Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Уый гӕнӕн нӕй!»

«Уый гӕнӕн нӕй!»

ГОРӔТ Нью-Йорчы (АИШ) чи цӕры, иу ахӕм нӕлгоймаг дзуры: «Уыцы бон мӕ фырт Джонатан уыд уазӕгуаты йе ’мбӕлттӕм, нӕ хӕдзарӕй цалдӕр километры дарддӕр. Мӕ бинойнаг Валентинӕйы нӕ фӕндыд, цӕмӕй-иу уырдӕм цыдаид. Тарсти, зӕгъгӕ йыл фӕндагыл исты фыдбылыз куы ’рцӕуа. Фӕлӕ Джонатан уарзта электроникӕ, йе ’мбӕлттӕм та уыд, йӕ арӕхстдзинад кӕм фӕхуыздӕр кодтаид, ахӕм кусӕн бынат. Уыцы рӕстӕг ӕз уыдтӕн нӕхимӕ, Манхэттены ныгуылӕн хайы (горӕт Нью-Йорк). Мӕ бинойнаг та уыд йӕ хиуӕттӕм Пуэрто-Рикойы. Мӕхинымӕр хъуыды кодтон: „Джонатан хъуамӕ тагъд ӕрбацӕуа“. Раст уыцы афон дуары дзӕнгӕрӕг ныййазӕлыд. „О, ӕрбахӕццӕ!“. Фӕлӕ уый Джонатан нӕ уыд. Къӕсӕрыл лӕууыдысты пъӕлицӕйы кусӕг ӕмӕ тагъд ӕххуысы кусджытӕ. Пъӕлицӕйы кусӕг мӕ бафарста: „Ацы шофыры гӕххӕттытӕ кӕй сты, уый нӕ зоныс?“ „Куыннӕ! Мӕ фырты“. „Хъыгагӕн, ӕвзӕр хабар... Фӕндагыл авари ӕрцыд, ӕмӕ... дӕ фырт... дӕ фырт фӕмард“. Мӕ фыццаг ныхас уыди: „Уый гӕнӕн нӕй!“. Уымӕй цалдӕр азы рацыд, фӕлӕ нӕ зӕрдӕйы хъӕдгом ныр дӕр ма дудгӕ рыст кӕны».

«Хъыгагӕн, ӕвзӕр хабар... Фӕндагыл авари ӕрцыд, ӕмӕ... дӕ фырт... дӕ фырт фӕмард»

Барселонӕйӕ (Испани) иу нӕлгоймаг фыссы: «1960 азты мах уыдыстӕм амондджын бинонтӕ. Мӕ цардӕмбал Марияимӕ нын уыди ӕртӕ сывӕллоны: Давид, Пакито ӕмӕ Изабель, уӕд сыл цыди 13, 11 ӕмӕ 9 азы.

Фӕлӕ иу бон 1963 азы мартъийы Пакито скъолайӕ ӕрбацыд, йӕ сӕр тынг рысти, афтӕмӕй. Цӕмӕн ын риссы, уый нӕ бон бамбарын нӕ уыд, ӕмӕ стыхстыстӕм. Ӕртӕ сахаты фӕстӕ нӕ хъӕбул амард. Йӕ сӕры магъзы тугдадзинтӕй кӕцыдӕр фескъуыд.

Пакитойы мӕлӕтӕй ныр рацыд 30 азӕй фылдӕр. Фӕлӕ абоны онг дӕр нӕ зӕрдӕйы уӕззау рыст нӕ сабыр кӕны. Йӕ хъӕбул кӕмӕн амард, уыцы ныййарджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр афтӕ фӕкӕсы, цыма сӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕй иу атыдта – ӕмӕ уӕлдай нӕу, цас рӕстӕг рацыд кӕнӕ ма сын цал сывӕллоны ис, уый».

Ацы дыууӕ цӕвиттонӕй зыны, хъӕбулы мӕлӕт ныййарджыты зӕрдӕты арф хъӕдгом кӕй ныууадзы ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм дӕр кӕй нӕ байгас вӕййы. Иу дохтыр афтӕ ныффыста: «Хъӕбулы мӕлӕт куыд зын вӕййы ӕмӕ йыл зӕрдӕ куыд тынг фӕриссы, ацӕргӕ адӕймаджы мӕлӕтыл афтӕ нӕ фӕриссы, уымӕн ӕмӕ сывӕллоны мӕлӕтмӕ ничи фенхъӕлмӕ кӕсы. [...] Хъӕбулы мӕлӕты фӕстӕ ныййарджытӕн фесӕфынц, сӕ сывӕллонӕй сӕхицӕн цы ныфсытӕ ӕвӕрдтой, уыдон: нал сӕххӕст уыдзысты йӕ фидӕнимӕ баст бӕллицтӕ, никуы фӕцин кӕндзысты [сӕ фыртыл, сӕ чындзыл, сӕ хъӕбулы хъӕбултыл], никуыуал ӕрцӕудзысты, чи хъуамӕ ӕрцыдаид, уыцы... хабӕрттӕ». Ахӕм стыр зӕрдӕрыст бавзары, йӕ сывӕллон йӕ хуылфӕй кӕмӕн фӕхицӕн, ахӕм сылгоймаг дӕр.

