Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 СӔР

Алцыдӕр чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцау

Алцыдӕр чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцау

Адӕттӕ чи скодта?

ӔЗ ЗОНЫН иу диссаг. Дӕуӕн дӕр ӕй зӕгъон? ~ Дӕ къухмӕ-ма ӕркӕс ӕмӕ де ’нгуылдзтӕ бакъӕдз кӕн. Ныр та исты райс. Дӕ къухтӕй дӕ бон у бирӕ цыдӕртӕ аразын ӕмӕ дын алцыдӕр хорз рауайы. Зоныс ӕй, къухтӕ нын чи радта? ~

Дзых, фындз ӕмӕ нын цӕстытӕ дӕр уый радта. Уый у Хуыцау – ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕджы Фыд. Зӕгъӕм, цӕстытӕ нын кӕй ис, уый хорз нӕу? ~ Нӕ цӕстытӕй нӕ бон у алцыдӕр уынын. Зӕгъӕм, дидинджытӕ, кӕрдӕг, цъӕх арв. Нӕ бон у, мӕнӕ ам нывыл чи ис, ахӕм ӕххормаг гыццыл цъиуты фенын. Уыдӕттӕ куы нӕ уыниккам, уӕд куыд ӕвзӕр уаид! Афтӕ нӕу? ~

Фӕлӕ уыдӕттӕ чи скодта? Адӕймаг? Нӕ. Адӕймагӕн йӕ бон у хӕдзар саразын. Фӕлӕ йӕ бон нӕу кӕрдӕг скӕнын. Йӕ бон нӕу цъиуы лӕппынтӕ, дидинджытӕ ӕмӕ цӕрӕгойты дӕр скӕнын. Ды уый зыдтай? ~

Уыдон иууылдӕр сфӕлдыста Хуыцау. Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх. Адӕмы дӕр уый сфӕлдыста. Уый радта цард фыццаг лӕг ӕмӕ фыццаг усӕн. Уый тыххӕй дзырдта Йесо дӕр – ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг (Матфейы 19:4–6).

Фыццаг лӕг ӕмӕ фыццаг усы Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уый Йесо кӕцӕй зыдта? Куыд сӕ сфӕлдыста, уый йӕхӕдӕг федта? ~ О. Уыцы рӕстӕг Йесо уыди йӕ фарсмӕ. Ӕппӕты фыццаг Хуыцау сфӕлдыста Йесойы. Йесо уыди зӕд ӕмӕ цард уӕлӕрвты йӕ Фыдимӕ.

Библийы фыст ис, Хуыцау афтӕ кӕй загъта: «Сфӕлдисӕм адӕймаджы» (Райдиан 1:26). Зоныс ӕй, Хуыцау уыцы ныхӕстӕ кӕмӕн загъта? ~ Йӕ Фыртӕн, фӕстӕдӕр зӕхмӕ чи ’рцыд ӕмӕ Йесо кӕй хуыдтой, уымӕн.

Ахъуыды-ма кӕн, цы диссаджы Ахуыргӕнӕг нын ис! Йесо уыд Хуыцауы фарсмӕ, зӕхх ӕмӕ нӕ алыварс цы ис, уыдон куы кодта, уӕд. Йесо йӕ Фыдӕн уӕлӕрвты куы ӕххуыс кодта, уӕд бирӕ цыдӕртӕ базыдта. Ӕмӕ уый тыххӕй у ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг.

Куыд хъуыды кӕныс, Хуыцау йӕ Фырты куы нӕма сфӕлдыста, уӕд ын иунӕгӕй ӕнкъард уыди? ~ Нӕ, уый афтӕ нӕу. Ӕмӕ уӕд иннӕтӕн цард цӕмӕн радта? ~ Уымӕн ӕмӕ у уарзӕгой Хуыцау. Хуыцауы фӕндыди, цӕмӕй иннӕтӕ дӕр цӕрой ӕмӕ цин кӕной. Ӕмӕ йын хъуамӕ бузныг дзурӕм, цард нын кӕй радта, уый тыххӕй.

Хуыцау цы сфӕлдыста, уым алкуыдӕр фенӕн ис йӕ уарзондзинад. Хуыцау скодта хур. Хур нын дӕтты рухс ӕмӕ нӕ тавы. Ӕнӕ хурӕй уаид тынг уазал ӕмӕ зӕххыл ничи цӕрид. Хуыцау хур кӕй скодта, ууыл нӕ цин кӕныс? ~

Хуыцау ма ӕруарын кӕны къӕвда дӕр. Иуӕй-иу хатт, ӕвӕццӕгӕн, дӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕуы, къӕвда кӕй уары, уый. Къӕвдайы дӕ бон нӕ вӕййы ӕддӕмӕ хъазынмӕ рацӕуын. Фӕлӕ къӕвда куы нӕ уарид, уӕд дидинджытӕ дӕр нӕ заиккой. Уӕдӕ рӕсугъд дидинӕг куы фенӕм, уӕд бузныг кӕмӕн хъуамӕ зӕгъӕм? ~ Хуыцауӕн. Ӕмӕ адджын дыргътӕ кӕнӕ джитъритӕ ӕмӕ пъамидортӕ куы фӕхӕрӕм, уӕд та? ~ Уӕд дӕр Хуыцауӕн. Хур ӕмӕ нын къӕвда куы нӕ радтаид, уӕд нын уыдӕттӕ дӕр нӕ уаид.

