Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ӔХСӔЗӔМ СӔР

Сывӕллонӕн рӕзгӕ кары ӕххуыс кӕнут

Сывӕллонӕн рӕзгӕ кары ӕххуыс кӕнут

1, 2. Рӕзгӕ кары ӕрыгонӕн цавӕр зындзинӕдтӕ ӕмӕ цавӕр циндзинад вӕййы?

 ХӔДЗАРЫ фондзаздзыд, йе та дӕсаздзыд саби уа, уый иу у, фӕлӕ уыцы сывӕллон рӕзгӕ кары уа, уый та – бынтон ӕндӕр. Рӕзгӕ кары сывӕллӕттӕн сӕхи зындзинӕдтӕ вӕййы, фӕлӕ дзы циндзинад дӕр бирӕ вӕййы. Зӕгъӕм, Иосиф, Давид, Иоси ӕмӕ Тимофейы царды хабӕрттӕй зонӕм, уый гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмбаргӕ уой ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕной (Райдиан 37:2–11; 1 Паддзахӕдты 16:11–13; 4 Паддзахӕдты 22:3–7; Хъуыддӕгтӕ 16:1, 2). Абон дӕр бирӕ ис ахӕм ӕрыгӕттӕ. Ӕвӕццӕгӕн дзы ды дӕр кӕйдӕрты зоныс.

2 Фӕлӕ ӕрыгӕттӕй алкӕмӕн ӕнцон нӕ вӕййы рӕзгӕ кары. Куы хъӕлдзӕг вӕййынц, цин фӕкӕнынц, куы та сӕм сдзурӕн дӕр нӕ вӕййы. Ӕрыгон лӕппутӕ ӕмӕ чызджыты фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ сӕхи бар ауадзой ӕмӕ, сӕхи куыд фӕнды, афтӕ кӕной, ӕмӕ сын сӕ ныййарджытӕ истӕмӕн бар куы нӕ фӕдӕттынц, уӕд смӕсты вӕййынц. Фӕлӕ уӕддӕр нырма ӕвӕлтӕрд сты ӕмӕ сӕ тынг хъӕуы уарзӕгой ӕмӕ фӕразон ныййарджыты ӕххуыс. Рӕзгӕ кары бирӕ ног ӕмӕ рӕсугъд ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны ӕрыгоны зӕрдӕйы, фӕлӕ ма уый арӕх вӕййы зын рӕстӕг дӕр, куыд йӕхицӕн, афтӕ йӕ ныййарджытӕн дӕр – нӕ фӕзонынц, кӕм куыд хуыздӕр у бакӕнын, уый. Куыд ис ӕрыгӕттӕн уыцы кары баххуыс кӕнӕн?

3. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн рӕзгӕ кары баххуыс кӕнын?

3 Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты, Библи куыд дзуры, афтӕ куы фӕхъомыл кӕнынц, уӕд кӕстӕртӕ, рӕзгӕ кары цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдоны сӕрты ӕнӕкъуылымпыйӕ ахизынц ӕмӕ сӕ хорз адӕймӕгтӕ рауайы. Ныййарджытӕ дӕр ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр Библийы амындтӕм гӕсгӕ кӕм архайдтой, уыцы бинонтӕ алы заманты дӕр ӕмӕ алы бӕстӕты дӕр уыдысты амондджын (Псалом 118:1).

ӔРГОМ НЫХАС

4. Сывӕллон рӕзгӕ кары куы уа, уӕд йемӕ ӕргом ныхас кӕнын уӕлдай ахсджиаг цӕмӕн у?

4 «Ӕргом ныхас кӕм нӕй, уым фӕндтӕ фехӕлдзысты»,– зӕгъы Библи (Ӕмбисӕндтӕ 15:22). Сывӕллӕттимӕ кӕд сӕ гыццылӕй дӕр ӕргом ныхас кӕнын фӕхъӕуы, уӕд сӕ уый ноджы тынгдӕр та хъӕуы рӕзгӕ кары – фылдӕр рӕстӕг хӕдзары нӕ, фӕлӕ скъолайы, се ’мбӕлттимӕ куы вӕййынц, уӕд. Уыцы кары сывӕллӕттӕ ӕмӕ ныййарджыты ’хсӕн ӕргом, зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ ныхас куы нӕ уа, уӕд кӕстӕртӕ хӕдзары ӕцӕгӕлӕттӕй уӕлдай нӕ уыдзысты. Уӕдӕ цы бакӕнын хъӕуы, цӕмӕй уе ’хсӕн ӕргом ныхас уа?

