Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФӔНДЗӔМ СӔР

Сывӕллоны хъомыл кӕнут йӕ гыццылӕй

Сывӕллоны хъомыл кӕнут йӕ гыццылӕй

1, 2. Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнгӕйӕ ныййарджыты ӕххуыс агурын кӕмӕй хъӕуы?

 «СЫВӔЛЛӔТТӔ сты Йегъовӕйы лӕвар». Ацы ныхӕстӕ иу-3 000 азы размӕ загъта, хъӕбулы ад чи базыдта, иу ахӕм лӕг (Псалом 127:3, НД [126:3]). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, адӕймаг хъӕбулы ад кӕй базоны, уый стыр лӕвар у Хуыцауӕй, ӕмӕ ныййарӕджы цин банкъарын сӕ бон у бирӕтӕн. Фӕлӕ сывӕллон кӕмӕн райгуыры, уый тагъд рӕстӕджы бамбары, ныййарӕг уай, уый ӕрмӕст цин кӕй нӕу, фӕлӕ ма стыр бӕрндзинад дӕр.

2 Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын тынг зын у, уӕлдайдӕр та абон. Фӕлӕ уӕддӕр уый бирӕтӕн ӕнтысы, ӕмӕ цӕй фӕрцы, уый нын дзуры псаломзарӕггӕнӕг: «[Йегъовӕ] куы нӕ сараза хӕдзар, дзӕгъӕлы фыдӕбон кӕнынц уый аразджытӕ» (Псалом 126:1). Уӕдӕ цас лӕмбынӕгдӕр хъусай, Йегъовӕ цы дзуры, уымӕ, уыйас хуыздӕр арӕхсдзынӕ ныййарӕджы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ. «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕ зондӕй ныфсджын ма у»,– зӕгъы Библи (Ӕмбисӕндтӕ 3:5). Сывӕллон схъомыл кӕнын у ссӕдз азы фыдӕбон, ӕмӕ дӕхимӕ уыцы стыр хӕс райсгӕйӕ Йегъовӕйы зондмӕ хъусдзынӕ?

СЫВӔЛЛӔТТӔ ХЪОМЫЛ КӔНЫНМӔ ХУЫЦАУЫ ЦӔСТӔЙ КӔСУТ

3. Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕныны хъуыддаджы фыдыл цавӕр хӕс ис?

3 Ӕгас дунейы дӕр нӕлгоймӕгтӕй бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сывӕллон хъомыл кӕнын фылдӕр мады хӕс у. Раст у, Хуыцауы Ныхас куыд зӕгъы, афтӕмӕй фыд бинонтӕн сӕ дарӕг у. Фӕлӕ ма ноджыдӕр зӕгъы, фыдыл хӕдзары мидӕг дӕр кӕй ис хӕстӕ. «Бакӕн дӕ хӕдзары ӕдде дӕ куыстытӕ ӕмӕ дӕ хуымы куыстытӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕн. Уый фӕстӕ дӕ бинонты мӕт дӕр бакӕн»,– кӕсӕм Библийы (Ӕмбисӕндтӕ 24:27). Уӕдӕ, Хуыцауы хъуыдымӕ гӕсгӕ, сывӕллоны хъуамӕ фыд ӕмӕ мад иумӕ хъомыл кӕной (Ӕмбисӕндтӕ 1:8, 9).

4. Лӕппу чызгӕй хуыздӕр у, зӕгъгӕ, афтӕ хъуыды кӕнын раст цӕуылнӕ у?

4 Цы цӕстӕй кӕсут уӕ сывӕллӕттӕм? Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Азийы бӕстӕты «чызджы райгуырдыл ныййарджытӕ нӕ бацин кӕнынц». Ныры онг дӕр ма чызг кадджын нӕу Латинаг Америкӕйы дӕр, ӕмӕ уый афтӕ у, «талынг ӕгъдӕуттыл хӕст чи нал у, ахӕм бинонты ’хсӕн дӕр». Фӕлӕ ӕцӕгӕй та чызг лӕппуйӕ ницӕмӕй ӕвзӕрдӕр у. Раджы заманты иу нымад лӕг, Иаков, йӕ цотӕй се ’ппӕтӕй дӕр – уӕдмӕ йын цы чызджытӕ райгуырд, уыдонӕй дӕр – афтӕ загъта, зӕгъгӕ, уыдон сты, «Хуыцау [мын] кӕй балӕвар кодта, уыцы сывӕллӕттӕ» (Райдиан 33:1–5; 37:35). Йесо дӕр, цы «гыццыл сывӕллӕтты» йӕм ӕрбахастой, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр (лӕппутӕн дӕр ӕмӕ чызджытӕн дӕр) раарфӕ кодта (Матфейы 19:13–15). Ӕмӕ Йесо та алцӕмӕ дӕр Йегъовӕйы цӕстӕй каст (Дыккаг закъон 16:14).