Иу идӕдз сылгоймаг дзуры: «Мӕ сӕрыхицау, Расселл, лӕггад кодта медицинон службӕйы адьютантӕй, Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг Сабыр океаны цы хӕстон операци цыд, уым. Цалдӕр ӕвирхъау тохы йӕхи цӕстӕй федта. Уый фӕстӕ ӕрцыд АИШ-мӕ ӕмӕ сабырдӕр цард кӕнын райдыдта. Фӕстӕдӕр сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. 60 азӕй йыл гыццыл фылдӕр куы цыди, уӕд йӕ зӕрдӕйӕ хъӕрзын райдыдта. Йӕ ’нӕниздзинадыл бӕргӕ тыхсти. Фӕлӕ 1988 азы июлы йӕ зӕрдӕ атыдта ӕмӕ амарди. Дуне мыл баталынг. Афтӕ ӕвиппайды амард, ӕмӕ йын мӕ бон зӕгъын дӕр ницыуал баци. Уый ӕрмӕст мӕ сӕрыхицау нӕ уыди, фӕлӕ ма мӕ хуыздӕр ӕмбал дӕр. Иумӕ фӕцардыстӕм 40 азы. Мӕхимӕ хъӕды халонӕй иунӕгдӕр кастӕн».

Ӕгас дунейы дӕр мингай бинонтыл цы зиӕнттӕ ’рцӕуы, уыдонӕй ам ӕрмӕст цалдӕры кой ракодтам. Йӕ хъӕбул, йӕ цардӕмбал, йӕ ныййарӕг кӕнӕ йе ’мбал кӕмӕн амард, уыцы адӕмӕн сӕ фылдӕр сразы уыдзысты, апостол Павел цы загъта, уыимӕ. Уый мӕлӕт схуыдта «фӕстаг знаг». Адӕймаг ахӕм ӕвзӕр хабар куы фехъусы, уӕд арӕхдӕр йӕ фыццаг хъуыды вӕййы: «Уый гӕнӕн нӕй! Нӕ мӕ уырны!» Адӕймаджы зӕрдӕйы дарддӕр цытӕ фӕцӕуы ӕмӕ йӕхи куыд фӕдары, ууыл аныхас кӕндзыстӕм фӕстӕдӕр (1 Коринфӕгтӕм 15:25, 26).

Фӕлӕ уал фыццаг дзуапп раттӕм ахӕм ахсджиаг фарстатӕн: чи амард, уыдонӕн ма исты ныфс ис? Бирӕ кӕй уарзтам, уыдоны ма искуы фендзыстӕм?

Ӕцӕг ныфс

Апостол Павел дзырдта, адӕм «фӕстаг знагӕй», ома мӕлӕтӕй, кӕй фервӕздзысты: «Сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг дӕр – мӕлӕт» (1 Коринфӕгтӕм 15:26). Павелы уый афтӕ фидарӕй цӕмӕн уырныдта? Уымӕн ӕмӕ йӕ базыдта Йесо Чырыстийӕ, йӕхӕдӕг мӕрдтӕй чи райгас, уымӕй (Хъуыддӕгтӕ 9:3–19). Павел афтӕ дӕр уый тыххӕй ныффыста: «Мӕлӕт адӕймаджы [Адамы] аххосӕй куыд фӕзынд, афтӕ мӕрдтӕ дӕр адӕймаджы [Йесо Чырыстийы] фӕрцы ӕгас кӕнынц. Адамы аххосӕй адӕм иууылдӕр куыд мӕлынц, афтӕ Чырыстийы фӕрцы та иууылдӕр райгас уыдзысты» (1 Коринфӕгтӕм 15:21, 22).

