Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5 СӔР

«Ай у мӕ Фырт»

«Ай у мӕ Фырт»

СЫВӔЛЛӔТТӔ сӕхи хорз куы фӕдарынц, уӕд фыд ӕмӕ мад тынг фӕцин кӕнынц. Лӕппу кӕнӕ чызгӕн исты хорз куы фӕуайы, уӕд дзы йӕ фыд цингӕнгӕ фӕзӕгъы: «Ай мӕ лӕппу у» кӕнӕ «Ай мӕ чызг у».

Йесо алы хатт дӕр фӕаразы, йӕ Фыды зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый. Ӕмӕ йӕ Фыд ууыл тынг цин кӕны. Хъуыды-ма йӕ кӕныс, иухатт Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй ӕртӕимӕ хохыл куы уыдис, уӕд йӕ Фыд цы сарӕзта? ~ О, Хуыцау сӕм арвӕй ӕрдзырдта: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕ дзы рухс кӕны» (Матфейы 17:5).

Йесо алы хатт дӕр цингӕнгӕ фӕаразы, йӕ Фыды зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый. Зоныс ӕй, цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ Фыды бирӕ уарзы. Исты хъуыддаг дӕ саразын куы хъӕуа, фӕлӕ дӕ куы нӕ фӕнда, уӕд дын йӕ саразын дӕр зын уыдзӕн. Фӕлӕ дӕ куы фӕнда, уӕд та ӕнцондӕр у.

Йесо зӕхмӕ куы нӕма ’рцыд, уӕд дӕр ӕй фӕндыд, йӕ Фыд ын цы дзырдта, уый аразын. Афтӕ та уымӕн кодта, ӕмӕ йӕ Фыды, Йегъовӕ Хуыцауы, бирӕ уарзы. Йесойӕн йӕ Фыдимӕ уӕлӕрвты уыди тынг хорз. Фӕлӕ иу бон Йесойы бахъуыди йӕ уӕларвон хӕдзар ныууадзын ӕмӕ зӕххыл райгуырын, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ радта стыр куыст. Ӕмӕ Йесо дӕр ӕнӕзивӕгӕй сразы уыцы куыст бакӕныныл, уымӕн ӕмӕ йын ӕй йӕ Фыд бахӕс кодта.

Зӕд Гавриил Марийӕйӕн цы загъта?

Цӕмӕй Йесо зӕххыл райгуырдаид, уый тыххӕй йын хъуамӕ уыдаид мад. Зоныс, йӕ мад чи уыди? ~ Йӕ ном хуынди Марийӕ. Йегъовӕ йӕ зӕд Гавриилы уӕларвӕй Марийӕмӕ рарвыста. Ӕмӕ йын Гавриил загъта, кӕй йын райгуырдзӕн лӕппу. Лӕппуйы хъуамӕ схуыдтаиккой Йесо. Цымӕ йӕ фыд та чи уыдзӕн? ~ Зӕд загъта, сывӕллоны Фыд кӕй уыдзӕн Йегъовӕ Хуыцау. Уый тыххӕй Йесойы хондзысты Хуыцауы Фырт.

Куыд дӕм кӕсы, Марийӕ цы загъта? ~ Мыййаг, афтӕ загъта: «Нӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй Йесойы мад уон»? Нӕ, уый афтӕ нӕ загъта. Марийӕ цӕттӕ уыди, Хуыцауы цы фӕндыд, уый саразынмӕ. Фӕлӕ Хуыцауы Фырт зӕххыл куыд хъуамӕ райгуырдаид, кӕд ӕмӕ уӕлӕрвты цард? Йесо, иннӕ сывӕллӕттӕ куыд райгуырынц, бынтон афтӕ нӕ райгуырд. Зоныс ӕй, куыд райгуырд? ~

Хуыцау фыццаг лӕг ӕмӕ усы, Адам ӕмӕ Евӕйы, афтӕ скодта, цӕмӕй-иу баиу уыдаиккой ӕмӕ сын сывӕллӕттӕ райгуырдаид. Цалынмӕ сывӕллон нӕ райгуыры, уӕдмӕ мады гуыбыны фӕрӕзы. Адӕм уый хонынц стыр диссаг. Дӕумӕ дӕр уый, ӕвӕццӕгӕн, диссаг кӕсы.

Фӕлӕ Хуыцау сарӕзта уымӕй стырдӕр диссаг. Йӕ Фырты цард уӕлӕрвтӕй Марийӕйы гуыбынмӕ рахаста. Хуыцау уый размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр афтӕ никуы бакодта. Уый уыди стыр диссаг! Йесо райдыдта Марийӕйы гуыбыны рӕзын, иннӕ сывӕллӕттӕ дӕр сӕ мады гуыбыны куыд фӕрӕзынц, афтӕ. Уый фӕстӕ Марийӕ Иосифмӕ чындзы ацыд.

Йесойӕн йӕ райгуырыны афон куы ’рцыд, уӕд Марийӕ Иосифимӕ уыдысты горӕт Вифлеемы. Уым уыцы рӕстӕг уыди бирӕ адӕм. Уымӕ гӕсгӕ дзы Марийӕ ӕмӕ Иосиф сӕхицӕн бынат не ссардтой ӕмӕ ӕхсӕв баззадысты скъӕты. Уым райгуырд Йесо, ӕмӕ йӕ сӕвӕрдтой кӕвдӕсы. Фенӕн ӕй ис мӕнӕ ам нывыл. Кӕвдӕсы фӕкӕнынц хӕринаг хъуццытӕн ӕмӕ иннӕ фосӕн.

Йесойы кӕвдӕсы цӕмӕн ӕвӕрынц?

Йесо цы ’хсӕв райгуырд, уыцы ӕхсӕв ӕрцыд стыр диссаг. Вифлееммӕ хӕстӕг ран фыййӕуттӕм фӕзынд зӕд. Уый сын бамбарын кодта, Йесо ӕнӕуи сывӕллон кӕй нӕу. Зӕд сын загъта: «Ӕз уӕм ӕрхастон, ӕппӕт адӕмы зӕрдӕтӕ дӕр цинӕй чи байдзаг кӕндзӕн, ахӕм хорз хабар. Абон райгуырд, адӕмы чи фервӕзын кӕндзӕн, уый» (Лукайы 2:10, 11).

Ацы зӕдтӕй иу фыййӕуттӕн цавