Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ӔВДӔМ СӔР

Уӕ сывӕллон ӕнӕсӕттон у?

Уӕ сывӕллон ӕнӕсӕттон у?

1, 2. а) Дзуттаг дины разамонджытӕ куыд мӕнгард уыдысты, уый Йесо цавӕр ӕмбисондӕй равдыста? ӕ) Йесойы ныхӕстӕй ӕрыгӕтты тыххӕй цы ис базонӕн?

 ЙЕСОЙЫ куы амардтой, уымӕй цалдӕр боны размӕ дзуттӕгты дины разамонджытӕн радзырдта иу ӕмбисонд. Уый загъта: «Цы зӕгъдзыстут ай тыххӕй та? Иу лӕгӕн уыди дыууӕ фырты. Сӕ иумӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: „Мӕ хъӕбул, ацу ӕмӕ абон сӕнӕфсирдоны бакус“. Уый йын дзуапп радта: „Цӕуын, мӕ фыд“, фӕлӕ нӕ ацыд. Бацыд та иннӕ фыртмӕ дӕр, ӕмӕ уымӕн дӕр афтӕ загъта. Уый та йын дзуапп радта: „Нӕ ацӕудзынӕн“. Фӕлӕ уый фӕстӕ йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт ӕмӕ ацыди. Уӕдӕ дыууӕ фыртӕй йӕ фыды фӕндон чи сӕххӕст кодта?» Дины разамонджытӕ йын дзуапп радтой: «Дыккаг» (Матфейы 21:28–31).

2 Ам Йесо равдыста, уыцы дины разамонджытӕ куыд мӕнгард уыдысты, уый. Фыццаг фыртау уыдон дӕр дзырд радтой, Хуыцауы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕндзысты, фӕлӕ сӕ ныхасӕн хицау нӕ разындысты. Ацы ӕмбисондыл хъуыды кӕнгӕйӕ ныййарджытӕй та бирӕтӕ зӕгъдзысты, Йесо хорз кӕй ӕмбӕрста бинонты царды хабӕрттӕ. Йесо куыд равдыста, афтӕмӕй арӕх ӕцӕгдӕр ӕнцон нӕ вӕййы, ӕрыгӕттӕн сӕ зонды цы ис ӕмӕ куыд бакӕндзысты, уый базонын. Бирӕтӕ се ’рыгонӕй вӕййынц фыдзонд, сӕ бинонтӕн бирӕ мӕстытӕ бавзарын кӕнынц, фӕлӕ сӕ стӕй рауайы уӕззаузонд ӕмӕ ӕгъдауджын адӕймӕгтӕ. Ӕмӕ уый нӕ хъӕуы рох кӕнын.

ӔНӔСӔТТОН КӔЙ ИС СХОНӔН?

3. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллоны ӕнӕсӕттон схоной, ууыл сӕ тагъд кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?

3 Хатт адӕймаг фехъусы, йӕ ныййарджыты коммӕ ӕппындӕр чи нӕ кӕсы, ахӕм ӕрыгӕтты тыххӕй. Чи зоны, дӕхӕдӕг дӕр зоныс ахӕм сывӕллӕтты. Фӕлӕ алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, сывӕллон ӕцӕгдӕр ӕнӕсӕттон у ӕви нӕ, уый базонын. Стӕй, хӕдзары мидӕг сывӕллӕттӕй иу цӕмӕн вӕййы ӕнӕсӕттон, иннӕ та – нӕ, уый бамбарын дӕр ӕнцон нӕ вӕййы. Зӕгъгӕ ныййарджытӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕй кӕцыдӕр сфыдзонд ӕмӕ бонӕй-бон фыддӕр кӕны, уӕд сын куыд кӕнгӕ у? Аныхас уал кӕнӕм, ӕнӕсӕттон кӕй ис схонӕн, ууыл, ӕмӕ уӕд ацы фарстамӕ дӕр ӕркӕсдзыстӕм.

4–6. а) Ӕнӕсӕттон кӕй ис схонӕн? ӕ) Сывӕллон иуӕй-иу хатт коммӕ куы нӕ кӕса, уӕд ныййарджыты цы хъӕуы зӕрдыл дарын?

4 Цыбыртӕй йӕ куы зӕгъӕм, уӕд ӕнӕсӕттон у, барӕй ӕмӕ ӕдзухдӕр йӕхи фӕнд чи кӕны, хистӕртӕм чи нӕ хъусы, сӕ ныхмӕ чи цӕуы, ахӕм адӕймаг. Раст у, «лӕппуйы зӕрдӕ сонт у» (Ӕмбисӕндтӕ 22:15). Ӕмӕ ахӕм сывӕллон нӕй, кӕддӕр цыдӕр хъуыддаджы йӕ ныййарджыты ныхмӕ чи нӕ рацӕуы. Уый арӕхдӕр вӕййы, сывӕллон гуырыкондӕй дӕр ӕмӕ зондахастӕй дӕр ивын куы райдайы, уыцы кары. Кӕцыфӕнды адӕймагӕн дӕр йӕ царды исты куы фӕивы, уӕд фӕтыхсы, ӕмӕ уыцы кары та ӕрыгоны царды ивындзинӕдтӕй фылдӕр ницы вӕййы. Ныр сывӕллон дӕр нал у, ӕмӕ стыр адӕймаг дӕр нӕма сси. Уымӕ гӕсгӕ сывӕллон уыцы кары куы вӕййы, уӕд арӕх ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ кӕрӕдзи нал фембарынц. Бирӕ ныййарджытӕ афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕ нырма гыццылтӕ сты. Кӕстӕртӕн сӕхи та уый фӕфӕнды, ӕмӕ тагъддӕр сыстыр уой.

5 Ӕнӕсӕттон ахӕм сывӕллон у, ӕмӕ йӕ ныййарджыты зондмӕ бынтондӕр чи нӕ хъусы. Фӕлӕ сывӕллон цалдӕр хатты куы нӕ байхъуса, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕма у, ӕмӕ ӕнӕсӕттон у. Иуӕй-иу сывӕллӕтты фыццаг тынг нӕ фӕфӕнды, Библи цы дзуры, уый базонын дӕр, йе та сӕ бынтондӕр нӕ фендавынц уыдӕттӕ, фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн нӕ вӕййы, ӕмӕ ӕнӕсӕттон сты. Уӕдӕ, уӕ сывӕллоны ӕнӕсӕттон схонат, ууыл тагъд ма кӕнут.

6 Цымӕ уыцы кары ӕрыгӕттӕ се ’ппӕт дӕр фӕцӕуынц сӕ ныййарджыты ныхмӕ? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Ӕрмӕстдӕр стӕмтӕ вӕййынц ӕцӕг ӕнӕсӕттон. Фӕлӕ уӕддӕр, сывӕллонӕн басӕттӕн куы нал уа, уӕд куыд? Стӕй, ахӕм цӕмӕн свӕййы?

СЫВӔЛЛОН ӔНӔСӔТТОН ЦӔМӔН СВӔЙЙЫ

7. Куыд ис уый гӕнӕн, ӕмӕ Хӕйрӕджы дуне сывӕллоны сфыдзонд кӕна?

7 Сывӕллон ӕнӕсӕттон кӕй свӕййы, уымӕн йӕ сӕйраг аххосаг у, Хӕйрӕджы дунейы кӕй цӕрӕм, уый. «Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы» (1 Иоанны 5:19). Ацы дуне Хӕйрӕджы дӕлбар кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ йӕ адӕмӕн сӕ уаг ӕмӕ се ’гъдау рагӕй фӕстӕмӕ дӕр сты хӕлд, ӕмӕ ахӕм дунейы чырыстӕттӕ хъуамӕ уой къӕрцхъус (Иоанны 17:15). Стӕй дуне абон та ноджы хӕлддӕр ӕмӕ тӕссагдӕр у (2 Тимофеймӕ 3:1–5, 13). Ӕмӕ ныййарджытӕ сӕ кӕстӕртӕн зонд куы нӕ амоной, куы нӕ сӕ фӕдзӕхсой ӕмӕ сӕ куы нӕ хъахъхъӕной, уӕд сӕ Хӕйрӕг, «ныртӕккӕ ӕгоммӕгӕс адӕм кӕй зондӕй архайынц, уыцы хицау», йӕхи хуызӕн ӕнцонтӕй скӕндзӕн (Ефесӕгтӕм 2:2). Ӕрыгӕттыл тынг ӕндавынц се ’мгӕрттӕ дӕр. Библи афтӕ зӕгъы: «Ӕнӕзӕндтимӕ чи лымӕн кӕна, уый... фӕсмойнаг фӕуыдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 13:20). Ацы дунейы зондӕй хъӕстӕ чи у, уыдонимӕ чи ӕрвита йӕ рӕстӕг, уый йӕхӕдӕг дӕр уыцы зондӕй фӕхъӕстӕ уыдзӕн. Ӕрыгӕттӕ хъуамӕ бамбарой, Хуыцау куыд зӕгъы, афтӕ куы кӕной, уӕд царды фӕсмойнаг кӕй никуы фӕуыдзысты, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй та ӕдзухдӕр хъӕуы ныййарджыты ӕххуыс (Исай 48:17, 18).

8. Сывӕллон ӕнӕсӕттон цӕмӕн свӕййы?