5. Ӕрыгӕттӕ сӕ ныййарджытимӕ ныхас кӕнынмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой?

5 Уыцы хъуыддаг аразгӕ у кӕстӕртӕй дӕр ӕмӕ ныййарджытӕй дӕр. Чи зоны, сывӕллонӕн гыццылӕй куыд ӕнцон уыди йӕ ныййарджытимӕ ныхас кӕнын, ныр ын афтӕ ӕнцон нал у. Фӕлӕ уӕ зӕрдыл дарут, «рӕстмӕ уынаффӕ кӕм нӕй, уым адӕм бабын вӕййынц, уынаффӕгӕнджытӕ бирӕ куы уа, уӕд уый та ирвӕзындзинад у» (Ӕмбисӕндтӕ 11:14). Ацы ныхӕстӕ хауынц алкӕмӕ дӕр: куыд ӕрыгӕттӕм, афтӕ ацӕргӕтӕм дӕр. Ӕрыгон уый йӕ зӕрдыл куы дара, уӕд ӕмбардзӕн, нырма дӕр ӕй ӕххуыс ӕмӕ уынаффӕ кӕй хъӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ ныр царды ноджы зындӕр фарстатӕ хъӕуы скъуыддзаг кӕнын. Хъуамӕ ӕмбара, йӕ уырнӕг ныййарджытӕй хуыздӕр зонд ын кӕй ничи бацамондзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон царды фылдӕр федтой, стӕй йыл йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ тыхсынц, ӕмӕ уымӕй ӕвдисынц, йӕ хорз сӕ кӕй фӕнды. Уӕдӕ уыцы кары ӕмбаргӕ сывӕллон йӕхи афтӕ нӕ дардзӕн, цыма йӕ ныййарджытӕй зондджындӕр у.

6. Ӕмбаргӕ ӕмӕ уарзӕгой ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттимӕ ныхас кӕнынмӕ цы цӕстӕй кӕсдзысты?

6 Ныййарӕг ӕмӕ рӕзгӕ уды ’хсӕн ӕргом ныхас уӕд уыдзӕни, ӕмӕ сывӕллоны аныхас кӕнын куы фӕнда, уӕд-иу ын ныййарӕг цыфӕндыйӕ дӕр рӕстӕг куы ссара ӕмӕ-иу ӕм куы байхъуса. Дӕ сывӕллонӕн дӕ зӕрдӕйы дуар алкӕддӕр гом уӕд. Уый ӕнцон нӕ вӕййы. Библи афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, «ис рӕстӕг ӕнцад лӕууынӕн ӕмӕ рӕстӕг дзурынӕн» (Екклесиаст 3:7). Сывӕллоны аныхас кӕнын куы фӕнда, уӕд дӕу та, чи зоны, дзурынмӕ ма ’вдӕла. Чи зоны, уыцы рӕстӕг Библи ахуыр кӕнынӕн рахицӕн кодтай, кӕнӕ дӕ аулӕфын фӕнды, йе та хӕдзары куыстытӕ кӕныс. Фӕлӕ кӕд уыныс, ӕмӕ йӕ аныхас кӕнын фӕнды, уӕд дӕ хъуыддӕгтӕ ныууадз ӕмӕ йӕм байхъус. Науӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ дыккаг хатт мауал бафӕнда аныхас кӕнын. Ӕрхъуыды-ма кӕн Йесойы. Иу хатт рӕстӕг рахицӕн кодта йӕ фӕллад суадзынӕн. Фӕлӕ адӕм куы ӕрӕмбырд сты йӕ ныхӕстӕм байхъусынмӕ, уӕд дзы йӕ фӕллад ферох, ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын райдыдта (Марчы 6:30–34). Фылдӕр хатт ӕй сывӕллӕттӕ фембарынц, сӕ ныййарджытӕ ӕнӕвдӕлон кӕй сты, фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ зоной, куы бахъӕуа, уӕд сӕ ныййарджытӕ сӕ фарсмӕ кӕй ӕрбалӕудзысты, уый. Уӕдӕ сын рӕстӕг арут ӕмӕ сӕ ӕмбарут.