5. Лӕг ӕмӕ усы цы нӕ хъӕуы рох кӕнын, цал сывӕллоны сын уыдзӕн, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ?

5 Кӕм цӕрут, уым афтӕ нымайынц, ӕмӕ сылгоймаг цас фылдӕр сывӕллӕттӕ рауадза, уыйас хуыздӕр? Уӕвгӕ, лӕг ӕмӕ усӕн цал сывӕллоны уыдзӕн, уый сӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕнынц. Бирӕ сывӕллӕттыл куы нӕ ’ххӕссой, хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ сӕм сӕ сахуыр кӕныны фаг куы нӕ уа, уӕд та? Лӕг ӕмӕ усӕн ацы фарстытӕ хъуыдыйаг сты. Хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттыл куы нӕ феххӕссынц, уӕд дзы кӕйдӕрты сӕ хӕстӕджытӕм хъомыл кӕнынмӕ раттынц. Фӕлӕ цымӕ уый хорз у? Раст зӕгъгӕйӕ, нӕу. Стӕй, ныййарджытӕ афтӕ куы бакӕной, уӕд дӕр сӕ уый, сӕ сывӕллӕтты раз сыл цы хӕс ис, уымӕй нӕ сӕрибар кӕны. Библи афтӕ зӕгъы: «Йӕхиуӕттыл, ӕмӕ уӕлдайдӕр та йӕ бинонтыл, чи нӕ тыхсы, уый ныууагъта уырнындзинад» (1 Тимофеймӕ 5:8). Уӕдӕ йӕ хӕстӕ цӕсгомджынӕй чи ӕххӕст кӕны, ахӕм лӕг ӕмӕ ус, сӕ «бинонтӕ» цас уыдзысты, уый рагацау спълан кӕнынц, цӕмӕй сӕ сӕ бон фӕдарын уа. Сӕ бон у афтӕ саразын, цӕмӕй сӕ цас хъӕуы, уымӕй фылдӕр сын ма уа сывӕллӕттӕ? Уый дӕр сӕхи хъуыддаг у. Ӕмӕ уыцы фарст куы аскъуыддзаг кӕной, уӕд, цавӕр мадзал равзардзысты, уый дӕр у сӕхи хъуыддаг. «Алчидӕр йӕхи тыххӕй ратдзӕн дзуапп» (Галатӕгтӕм 6:5). Фӕлӕ иу хъуыддаг у бӕлвырд: Библимӕ гӕсгӕ аборт кӕнӕн нӕй. Царддӕттӕг у Йегъовӕ Хуыцау (Псалом 35:10). Уымӕ гӕсгӕ, иугӕр мады гуыбыны ног адӕймаджы цард сӕвзӕрд, уӕд уыцы цард аскъуынгӕйӕ адӕймаг ӕвдисы, Йегъовӕйы ӕппындӕр кӕй нӕ нымайы, ӕмӕ у лӕгмар (Рацыд 21:22, 23; Псалом 138:16; Йереми 1:5).

СЫВӔЛЛОНЫ ЦЫ ХЪӔУЫ, УЫМӔЙ ЙӔ ЦУХ МА УАДЗУТ

6. Сывӕллоны хъомыл кӕнын кӕд хъӕуы райдайын?

6 Ӕмбисӕндты 22:6 афтӕ зӕгъы: «Дӕ фырты раст фӕндагыл сӕвӕр». Сывӕллоны раст фӕндагыл ӕвӕрын, хъомыл ӕй кӕнын – уый дӕр у ныййарджыты сӕйрагдӕр хӕстӕй иу. Фӕлӕ сывӕллоны хъомыл кӕнын кӕд хъӕуы райдайын? Цас раздӕр, уыйас хуыздӕр. Апостол Павел куыд ныффыста, афтӕмӕй Тимофейы хъомыл кодтой «йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ» (2 Тимофеймӕ 3:15). Павел ам цы грекъаг дзырдӕй спайда кодта, уый амоны дзидзидай сабимӕ кӕнӕ та, гуыргӕ дӕр чи нӕма ракодта, ахӕм сывӕллонмӕ (Лукайы 1:41, 44; Хъуыддӕгтӕ 7:18–20). Уӕдӕ Тимофейы хъомыл кодтой, бынтон гыццыл ма куы уыди, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Ӕмӕ уый раст у. Уыцы афон куы райдайай сывӕллоны хъомыл кӕнын, уӕд уымӕй хуыздӕр ницы ис. Саби хӕрз гыццылӕй дӕр зонынмондаг вӕййы.

7. а) Ныййарджыты сӕ дыууӕйы дӕр цӕмӕн хъӕуы сӕ хъӕбулы сӕ уарзтӕй рӕвдауын? ӕ) Йегъовӕ ӕмӕ йӕ иунӕг Фырт кӕрӕдзиимӕ куыд уыдысты?