8 Сывӕллон ма ӕгоммӕгӕс свӕййы, хӕдзары цы фӕуыны, уый ахоссӕй дӕр. Зӕгъӕм, ныййарджытӕй иу фыднозт куы кӕна кӕнӕ наркотиктыл куы бафта, йе та йе ’мкъайы куы нӕма, уӕд арӕх, уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ, сывӕллон дӕр сфыдзонд вӕййы. Ӕниу сабыр бинонты ’хсӕн цӕргӕйӕ дӕр сывӕллонмӕ афтӕ куы фӕкӕса, ӕмӕ йӕ ныййарджыты нӕ хъӕуы, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ иу бон уый дӕр сӕ ныхмӕ рацӕуа. Фӕлӕ ӕрыгӕттӕ ӕнӕсӕттон кӕй свӕййынц, уый алы хатт искӕй аххосӕй нӕ вӕййы. Хатт сывӕллонӕн тынг хорз ныййарджытӕ дӕр вӕййы, Хуыцауы амындтӕм гӕсгӕ йӕ фӕхъомыл кӕнынц, ацы дунейы ӕвзӕрдзинӕдтӕй йӕ фӕхъахъхъӕнынц, фӕлӕ уӕддӕр сӕ ныхмӕ рацӕуы. Цӕмӕн? Зындзинӕдтӕн ма ис ноджыдӕр иу аххосаг – ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый. Павел афтӕ загъта: «Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд» (Ромӕгтӕм 5:12). Адам разынд хиуарзон ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ рацыд, ӕмӕ уыцы ӕвзӕр миниуӕг сӕ туджы рахӕссынц йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр. Гъемӕ хатт ӕрыгӕттӕ дӕр равзарынц, кӕддӕр сӕ фыдӕл цы фӕндаг равзӕрста, уый.

ӔГӔР ФӔЛМӔН ИЛИЙ ӔМӔ ӔГЪАТЫР РОВОАМ

9. Куыд ис уый гӕнӕн, ӕмӕ сывӕллон ӕнӕсӕттон суа ныййарджытӕн сӕхи аххосӕй?

9 Ӕрыгӕттӕ ма ӕнӕсӕттон свӕййынц, ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнгӕйӕ уӕззау зондӕй кӕй нӕ фӕархайынц, уый тыххӕй дӕр (Колоссӕгтӕм 3:21). Иуӕй-иу ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн афтӕ тӕрсынц, ӕмӕ сӕ акъахдзӕф кӕнын дӕр нӕ уадзынц, гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр сӕ бафхӕрынц. Иннӕтӕ та сты ӕгӕр фӕлмӕн, сӕ ӕвӕлтӕрд кӕстӕртӕн зонд нӕ амонынц, ӕмӕ сын ӕнӕ уымӕй та алы бӕллӕхты бахауынӕй тӕссаг у. Ӕгӕр фӕлмӕн дӕр ма уай ӕмӕ ӕгӕр карз дӕр, уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Стӕй сывӕллӕттӕ дӕр алыхуызӕттӕ сты. Иу сывӕллоны иннӕмӕй фылдӕр хъусдард фӕхъӕуы. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа – ныййарджытӕ ӕгӕр фӕлмӕн уой, уый дӕр ӕвзӕр у, ӕмӕ ӕгӕр карз уой, уый дӕр. Ӕмӕ уый бӕрӕг у Библийӕ дыууӕ адӕймаджы хабарӕй.

10. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ кӕд Илий хистӕр сауджыны хӕстӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кодта, уӕддӕр хорз фыд нӕ уыди?

10 Кӕддӕр Израилы хистӕр сауджын Илийӕн уыди сывӕллӕттӕ. Илий сауджынӕй фӕлӕггад кодта дыууиссӕдз азы, ӕмӕ Хуыцауы Закъон хорз куыннӕ зыдтаид. Ӕвӕццӕгӕн, йӕ куыст кодта ӕнӕзӕрдӕхудтӕй, стӕй Хуыцауы Закъон йӕ фырттӕн, Офни ӕмӕ Финеесӕн дӕр амыдтаид. Фӕлӕ йӕ бӕллӕх уый мидӕг уыд, ӕмӕ йӕ фырттимӕ уыди ӕгӕр фӕлмӕн. Офни ӕмӕ Финеес сӕхӕдӕг дӕр сауджынтӕй лӕггад кодтой, фӕлӕ уыдон уыдысты «ницӕйаг адӕм», сӕ гуыбын ӕмӕ сӕ сӕ чъизи монцты йеддӕмӕ ницӕй мӕт уыди. Кувӕн бынаты худинаджы митӕ кодтой, фӕлӕ Илиймӕ уыйас ныфс нӕ разынд, ӕмӕ сын сӕ бартӕ байстаид. Афтӕ-иу сын ӕнӕбары уайдзӕфтӕ бакодта. Семӕ ӕгӕр фӕлмӕн кӕй уыди, уымӕй Илий равдыста, йӕ фыртты Хуыцауӕй уӕлдӕр кӕй ӕвӕрдта. Гъемӕ йӕ фырттӕ Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты, ӕмӕ Илийы хӕдзарыл стыр зиӕнттӕ ’рцыд (1 Паддзахӕдты 2:12–17, 22–25, 29; 3:13, 14; 4:11–22).

11. Илийы хабар ныййарджытӕн цӕуыл дзурӕг у?

