Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ДӔСӔМ СӔР

Бинонтӕй исчи рынчын куы уа

Бинонтӕй исчи рынчын куы уа

1, 2. Цӕмӕй Иов Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивтаид, уый тыххӕй йыл Сайтан цавӕр бӕллӕхтӕ ӕмӕ низ бафтыдта?

 АМОНДДЖЫН бинонтӕ кӕмӕн уыд, уыдонӕй иу у Иов. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, Скӕсӕны уымӕй кадджындӕр лӕг нӕ уыд. Иовӕн уыди дӕс сывӕллоны – авд фырты ӕмӕ ӕртӕ чызджы. Стӕй уыд хъӕздыг, йӕ бинонтӕ цух ницӕмӕй ӕййӕфтой. Ӕппӕты сӕйрагдӕр та – Иов йӕ бинонтимӕ лӕггад кодта Йегъовӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ архайдта, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы раз хорз ном уыдаид. Ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы уыцы бинонтӕ уыдысты ӕнгом ӕмӕ амондджын (Иов 1:1–5).

2 Иовы хорз цард уыдта Сайтан, Йегъовӕ Хуыцауы стырдӕр знаг. Сайтан ӕдзухдӕр ууыл архайы, цӕмӕй Хуыцауыл йӕ лӕггадгӕнджытӕ сӕ зӕрдӕ сивой, ӕмӕ Иовыл дӕр йӕхи ныццавта – йӕ амондджын бинонты йын бабын кодта. Уый фӕстӕ та афтӕ бакодта, ӕмӕ Иовӕн йӕ буар «йӕ къахы бынтӕй суанг йӕ сӕрмӕ ӕвзӕр хъӕдгӕмттӕй байдзаг». Сайтан ӕнхъӕлдта, ӕмӕ Иовыл бӕллӕхтӕ ӕмӕ фыдниз куы бафтауа, уӕд Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивдзӕн (Иов 2:6, 7).

3. Иовы йӕ низ цы уавӕрмӕ ’ркодта?

3 Иов цавӕр низӕй фӕрынчын, уый Библийы нӕй фыст. Фӕлӕ дзы фыст ис, цы уавӕрмӕ йӕ ’ркодта, уый тыххӕй. Йӕ буар скӕлм ис, схӕлмӕгтӕ, йӕ хъӕдгӕмттӕ хӕф кодтой. Йӕ дзыхӕй ахӕм ӕвзӕр тӕф калд, ӕмӕ дзы зӕрдӕ хӕццӕ кодта, йӕ буар смаг кодта. Иууылдӕр кодта рисгӕ (Иов 7:5; 19:17; 30:17, 30). Йӕ фыртыхстӕй Иов фӕнычы сбадт ӕмӕ йӕхи ӕлыджы састӕй хафта (Иов 2:8). Уымӕй тӕригъӕддагдӕр уавӕр ма цы уа!

4. Иу бинонтӕ дӕр хызт цӕмӕй не сты?

4 Куыд кодтаис ды та, ахӕм уӕззау низӕй куы фӕрынчын уыдаис, уӕд? Абон Сайтан Хуыцауы лӕггадгӕнджытыл низтӕ нӕ бафтауы, Иовӕн куыд бакодта, уыйау. Фӕлӕ уӕддӕр, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, стӕй цард уӕззау кӕй у, ӕмӕ ӕрдз дӕр кӕй чъизи кӕнынц, уыдӕтты тыххӕй адӕймаг рынчын кӕны. Куыдфӕнды ма хъахъхъӕнӕм нӕхи,– низтӕй хызт ничи у, кӕд алчи Иовы хуызӕн нӕ фӕхъизӕмар кӕны, уӕддӕр. Бинонтӕй исчи рынчын куы вӕййы, уӕд алыхуызон зындзинӕдтӕ фӕзыны. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Библийы уынаффӕтӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты уыцы ӕгъатыр знаджы ныхмӕ, ома низы ныхмӕ, фӕлӕууынӕн (Екклесиаст 9:11; 2 Тимофеймӕ 3:16).

УӔ ХЪУЫДЫТӔ ӔМӔ УЕ ’НКЪАРӔНТӔ

5. Бинонтӕй исчи цыбыр рӕстӕг куы уа рынчын, уӕд иннӕтӕ куыд бакӕнынц?

5 Бинонты сӕ царды исты ивын куы фӕхъӕуы, уӕд уый ӕнцон нӕ вӕййы. Уӕлдай зындӕр та уӕд вӕййы, ӕмӕ бинонтӕй чидӕр бирӕ рӕстӕджы дӕргъы рынчын кӕй у, уый тыххӕй куы уой уыцы ивындзинӕдтӕ. Цыбыр рӕстӕг сӕ куы уа исчи рынчын, уӕддӕр сӕ фӕхъӕуы цыдӕртӕ фӕивын, сӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын. Зӕгъӕм, цӕмӕй рынчын хуыздӕр баулӕфа, уый тыххӕй хӕдзары иннӕтӕ хъуамӕ сӕхи сабырдӕр дарой, ма хъӕлӕба кӕной. Чи зоны сӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕй хъӕуа сӕхиуыл фӕхӕцын. Уӕвгӕ, фылдӕр хатт гыццыл сывӕллӕттӕ дӕр рынчынӕн тӕригъӕд фӕкӕнынц, кӕд сын хатт сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын фӕхъӕуы, цӕмӕй сӕхи сабыр дарой ӕмӕ рынчыны ма хъыгдарой, уӕддӕр (Колоссӕгтӕм 3:12). Низ бирӕ куы нӕ ахӕссы, уӕд бинонтӕ, цы хъӕуы, уый ӕнӕзивӕгӕй фӕаразынц. Стӕй сӕ алкӕй дӕр вӕййы фидар ныфс, зӕгъгӕ, йӕхӕдӕг фӕрынчын, уӕд ууыл дӕр афтӕ кӕй тыхсдзысты (Матфейы 7:12).

6. Бинонтӕй исчи уӕззау низӕй куы фӕрынчын вӕййы, уӕд иннӕтӕм хатт цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны?

6 Фӕлӕ сӕ, зӕгъӕм, исчи уӕззау низӕй фӕрынчын ӕмӕ сӕ сӕ царды бирӕ цыдӕртӕ хъӕуы ивын, стӕй йӕ зонынц, афтӕ дзӕвгар рӕстӕг кӕй ахӕсдзӕн, уӕд та? Зӕгъӕм, бинонтӕй искӕй паралич ныццавта, йе та Альцгеймеры низӕй кӕнӕ ӕндӕр ахӕм низӕй удхар кӕны? Йе та сӕ исчи нервыты низӕй, зӕгъӕм, шизофренийӕйӕ рынчын у, уӕд та? Ахӕм хабар куы ’рцӕуы, уӕд адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ тынг фӕриссы – йӕ уарзон хион куыд тухӕн кӕны, уымӕ кӕсын ын зын вӕййы. Фӕлӕ уыцы ӕнкъарӕн хатт раивы ӕндӕртӕй: рынчыны тыххӕй бинонтӕн сӕ цард куыд тынг фӕивта ӕмӕ сӕ сӕхи цас цӕмӕйдӕрты цух кӕнын хъӕуы, уый уынгӕйӕ иннӕтӕ мӕсты кӕнын дӕр райдайынц. Хатт афтӕ дӕр ахъуыды кӕнынц: «Ӕз цӕмӕн бахаудтӕн ахӕм уавӕры?»

7. Иовы низ йӕ быны кӕй скодта, уымӕ йӕ ус цы цӕстӕй каст ӕмӕ дзы цы айрох?