7 «Мӕ хъӕбулы куыддӕр федтон, афтӕ йӕ бауарзтон»,– загъта иу мад. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ зӕгъдзӕн алы мад дӕр. Сабийӕн йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ мад вӕййы йемӕ, ӕмӕ куыд рӕзы, афтӕ фидарӕй-фидардӕр кӕнынц, кӕрӕдзийыл цы тӕгтӕй баст сты, уыдон. Мад ын дзидзи кӕй фӕдары, уый та сӕ ноджы ӕнгомдӕр кӕны кӕрӕдзимӕ. (Абар 1 Фессалоникӕгтӕм 2:7.) Мад цин кӕны йӕ хурыл, йемӕ фӕныхӕстӕ кӕны, ӕмӕ йӕ рӕвдыд цух нӕ уадзы. (Абар Исай 66:12.) Фӕлӕ фыд та? Йӕ хъӕбулимӕ уый дӕр афтӕ ӕввахс хъуамӕ уа. Ацы хъуыддаджы фӕзминаг у Йегъовӕ. Ӕмбисӕндты чиныджы дзырд цӕуы, Йегъовӕ йӕ иунӕг Фыртимӕ цы фидар тӕгтӕй баст у, уый тыххӕй. Йӕ Фырт ахӕм ныхӕстӕ зӕгъы: «Мӕн сфӕлдыста Йегъовӕ, ӕмӕ ӕз дӕн, цы сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг... Ӕз уыдтӕн йе стыр цин алы бон дӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 8:22, 30; Иоанны 1:14). Афтӕ кӕны хорз фыд дӕр: йӕ хъӕбулы йӕ царды фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ йӕ уарзт ӕмӕ йӕ рӕвдыдӕй цух нӕ уадзы. Иу фыд афтӕ загъта: «Дӕ хъӕбулӕн дӕ уарзт ма ’вгъау кӕн. Хъӕбыстӕ ӕмӕ батӕй иу сывӕллон дӕр нӕма амард».

8. Ныййарджыты абон-райсом кӕнын цы хъуыддаджы нӕ хъӕуы?

8 Фӕлӕ сабиты ӕрмӕст рӕвдыд нӕ хъӕуы. Сывӕллоны магъз йӕ гыццылӕй дӕр цӕттӕ вӕййы ахуыр кӕнынмӕ: цы фены, цы фехъусы, уый бахъуыды кӕны. Ӕмӕ ахуыр та сӕйраджыдӕр йӕ ныййарджытӕй кӕны. Райсӕм, сывӕллон дзурын куыд базоны, уый. Ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, сывӕллон дзурын ӕмӕ кӕсын куыд тагъд сахуыр уыдзӕн, уый «баст у, ныййарджытӕ сӕ сывӕллонимӕ ӕппӕты райдианӕй куыд ӕнгом вӕййынц, ууыл». Уӕдӕ уӕ сывӕллонимӕ йӕ гыццылӕй ныхас кӕнут ӕмӕ йын истытӕ кӕсут. Афтӕ куы кӕнат, уӕд бирӕ нӕ рацӕудзӕн, ӕмӕ уӕ фӕзмын райдайдзӕн. Гыццыл фӕстӕдӕр та йӕ кӕсын дӕр ахуыр кӕндзыстут. Ӕмӕ цалынмӕ скъоламӕ бацӕуа, уӕдмӕ дӕр, чи зоны, базона кӕсын. Уый йын стыр ӕххуыс уыдзӕн, уӕлдайдӕр та кӕд ахӕм ран цӕрут, ӕмӕ скъолаты ахуыргӕнджытӕ нӕ фаг кӕны ӕмӕ иу къласы ӕгӕр бирӕ сывӕллӕттӕ вӕййы, уӕд.

9. Ныййарджытӕн сӕ сӕйрагдӕр мӕт цы хъуамӕ уа?

9 Хуыцауыл ӕууӕндӕг ныййарджытӕн сӕ сӕйрагдӕр мӕт та у сӕ сывӕллонӕн Хуыцауы Ныхас амонын. (Кӕс Дыккаг закъон 8:3.) Цӕмӕн? Цӕмӕй йӕ ахуыр кӕной, Чырыстимӕ цы миниуджытӕ уыд, ахӕм миниуджытыл. Ӕндӕр ныхасӕй, цӕмӕй «йӕ удыхъӕд ногмӕ ива» (Ефесӕгтӕм 4:24). Уый тыххӕй ныййарджыты хъӕуы ахъуыды кӕнын, цавӕр «ӕрмӕгӕй» йын «араздзысты» йӕ удыхъӕд ӕмӕ куыд.

ХУЫЦАУЫ НЫХӔСТӔ СЫН СӔ ЗӔРДӔЙЫ ӔВӔРУТ

10. Сывӕллӕтты цавӕр миниуджытыл хъӕуы ахуыр кӕнын?