11 Ацы хабӕрттӕ куы ’рцыдысты, уӕд Илийӕн йӕ фырттӕ стыртӕ уыдысты, фӕлӕ йӕ уынӕм, ныййарджытӕ сывӕллӕттӕн зонд куы нӕ амоной, уӕд уый тынг тӕссаг кӕй у. (Абар Ӕмбисӕндтӕ 29:21.) Хатт ныййарджытӕ афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕ кӕстӕртӕн алцы куы хатыр кӕной, уӕд уый уарзондзинадыл дзурӕг уыдзӕн. Гъемӕ сын бӕлвырд уагӕвӕрдтӕ нӕ февӕрынц ӕмӕ сӕ фидарӕй нӕ фӕдомынц, цӕмӕй уыцы уагӕвӕрдты сӕрты ма ахизой. Сӕ сывӕллӕттӕ Хуыцауы амындмӕ куы нӕ байхъусынц, уӕддӕр сын зонд нӕ бацамонынц. Ӕмӕ уыйадыл сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр ницӕмӕуал фӕдарынц. (Абар Екклесиаст 8:11.)

12. Паддзах Ровоамы рӕдыд цӕй мидӕг уыди?

12 Ровоамы хабар та ӕвдисы ӕндӕр рӕдыд – бартӕ кӕй къухы ис, уый ӕгӕр карз куы свӕййы. Ровоам уыди Израилы дыууадӕс мыггагӕн сӕ фӕстаг паддзах. Фӕлӕ хорз паддзах нӕ уыд. Йӕ фыд Соломон адӕмыл стыр уаргъ сӕвӕрдта, ӕмӕ Ровоам паддзах куы сси, уӕд адӕм уыдысты тынг тыхст ӕмӕ мӕсты. Цымӕ Ровоам сӕ уавӕры бацыд? Нӕ. Ӕрвыст лӕгтӕ йӕм куы ’рбацыдысты, адӕмӕн сӕ цард гыццыл фӕрогдӕр кӕн, зӕгъгӕ, уӕд ӕй фендджын хистӕртӕ цы хорз зондыл арӕзтой, уымӕ нӕ байхъуыста, фӕлӕ адӕмы уаргъ ноджы фӕуӕззаудӕр кодта. Ровоамы йӕ сӕрбӕрзондзинад уымӕ ӕркодта, ӕмӕ цӕгаты цы дӕс мыггаджы цардысты, уыдон йӕ ныхмӕ сыстадысты ӕмӕ паддзахад фӕдих (3 Паддзахӕдты 12:1–21; 2 Паралипоменон 10:19).

13. Ныййарджытӕ Ровоамы рӕдыдӕй сӕхи куыд бахиздзысты?

13 Библи Ровоамы тыххӕй цы дзуры, уымӕй ныййарджытӕн бирӕ цыдӕртӕ ис зондӕн райсӕн. Ныййарджытӕ хъуамӕ Йегъовӕйы «агурой», ома йӕм кувой, ӕмӕ-иу ахъуыды кӕной, сӕ сывӕллӕтты, Библи куыд амоны, афтӕ хъомыл кӕнынц ӕви нӕ (Псалом 104:4). «Зондджын адӕймаг ӕфхӕрд куы ӕййафа, уӕд ӕнӕзонд ми дӕр бакӕндзӕн»,– кӕсӕм Екклесиасты 7:7. Кӕстӕртӕн цӕмӕн ис бар раттӕн, цӕмӕн та – нӕй, ууыл ныййарджытӕ хорз куы ахъуыды кӕной ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ куы хъомыл кӕной, уӕд сывӕллӕттӕ ахуыр кӕндзысты царды къахдзӕфтӕ кӕнын ӕмӕ фыдбылызӕй дӕр хызт уыдзысты. Фӕлӕ ныййарджытӕ афтӕ карз ӕмӕ афтӕ тызмӕг хъуамӕ ма уой, ӕмӕ сывӕллон стырӕй дӕр йӕ ныфс мацӕмӕ хӕсса. Ныййарджытӕ ӕдзухдӕр уӕззау зондӕй куы архайой, ома сӕ кӕстӕртӕн фылдӕр бартӕ куы дӕттой ӕмӕ сын бар цӕмӕн нӕй, уый дӕр бӕлвырд куы ’мбарын кӕной, уӕд ӕрыгӕттӕй стӕмтӕм ӕрцӕудзӕн ахӕм хъуыды, ӕмӕ сӕ ныхмӕ рацӕуой.

СЕМӔ КУЫД СТУТ, УЫМӔЙ БИРӔ АРАЗГӔ У

Сывӕллӕттӕ се ’рыгонӕй цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдоны сӕрты хизынӕн сын сӕ ныййарджытӕ куы ’ххуыс кӕной, уӕд дарддӕр ныфсджындӕрӕй цӕудзысты царды фӕндагыл

14, 15. Сывӕллон кӕй стыр кӕны, уымӕ ныййарджытӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой?

14 Ныййарджытӕн ӕхсызгон куыннӕ вӕййы, сӕ сывӕллон куыд стыр кӕны, уый уынын. Фӕлӕ куыд рӕзы, афтӕ ныфсджындӕр кӕй кӕны ӕмӕ фылдӕр йӕхи зондӕй кӕй фӕархайы, уый та сын ӕнцой нӕ фӕдӕтты. Уыцы кары сывӕллонмӕ хатт сдзырд кӕй нӕ вӕййы кӕнӕ йӕхи фӕнд кӕй фӕкӕны, уый уӕм диссаг ма кӕсӕд. Уӕ зӕрдыл дарут: чырыстон уӕвгӕйӕ, алы ныййарӕджы хӕс дӕр уый у, цӕмӕй йӕ сывӕллоны афтӕ схъомыл кӕна, ӕмӕ дзы ӕмбаргӕ, ӕууӕнкджын чырыстон рауайа. (Абар 1 Коринфӕгтӕм 13:11; Ефесӕгтӕм 4:13, 14.)