7. Ныййарджыты сӕхи цӕмӕй хъӕуы хизын?

7 Ӕрхъуыды-ма кӕнут, уӕхӕдӕг уыцы кары цытӕ кодтат, ӕмӕ-иу ахудын дӕр зонут. Ныййарджытӕн хъуамӕ ӕхсызгон уа сӕ рӕстӕг сӕ сывӕллӕттимӕ ӕрвитын. Сӕрибар рӕстӕг уын куы фӕзыны, уӕд цы фӕкусут? Кӕд ӕдзухдӕр ууыл архайут, ӕмӕ уӕ рӕстӕг уӕ бинонтимӕ нӕ, фӕлӕ ӕндӕр искуы арвитат, уӕд уый сывӕллӕттӕ уайтагъд фӕхатдзысты. Сывӕллонмӕ афтӕ куы фӕкӕса, йӕ ныййарджытӕй йе ’мбӕлтты тынгдӕр хъӕуы, уӕд зындзинӕдтӕн ӕнӕфӕзынгӕ нӕй.

ЦӔУЫЛ ХЪӔУЫ НЫХАС КӔНЫН

8. Сайын ӕвзӕр кӕй у, кусын уарзын кӕй хъӕуы ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинадӕй та хи хизын кӕй хъӕуы, уый куыд ис сывӕллӕтты зонды ныффидар кӕнӕн?

8 Кӕд ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн гыццылӕй сӕ зонды нӕ ныффидар кодтой, сайын ӕвзӕр кӕй у, стӕй сын кусын нӕ бауарзын кодтой, уӕд сӕ уый ӕнӕмӕнг бакӕнын хъӕуы сӕ рӕзгӕ кары (1 Фессалоникӕгтӕм 4:11; 2 Фессалоникӕгтӕм 3:10). Ныййарджытӕ ма хъуамӕ фидарӕй зоной, сӕ сывӕллӕттӕ хорз кӕй ӕмбарынц, ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ чъизи митӕй хи хизын куыд ахсджиаг у, уый (Ӕмбисӕндтӕ 20:11). Ӕмӕ ацы хъуыддаджы, ныййарджытӕ сӕхӕдӕг куыд цӕрынц, уымӕй бирӕ аразгӕ у. Арӕх ӕнӕуырнӕг лӕгтӕ «ӕнӕ ныхӕстӕй дӕр сӕ устыты уаг ӕмӕ ӕгъдауы фӕрцы басӕттынц». Ӕмӕ афтӕ сты кӕстӕртӕ дӕр: сӕ ныййарджытӕм кӕсгӕйӕ сӕхӕдӕг дӕр ахуыр кӕнынц, Хуыцауы цӕсты раст цы у, ууыл (1 Петры 3:1). Фӕлӕ сын фӕзминаг уой, уый фаг нӕу, уымӕн ӕмӕ хӕдзары ӕдде сывӕллӕттӕ уынынц бирӕ ӕвзӕрдзинад ӕмӕ сӕ алырдыгӕй ардауынц хӕлд митыл. Уымӕ гӕсгӕ, йӕ сывӕллӕттыл чи тыхсы, уыцы ныййарджытӕ хъуамӕ зоной, цы цӕстӕй кӕсынц сӕ кӕстӕртӕ, цы уынынц ӕмӕ цы хъусынц, уымӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй та семӕ хъӕуы зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ ныхас кӕнын (Ӕмбисӕндтӕ 20:5).

9, 10. Сывӕллӕттӕн, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый ӕмбарын кӕнын цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ куыд ис уый аразӕн?

9 Ӕргом ныхас кӕнын уӕлдай тынгдӕр хъӕуы, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, ууыл. Ныййарджытӕ, мыййаг, ӕфсӕрмы кӕнут уӕ кӕстӕртимӕ уый фӕдыл ныхас кӕнын? Кӕд ӕфсӕрмы кӕнут, уӕддӕр сын дзурут уыцы хабӕртты тыххӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ уӕддӕр искӕмӕй базондзысты. Ӕмӕ сын сӕ уӕхӕдӕг куы нӕ бамбарын кӕнат, уӕд ӕй ацу ӕмӕ базон, ӕддейӕ сын сӕ куыдтӕтӕ радзурдзысты. Библийы Йегъовӕ ӕргом дзуры уыцы хъуыддӕгтыл, ӕмӕ ныййарджыты дӕр уымӕй ӕфсӕрмы кӕнын нӕ хъӕуы (Ӕмбисӕндтӕ 4:1–4; 5:1–21).