10 Хӕдзар куыд фидар уыдзӕн, уый, цӕмӕй арӕзт у, уымӕй кӕнгӕ у. Апостол Павел куыд загъта, афтӕмӕй чырыстон удыхъӕд «аразынӕн» ӕппӕты хуыздӕр ӕрмӕг сты «сызгъӕрин, ӕвзист, зынаргъ дуртӕ» (1 Коринфӕгтӕм 3:10–12). Ома ахӕм миниуджытӕ: уырнындзинад, зонд, ӕмбаргӕдзинад, иузӕрдиондзинад, Йегъовӕйы нымайын ӕмӕ йӕ уарзын, йӕ закъӕттӕн ын аргъ кӕнын (Псалом 18:8–12; Ӕмбисӕндтӕ 2:1–6; 3:13, 14). Уӕдӕ ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕтты сӕ гыццылӕй ахӕм миниуджытыл ахуыр кӕнын? Уый тыххӕй сӕ архайын хъӕуы, Хуыцау рагзаманты цы ныхӕстӕ загъта, уыдонмӕ гӕсгӕ.

11. Израилаг ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты Хуыцауӕн фӕндиаг миниуджытыл куыд ахуыр кодтой?

11 Израилы адӕм, Хуыцау сын зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕххы къӕсӕрыл куы уыдысты, уӕд Йегъовӕ израилаг ныййарджытӕн загъта: «Абон [дын] цы ныхӕстӕ фӕдзӕхсын, уыдон уӕнт дӕ зӕрдӕйы; ӕмӕ сӕ дӕ фырты зӕрдӕйы арф ӕвӕр ӕмӕ сыл дзур, хӕдзары куы бадай, фӕндагыл куы цӕуай, хуысгӕ куы кӕнай ӕмӕ куы сыстай, уӕд» (Дыккаг закъон 6:6, 7). Уынӕм ӕй: ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн хъуамӕ уой фӕзминаг, хъуамӕ сын уой хӕлӕрттӕ, семӕ ныхас кӕной ӕмӕ сӕ ахуыр кӕной.

12. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн фӕзминаг цӕмӕн хъуамӕ уой?

12 Ут сын фӕзминаг. Йегъовӕ ныййарджытӕн фыццаг афтӕ загъта: «Цы ныхӕстӕ [дын] фӕдзӕхсын, уыдон уӕнт дӕ зӕрдӕйы». Ӕмӕ уый фӕстӕ загъта: «Дӕ фырты зӕрдӕйы [сӕ] арф ӕвӕр». Уӕдӕ Хуыцауӕн фӕндиаг миниуджытӕ фыццаг ныййарӕгӕн йӕхи зӕрдӕйы хъуамӕ уой. Хъуамӕ уарза Хуыцауы Ныхас ӕмӕ йӕ цард уымӕ гӕсгӕ араза. Ӕрмӕстдӕр уӕд бауыдзӕн йӕ бон сывӕллоны зӕрдӕмӕ фӕндаг ссарын (Ӕмбисӕндтӕ 20:7). Цӕмӕн у афтӕ? Уымӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕ фылдӕр ныхӕстӕм нӕ, фӕлӕ хъуыддӕгтӕм кӕсынц (Лукайы 6:40; 1 Коринфӕгтӕм 11:1).

13. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у Йесойы бафӕзмын?

13 Ут сын хорз хӕлӕрттӕ. Йегъовӕ израилаг ныййарджытӕн загъта, зӕгъгӕ, уӕ сывӕллӕттимӕ ныхас кӕнут, хӕдзары бадгӕйӕ дӕр ӕмӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ дӕр. Ӕмӕ уый тыххӕй та ныййарджытӕ цыфӕнды ӕнӕвдӕлонӕй дӕр хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕн рӕстӕг арой. Йесо йӕ рӕстӕг сывӕллӕттӕн не ’вгъау кодта. Иухатт ӕм, зӕххыл йӕ лӕггады фӕстаг бонты, «кӕнын байдыдтой гыццыл сывӕллӕтты, цӕмӕй сыл йӕ къух авӕрдтаид». Куыд бакодта Йесо? «Сывӕллӕтты йӕ хъӕбысы ӕрбакодта, йӕ къухтӕ сыл ӕрӕвӕрдта ӕмӕ сын раарфӕ кодта» (Марчы 10:13, 16). Ахъуыды-ма кӕн, Йесойӕн йӕ мӕлӕты сахатмӕ бирӕ нал баззад, фӕлӕ уӕддӕр уыцы сывӕллӕттӕн рӕстӕг ссардта ӕмӕ сыл баузӕлыд. Уӕдӕ куыннӕ у ныййарджытӕн фӕзминаг!

14. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллонимӕ рӕстӕг иумӕ ӕрвитой, уый хорз цӕмӕн у?