15 Ныййарджытӕн цыфӕнды зын ма уа, уӕддӕр хъуамӕ сӕхиуыл кусой, цӕмӕй сӕ сывӕллонӕн алы хатт «нӕ» ма дзурой. Куыдфӕнды ма уа, уый дӕр адӕймаг у, ӕмӕ хъуамӕ ахуыр кӕна хъуыды кӕнын ӕмӕ уынаффӕтӕ хӕссын. Иуӕй-иутӕ гыццылӕй дӕр стыр адӕймагау ӕмбаргӕ вӕййынц. Зӕгъӕм, ӕрыгон паддзах Иосийы тыххӕй Библи афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, «хӕрз ӕрыгонӕй [цыдаид ыл 15 азы бӕрц], агурын райдыдта йӕ фыд Давиды Хуыцауы». Куыд уынӕм, афтӕмӕй ацы лӕппу тынг ӕмбаргӕ уыди (2 Паралипоменон 34:1–3).

16. Сывӕллӕттӕн фылдӕр бартӕ куы уа, уӕд цы хъуамӕ зоной?

16 Фӕлӕ адӕймагӕн цас фылдӕр бартӕ уа, уыйас ыл бӕрндзинад дӕр фылдӕр ис. Уымӕ гӕсгӕ уӕ кӕстӕртӕн уый бар дӕттут, цӕмӕй-иу ӕй сӕхиуыл бавзарой, сӕ митӕ цӕмӕ ’ркӕнынц, уый. «Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн» – ацы уагӕвӕрд стыртӕм куыд хауы, афтӕ хауы кӕстӕртӕм дӕр (Галатӕгтӕм 6:7). Сымах цӕрӕнбонтӕм сӕ фарсмӕ нӕ уыдзыстут. Фӕлӕ уӕ сывӕллоны бынтон ӕвзӕр исты куы фӕнда саразын, уӕд та? Уӕд ын хъуамӕ зӕгъат «нӕ». Ӕмӕ йын афтӕ цӕмӕн зӕгъут, уый йын куы бамбарын кӕнат, уӕд уӕ ныхас цыфӕндыйӕ дӕр хъуамӕ мауал аиват. (Абар Матфейы 5:37.) Ӕрмӕст ын «нӕ» куы зӕгъат, уӕд ӕй мӕстыйӕ ма зӕгъут, фӕлӕ сабырӕй, уымӕн ӕмӕ «фӕлмӕн ныхас маст сафы» (Ӕмбисӕндтӕ 15:1).

17. Ӕрыгӕтты сӕ ныййарджытӕй цавӕр ӕххуыс фӕхъӕуы?

17 Кӕд ӕрыгӕттӕ, сӕ ныййарджытӕ сын цы фӕдзӕхсынц ӕмӕ сын бар цӕмӕн нӕ фӕдӕттынц, ууыл алкӕд ӕнцонӕй не сразы вӕййынц, уӕддӕр сӕ ӕдзухдӕр аразын хъӕуы уыцы иу зондыл, уымӕн ӕмӕ уӕд хызт уыдзысты бирӕ бӕллӕхтӕй. Ныййарджытӕ, цы зӕрдӕйы уагыл уой, уымӕ гӕсгӕ сывӕллӕттӕн нырма иу куы дзурой, стӕй та – ӕндӕр, уӕд кӕстӕртӕ нал зондзысты, цы кӕнын сӕ хъӕуы, уый. Стӕй хатт нӕуӕндаг, ӕфсӕрмыгӕнаг вӕййынц, цӕмӕдӕр сӕ ныфс нӕ фӕхӕссынц, ӕмӕ сын ахӕм уавӕры ныййарджытӕ сӕ зӕрдӕйы ныфс куы уадзой ӕмӕ сын куы ’ххуыс кӕной, уӕд дарддӕр ныфсджындӕрӕй цӕудзысты царды фӕндагыл. Ӕрыгӕттӕн ма тынг ӕхсызгон вӕййы, сӕ ныййарджытӕ сыл куы феууӕндынц, уый дӕр. (Абар Исай 35:3, 4; Лукайы 16:10; 19:17.)

18. Кӕстӕртыл хъуыды кӕнгӕйӕ, ныййарджыты зӕрдӕйы стыр ныфс цы бауадздзӕн?