7 Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм хъуыдытӕ ’рцыд Иовы усмӕ дӕр. Ӕрхъуыды-ма кӕн, уӕдмӕ йыл цас бӕллӕхтӕ ’рцыд – йӕ фӕллой фесӕфт, йӕ сывӕллӕттӕ дӕр бабын сты. Уӕдӕ мастӕй хъуырмӕ куыннӕ уыдаид. Фӕстагмӕ ма уый дӕр куы федта, ӕмӕ йын йӕ кӕддӕры фидар ӕмӕ ӕнӕниз лӕджы уӕззау, ӕлгъаг низ йӕ быны скодта, уӕд дзы, ӕвӕццӕгӕн, айрох, уыцы зындзинӕдты рӕстӕг дӕр ын удӕнцой цы хъуамӕ уыдаид, уый – йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ лӕг дӕр Хуыцауӕн кӕй лӕггад кодтой, сӕ хӕлар кӕй уыд, уый. «Уӕд [Иовӕн] йӕ ус загъта: „Уӕддӕр ма Хуыцауыл ӕнувыд дӕ? Ралгъит Хуыцауы, ӕмӕ амӕлай!“»– кӕсӕм Библийы (Иов 2:9).

8. Бинонтӕй исчи уӕззау рынчын куы уа, уӕд сын Библийӕ цавӕр ныхӕстӕ баххуыс кӕндзысты уыцы уавӕрмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн?

8 Адӕймагӕн йӕ бинонтӕй исчи уӕззау низӕй рынчын куы вӕййы, уӕд йӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр фӕивы, ӕмӕ уый тыххӕй бирӕтӕн сӕ фӕндтӕ фехӕлынц, мӕсты дӕр фӕкӕнынц. Фӕлӕ йӕ уавӕрыл хъуыды кӕнгӕйӕ чырыстон хъуамӕ ’рцӕуа ахӕм хъуыдымӕ: уый мын у хорз фадат, цӕмӕй, мӕ уарзт куыд тыхджын у, уый равдисон. Ӕцӕг уарзондзинад «бирӕ фӕразы ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ... йӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕны. [...] Алцӕмӕн дӕр быхсы, алцӕуыл дӕр ӕууӕнды, алцӕуыл дӕр йӕ ныфс дары, алцӕмӕн дӕр фидар лӕууы» (1 Коринфӕгтӕм 13:4–7). Уӕдӕ маст ӕмӕ сагъӕстӕн уый бар ма раттӕм, ӕмӕ нӕ сӕ быны скӕной (Ӕмбисӕндтӕ 3:21).

9. Бинонтӕй исчи уӕззау рынчын куы уа, уӕд сын цавӕр ныфсы ныхӕстӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй сӕ уырнындзинад ма ӕрлӕмӕгъ уа ӕмӕ сӕхимӕ дӕр ма ныхъхъусой?

9 Бинонтӕй исчи уӕззау рынчын куы уа, уӕд сын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ уырнындзинад ма ӕрлӕмӕгъ уа ӕмӕ сӕхимӕ дӕр ма ныхъхъусой? Алы низӕн дӕр йӕхи хос хъӕуы, ӕмӕ раст нӕ уаид ацы чиныджы амонын, рынчынмӕ куыд зилын хъӕуы ӕмӕ йын куыд хуыздӕр уыдзӕн хос кӕнын, уыдӕттӕ. Фӕлӕ уӕддӕр, уырнындзинадыл дзургӕйӕ, Йегъовӕ «схӕцы, чи ныггуыбыртӕ, уыдоныл» (Псалом 145:14, НД [144:14]). Мӕнӕ цы ныффыста паддзах Давид: «Тӕхудиаг, чи хъуыды кӕны мӕгуырыл! Бӕллӕхы бон ӕй Хицау фервӕзын кӕндзӕн. Хицау бахъахъхъӕндзӕн уый... Хицау сфидар кӕндзӕн уый рынчынӕй йӕ хуыссӕны» (Псалом 40:1–3). Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн хъахъхъӕны сӕ уырнындзинад, ӕмӕ кӕд бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзарынц, уӕддӕр вӕййынц фидар (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Уӕззау рынчын кӕй хӕдзары ис, уыцы бинонтӕй бирӕтӕ фӕзӕгъынц псаломзарӕггӕнӕгау: «Удхарӕй мӕлын, Йегъовӕ; бахъахъхъӕн мын мӕ цард дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ» (Псалом 119:107, НД [118:107]).

УТ НЫФСВИДАР

10, 11. а) Цӕмӕй бинонтӕн низимӕ тох кӕнын сӕ бон уа, уый тыххӕй сӕ цы хъӕуы? ӕ) Иу сылгоймагӕн йӕ лӕджы паралич куы ныццавта, уӕд цы арӕзта?