14 Семӕ ныхас кӕнут. Уӕ сывӕллонимӕ рӕстӕг иумӕ куы ’рвитат, уӕд уын ӕнцондӕр уыдзӕн йемӕ ныхас кӕнын. Ӕмӕ цас фылдӕр ныхас кӕнат йемӕ, уыйас хуыздӕр ӕмбардзыстут, йӕ удыхъӕд куыд ивы, уый. Фӕлӕ зӕрдыл дарын хъӕуы, ныхас кӕнын уый кӕй нӕ нысан кӕны, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр ды дзурай. «Ӕнцон мын нӕ уыди хъусын, зӕрдӕйӕ хъусын. Уыцы хъуыддагыл мӕ хъуыди ахуыр кӕнын»,– загъта иу мад Бразилийӕ. Уыцы мад афтӕ фӕразон кӕй уыд, уый дзӕгъӕлы нӕ фӕци – йӕ фырт ын йӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕргом дзурын райдыдта.

15. Хи аирхӕфсыныл дзырд куы цӕуа, уӕд зӕрдыл дарын цы хъӕуы?

15 Сывӕллӕтты хъӕуы «рӕстӕг худынӕн... ӕмӕ рӕстӕг хъыллиппытӕ кӕнынӕн», ома хи аирхӕфсынӕн (Екклесиаст 3:1, 4; Захари 8:5). Ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ уыцы рӕстӕг иумӕ куы ’рвитой, уымӕй хуыздӕр ницы ис. Фӕлӕ, хъыгагӕн, бирӕ бинонтӕн хи аирхӕфсын у телевизормӕ кӕсын. Ӕмӕ кӕд телевизоры хорз цыдӕртӕ дӕр вӕййы, уӕддӕр дзы фылдӕр та хӕлд, чъизи хъуыддӕгтӕ февдисынц. Стӕй, бинонтӕ телевизормӕ куы фӕкӕсынц, уӕд сӕ уый кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр нӕ кӕны. Уӕдӕ хуыздӕр нӕ уаид, уӕ сывӕллӕттимӕ иумӕ исты куы аразиккат? Зӕгъӕм, иумӕ-иу зарут, исты хъӕзтытӕй-иу ахъазут, уӕ хӕлӕрттимӕ-иу абадут кӕнӕ-иу искуыдӕм ацӕут. Ахӕм рӕстӕг ныхас йӕхӕдӕг бацайдагъ вӕййы, ӕмӕ афтӕмӕй та бинонтӕ кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕнынц.

16. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн цы хъуамӕ амоной ӕмӕ куыд?

16 Ахуыр сӕ кӕнут. «[Ацы ныхӕстӕ] дӕ фырты зӕрдӕйы арф ӕвӕр»,– загъта Йегъовӕ. Сывӕллонӕн цы хъуамӕ амонат ӕмӕ куыд, уый та бӕрӕг у, Йегъовӕ ма уый размӕ ӕмӕ уый фӕстӕ цы зӕгъы, уымӕй. Фыццаджыдӕр, хъуамӕ уӕхӕдӕг «уарзат уӕ Хуыцау Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй» (Дыккаг закъон 6:5). Ӕмӕ уый фӕстӕ ацы ныхӕстӕ хъуамӕ «арф ӕвӕрат уӕ фырты зӕрдӕйы». Уӕдӕ сывӕллоны ахуыр кӕнгӕйӕ уӕ нысан хъуамӕ уа, цӕмӕй йын Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ закъӕттӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ бауарзын кӕнат. (Абар Дзуттӕгтӕм 8:10.) «Зӕрдӕйы арф ӕвӕрын» афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ адӕймагӕн истӕй тыххӕй ногӕй ӕмӕ ногӕй дзурын, ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ахуыр кӕнын. Ӕндӕр ныхасӕй, Йегъовӕ уын уый дзуры, ӕмӕ уӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауы фӕндиаг адӕймӕгтӕ суой, уӕд сын хъуамӕ Йегъовӕйы тыххӕй дзурат искуы иу хатт нӕ, фӕлӕ арӕх. Уый тыххӕй та семӕ ӕрвылкъуыри дӕр хъӕуы Библи ахуыр кӕнын.

17. Ныййарджыты сӕ сывӕллоны цӕуыл фӕхъӕуы ахуыр кӕнын? Цӕмӕн?

17 Ныййарджытӕй йӕ бирӕтӕ сӕхицӕй зонынц, куыд зын у афтӕ бакӕнын, ӕмӕ, сывӕллонӕн цы амоныс, уый йӕ зӕрдӕмӕ бахъара. Апостол Петр чырыстӕттӕм фыста: «Ноггуырд сывӕллӕттау, бауарзут, Хуыцауы ныхасы чи ис, уыцы сыгъдӕг ӕхсыр» (1 Петры 2:2). Петр афтӕ кӕй зӕгъы, бауарзут, зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы миниуӕг бирӕтӕ сӕ мады гуыбынӕй нӕ рахӕссынц. Уымӕ гӕсгӕ ныййарджыты хъӕуы архайын ууыл, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас сӕ сывӕллонӕн бауарзын кӕной.

18. Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта ӕмӕ ныййарджытӕн дӕр хорз цӕмӕн уаид афтӕ кӕнын?

18 Йесо адӕмы зӕрдӕтӕ бацагайынӕн хаста цӕвиттонтӕ ӕмӕ ӕмбисӕндтӕ (Марчы 13:34; Лукайы 10:29–37). Уый стыр ӕххуыс у сывӕллӕтты ахуыр кӕнгӕйӕ дӕр. Радзурут-иу сын цымыдисаг хабӕрттӕ, зӕгъӕм, «Мӕ библион радзырдты чиныг»-ӕй a, ӕмӕ сын афтӕмӕй амонут, Библи цы дзуры, уый. Хорз уаид, сывӕллӕттӕ сӕхӕдӕг дӕр исты куы аразиккой: зӕгъӕм, Библийӕ цыдӕр хабар бакастыстут, уӕд ӕй куы сныв кӕниккой кӕнӕ йӕ куы ахъазиккой. Йесо ма арӕх лӕвӕрдта фарстытӕ дӕр (Матфейы 17:24–27). Библи иумӕ куы фӕахуыр кӕнут, уӕд-иу сымах дӕр сывӕллӕттӕн ӕнӕуи ма дзурут, Хуыцауы закъон афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, фӕлӕ-иу сӕ бафӕрсут: Йегъовӕ нын ацы закъон цӕмӕн радта? Ацы закъонмӕ куы хъусӕм, уӕд нын уый цы пайда уыдзӕн? Куы нӕ йӕм хъусӕм, уӕд та цы уыдзӕн? Ахӕм фарстыты фӕрцы сывӕллон хъуыды кӕнын райдайы ӕмӕ бамбары, Хуыцауы закъӕттӕ пайда ӕмӕ хорз кӕй сты (Дыккаг закъон 10:13).

19. Ныййарджытӕ, Библи куыд дзуры, афтӕ куы кӕной, уӕд уый сывӕллӕттӕн цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

19 Уӕ сывӕллонӕн алцӕмӕй дӕр фӕзминаг куы уат, хорз хӕлӕрттӕ йын куы уат, йемӕ куы ныхас кӕнат ӕмӕ йӕ куы ахуыр кӕнат, уӕд ын йӕ гыццылӕй баххуыс кӕндзыстут, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ хӕлар суа. Ӕмӕ Йегъовӕимӕ хӕлардзинады тӕгтӕй баст куы уа, уӕд та йӕ бафӕнддзӕн чырыстон фӕндаг равзарын ӕмӕ уыдзӕн амондджын. Йе ’мгӕрттӕ йын цыфӕнды ма дзурой, цыфӕнды фӕлварӕны ма бахауа, уӕддӕр Хуыцауы зӕрдӕхудты нӕ бацӕудзӕн. Уӕдӕ уӕ сывӕллонӕн ӕдзухдӕр ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй ӕмбара, царды уымӕй зынаргъдӕр кӕй ницы ис, ӕмӕ Йегъовӕ дӕ хӕлар уа (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

ХЪӔУЫ СЫН ЗОНД АМОНЫН

20. Зонд амонын цы у ӕмӕ куыд хъӕуы зонд амонын?

20 Зонд амонын у зондахаст ӕмӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ раст кӕнын. Сывӕллӕттӕн зонд амонын хъӕуы ӕдзухдӕр. Павел ныййарджытӕн фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, «уӕ сывӕллӕтты... хъомыл кӕнут, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут» (Ефесӕгтӕм 6:4). Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн хъуамӕ зонд амоной уарзгӕйӕ – Йегъовӕ куыд кӕны, афтӕ (Дзуттӕгтӕм 12:4–11). Уый тыххӕй та адӕймагӕн хъӕуы, цы дзы домынц ӕмӕ цӕмӕн, уый бамбарын кӕнын. Библи дӕр нын уымӕн зӕгъы, зӕгъгӕ, «байхъусут зондамындмӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 8:33). Бӕлвырдӕй та куыд ис зонд бацамонӕн?

21. Сывӕллӕттӕн зонд амонгӕйӕ ныййарджыты цы хъӕуы зӕрдыл дарын?