18 Фарн, фидар уынаффӕ ӕмӕ уарзондзинад цы хӕдзары вӕййы, уым сывӕллӕттӕ фылдӕр хатт хорз бахъомыл вӕййынц, ӕмӕ уый ныййарджытӕн стыр ныфс у (Ефесӕгтӕм 4:31, 32; Иаковы 3:17, 18). Уӕвгӕ, ӕвзӕр уавӕрты чи схъомыл, хӕдзары мидӕг ӕдзух фыднозт, хылтӕ кӕнӕ ӕндӕр ӕвзӕрдзинӕдтӕ чи уыдта, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ систы хорз адӕймӕгтӕ. Уӕдӕ ӕппӕт дӕр куы аразат, цӕмӕй уӕ хӕдзары уа фарн, цӕмӕй уӕ кӕстӕртӕ уой ӕнӕмаст, зоной йӕ, кӕй сӕ уарзут ӕмӕ сыл кӕй тыхсут (кӕд сын алцы бар нӕ дӕттут ӕмӕ, Фыстад куыд зӕгъы, уымӕ гӕсгӕ сын зонд дӕр амонут, уӕддӕр), уӕд уӕ ныфс уӕд, сӕрыстыр кӕмӕй уат, ахӕм адӕймӕгтӕ сӕ кӕй рауайдзӕн. (Абар Ӕмбисӕндтӕ 27:11.)

СЫВӔЛЛОН ФЫДБЫЛЫЗЫ КУЫ БАХАУА

19. Кӕд «фырты раст фӕндагыл сӕвӕрын» ныййарджыты хӕс у, уӕд сывӕллоныл та цавӕр хӕс ис?

19 Хорз хъомыладӕй бирӕ аразгӕ у. Ӕмбисӕндты 22:6 фыст ис: «Дӕ фырты раст фӕндагыл сӕвӕр, ӕмӕ куы базӕронд уа, уӕд дӕр ӕй нӕ ныууадздзӕн». Ӕмӕ, зӕгъӕм, сывӕллонӕн хорз ныййарджытӕ ис, фӕлӕ уӕддӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтыл ныххӕцыд, уӕд та? Уӕвгӕ, уымӕн гӕнӕн ис? Ис. Ӕмбисӕндтӕй ам цы ныхӕстӕ ӕрхастам, уыдон абарын хъӕуы, сывӕллон хъомыл кӕныны тыххӕй ма Библийы ӕндӕр рӕтты цы фыст ис, уыимӕ, ӕмӕ уӕд фендзыстӕм, сывӕллоныл дӕр кӕй ис цыдӕр хӕс – уый хъуамӕ «хъуса» йӕ ныййарджытӕм, сӕ коммӕ кӕса (Ӕмбисӕндтӕ 1:8). Цӕмӕй хӕдзары фарн уа, уый тыххӕй ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ хъуамӕ архайой иумӕ, иутӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр, Фыстад куыд зӕгъы, афтӕ хъуамӕ кӕной. Уый куы нӕ уа, уӕд хӕдзары ӕнӕмӕнг уыдзӕн зындзинӕдтӕ.

20. Сывӕллон йӕ рог зондӕй куы фӕрӕдийа, уӕд ныййарджыты куыд бакӕнын хъӕуы?

20 Сывӕллон куы фӕрӕдийа ӕмӕ исты фыдбылызы куы бахауа, уӕд ныййарджыты куыд бакӕнын хъӕуы? Уӕлдайдӕр ахӕм уавӕры хъӕуы сывӕллоны се ’ххуыс. Ныййарджытӕ уый куы нӕ рох кӕной, ӕмӕ сӕ кӕстӕр нырма ӕвӕлтӕрд у, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн сӕ маст бауромын. Павел ӕмбырды фӕлтӕрд чырыстӕттӕн афтӕ фӕдзӕхста: «Гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ адӕймаг ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕна, афтӕмӕй исты рӕдыд къахдзӕф сараза. Фӕлӕ-иу уӕддӕр сымах, фӕлтӕрд чырыстӕттӕ, бацархайут ахӕм адӕймаджы раст зондыл саразыныл, ӕмӕ уый аразут фӕлмӕнӕй» (Галатӕгтӕм 6:1). Уӕдӕ сывӕллон йӕ рог зондӕй исты рӕдыд куы ’руадза, уӕд ныййарджытӕн дӕр сӕ бон у афтӕ бакӕнын. Хъуамӕ йын дзӕбӕх бамбарын кӕной, цы сарӕзта, уый ӕвзӕр цӕмӕн у ӕмӕ йӕ цы бакӕнын хъӕуы, цӕмӕй йыл ахӕм хабар дыккаг хатт мауал ӕрцӕуа. Ӕрмӕст ма йын хъуамӕ уый дӕр бамбарын кӕной, сывӕллон йӕхӕдӕг нӕ, фӕлӕ цы сарӕзта, уый кӕй у ӕвзӕр. (Абар Иудӕйы 22, 23.)

21. Сывӕллон стыр тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд ныййарджытӕ, чырыстон ӕмбырды цы ’гъдау ис, уымӕ гӕсгӕ куыд хъуамӕ бакӕной?

21 Ӕмӕ ӕрыгон стыр рӕдыд куы ’руадза, уӕд та? Уӕд ын ноджы тынгдӕр хъӕуы баххуыс кӕнын ӕмӕ раст зонд бацамонын. Чырыстон ӕмбырды исчи стыр тӕригъӕд куы ракӕны, уӕд ӕй фӕхъӕуы ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм ӕххуысмӕ бацӕуын (Иаковы 5:14–16). Куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд ын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ баххуыс кӕнынц, цӕмӕй та йӕ уырнындзинад сфидар уа ӕмӕ йӕ къахыл слӕууа. Сывӕллон куы фӕрӕдийа, уӕд та ныййарджытыл ис уыцы хӕс, ӕмӕ йын баххуыс кӕной, кӕд сӕ хатт хистӕр нӕлгоймӕгты уынаффӕ дӕр бахъӕуы, уӕддӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕ сывӕллӕттӕй исчи стыр тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд хъуамӕ хабар хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ма басусӕг кӕной.

22. Сывӕллон стыр тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд ныййарджытӕн сӕ бон куыд у Йегъовӕйы бафӕзмын?

22 Хъӕбулы маст тынг зын фӕразӕн у. Ныййарджытӕ сӕ фыртыхстӕй хатт сывӕллонмӕ ӕртхъирӕн кӕнын дӕр райдайынц, фӕлӕ уымӕй сӕ ныхмӕ ноджы тынгдӕр цы суа, ӕндӕр дзы пайда ницы уыдзӕн. Ма уӕ рох кӕнӕд, уыцы зын рӕстӕг йемӕ куыд уат, уымӕй аразгӕ кӕй уыдзӕн йӕ фидӕн. Уӕ зӕрдыл дарут уый дӕр, ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ адӕм раст фӕндагӕй куы аздӕхтысты, уӕд сын ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй уыд – ӕрмӕст ӕрфӕсмон кодтаиккой, ӕндӕр. Байхъус-ма, цас уарзондзинад ис йӕ ныхӕсты: «„Ӕрцӕут, ӕмӕ хъуыддӕгтӕ иумӕ равзарӕм ӕмӕ уын баххуыс кӕнон, цӕмӕй мӕм раздӕхат“,– зӕгъы Йегъовӕ.– Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой, уӕд дӕр уын митау урс фестдзысты; сӕнтсырх хъуымацы хуызӕн куы уой, уӕд дӕр къуымбилы хуызӕн фестдзысты» (Исай 1:18). Куыд хорз уыдзӕн, ныййарджытӕ дӕр афтӕ куы кӕной!

23. Сывӕллӕттӕй исчи стыр тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд ныййарджыты цы аразын хъӕуы ӕмӕ сӕ сӕхи цӕмӕй хъӕуы хизын?

23 Уӕдӕ ӕппӕт дӕр аразут, цӕмӕй йӕ бафӕнда раст фӕндагмӕ раздӕхын. Ныхас кӕнут, уыцы хъуыддӕгты фӕлтӕрд чи у, ахӕм ныййарджытимӕ ӕмӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ (Ӕмбисӕндтӕ 11:14). Ӕнӕрхъуыдыйӕ ахӕмӕй мацы саразут кӕнӕ мацы зӕгъут, ӕмӕ уӕ сывӕллонӕн фӕстӕмӕ раздӕхын фӕзындӕр уа. Уӕ масты фӕдыл ма цӕут, йемӕ схуыст ныхас ма кӕнут (Колоссӕгтӕм 3:8). Уӕ къух ыл ма ауигъут (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 7). Ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут, фӕлӕ уӕ сывӕллонӕн йӕхимӕ ахӕм цӕстӕй ма кӕсут, уӕ зӕрдӕ йӕм ма фӕхъӕбӕр кӕнут. Ӕмӕ сӕйрагдӕр та – архайут, цӕмӕй йын алцӕмӕй дӕр уат фӕзминаг ӕмӕ цӕмӕй уӕ уырнындзинад фидар уа.

СЫВӔЛЛОНӔН БАСӔТТӔН КУЫ НАЛ УА

24. Хатт чырыстон бинонтыл цы ’рцӕуы ӕмӕ ахӕм уавӕры ныййарджытӕн куыд кӕнгӕ у?

24 Хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ ӕрыгонӕн басӕттӕн нал вӕййы ӕмӕ чырыстон фӕндагыл йӕ къух бынтондӕр сисы. Уӕд уӕ хъӕуы уе ’ргом иннӕ сывӕллӕттӕм аздахын ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнын. Афтӕ уын ма рауайӕд, ӕмӕ ӕгасӕй дӕр ӕнӕсӕттон сывӕллоныл систут, иннӕтӕ та уын рохуаты аззадысты. Цы ’рцыд, уый иннӕ сывӕллӕттӕй ма ӕмбӕхсут, фӕлӕ сын хабар бамбарын кӕнут ӕмӕ сӕ ныфс бауадзут, ӕрмӕст сӕ цы нӕ хъӕуы зонын, уыдӕттӕ сын ма дзурут. (Абар Ӕмбисӕндтӕ 20:18.)