10 Хорз у, ӕмӕ Библи ӕргом дзуры, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн ӕмбӕлон цы у ӕмӕ цы нӕу, уыдӕтты тыххӕй. Ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр бирӕ хорз ӕрмӕг мыхуыр кӕнынц, Библийы уынаффӕтӕ абон дӕр пайда кӕй сты, уый фӕдыл. Хорз нӕ уаид уыцы ӕрмӕгӕй спайда кӕнын? Зӕгъӕм, уӕ чызг кӕнӕ уӕ лӕппуимӕ иумӕ ӕркӕсут чиныгмӕ, «Фӕсивӕды фарстытӕ. Ахадгӕ уынаффӕтӕ», 1 ӕмӕ 2 томты уый тыххӕй дзырд кӕм цӕуы, уыцы сӕртӕм. Уый уын, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уат, ахӕм ӕххуыс фӕуыдзӕн.

11. Йегъовӕйӕн куыд хъӕуы лӕггад кӕнын, уый сывӕллӕттӕн ӕппӕты хуыздӕр куыд ис бацамонӕн?

11 Сӕйрагдӕр та цӕуыл хъуамӕ ныхас кӕной ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ? Уый ӕмбарын кӕны апостол Павел: «Уӕ сывӕллӕтты... хъомыл кӕнут, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут» (Ефесӕгтӕм 6:4). Сывӕллӕттӕ хъуамӕ бонӕй-бонмӕ хуыздӕр зонгӕ кӕной Йегъовӕимӕ. Хъӕуы сӕ Йегъовӕйы бауарзын, цӕмӕй сӕ бафӕнда Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ӕмӕ та ам дӕр бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзысты ныййарджытӕй. Куы йӕ уыной, ӕмӕ сӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы «ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» уарзынц ӕмӕ уый сӕ цардыл хорзырдӕм зыны, уӕд уыдонӕн дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн йӕ бауарзын (Матфейы 22:37). Афтӕ ӕхцайы хъуыддаджы дӕр: кӕстӕртӕ йӕ куы уыной, ӕмӕ сӕ ныййарджытӕ ӕхцайы фӕдыл нӕ цӕуынц, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг ӕвӕрынц фыццаг бынаты, уӕд уыдонӕн дӕр уый уыдзӕн царды сӕйрагдӕр (Екклесиаст 7:12; Матфейы 6:31–33).

Бинонты ӕнӕмӕнг хъӕуы Библи иумӕ ахуыр кӕнын

12, 13. Цӕмӕй бинонты ахуырӕй пайда уа, уый тыххӕй цы хъӕуы зӕрдыл дарын?

12 Ӕрыгӕттимӕ Хуыцауы хъуыддӕгтыл ныхас кӕнынӕн диссаджы ӕххуыс у, бинонтӕ Библи иумӕ кӕй фӕахуыр кӕнынц, уый (Псалом 118:33, 34; Ӕмбисӕндтӕ 4:20–23). Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй йӕ алы къуыри дӕр иумӕ ахуыр кӕной (Псалом 1:1–3). Ныййарджытӕ дӕр ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр хъуамӕ ӕмбарой, фыццагдӕр сӕ уый кӕй хъӕуы спълан кӕнын, стӕй та иннӕ хъуыддӕгтӕ – иннӕрдӕм нӕ, фӕлӕ. Стӕй, цӕмӕй уыцы ахуырӕй пайда уа, уый тыххӕй йӕм хъӕуы раст цӕстӕй кӕсын. Иу фыд афтӕ загъта: «Бинонты хистӕр хъуамӕ афтӕ сараза, цӕмӕй ахуыры рӕстӕджы сывӕллӕттӕ сӕхи сӕрибар хатой, фӕлӕ хынджылӕг дӕр ма кӕной. Уый къухы алы хатт ӕнцонӕй нӕ бафты, ӕмӕ кӕстӕртӕн арӕх фӕхъӕуы сӕ зондахаст сраст кӕнын. Иу хатт, дыууӕ хатты уын алцы хорз куы нӕ рауайа, уӕд уӕ ныфс ма асӕттӕд, хъуыды кӕнут, иннӕ къуыри куыд ахуыр кӕндзыстут, ууыл». Уыцы фыд ма ноджыдӕр загъта, зӕгъгӕ, алы ахуыры размӕ дӕр Йегъовӕмӕ куы фӕкувын, уӕд дзы фӕкурын, цӕмӕй нын баххуыс кӕна, ӕмӕ нӕ алчидӕр раст цӕстӕй кӕса бинонты ахуырмӕ (Псалом 118:66).