Йесойӕн йӕ зӕрдӕ фӕрыст, горӕт Наинмӕ ’ввахс идӕдз усыл куы фембӕлд ӕмӕ йын йӕ фырты мардӕй куы федта, уӕд. Библийы фыст ис: «[Наины] горӕты кулдуармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ рахӕссынц мард – мадӕн, идӕдз усӕн, йӕ иунӕг фырты. Сылгоймагимӕ ма горӕтӕй рацӕйцыд бирӕ мӕрддзыгой адӕм дӕр. Йесо идӕдз усы куы федта, уӕд йӕ тӕригъӕдӕй йӕ зӕрдӕ фӕрыст ӕмӕ йын загъта: „Ма ку“. Стӕй сынтмӕ бацыд, бавнӕлдта йӕм, ӕмӕ сынтхӕсджытӕ ӕрлӕууыдысты. Уый фӕстӕ мардӕн загъта: „Лӕппу, дӕумӕ дзурын: сыст!“ Ӕмӕ мард рабадт ӕмӕ дзурын райдыдта. Ӕмӕ уӕд мадӕн загъта, мӕнӕ дӕ фырт, зӕгъгӕ. Адӕм уый куы федтой, уӕд се ’ппӕты дӕр тас бацыди ӕмӕ Хуыцауы кадджын кӕнын райдыдтой ӕмӕ дзырдтой: „Стыр пехуымпар фӕзынди не ’хсӕн“; „Хуыцау йӕ адӕммӕ ӕркаст“». Ахъуыды-ма кӕн, Йесо идӕдз усӕн афтӕ тынг фӕтӕригъӕд кодта, ӕмӕ йын йӕ хъӕбулы райгас кодта! Уӕдӕ цымӕ ацы хабар ууыл дзурӕг нӕу, фидӕны нӕм стыр диссӕгтӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы?! (Лукайы 7:12–16).

Адӕмы раз Йесо сарӕзта, ферох кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм диссаджы хъуыддаг – марды райгас кодта. Уымӕй бӕрӕг у, Йесо гыццыл раздӕр райгасдзинады тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый ӕнӕмӕнгӕй кӕй сӕххӕст уыдзӕн, ома «ног арвы» бын мӕрдтӕ зӕххыл цардмӕ раздӕхдзысты. Йесо загъта: «Ууыл дис ма кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон ын фехъусдзысты йӕ хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты» (Раргомад 21:1, 3, 4; Иоанны 5:28, 29; 2 Петры 3:13).

Иу райгасы хабар та сӕхи цӕстӕй федтой Петр ӕмӕ ма Йесойы 12 ахуыргӕнинагӕй ноджы цалдӕр. Йесо куы райгас, уӕд ын уый фӕстӕ уыдон Галилейӕйы денджызы цур йӕ хъӕлӕс дӕр фехъуыстой. Библийы фыст ис: «Йесо сын загъта: „Рацӕут, бахӕрут“. Ахуыргӕнинӕгтӕй йӕ ныфс ничи хаста, цӕмӕй йӕ бафарстаид, чи дӕ, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдтой, сӕ Хицау кӕй у. Йесо бацыд, дзул райста ӕмӕ сӕм ӕй радта, стӕй сын радта кӕсаг дӕр. Йесо мӕрдтӕй куы райгас, уӕдӕй фӕстӕмӕ ныр ӕртыккаг хатт фӕзынд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм» (Иоанны 21:12–14).

Уӕдӕ уымӕн ныффыста Петр ахӕм ныхӕстӕ: «Табу нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыдӕн. Уый йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ мах ногӕй райгуырын кодта ӕмӕ нын радта удӕгас ныфс, Йесо Чырыстийы мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уый фӕрцы» (1 Петры 1:3).

Апостол Павел райгасдзинадыл кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, уый бӕрӕг у, цы загъта, уымӕй: «Ӕз ӕууӕндын, Закъон цы дзуры ӕмӕ Пехуымпарты чингуыты цы фыст ис, ӕппӕт уыдӕттыл. Ӕмӕ ӕз мӕ ныфс дарын Хуыцауыл, адон сӕхӕдӕг дӕр сӕ ныфс куыд дарынц, афтӕ, кӕй райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 24:14, 15).

Уӕдӕ милуангай адӕмӕн сӕ бон у ныфсджынӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын, сӕ ахсджиӕгты та ногӕй ам, зӕххыл, кӕй фендзысты, уымӕ. Фӕлӕ уӕд зӕххыл бынтон ӕндӕр цард уыдзӕн. Цавӕр? Чи амард, уыдонӕн Библимӕ гӕсгӕ цы ныфс ис, ууыл дзырд цӕудзӕн ацы брошюрӕйы фӕстаг хайы «Чи амард, уыдон та ногӕй цӕрдзысты».

Фӕлӕ уал фыццаг аныхас кӕнӕм, зианджын адӕймаджы арӕхдӕр чи фӕтыхсын кӕны, уыцы фарстатыл: афтӕ кӕй маст кӕнын, уым диссагӕй исты ис? Дарддӕр куыд цӕрон? Мӕ рыст сфӕразынӕн мын иннӕтӕ куыд баххуыс кӕндзысты? Йӕ хионы мӕлӕтыл чи хъыг кӕны, уыдонӕн мӕ бон цӕмӕй у баххуыс кӕнын? Ӕмӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр та, чи амарди, уыдонӕн цавӕр ныфс ис, уый тыххӕй Библи цы дзуры? Бирӕ кӕй уарзтон, уыцы адӕмы ма искуы фендзынӕн? Ӕмӕ сӕ кӕм фендзынӕн?