10 Библийы иу ӕмбисонд зӕгъы: «Адӕймагӕн йӕ ныфс фидар куы уа, уӕд низӕн быхсдзӕн, йӕ ныфс куы асӕтта, уӕд та куыд бафӕраздзӕн?» (Ӕмбисӕндтӕ 18:14). Арӕх низ адӕймагӕн ӕрмӕст йӕхицӕн нӕ асӕтты йӕ ныфс, фӕлӕ ма ӕгас бинонтӕн дӕр. Фӕлӕ ӕндӕр ӕмбисонд та зӕгъы: «Сабыр зӕрдӕ буарӕн – царды хос» (Ӕмбисӕндтӕ 14:30). Уӕдӕ бинонтӕн сӕ бон уӕззау низимӕ тох кӕнын уыдзӕн ӕви нӕ, уый аразгӕ у сӕ зондахастӕй, кӕнӕ уавӕрмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уымӕй. (Абар Ӕмбисӕндтӕ 17:22.)

11 Иу сылгоймагӕн йӕ чындзӕхсӕвӕй ӕхсӕз азы йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ лӕджы паралич ныццавта. «Йӕ бон рӕстмӕ дзурын нал уыди,– зӕгъы уыцы сылгоймаг,– ӕмӕ мын тынг фӕзын йемӕ ныхас кӕнын. Цы зӕгъын-иу ӕй фӕндыд, уый-иу тыххӕйты бамбӕрстон». Ахъуыды-ма кӕн, лӕг йӕхӕдӕг та куыд удхар кодтаид ӕмӕ, йӕ бон кӕй ницыуал уыди, уый тыххӕй куыд маст кодтаид. Цы арӕзтой ахӕм уавӕры? Кӕд чырыстон ӕмбырдӕй дард цардысты, уӕддӕр усӕн йӕ бон цы уыди, уымӕй йӕ уырнындзинад фидар кодта: архайдта, цӕмӕй, нӕ организацийы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон зыдтаид, стӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы алы номыр дӕр касти. Уый фӕрцы йӕм уыди хъарутӕ, цӕмӕй йӕ лӕгмӕ йӕ мӕлӕты онг кастаид. Мӕлгӕ та йын акодта, куы фӕрынчын, уымӕй цыппар азы фӕстӕ.

12. Иовы хабар куыд ӕвдисы, афтӕмӕй рынчынӕн йӕхи бон куыд у бинонтӕн ӕххуыс кӕнын?

12 Иовы куы райсӕм, уӕд уый, низӕфхӕрд уӕвгӕйӕ, йӕхӕдӕг иннӕтӕй фидардӕр разынд. «Ау, ӕцӕг Хуыцауӕй ӕрмӕстдӕр, хорз цы у, уый хъуамӕ исӕм, ӕвзӕр цы у, уый та – нӕ?»– бафарста Иов йӕ усы (Иов 2:10). Уӕдӕ Чырыстийы ахуыргӕнинаг Иаков йӕ фыстӕджы Иовӕй дзӕгъӕлы нӕ загъта, зӕгъгӕ нын фӕзминаг у йӕ фӕразондзинад ӕмӕ фидардзинадӕй. Иаковы 5:11 кӕсӕм: «Сымах фехъуыстат, Иов куыд фидар разынд, ӕмӕ зонут, Йегъовӕ хъуыддаг куыд ахицӕн кодта, уый дӕр, ӕмӕ уый фӕрцы базыдтат, Йегъовӕ фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у». Афтӕ абон дӕр, бинонтӕй рынчын чи вӕййы, уый фидар куы разыны, уӕд иннӕтӕн дӕр ӕнцондӕр вӕййы.

13. Сӕ хӕдзары рынчын кӕмӕн ис, уыдоны сӕхи цӕуылнӕ хъӕуы иннӕтимӕ барын?