13 Кӕд ныййарджытӕ чырыстӕттӕ сты, уӕд сӕ сывӕллӕттимӕ Библи уыдон хъуамӕ ахуыр кӕной. Раст у, ныййарджытӕй алчи дӕсны нӕу иннӕты ахуыр кӕнынмӕ, ӕмӕ йын, чи зоны, зын у бинонты ахуыр афтӕ уадзын, цӕмӕй йӕм иууылдӕр зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсой. Фӕлӕ кӕд уӕ кӕстӕрты «хъуыддагӕй, стӕй уӕд сыгъдӕгзӕрдӕйӕ» уарзут, уӕд уӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй сын Хуыцауы фӕндагыл слӕууынӕн баххуыс кӕнат, ӕмӕ ууыл сӕрныллӕгӕй ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайдзыстут (1 Иоанны 3:18). Хатт-иу, чи зоны, хъуыр-хъуыр дӕр бакӕной, фӕлӕ йӕ уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбардзысты, сӕ хорзыл кӕй хъуыды кӕнут.

14. Дыккаг закъоны 11:18, 19 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ кӕстӕртимӕ кӕд ис Хуыцауы хъуыддӕгтыл ныхас кӕнӕн?

14 Хуыцауы хъуыддӕгтыл ӕрмӕст бинонты ахуыры рӕстӕджы нӕй ныхас кӕнӕн. Хъуыды-ма йӕ кӕныс, Йегъовӕ ныййарджытӕн цы ныффӕдзӕхста? «Мӕ ныхӕстӕ мын ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй айсут; уӕ къухыл сӕ бабӕттут, цӕмӕй сӕ ма рох кӕнат, ӕмӕ сӕ уӕ ныхыл бастӕй хӕссут. Амонут сӕ уӕ фырттӕн дӕр, дзурут сыл, хӕдзары куы бадат, фӕндагыл куы цӕуат, хуысгӕ куы кӕнат ӕмӕ куы сыстат, уӕд» (Дыккаг закъон 11:18, 19; кӕс ма Дыккаг закъон 6:6, 7). Ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн ӕппынӕдзух хъуамӕ Хуыцауы тыххӕй дзурой. Фӕлӕ хӕдзары хистӕр йӕ бинонтыл куы тыхса, уӕд ӕдзухдӕр агурдзӕн уый фадат, цӕмӕй сын ӕххуыс кӕна алцӕмӕ дӕр Хуыцауы цӕстӕй кӕсынӕн.

ЗОНД АМОНЫН ӔМӔ АРГЪ КӔНЫН

15, 16. а) Цы нысан кӕны зонд амонын? ӕ) Зонд амонын кӕй хӕс у ӕмӕ уыцы зондамындмӕ хъусгӕ та чи хъуамӕ кӕна?

15 Зонд амонын нысан кӕны адӕймаджы ахуыр кӕнын ӕмӕ, кӕм рӕдийы, уым ын йӕ зондахаст сраст кӕнын. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъӕуы йемӕ ныхас кӕнын. Кӕд хатт бафхӕрын дӕр фӕхъӕуы, уӕддӕр зонд амонынмӕ фылдӕр хауы адӕймагӕн йӕ рӕдыд бамбарын кӕнын. Уӕ сывӕллӕттӕ гыццыл куы уыдысты, уӕд сын хъуыди зонд амонын, ӕмӕ сӕ уый сӕр хъӕуы ныр дӕр – чи зоны, ноджы тынгдӕр. Ӕмбаргӕ сывӕллон зоны, уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у.

