн цы бакодтой?

  4. Петр дины разамонджытӕн цы загъта, ӕмӕ апостолты цӕмӕй бафӕдзӕхстӕуыд?

  5. Дины разамонджытӕ цӕмӕ хӕлӕг кӕнынц, фӕлӕ апостолты ахӕстоны дыккаг хатт куы бакодтой, уӕд цы ’рцыд?

  6. Апостолты синедрионмӕ куы бакодтой, уӕд цы загътой?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Куыстытӕ 3:1–10.

    Кӕд махӕн нӕ бон нӕу диссӕгтӕ аразын, уӕддӕр нын Куыстыты 3:6 фыст Петры ныхӕстӕ куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Паддзахады хабарӕн аргъ кӕнӕм? (Иоан. 17:3; 2 Кор. 5:18–20; Фил. 3:8).

  2. Бакӕс Куыстытӕ 4:1–31.

    Уацамынды нӕ ныхмӕ куы дзурой, уӕд мах дӕр фыццаг ӕнусы чырыстон ӕфсымӕртау цы хъӕуы аразын? (Ап. к. 4:29, 31; Еф. 6:18–20; 1 Фес. 2:2).

  3. Бакӕс Куыстытӕ 5:17–42.

    Ивгъуыд заманты ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр, Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонӕй иуӕй-иутӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы тыххӕй раст хатдзӕгтӕ куыд скодтой? (Ап. к. 5:34–39).

107-ӕм радзырд

Стефаны дуртӕй марынц

  1. Чи у Стефан ӕмӕ Хуыцауы ӕххуысӕй цы аразы?

  2. Дины разамонджытӕ Стефанмӕ цӕмӕн смӕсты сты?

  3. Лӕгтӕ Стефаны сахарӕй ӕддӕмӕ сӕ фӕдыл куы раластой, уӕд ын цы бакодтой?

  4. Нывы дарӕсы цур цы лӕппулӕг лӕууы, уый чи у?

  5. Стефан йӕ мӕлӕты размӕ Иегъовӕмӕ цӕй тыххӕй кувы?

  6. Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд Стефанау мах дӕр цы кӕнын хъӕуы?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Куыстытӕ 6:8–15.

    Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъусын кӕныны хъуыддаг бакъуылымпы кӕныны охыл дины разамонджытӕ цавӕр фӕлывд митӕ кӕнынц? (Ап. к. 6:9, 11, 13).

  2. Бакӕс Куыстытӕ 7:1–60.

    1. Синедрионы раз Стефан хорз хабары сӕрыл ӕнтыстджынӕй цӕй фӕрцы дзырдта ӕмӕ мах Стефанӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Ап. к. 7:51–53; Ром. 15:4; 2 Тим. 3:14–17; 1 Пет. 3:15).

    2. Нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонмӕ цы зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм? (Ап. к. 7:58–60; Матф. 5:44; Лук. 23:33, 34).

108-ӕм радзырд

Дамаскмӕ фӕндагыл

  1. Стефаны мӕлӕты фӕстӕ Савл цы куыста?

  2. Савлыл Дамаскмӕ цӕугӕйӕ цавӕр ӕнахуыр хабар ӕрцыд?

  3. Йесо Савлӕн цы загъта?

  4. Цавӕр амындтӕ радта Йесо Ананийӕн ӕмӕ та Савл ногӕй куыд райдыдта уынын?

  5. Савлы цавӕр номӕй райдыдтой хонын ӕмӕ йын цавӕр хъуыддаг бахӕсчындӕуыд?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Куыстытӕ 8:1–4.

    Ног чырыстон ӕмбырд цы фӕдылзылдыл сӕмбӕлд, уый чырыстон дин парахат кӕнынӕн куыд фӕахъаз ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр ахӕмӕй цы ’рцӕуы? (Ап. к. 8:4; Ис. 54:17).

  2. Бакӕс Куыстытӕ 9:1–20.

    Йесойы цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы фӕндыд Савлӕн бахӕс кӕнын? (Ап. к. 9:15; 13:5; 26:1; 27:24; Ром. 11:13).

  3. Бакӕс Куыстытӕ 22:6–16.

    Куыд у нӕ бон Ананийы фӕзмын ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у? (Ап. к. 22:12; 1 Тим. 3:7; 1 Пет. 1:14–16; 2:12).

  4. Бакӕс Куыстытӕ 26:8–20.

    Савл чырыстон дин кӕй райста, уый ныфсы хос куыд у, йе ’мкъай уырнӕг кӕмӕн нӕу, уыдонӕн? (Ап. к. 26:11; 1 Тим. 1:14–16; 2 Тим. 4:2; 1 Пет. 3:1–3).

109-ӕм радзырд

Петр ӕрбацыд Корнилимӕ

  1. Нывы йӕ зонгуытыл чи ӕрхауд, уый чи у?

  2. Зӕд Корнилийӕн цы загъта?

  3. Петр Иоппийы Симоны хӕдзары тъӕпӕн сӕрыл куы уыди, уӕд ын Хуыцау цӕстылуайӕны цы фенын кодта?

  4. Цӕмӕн загъта Петр Корнилийӕн, цӕмӕй йӕ разы зонгуытыл ма лӕууа ӕмӕ йын ма табу кӕна?

  5. Петримӕ иудейтӕй цы ахуыргӕнинӕгтӕ уыд, уыдон дисы цӕмӕн бахаудысты?

  6. Цы у нӕ бон зондӕн райсын, Петр Корнилимӕ кӕй бацыд, уымӕй?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Куыстытӕ 10:1–48.

    Куыстыты 10:42 Петр цы загъта, уый нын Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы тыххӕй цы ’вдисы? (Матф. 28:19; Маркы 13:10; Ап. к. 1:8).

  2. Бакӕс Куыстытӕ 11:1–18.

    Иегъовӕ муртатты тыххӕй йӕ фӕндон куы раргом кодта, уӕд Петр йӕхи куыд равдыста ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон куыд у уый фӕзмын? (Ап. к. 11:17, 18; 2 Кор. 10:5; Еф. 5:17).

110-ӕм радзырд

Тимофей – Павелы ног ӕххуысгӕнӕг

  1. Нывы ацы лӕппу чи у, кӕм цӕры, йӕ мад ӕмӕ йӕ мадымад цы хуыйнынц?

  2. Павел Тимофейы куы бафарста, зӕгъгӕ дӕ нӕ фӕнды мемӕ ӕмӕ Силӕимӕ дард рӕтты цӕрӕг адӕмӕн хъусын кӕнын, уӕд ын уый цы загъта?

  3. Йесойы фӕдылдзӕуджыты фыццаг хатт чырыстӕттӕ хонын кӕм райдыдтой?

  4. Павел, Силӕ ӕмӕ Тимофей Листрӕйӕ куы ацыдысты, уӕд цавӕр сахартӕм араст сты?

  5. Тимофей Павелӕн куыд баххуыс кодта ӕмӕ цавӕр фарстыл хъуамӕ ахъуыды кӕной абоны ӕрыгӕттӕ?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Куыстытӕ 9:19–30.

    Знӕгтӕ хорз хабар хъусын кӕныны ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд апостол Павел ӕмбаргӕдзинад куыд равдыста? (Ап. к. 9:22–25, 29, 30; Матф. 10:16).

  2. Бакӕс Куыстытӕ 11:19–26.

    Куыстыты 11:19–21, 26 куыд у бӕрӕг, Иегъовӕйы сыгъдӕг уд хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд кӕй дӕтты?

  3. Бакӕс Куыстытӕ 13:13–16, 42–52.

    Куыстыты 13:51, 52 куыд зыны, ахуыргӕнинӕгтӕн кӕд сӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр сӕ ныфс кӕй нӕ асаст? (Матф. 10:14; Ап. к. 18:6; 1 Пет. 4:14).