25. а) Сывӕллонӕн басӕттӕн куы нал уа, уӕд ныййарджыты, чырыстон ӕмбырды цы ’гъдау ис, уымӕ гӕсгӕ куыд бакӕнын хъӕуы? ӕ) Ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕттӕй исчи ӕвзӕр фӕндагыл куы слӕууа, уӕд сӕ цы нӕ хъӕуы рох кӕнын?

25 Ӕмбырды мидӕг змӕнтӕг чи свӕййы ӕмӕ срастгӕнӕн кӕмӕн нал вӕййы, ахӕмы тыххӕй апостол Иоанн афтӕ загъта: «Уӕ хӕдзармӕ дӕр [ӕй] ма уадзут ӕмӕ йын салам дӕр ма дӕттут» (2 Иоанны 10). Сывӕллонӕн басӕттӕн куы нал уа, уӕд, чи зоны, афтӕ бакӕнын бахъӕуа ныййарджыты дӕр, кӕд сӕ сывӕллон ӕххӕст кары ис, уӕд. Кӕд уый тынг зын ӕмӕ стыр зӕрдӕрыст у ныййарджытӕн, уӕддӕр иннӕ бинонты бахъахъхъӕнынӕн хатт ӕнӕмӕнг фӕхъӕуы афтӕ бакӕнын. Уӕ сывӕллӕттӕм хъӕуы кӕсын ӕмӕ сӕ цӕстыгагуыйау хъахъхъӕнын. Уымӕ гӕсгӕ уӕ хӕдзары дарддӕр дӕр хъуамӕ уа бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдау. Ӕргом ныхас кӕнут иннӕ сывӕллӕттимӕ. Фӕрсут сӕ, куыд сты сӕ хабӕрттӕ скъолайы ӕмӕ ӕмбырды. Стӕй сын ӕмбарын кӕнут уый дӕр, ӕмӕ кӕд уе ’нӕсӕттон сывӕллоны митӕ уӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц, уӕддӕр ын йӕхицӕй уе сӕфт кӕй нӕ уынут. Йӕхи йын ма фаут, фӕлӕ йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ. Иаковы дыууӕ фырты сӕ масты фӕдыл куы ацыдысты, ӕмӕ уый тыххӕй сӕ бинонты хауӕггаг куы фӕкодтой, уӕд Иаков йӕ фырттӕн сӕхи нӕ ралгъыста, фӕлӕ загъта, ӕлгъыст фӕуӕд сӕ маст, зӕгъгӕ (Райдиан 34:1–31; 49:5–7).

26. Ӕнӕзӕрдӕхудт ныййарджытӕн сӕ сывӕллӕттӕй исчи ӕнӕсӕттон куы суа, уӕд сын ныфсы хос цы уыдзӕн?

26 Чи зоны уӕм афтӕ кӕса, ӕмӕ цы ’рцыд, уым сымах стут аххосджын. Фӕлӕ кӕд Йегъовӕмӕ куывтат ӕмӕ уӕ бон цы уыди, уымӕй йӕ амындтӕм гӕсгӕ архайдтат, уӕд уӕхи ма хӕрут. Уӕ зӕрдыл дарут, алцӕмӕй ӕххӕст ныййарӕг нӕй, ӕмӕ хорз ныййарджытӕ уат, ууыл та ӕппӕт хъарутӕй архайдтат. (Абар Хъуыддӕгтӕ 20:26.) Ныййарӕгӕн, йӕ хъӕбултӕй исчи ӕнӕсӕттон суа, уый стыр рыст у, фӕлӕ уыл кӕд ахӕм хабар ӕрцыд, уӕд ӕй зонут, Хуыцау уӕ кӕй ӕмбары ӕмӕ йын иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдоны кӕй никуы ныууадздзӕн (Псалом 26:10). Уӕдӕ дарддӕр дӕр архайут ууыл, цӕмӕй уӕ хӕдзары фарн уа ӕмӕ уӕ иннӕ сывӕллӕтты бахизат ӕвзӕрдзинадӕй.

27. Сӕфт фырты ӕмбисондыл хъуыды кӕнгӕйӕ, ныййарджыты цы ныфс хъуамӕ уа?

27 Уымӕй уӕлдай, уӕ зӕрдӕты макуы ахуыссӕд ныфсы зынг. Уӕ сывӕллонӕн нырмӕ цы амыдтат, уый йын, чи зоны, искуы йӕ зӕрдӕ бацагайа ӕмӕ йӕхи ӕрӕмбара (Екклесиаст 11:6). Сымах цы уавӕры стут, ахӕм уавӕры бирӕ чырыстон бинонтӕ уыдысты, ӕмӕ дзы иу ӕмӕ дыууӕ нӕй, сӕ сывӕллон раст фӕндагмӕ кӕмӕн раздӕхт ӕмӕ йыл чи фӕцин кодта, ахӕм – мӕнӕ Йесо цы ӕмбисонд радзырдта, уым сӕфт фырт йӕ фыдмӕ куыд ӕрбаздӕхт ӕмӕ фыд куыд фӕцин кодта, афтӕ (Лукайы 15:11–32). Уӕдӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ иу бон уӕ сывӕллон дӕр раздӕха.