16 «Ӕдылы йӕ фыды зондмӕ нӕ хъусы, уайдзӕфмӕ чи хъусы, уый та у ӕмбаргӕ»,– зӕгъы Библи (Ӕмбисӕндтӕ 15:5). Ацы стихӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн. Иу уый, ӕмӕ сывӕллонӕн зонд ӕнӕмӕнг амондзысты. Уайдзӕф ын куы ничи бакӕна, уӕд хъусгӕ дӕр кӕмӕ бакӕна. Сывӕллӕттӕн зонд амоныны хӕс Йегъовӕ сӕвӕрдта ныййарджытыл, уӕлдайдӕр та – фыдыл. Уыцы зондамындмӕ байхъусын та сывӕллоны хӕс у. Йӕ фыд ӕмӕ йын йӕ мад цы хорз зонд амонынц, уымӕ куы хъуса, уӕд фылдӕр зондзӕн ӕмӕ къаддӕр рӕдийдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 1:8). Библи афтӕ дзуры: «Зондамындмӕ чи нӕ хъусы, уый ӕрцӕудзӕн мӕгуырдзинадмӕ ӕмӕ ӕгады уавӕрмӕ, уайдзӕфмӕ чи хъусы, уый та уыдзӕн кадджын» (Ӕмбисӕндтӕ 13:18).

17. Кӕстӕртӕн зонд амонгӕйӕ ныййарджыты ӕмбаргӕдзинад цӕмӕн хъӕуы?

17 Кӕстӕртӕн зонд амонгӕйӕ ныййарджыты хъӕуы ӕмбаргӕдзинад. Семӕ афтӕ карз хъуамӕ ма уой, ӕмӕ сӕ мӕсты кӕной, кӕнӕ та сӕ уый онг ӕркӕной, ӕмӕ сӕхимӕ мацыуал кӕсой (Колоссӕгтӕм 3:21). Фӕлӕ хъуамӕ афтӕ фӕлмӕн дӕр ма уой, ӕмӕ сын, кӕм хъӕуы, уым зонд ма бацамоной. Ӕгӕр фӕлмӕн куы уой, уӕд уый кӕстӕрты сафгӕ кӕны. Ӕмбисӕндты 29:17 афтӕ зӕгъы: «Дӕ фырты, кӕм хъӕуа, уым бафхӕр, ӕмӕ дзы ӕнӕмаст уыдзынӕ, дӕ зӕрдӕ дзы райдзӕн». Дарддӕр 21-ӕм стих та афтӕ зӕгъы: «Де ’ххуырсты йе ’рыгонӕй буц ахуыр куы скӕнай, уӕд фӕстӕдӕр хорздзинадӕн аргъ нал кӕндзӕн». Ӕмӕ кӕд ацы стихы ӕххуырсты кой цӕуы, уӕддӕр уый зӕгъӕн ис сывӕллонӕй дӕр.

18. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд кӕй амонынц, уымӕй цы ’вдисынц ӕмӕ зонд амонгӕйӕ фидар цӕмӕн хъуамӕ уой?

18 Ныййарӕг йӕ сывӕллонӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ зонд куы амона, уӕд уымӕй ӕвдисдзӕн, кӕй йӕ уарзы (Дзуттӕгтӕм 12:6, 11). Алы ныййарӕг дӕр ӕй йӕхицӕй зоны, куыд зын у, цӕмӕй ӕгӕр карз дӕр ма уай, ӕмӕ уыимӕ дӕ «о» алкӕддӕр «о» уа, дӕ «нӕ» та – «нӕ». Сывӕллон йӕхи фӕнд куы кӕна, уӕд, чи зоны, ныййарӕг афтӕ хъуыды кӕна, зӕгъгӕ, фӕлтау йӕ фӕндыл сразы уон, цӕйнӕфӕлтау хъӕр-хъӕлӕба рауайа. Фӕлӕ ныййарӕг афтӕ куы кӕна, уӕд хъуыддаг уымӕ ’рцӕудзӕн, ӕмӕ хӕдзары йӕ ныхасмӕ ничиуал хъусдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 29:15; Галатӕгтӕм 6:9).

КУЫСТ ӔМӔ ИРХӔФСӔНТӔ

19, 20. Кӕстӕртӕ сӕ рӕстӕг куыд ӕрвитынц, уымӕ зондджын ныййарджытӕ куыд кӕсдзысты?