13 Сӕ хӕдзары рынчын кӕмӕн ис, уыдонӕн сӕ фылдӕр зӕгъынц, зӕгъгӕ, райдианы бинонты уырнгӕ дӕр нӕ фӕкӕны, ахӕм хабар сыл кӕй ӕрцыд, уый. Стӕй ма зӕгъынц, зӕгъгӕ, уавӕрмӕ бинонтӕй алчидӕр цы цӕстӕй фӕкӕсы, уымӕй дӕр бирӕ аразгӕ у. Фӕхъӕуы бирӕ цыдӕртӕ фӕивын, хӕдзары хъуыддӕгтӕ ӕндӕрхуызон спълан кӕнын, ӕмӕ уый ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ адӕймаг зӕрдиагӕй куы архайа, уӕд ног уавӕртыл сахуыр уыдзӕн. Ӕрмӕст ам зӕрдыл дарын хъӕуы иу хъуыддаг: нӕхи хъуамӕ ма барӕм, рынчын кӕй хӕдзары нӕй, уыдонимӕ, зӕгъгӕ, уыдон та цӕуыл тыхсынц, кӕнӕ, иннӕтӕй уӕлдай ӕз афтӕ цӕмӕн хъуамӕ удхар кӕнон. Мах ӕй нӕ зонӕм, иннӕтӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уый. Алы чырыстонӕн дӕр стыр ныфс сты Йесойы ныхӕстӕ: «Фыдӕбон чи кӕны ӕмӕ уӕззау уаргъ чи хӕссы,– уе ’ппӕт дӕр мӕм ӕрцӕут, ӕмӕ уын ӕз уӕ уаргъ фӕрог кӕндзынӕн» (Матфейы 11:28).

АЛЦӔУЫЛ ДӔР ХЪӔУЫ АХЪУЫДЫ КӔНЫН

14. Бинонтӕн цы баххуыс кӕндзӕн алцыдӕр раст спълан кӕнынӕн?

14 Бинонтӕй исчи уӕззау низӕй куы фӕрынчын уа, уӕд сӕ зӕрдыл дарын хъӕуы Библийы ныхӕстӕ: «Бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ кӕм уа, уым хъуыддӕгтӕ сырӕздзысты» (Ӕмбисӕндтӕ 15:22). Уӕдӕ бинонты хъӕуы иумӕ ӕрбадын ӕмӕ сӕ уавӕрыл аныхас кӕнын. Хорз уаид, уый размӕ Хуыцаумӕ куы скувиккой ӕмӕ стӕй зонд дӕр йӕ Ныхасы куы агуриккой (Псалом 24:4). Цӕуыл сӕ хъӕуы аныхас кӕнын? Рынчынӕн куыд хос кӕндзысты, ӕхца кӕм ссардзысты, сӕ царды сӕ цы фӕивын хъӕудзӕн, уыдӕттыл. Ахъуыды кӕнын ма хъӕуы ахӕм фарстатыл дӕр: чи кӕсдзӕн рынчынмӕ? Иннӕтӕ йын куыд ӕххуыс кӕндзысты? Ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕ куыд спълан кӕной, уый бинонтӕй алкӕуыл дӕр куыд фӕзындзӕн? Рынчынмӕ чи кӕса, уый йӕ уырнындзинад куыд фидар кӕндзӕн, стӕй йӕ иннӕ хъуыддӕгтӕн дӕр рӕстӕг куыд ардзӕн?

15. Уӕззау рынчын кӕй хӕдзары ис, ахӕм бинонтӕн Йегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны?

15 Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй куы фӕкувӕм ӕмӕ дзы зонд куы фӕкурӕм, йӕ Ныхасыл ын куы фӕхъуыды кӕнӕм ӕмӕ нын Библи куыд амоны, цыфӕнды уавӕры дӕр афтӕ куы фӕархайӕм, уӕд нын уый ӕрхӕссы, ӕнхъӕл дӕр кӕмӕй нӕ вӕййӕм, ахӕм хорздзинӕдтӕ. Алы низӕн нӕ вӕййы схос кӕнӕн, фӕлӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы фӕдарӕм, уӕд цыфӕнды уавӕры дӕр хъуыддаг, хуыздӕр куыд у, афтӕ рауайы (Псалом 54:23). Псаломзарӕггӕнӕг фыста: «Йегъовӕ, де ’нувыд уарзт-иу мӕ фӕцудын нӕ бауагъта. Сагъӕстӕ-иу мӕ сӕ быны куы скодтой, уӕд-иу мын дӕ ныфсы ныхӕстӕ мӕ уд рӕвдыдтой» (Псалом 94:18, НД [93:18], 19; 62:7–9).