  4. Бакӕс Куыстытӕ 14:1–6, 19–28.

    Дзырдтӕ «Хицауы бар сӕ бакодтой», зӕгъгӕ, махӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй ногтӕн ӕххуысгӕнгӕйӕ, ӕгӕр ма тыхсӕм? (Ап. к. 14:21–23; 20:32; Иоан. 6:44).

  5. Бакӕс Куыстытӕ 16:1–5.

    Тимофей сунӕт кӕныныл кӕй сразы, уымӕй куыд зыны, «Евангелийы тыххӕй» алцӕуылдӕр разы уӕвын ӕнӕмӕнгхъӕугӕ кӕй у? (Ап. к. 16:3; 1 Кор. 9:23; 1 Фес. 2:8).

  6. Бакӕс Куыстытӕ 18:1–11, 18–22.

    Йесо йӕхӕдӕг хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд кӕй дӕтты, уый Куыстыты 18:9, 10 куыд зыны ӕмӕ нӕ уый цавӕр ныфс уадзы? (Матф. 28:20).

111-ӕм радзырд

Лӕппу бафынӕй

  1. Нывы зӕххыл цы лӕппу хуыссы, уый чи у ӕмӕ йыл цы ’рцыд?

  2. Лӕппу кӕй амард, уый Павел куы федта, уӕд цы сарӕзта?

  3. Павел, Тимофей ӕмӕ се ’мбӕлцӕттӕ кӕдӕм цӕуынц ӕмӕ Милиты куы ’рлӕууыдысты, уӕд цы бакодтой?

  4. Пехуымпар Агав Павелы цӕмӕй бафӕдзӕхста ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Куыстытӕ 20:7–38.

    1. Куыд у нӕ бон, ӕмӕ Павел Куыстыты 20:26, 27 куыд загъта, уымӕ гӕсгӕ уӕм «сыгъдӕг ӕппӕты тугӕй дӕр»? (Иез. 33:8; Ап. к. 18:6, 7).

    2. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ иннӕты ахуыргӕнгӕйӕ «ӕцӕгады дзырдыл» фидар цӕмӕн хъуамӕ хӕцой? (Ап. к. 20:17, 29, 30; Тит. 1:7–9; 2 Тим. 1:13).

  2. Бакӕс Куыстытӕ 26:24–32.

    Павел Ромы ӕмбӕстаг кӕй уыд, уымӕй куыд пайда кодта, Йесо йын йӕ бӕрны цы хъусын кӕныны хъуыддаг бакодта, уый ӕххӕст кӕнынӕн? (Ап. к. 9:15; 16:37, 38; 25:11, 12; 26:32; Лук. 21:12, 13).

112-ӕм радзырд

Наусӕфт сакъадахмӕ ӕввахс

  1. Павел цы науыл бадти, ууыл цы ’рцыд, Криты сакъадахмӕ сӕ бирӕ куы нал хъуыд, уӕд?

  2. Науыл чи уыд, уыдонӕн Павел цы загъта?

  3. Нау куыд ныппырх?

  4. Науыл цы сӕдӕйы хицау уыд, уый цавӕр амындтӕ радта ӕмӕ адӕм былмӕ сӕрӕгасӕй куыд рахызтысты?

  5. Куыд хуыйны, цы сакъадахмӕ рахызтысты, уый, ӕмӕ боныхъӕд куы фӕхуыздӕр, уӕд Павел цы баци?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Куыстытӕ 27:1–44.

    Павел Роммӕ куыд цыди, уыцы хабӕрттӕ кӕсгӕйӕ ноджы тынгдӕр куыд баууӕндӕм, Библийы раст хабӕрттӕ фыст кӕй ис, ууыл? (Ап. к. 27:16–19, 27–32; Лук. 1:3; 2 Тим. 3:16, 17).

  2. Бакӕс Куыстытӕ 28:1–14.

    Мальтӕйыл кӕд муртатт адӕм цард, уӕддӕр апостол Павел ӕмӕ йемӕ наусӕфт чи баййӕфта, уыдонмӕ «гыццыл адӕймагуарзондзинад [кӕй] нӕ равдыстой», уый чырыстӕтты цӕмӕ разӕнгард кӕны ӕмӕ уӕлдайдӕр цавӕр хъуыддаджы? (Ап. к. 28:1, 2; Дзут. 13:1, 2; 1 Пет. 4:9).

113-ӕм радзырд

Павел Ромы

  1. Ромы ахстоны Павел кӕмӕн хъусын кӕны?

  2. Нывы стъолы уӕлхъус чи бады, ӕмӕ Павелӕн цӕмӕй ӕххуыс кӕны?

  3. Чи у Епафродит ӕмӕ Филипптӕм здӕхгӕйӕ йемӕ цы хӕссы?

  4. Павел йе ’ввахс хӕлар Филимонмӕ фыстӕг цӕмӕн фыссы?

  5. Павелы ахӕстонӕй куы рауагътой, уӕд цы ми кӕны ӕмӕ йыл фӕстӕдӕр цы ’рцыд?

  6. Иегъовӕ Библийы фӕстаг чингуытӕ кӕмӕн ныффыссын кодта ӕмӕ нын Раргомады чиныг цӕй тыххӕй дзуры?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Куыстытӕ 28:16–31 ӕмӕ Филиппӕгтӕм 1:13.

    Павел Ромы ахст куы уыд, уӕд йӕ рӕстӕгӕй куыд пайда кодта ӕмӕ йӕ фидар уырнындзинад чырыстон ӕмбырдыл куыд фӕзынд? (Ап. к. 28:23, 30; Фил. 1:14).

  2. Бакӕс Филиппӕгтӕм 2:19–30.

    Павел Тимофей ӕмӕ Епафродитӕй кӕй фӕбузныг, уый цавӕр ныхӕстӕй равдыста ӕмӕ нӕ бон куыд у Павелы фӕзмын? (Фил. 2:20, 22, 25, 29, 30; 1 Кор. 16:18; 1 Фес. 5:12, 13).

  3. Бакӕс Филимонмӕ 1–25.

    1. Павел Филимонӕн цӕй бындурыл дзырдта, цӕмӕй раст бакодтаид ӕмӕ уый абон хистӕр нӕлгоймӕгтӕн разамынд куыд у? (Филим. 9; 2 Кор. 8:8; Гал. 5:13).

    2. Филимонмӕ 13, 14 Павел цы загъта, уымӕй куыд зыны, Павел ӕмбырды иннӕты намысыл кӕй хъуыды кодта? (1 Кор. 8:7, 13; 10:31–33).

  4. Бакӕс 2 Тимофеймӕ 4:7–9.

    Кӕронмӕ иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд нын Иегъовӕ дӕр кӕй раарфӕ кӕндзӕн, ууыл нӕ бон куыд у Павелау нӕ ныфс дарын? (Матф. 24:13; Дзут. 6:10).

114-ӕм радзырд

Ӕвзӕрдзинад нал уыдзӕн

  1. Библи уӕларвон бӕхты кой цӕмӕн кӕны?

  2. Хуыцау зӕххыл ӕвзӕр адӕмимӕ цы хӕсты тох кӕндзӕн, уый куыд хуыйны ӕмӕ ацы хӕст цӕмӕн хъӕуы?

  3. Нывы куыд зыны, афтӕмӕй хӕсты чи разамынд кӕндзӕн, йӕ сӕрыл паддзахы худ цӕмӕн ис ӕмӕ цӕуыл дзурӕг у, йӕ къухы цирхъ кӕй ис, уый?

  4.  

  5.  

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Раргомад 19:11–16.

    1. Урс бӕхыл Йесо Чырысти кӕй бады, уый Фыстад куыд бӕлвырд кӕны? (Рарг. 1:5; 3:14; 19:11; Ис. 11:4).