19 Раздӕр афтӕ уыди, ӕмӕ-иу сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытӕн ӕххуыс кодтой хӕдзары куыстытӕ кӕнынӕн. Абон та кӕстӕртӕй бирӕтӕ сты сӕхи бар, ис сын бирӕ сӕрибар рӕстӕг. Ӕмӕ ацы дуне ӕрымысыд бирӕ алыхуызон ирхӕфсӕнтӕ, цӕмӕй ӕрыгӕттӕ сӕ рӕстӕг уыдӕттыл ӕрвитой. Стӕй ацы дунемӕ нымады дӕр нӕй, Библи ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдауы фӕдыл цы дзуры, уый. Ӕмӕ уыдӕттыл куы ахъуыды кӕнай, уӕд ӕй бамбардзынӕ, ӕрыгӕттӕн бӕллӕхы бахауынӕй куыд тӕссаг у.

20 Уымӕ гӕсгӕ зондджын ныййарджытӕ сӕ кӕстӕртӕн уый бар нӕ дӕттынц, ӕмӕ сӕхӕдӕг иунӕгӕй ӕвзарой, сӕ рӕстӕг куыд ӕрвитдзысты, уый. Ӕцӕг, рох кӕнын нӕ хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ сывӕллон стыр кӕны. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн, азӕй-азмӕ йын фылдӕр бартӕ кӕй дӕтдзысты. Уӕдӕ хорз уаид, куыд стыр кӕны, афтӕ йын ныййарджытӕ арӕхдӕр куы дӕттиккой бар, цӕмӕй йӕхӕдӕг ӕвзара, йӕ рӕстӕг куыд ӕрвитдзӕн, уый – кӕд йӕ митӕм гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ӕмбаргӕ у, уӕд. Чи зоны, алы хатт раст ма бакӕна, зӕгъӕм, хорз музыкӕ кӕнӕ хорз ӕмбӕлттӕ ма равзара. Ӕмӕ уӕд хъӕудзӕн йемӕ аныхас кӕнын, цӕмӕй дарддӕр лӕмбынӕгдӕр кӕса.

21. Ӕрыгӕттӕ ирхӕфсӕнтӕй бӕрц куы зоной, уӕд сӕ уый цӕмӕй бахиздзӕн?

21 Цы зӕгъӕн ис, ирхӕфсӕнтыл цас рӕстӕг ацӕуы, уый тыххӕй та? Иуӕй-иу бӕстӕты фӕсивӕд афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ӕдзухдӕр хъуамӕ сӕхи ирхӕфсой. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕрыгон лӕппу кӕнӕ чызг дӕр йӕ рӕстӕг, гӕнӕн ис, афтӕ пълан кӕна, зӕгъгӕ, абон ам аирхӕфсдзынӕн мӕхи, райсом та – уым. Фӕлӕ йын ныййарджытӕ хъуамӕ ӕмбарын кӕной, ӕндӕр хъуыддӕгтӕн дӕр кӕй хъӕуы рӕстӕг: бинонтӕн, Библи ахуыр кӕнынӕн, ӕмбаргӕ чырыстӕттимӕ абадынӕн, ӕмбырдтӕм цӕуынӕн ӕмӕ хӕдзары куыстытӕн. Уӕд йӕ хъуыдытӕ, «йӕхи куыд аирхӕфса», ӕрмӕст ууыл нӕ уыдзысты, ӕмӕ дзы Хуыцауы ныхас нӕ ферох уыдзӕн (Лукайы 8:11–15).

22. Ӕрыгӕтты царды хиирхӕфсӕнтӕй дарддӕр цы хъуамӕ уа?

22 Паддзах Соломон ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Ӕз базыдтон, адӕймагӕн уымӕй хуыздӕр кӕй ницы ис, ӕмӕ цин кӕна ӕмӕ хорздзинад араза йе ’ппӕт царды бонты. Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ хӕра ӕмӕ нуаза ӕмӕ йӕ фыдӕбонӕй циндзинад иса. Уый у Хуыцауы лӕвар» (Екклесиаст 3:12, 13). О, адӕймагӕн хъуамӕ рӕстӕг уа хи ирхӕфсынӕн, цин кӕнынӕн. Фӕлӕ ӕнӕ кусгӕйӕ дӕр цард нӕй. Абоны ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ куысты ад зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Нӕ зонынц, адӕймаг исты зындзинады сӕрты куы ахизы, уӕд йӕхи цӕсты куыд сырӕзы, уый дӕр. Кӕстӕртӕн хатт нӕ вӕййы уый фадат, ӕмӕ исты куыстыл сахуыр уой кӕнӕ исты дӕсныйад райсой, цӕмӕй фӕстӕдӕр сӕхи дарынхъом уой. Ӕмӕ уый хъуыдыйаг у ныййарджытӕн. Уӕ сывӕллонӕн ахӕм фадат уыдзӕн? Куыстӕн аргъ кӕнын ӕй куы сахуыр кӕнат ӕмӕ йын кусын куы бауарзын кӕнат, уӕд ын уый стыр ӕххуыс уыдзӕн царды.