ЦЫ ХЪӔУЫ СЫВӔЛЛӔТТӔН БАМБАРЫН КӔНЫН

Бинонтӕ иумӕ куы архайой, уӕд зындзинӕдтӕн бафӕраздзысты

16, 17. Гыццылтӕн се ’фсымӕр кӕнӕ сӕ хойы низы тыххӕй цы хъӕуы бамбарын кӕнын?

16 Бинонтӕй исчи уӕззау рынчын куы вӕййы, уӕд уый тынг фӕзыны сывӕллӕттыл. Ныййарджыты хъӕуы сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнын, цы ’рцыди ӕмӕ уыдонӕн сӕ бон цӕмӕй у баххуыс кӕнын, уый. Кӕд сывӕллӕттӕй исчи у рынчын, уӕд иннӕтӕн бамбарын кӕнын хъӕуы, фылдӕр сӕ рынчын хо кӕнӕ ӕфсымӕримӕ кӕй вӕййынц ӕмӕ ууыл кӕй тыхсынц, уый ууыл дзурӕг кӕй нӕу, ӕмӕ уыдоны къаддӕр уарзынц. Цӕмӕй сывӕллӕттӕ ма мӕсты кӕной кӕнӕ се ’хсӕн быцӕутӕ ма уа, уый тыххӕй сӕ сӕ ныййарджытӕ хъуамӕ ноджы тынгдӕр бӕттой кӕрӕдзийыл, уымӕн ӕмӕ сӕ ныр уӕлдай тынг хъӕуы кӕрӕдзийы ӕххуыс.

17 Гыццылтӕ рынчыны уавӕр хуыздӕр бамбардзысты, цы кӕны, цӕмӕй рынчын у, уый сын дохтырты ӕвзагӕй куы нӕ ’мбарын кӕнат, фӕлӕ сын фылдӕр куы дзурат, куыд зын ын у, уый тыххӕй. Куы йӕ уыной, ӕмӕ сӕ рынчын хо кӕнӕ ӕфсымӕрӕн бирӕ цыдӕртӕ йӕ бон нӕу (уыдон куыстыл дӕр кӕй нӕ нымайынц, уыдӕттӕ дӕр), уӕд ын йӕ зын тынгдӕр ӕмбардзысты ӕмӕ йӕ тынгдӕр уарздзысты (1 Петры 3:8).

18. Низы аххосӕй цы зындзинӕдтӕ фӕзынд, уый хистӕр сывӕллӕттӕн куыд ис бамбарын кӕнӕн ӕмӕ афтӕ бакӕнын хорз цӕмӕн уыдзӕн?

18 Сывӕллӕттӕй стырдӕр чи у, уыдонӕн та бамбарын кӕнын хъӕуы, сӕ бинонтӕ уӕззау уавӕры кӕй сты ӕмӕ дзы алкӕй дӕр йӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын кӕй хъӕуы. Хъӕуы дохтыртӕн фидын, хостӕ ӕлхӕнын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ныййарджытӕн сӕ бон нӕу иннӕ сывӕллӕттӕн, цыдӕриддӕр сӕ хъӕуы, уый ӕлхӕнын. Цымӕ сывӕллӕттӕ уый тыххӕй мӕсты кӕндзысты кӕнӕ афтӕ дзурдзысты, махыл нал хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ? Ӕви ӕппӕт дӕр раст бамбардзысты ӕмӕ цӕттӕ уыдзысты, кӕм хъӕуа, уым сӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ? Ам бирӕ аразгӕ у, семӕ куыд ныхас кӕнат ӕмӕ уӕ бинонты цавӕр зондыл аразат, уымӕй. Бирӕтӕн, сӕ бинонтӕй чидӕр рынчын кӕй у, уый баххуыс кодта сӕ сывӕллӕтты, Павел цы дзырдта, ууыл сахуыр кӕнын: «Мацы аразут загъдгӕнгӕйӕ кӕнӕ кадмондагӕй, фӕлӕ ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут; уӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнут, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр» (Филиппӕгтӕм 2:3, 4).

ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫН ХЪӔУЫ ХОС КӔНЫНМӔ

19, 20. а) Бинонтӕй исчи рынчын куы уа, уӕд хӕдзары хистӕрыл цавӕр хӕс ис? ӕ) Кӕд Библи ӕнӕниздзинады фӕдыл фыст чиныг нӕу, уӕддӕр дзы хи дзӕбӕх кӕныны тыххӕй цавӕр зонд ис ссарӕн?

19 Ӕмбаргӕ чырыстӕттӕ хос кӕныны ныхмӕ не сты. Уыдон дохтыртимӕ разы ӕрмӕстдӕр уӕд нӕ вӕййынц, ӕмӕ, куыд хос кӕнынц, уый Хуыцауы закъоны ныхмӕ куы вӕййы. Зӕгъгӕ сӕ бинонтӕй исчи рынчын у, уӕд зӕрдиагӕй фӕагурынц ӕххуыс йе сдзӕбӕх кӕнынӕн. Фӕлӕ дохтыртӕ цы зӕгъынц, уый дзырддаг куы уа, уӕд сӕ хъӕуы алцӕуыл дӕр лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын. Стӕй ма фӕстаг азты фӕзынд бирӕ ног низтӕ ӕмӕ дзы бирӕтӕн куыд хос кӕной, уый рӕстмӕ дӕр нӕма зонынц. Иуӕй-иу хатт та дохтыртӕн, адӕймаг цӕмӕй рынчын у, уый сбӕрӕг кӕнын дӕр зын вӕййы. Цы кӕнгӕ у чырыстонӕн ахӕм уавӕрты?

20 Кӕд Библийы фысджытӕй иу йӕхӕдӕг дохтыр уыд, стӕй кӕд апостол Павел дӕр хорз хос бацамыдта йе ’мбал Тимофейӕн, уӕддӕр Библи уый тыххӕй фыст нӕу, ӕмӕ нын амона, хос кӕнын куыд хъӕуы, уыдӕттӕ – Фыстад нын амоны, цӕрын куыд хъӕуы ӕмӕ Хуыцаумӕ куыд баввахс уӕм, уый (Колоссӕгтӕм 4:14; 1 Тимофеймӕ 5:23). Уымӕ гӕсгӕ, чырыстон уӕвгӕйӕ, бинонты хистӕрӕн йӕхи хъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын ӕмӕ аскъуыддзаг кӕнын, сӕ рынчынӕн куыд хос кӕндзысты, уый. Чи зоны, иу дохтыр цы зӕгъа, уый фаг нӕ уа ӕмӕ хъӕуа цалдӕр дохтыры хъуыды базонын. (Абар Ӕмбисӕндтӕ 18:17.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕй дӕр фӕнды, хуыздӕр куыд у, афтӕ баххуыс кӕнын йӕ рынчынӕн, ӕмӕ сӕ фылдӕр бацӕуынц, йӕ куыст хорз чи зоны, ахӕм дохтыртӕм. Кӕмӕдӕр та хуыздӕр кӕсы, ӕнӕуи дохтыртӕм нӕ, фӕлӕ, ӕндӕр алыхуызон мадзӕлттӕй чи хос кӕны, ахӕмтӕм бацӕуын. Ӕмӕ уый алкӕмӕн дӕр йӕхи бар у. Фӕлӕ дзырд ӕнӕниздзинадыл куы фӕцӕуы, уӕд дӕр Хуыцауы Ныхас чырыстӕттӕн у «[сӕ] къахӕн рухсгӕнӕн ӕмӕ рухс сӕ къахвӕдӕн» (Псалом 118:105). Уыдон ахӕм уавӕры дӕр фӕархайынц, Библи нӕ цы зондыл аразы, уымӕ гӕсгӕ (Исай 55:8, 9). Ӕмӕ сӕхи хизынц, адӕймагӕн йӕ низы хатт базонынӕн хинтӕ-кӕлӕнтӕ чи кӕны, уыдонӕй, стӕй, Библимӕ гӕсгӕ раст чи нӕу, ахӕм хосгӕнӕн мадзӕлттӕй дӕр (Псалом 35:10; Хъуыддӕгтӕ 15:28, 29; Раргомад 21:8).