    2. Йесойы уӕлӕдарӕс тугӕйдзаг кӕй у, уый ууыл дзурӕг куыд у, ӕмӕ ӕнӕмӕнгдӕр фӕуӕлахиз уыдзӕн? (Рарг. 14:18–20; 19:13).

    3. Йесойы фӕдыл ма урс бӕхтыл чи цӕуы? (Рарг. 12:7; 19:14; Матф. 25:31, 32).

115-ӕм радзырд

Зӕххыл – ногӕй дзӕнӕт

  1. Библийы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй нын зӕххыл Дзӕнӕты нӕ зӕрдӕ цавӕр уавӕртӕ рухс кӕндзысты?

  2. Дзӕнӕты чи цӕрдзӕн, уыдонӕн Библи зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

  3. Йесо кӕд бацархайдзӕн, цӕмӕй уыцы диссаджы ивындзинӕдтӕ иууылдӕр ӕрцӕуой?

  4. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд куыд равдыста, Хуыцауы паддзахады Паддзах куы суа, уӕд цы сараздзӕн?

  5. Йесо ӕмӕ йӕ уӕларвон ӕмпаддзӕхтӕ зӕххыл уӕларвӕй куы уынаффӕ кӕной, уӕд цӕуыл батыхсдзысты?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Раргомад 5:9, 10.

    Цӕмӕ гӕсгӕ у нӕ бон ӕууӕндын, ӕмӕ Миназон хицаудзинады рӕстӕджы зӕххыл чи хицауиуӕг кӕндзӕн, уыцы паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ ӕмбараг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыдзысты? (Еф. 4:20–24; 1 Пет. 1:7; 3:8; 5:6–10).

  2. Бакӕс Раргомад 14:1–3.

    144 минӕн сӕ тӕрныхтыл Хуыцауы ном ӕмӕ Уӕрыччы ном фыст кӕй ис, уый цӕуыл дзурӕг у? (1 Кор. 3:23; 2 Тим. 2:19; Рарг. 3:12).

116-ӕм радзырд

Цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы

  1. Цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм, уый тыххӕй нӕ цы зонын хъӕуы?

  2. Нывы гыццыл чызг ӕмӕ йе ’мбӕлттау, нӕ бон куыд у Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесойы тыххӕй базонын?

  3. Нывы ма ӕндӕр цавӕр чиныг уыныс ӕмӕ йӕ арӕх цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм?

  4. Иегъовӕ ӕмӕ Йесойы тыххӕй куы базонӕм, уӕд ма нӕ ноджыдӕр цы хъӕуы, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм?

  5.  

  6.  

  7. Куыд у нӕ бон Йесо Чырыстийы фӕзмын ӕмӕ уый куыд кодта, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд фидӕны нӕ бон цы уыдзӕн кӕнын?

Уӕлӕмхасӕн фарстытӕ:

  1. Бакӕс Иоанны 17:3.

    Фыстадӕй куыд зыны, Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй фылдӕр зонын ӕрмӕст уый кӕй нӕу, ӕмӕ хабӕрттӕ базонӕм ӕмӕ сӕ бахъуыды кӕнӕм? (Матф. 7:21; Иак. 2:18–20; 1 Иоан. 2:17).

  2. Бакӕс Псалом 144:1–21.

    1. Иегъовӕйӕн цӕй тыххӕй хъуамӕ кад кӕнӕм, уыцы бирӕ хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ цы сты? (Пс. 144:8–11; Рарг. 4:11).

    2. Иегъовӕ куыд у «хорз... ӕппӕтмӕ» ӕмӕ йӕм уый фӕрцы куыд хъуамӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм? (Пс. 144:9; Матф. 5:43–45).

    3. Иегъовӕ нӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ куы уа, уӕд цы кусдзыстӕм? (Пс. 118:171, 172, 175; 144:11, 12, 21).