СЫВӔЛЛОН СТЫР КӔНЫ

Уӕ сывӕллӕттӕн дзурут, кӕй сӕ уарзут ӕмӕ уын зынаргъ кӕй сты

23. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ кӕстӕрты зӕрдӕты ныфс уадзын?

23 Кӕд уӕ сывӕллонимӕ алы хатт кӕрӕдзи нӕ фембарут, уӕддӕр Библийы ныхӕстӕ раст сты: «Уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн» (1 Коринфӕгтӕм 13:8). Кӕй йӕ уарзут,– ӕмӕ йӕ уарзгӕ та ай-гъайдӕр кӕнут,– уый алкӕддӕр ӕвдисут. Алчидӕр-ма уӕ ахъуыды кӕнӕд: «Мӕ сывӕллӕттӕй алкӕцыйӕ дӕр раппӕлын, зын уавӕры фидар кӕй фӕлӕууынц ӕмӕ раст кӕй бакӕнынц, уый тыххӕй? Уый фадат агурын, цӕмӕй сыл баузӕлон ӕмӕ сын дзурон, кӕй сӕ уарзын ӕмӕ мын зынаргъ кӕй сты?» Кӕмдӕр, чи зоны, кӕрӕдзи нӕ бамбарут, фӕлӕ уӕддӕр кӕстӕртӕ уый куы уыной, ӕмӕ сӕ уарзут, уӕд уын ӕй уыдон дӕр уарзтӕй бафиддзысты.

24. Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕныны тыххӕй Фыстады цавӕр уагӕвӕрд ис, фӕлӕ уӕддӕр цы нӕ хъӕуы рох кӕнын?

24 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕттӕ куыд стыр кӕной, афтӕ царды ахсджиаг хъуыддӕгтӕ сӕхӕдӕг лыг кӕндзысты. Ӕмӕ цы уынаффӕтӕ хӕссой, уыдон, чи зоны, се ’ппӕт ныййарджыты зӕрдӕмӕ ма цӕуой. Зӕгъӕм, сывӕллон аскъуыддзаг кодта, Йегъовӕйӕн кӕй нал лӕггад кӕндзӕн, уӕд куыд? Хатт афтӕ дӕр вӕййы. Йегъовӕйӕн дӕр йӕ уӕларвон фырттӕй чидӕртӕ нӕ байхъуыстой йӕ ныхасмӕ ӕмӕ йӕ ныхмӕ систы (Райдиан 6:2; Иудӕйы 6). Сывӕллон компьютер нӕу, цӕмӕй алцыдӕр, дӕу куыд фӕнды, афтӕ кӕна. Алы сывӕллон дӕр сӕрибар адӕймаг у ӕмӕ, цы аразы, уый тыххӕй Йегъовӕйы раз дзуапп йӕхӕдӕг дӕтдзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр Ӕмбисӕндты 22:6 ис хорз уагӕвӕрд: «Дӕ фырты раст фӕндагыл сӕвӕр, ӕмӕ куы базӕронд уа, уӕд дӕр ӕй нӕ ныууадздзӕн».

25. Ныййарджытӕ Йегъовӕйӕ бузныг кӕй сты, уый цӕмӕй у сӕ бон равдисын?

25 Уӕдӕ уӕ сывӕллӕттӕн уӕ уарзт ма ’вгъау кӕнут. Уӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразут, цӕмӕй сӕ, Библи куыд зӕгъы, афтӕ хъомыл кӕнат. Уӕ хорз ӕгъдауӕй сын фӕзминаг ут. Уымӕй хуыздӕр сын ницӕмӕй баххуыс кӕндзыстут, цӕмӕй суой уӕззаузонд, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, ахӕм адӕймӕгтӕ. Ӕмӕ уын хъӕбулы ад чи бавзарын кодта, уыцы Хуыцау Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стут, уый дӕр уымӕй хуыздӕр никуыд равдисдзыстут.