21, 22. Иу сылгоймаг, Библийӕ цы базыдта, уый фӕрцы раст уынаффӕ куыд рахаста?

21 Ӕркӕсӕм, Азийы чи цӕры, иу ахӕм ӕвзонг сылгоймаджы хабармӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уымӕй йын иу цасдӕры фӕстӕ афонӕй раздӕр райгуырд чызг. Йӕ уӕз 1 килӕ ӕмӕ 470 граммы йеддӕмӕ нӕ уыди. Дохтыр ын куы загъта, зӕгъгӕ, тынг фӕстӕзад уыдзӕн ӕмӕ къахӕй никуы ацӕудзӕн, уӕд мад зӕрдӕсаст фӕци. Дохтыр ын бауынаффӕ кодта, цӕмӕй йӕ раттаид сывӕллӕтты хӕдзармӕ. Йӕ лӕг дӕр ницы зыдта, хуыздӕр куыд уыдзӕн, уымӕн. Уӕдӕ кӕй бафарстаид зондӕй?

22 Мӕнӕ цы зӕгъы уыцы сылгоймаг: «Уыцы рӕстӕг мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Библийӕ цы базыдтон, уый – сывӕллӕттӕ сты Йегъовӕйы лӕвар» (Псалом 126:3). Ӕмӕ уыйадыл йӕхицӕн загъта, уыцы «лӕвар» хӕдзармӕ кӕй ахӕсдзӕн ӕмӕ йӕм кӕй кӕсдзӕн. Райдианты йын тынг зын уыди, фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдӕй йе ’мбӕлттӕ йӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты, ӕмӕ йӕ бон сси йӕ сывӕллонмӕ кӕсын, кӕд ӕй уӕлдай хъусдард хъуыди, уӕддӕр. Дыууадӕс азы фӕстӕ чызг Паддзахады залмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта ӕмӕ-иу уым йӕ карӕн сывӕллӕттимӕ фӕцин кодта. Йӕ мад афтӕ зӕгъы: «Библи цы дзуры, уый мын мӕ зӕрдӕ кӕй бацагайдта ӕмӕ раст кӕй бакодтон, уый тыххӕй Хуыцауӕй тынг бузныг дӕн. Библийы фӕрцы Йегъовӕйы раз мӕ цӕсгом сыгъдӕгӕй бахъахъхъӕдтон ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм мӕхи фӕсмойнаг нӕ фӕкодтон».

23. Библи цавӕр ныфс дӕтты рынчынтӕн дӕр ӕмӕ сӕм чи кӕсы, уыдонӕн дӕр?

23 Низтӕ ӕнустӕм нӕ уыдзысты. Кӕддӕр пехуымпар Исай загъта, кӕй ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ «иу адӕймаг дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24). Ацы ныхӕстӕ сӕххӕст уыдзысты, тагъд цы ног дуне ралӕудзӕн, уым. Фӕлӕ цалынмӕ уыцы рӕстӕг не ’рцыд, уӕдмӕ мах хъӕуы низтимӕ тох кӕнын, стӕй нӕ ӕнӕмӕлгӕ дӕр ничи у. Ӕмӕ цы хорз у, Хуыцауы Ныхас нын зонд кӕй амоны ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны. Ӕнӕххӕст адӕм абон иу фӕдзурынц, райсом та – ӕндӕр цыдӕр, Библи цы зӕгъы, уый та никуы ивы. Уӕдӕ ӕмбаргӕ адӕймаг хъуыды кӕны, псаломзарӕггӕнӕг куыд фыста, афтӕ: «Хицауы закъон ӕххӕст у, фидар кӕны уды; Хицауы раргомдзинад раст у, зондджын кӕны хуымӕтӕгты. [...] Хицауы тӕрхӕттӕ – ӕцӕгад, иуылдӕр раст сты... уыдон сӕххӕст кӕныны [ис] стыр лӕвар» (Псалом 18:8, 10, 12).