21 Иуӕй-иу ныййарджытӕ зонд амонын афтӕ ’мбарынц, ӕмӕ сывӕллонӕн карзӕй зӕгъой «ма кӕ», фӕхыл ӕм кӕной, кӕнӕ ма йын алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ дӕр фӕдзурой. Фӕлӕ зонд амоныны кой кӕнгӕйӕ Павел фӕдзӕхста: «Уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут» (Ефесӕгтӕм 6:4). Алы чырыстон дӕр «хъуамӕ алкӕимӕ дӕр уа фӕлмӕн... ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн фӕлмӕнӕй зонд амона» (2 Тимофеймӕ 2:24, 25). Уӕдӕ Хуыцауыл ӕууӕндӕг ныййарджытӕ кӕд уый ӕмбарынц, ӕмӕ хъуамӕ фидар уой, уӕддӕр сӕ сывӕллӕттӕн зонд амонгӕйӕ сӕ зӕрдыл дарынц ацы ныхӕстӕ. Фӕлӕ ныхасӕй бамбарын кӕнын хатт фаг нӕ вӕййы, ӕмӕ уӕд сывӕллоны фӕхъӕуы искуыд бафхӕрын дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 22:15).

22. Сывӕллоны бафхӕрын куы хъӕуа, уӕд ын ныййарджытӕ цы хъуамӕ бамбарын кӕной?

22 Сывӕллӕттӕ ӕмхуызон не сты, ӕмӕ сын зонд амонын дӕр алкӕмӕн йӕхирдыгонау хъӕуы. Ис ахӕм сывӕллӕттӕ, ӕмӕ «сын сӕ зонд ӕрмӕст ныхасӕй не сраст кӕндзынӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 17:10; 23:13, 14; 29:19). Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр сывӕллон хъуамӕ ӕмбара, цӕй тыххӕй йӕ бафхӕрдтой, уый. «Уис ӕмӕ ных бакъуырын – зонды хос» (Ӕмбисӕндтӕ 29:15; Иов 6:24). Стӕй, сывӕллоны бафхӕрын куы хъӕуа, уӕд дын хъуамӕ ӕгӕр ма фӕуа. «Цас хъӕуы, уымӕй фылдӕр дӕ нӕ бафхӕрдзынӕн»,– загъта Йегъовӕ йӕ адӕмӕн (Йереми 46:28ӕ). Библи афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ сывӕллоныл дӕ маст ныккалай кӕнӕ йӕ ахӕм над фӕкӕнай, ӕмӕ сцъӕхтӕ уа, йе та фӕсахъат уа (Ӕмбисӕндтӕ 16:32).

23. Сывӕллоны йӕ ныййарджытӕ куы бафхӕрой, уӕд дӕр цы хъуамӕ зона?

23 Йегъовӕ йӕ адӕмы бафхӕринаг куы уыди, уӕд сын фыццаг афтӕ загъта: «Ма тӕрс... уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн» (Йереми 46:28а). Уӕдӕ ныййарджытӕ дӕр сӕ сывӕллоны куы бафхӕрой, уӕд дӕр йӕхи афтӕ хъуамӕ ма фӕхата, ӕмӕ никӕйуал хъӕуы (Колоссӕгтӕм 3:21). Хъуамӕ йӕ зона, йӕ ныййарджытӕ йын зонд уый тыххӕй кӕй амонынц, ӕмӕ «йемӕ сты», йӕ хорз сӕ фӕнды.

УӔ СЫВӔЛЛОНЫ ХЪАХЪХЪӔНУТ

24, 25. Абон сывӕллӕтты цӕмӕй хъӕуы хъахъхъӕнын?

24 Бирӕтӕ сӕ сабибонтӕ куы ’рхъуыды кӕнынц, уӕд сӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы. Сӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, куыд ӕнӕмӕт уыдысты – зыдтой йӕ, сӕ ныййарджытӕ цыфӕнды уавӕры дӕр сӕ фарсмӕ кӕй уыдзысты. Ныййарджыты фӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ дӕр афтӕ ӕнӕмӕт уой, фӕлӕ ацы дуне кӕны хӕлдӕй-хӕлддӕр, ӕмӕ сывӕллӕтты бахъахъхъӕнын абоны хуызӕн зын никуы уыд.

25 Фӕстаг азты тынг сарӕх ахӕм цъаммар хъуыддаг, ӕмӕ хӕлд адӕм сывӕллӕттӕн алы чъизи митӕ аразын кӕнынц. Зӕгъӕм, Малайзийы ахӕм хабӕрттӕ дӕс азмӕ фӕфылдӕр сты цыппар хатты. Германы алы аз дӕр ахӕм цъаммар ми бакӕнынц иу-300 000 сывӕллонӕн. Хуссар Америкӕйы бӕстӕтӕй сӕ иуы та, иу иртасӕн куысты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, алы аз дӕр тыхми бакӕнынц иу-фараст милуан сывӕллонӕн. Фыддӕр бӕллӕх та уый у, ӕмӕ сӕ фылдӕрӕн ахӕм митӕ бакӕнынц сӕхи хӕдзары – кӕй зонынц ӕмӕ кӕуыл ӕууӕндынц, уыдон. Фӕлӕ сывӕллӕттӕн сӕ ныййарджытӕ цыфӕнды уавӕры дӕр хъуамӕ уой сӕ хъахъхъӕнӕг. Цы хъӕуы уый тыххӕй?