Зӕгъӕм, чидӕр дӕ бафарста: «Адӕмы ӕмӕ цӕрӕгойты дӕр Хуыцау сфӕлдыста?» Цы йын зӕгъис? ~ Хъӕуы йын зӕгъын: «О, Хуыцау сӕ сфӕлдыста». Фӕлӕ адӕймаджы Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уый искӕй куы нӕ уырна, уӕд та? Куы дын зӕгъа, зӕгъгӕ, адӕймаг цӕрӕгойӕ равзӕрд? Библийы афтӕ никуы ис фыст. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, алцыдӕр ӕмӕ алкӕйдӕр сфӕлдыста Хуыцау (Райдиан 1:26–31).

Кӕд хӕдзар чидӕр сарӕзта, уӕд дидинджытӕ, бӕлӕстӕ ӕмӕ цӕрӕгойты та чи скодта?

Фӕлӕ дын исчи афтӕ куы зӕгъа, мӕн Хуыцау нӕ уырны, зӕгъгӕ, уӕд та йын цы зӕгъдзынӕ? ~ Искӕцы хӕдзармӕ йын бацамон ӕмӕ йӕ бафӕрс: «Ацы хӕдзар чи сарӕзта?» Афтӕ ничи зӕгъдзӕн, ӕмӕ уыцы хӕдзар ничи сарӕзта. Уый йӕхӕдӕг нӕ фӕзындаид (Дзуттӕгтӕм 3:4).

Стӕй уыцы адӕймагӕн уӕ цӕхӕрадоны дидинӕг равдис ӕмӕ йӕ бафӕрс: «Ацы дидинӕг та чи скодта?» Адӕймаг ӕй не скодта. Хӕдзар йӕхӕдӕг куыд нӕ фӕзынд, афтӕ дидинӕг дӕр йӕхӕдӕг нӕ фӕзынд. Чидӕр ӕй скодта. Уый уыд Хуыцау.

Уыцы адӕймагӕн зӕгъ, цӕмӕй цъиуты зарынмӕ байхъуса. Стӕй йӕ бафӕрс: «Цъиуты чи скодта ӕмӕ сӕ зарын чи сахуыр кодта?» Уый уыди Хуыцау. Уый скодта арв, зӕхх, адӕмы ӕмӕ цӕрӕгойты. Уый радта цард алкӕмӕн дӕр.

Фӕлӕ дын, зӕгъӕм, чидӕр загъта: «Мӕн Хуыцау нӕ уырны, уымӕн ӕмӕ йӕ никуы федтон. Мӕхи цӕстӕй цы нӕ фенон, ууыл никуы баууӕнддзынӕн».

Раст у, нӕ бон нӕу Хуыцауы фенын. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, иу адӕймаджы бон дӕр нӕу Хуыцауы фенын. Иу лӕгӕн дӕр, иу усӕн дӕр ӕмӕ иу сывӕллонӕн дӕр уый йӕ бон нӕу. Уый тыххӕй Хуыцауы хъуамӕ мачи ныв кӕна. Хуыцау нын йӕхӕдӕг дӕр дзуры, цӕмӕй ахӕм нывтӕ ма кӕнӕм. Ӕмӕ нӕм ахӕм цыдӕртӕ хӕдзары куы уа, уӕд уый йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзӕн (Рацыд 20:4, 5; 33:20; Иоанны 1:18).

Фӕлӕ кӕд нӕ бон нӕу Хуыцауы фенын, уӕд ӕй кӕцӕй зонӕм, ӕмӕ Хуыцау ис? Ахъуыды-ма кӕн. Дӕ бон у дымгӕ фенын? ~ Нӕу. Никӕй бон у дымгӕ фенын. Фӕлӕ мах фӕуынӕм, дымгӕ цы фӕаразы, уый. Зӕгъӕм, бӕласы сыфтӕ базмӕлын кӕны. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй уырны, дымгӕ кӕй ис.

Дымгӕ кӕй ис, уый кӕцӕй зоныс?

Уӕдӕ нӕ бон у фенын, Хуыцау цы скодта, уый дӕр. Зӕгъӕм, удӕгас дидинӕг кӕнӕ цъиу. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй уырны, Хуыцау кӕй ис.

Чи зоны дӕ исчи бафӕрса: «Чи скодта хур ӕмӕ зӕхх?» Библийы фыст ис: «Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх» (Райдиан 1:1). О, ацы диссӕгтӕ иууылдӕр Хуыцау сфӕлдыста. Уый хорз нӕу? ~

Куыд хорз у, Хуыцау нын цард кӕй радта! Нӕ бон у цъиуты рӕсугъд зарджытӕм хъусын, дидинджытӕм ӕмӕ ма Хуыцау ноджыдӕр цытӕ скодта, уыдӕттӕм кӕсын. Ӕмӕ нын Хуыцау цас адджын хӕринӕгтӕ радта, уый та!

Уыцы хорздзинӕдты тыххӕй хъуамӕ Хуыцауӕн бузныг дзурӕм. Ноджы тынгдӕр та йын бузныг хъуамӕ дзурӕм, цард нын кӕй радта, уый тыххӕй. Ӕмӕ Хуыцауӕй бузныг куы уӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн иу цыдӕр аразын. Зоныс, цы? ~ Хуыцаумӕ хъусын ӕмӕ нын Библийы цы дзуры, уый аразын. Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, алцыдӕр чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцауы тынг кӕй уарзӕм.

Хуыцау цы сарӕзта, уый тыххӕй дзы хъуамӕ уӕм бузныг. Уый куыд ӕвдисдзыстӕм? Уый тыххӕй бакӕс Псаломы 139:14; Иоанны 4:23, 24; 1 Иоанны 5:21 ӕмӕ Раргомады 4:11.