26. Цавӕр мадзӕлттӕ ис сывӕллӕтты бахъахъхъӕнынӕн ӕмӕ сӕ зонындзинад куыд хъахъхъӕндзӕн?

26 Цард куыд ӕвдисы, афтӕмӕй хӕлд адӕймӕгтӕ ӕнцондӕрӕй асайынц, уыцы хъуыддӕгтӕн чи ницы зоны, ахӕм сывӕллӕтты. Уымӕ гӕсгӕ сывӕллӕтты хъӕуы ахуыр кӕнын – хӕрз гыццылӕй дӕр. Зонындзинад «ирвӕзын кӕны ӕвзӕр фӕндагӕй, мӕнг ныхас чи кӕны, ахӕм адӕймагӕй» (Ӕмбисӕндтӕ 2:10–12). Цавӕр зонындзинадыл цӕуы дзырд? Цы хъуамӕ зона сывӕллон? Библи хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы хоны, уый. Хъуамӕ ма зона уый дӕр, стыртӕй иуӕй-иутӕ ӕвзӕр митӕ кӕй кӕнынц ӕмӕ сывӕллонӕн исчи, раст цы нӕу, ахӕм исты куы аразын кӕна, уӕд ӕм хъуамӕ ма байхъуса. (Абар Данел 1:4, 8; 3:16–18.) Уыцы хъуыддӕгтыл иу хатт аныхас кӕнын фаг нӕу. Сывӕллӕттӕн сӕ фылдӕр афтӕ сты, ӕмӕ сын цы зӕгъинаг дӕ, уый цӕмӕй дзӕбӕх бахъуыды кӕной, уый тыххӕй сын ӕй цалдӕр хатты дӕр фӕхъӕуы бамбарын кӕнын. Стӕй, сывӕллӕттӕ куыд стыр кӕнынц, афтӕ ныййарджыты фӕхъӕуы сӕхи ӕндӕрхуызон дарын: фыд хъуамӕ ӕмбара, чызгӕн йӕхи сусӕгдзинӕдтӕ кӕй ис ӕмӕ алцы фыдӕн зонинаг кӕй нӕу, мад та хъуамӕ ӕмбара, йӕ фыртӕн дӕр кӕй ис ахӕм хабӕрттӕ. Афтӕмӕй сывӕллӕттӕ хуыздӕр ӕмбардзысты, цы ’мбӕлы ӕмӕ цы не ’мбӕлы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕтты хӕлд адӕмӕй бахъахъхъӕнынӕн ӕппӕты хуыздӕр та у, ӕдзухдӕр сӕм уӕ хъус куы дарат, уый.

ХУЫЦАУӔЙ ЗОНД АГУРУТ

27, 28. Сывӕллон хъомыл кӕныны хъуыддаджы ныййарджытӕн ӕппӕты хуыздӕр чи баххуыс кӕндзӕн?

27 Дзырд дӕр ыл нӕй, сывӕллоны йӕ гыццылӕй хъомыл кӕнын ӕнцон хъуыддаг нӕу, фӕлӕ Хуыцауыл ӕууӕндӕг ныййарджытӕ ацы хъуыддаджы иунӕг не сты. Израилы адӕмы сӕргъы тӕрхонгӕнджытӕ куы лӕууыдысты, уыцы заман цард иу лӕг, Маной, зӕгъгӕ. Маной уый куы базыдта, ӕмӕ сын сывӕллон уыдзӕн, уӕд куывта Йегъовӕмӕ, цӕмӕй йын бацамыдтаид, йӕ сывӕллоны куыд хъомыл кӕна, уый. Ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ куывдтытӕ фехъуыста (Тӕрхонгӕнджыты 13:8, 12, 24).

28 Афтӕ абон дӕр, Хуыцауыл ӕууӕндӕг ныййарджытӕ ӕххуыс курынц Йегъовӕйӕ. Ныййарӕджы хӕс зын хӕс у, фӕлӕ йӕ цин дӕр стыр у. Гавайы иу чырыстон бинонтӕ афтӕ зӕгъынц: «Цалынмӕ сывӕллон йӕ рӕзгӕ кары нӕ бацӕуа, цалынмӕ уыцы фӕлварӕн рӕстӕг нӕ райдайа, уӕдмӕ уын ис 12 азы, цӕмӕй, сымахӕй кӕнгӕ цы у, уый саразат. Ӕмӕ кӕд уыцы азты ӕппӕт хъарутӕй архайдтат, Библи куыд зӕгъы, уымӕ гӕсгӕ, уӕд уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр циндзинад – иу бон уӕ сывӕллон зӕгъдзӕн, фӕнды мӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, зӕгъгӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 23:15, 16). Уӕ хъӕбул ахӕм уынаффӕ куы рахӕсса, уӕд сымах дӕр зӕгъдзыстут: «Сывӕллӕттӕ сты Йегъовӕйы лӕвар»!

a Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.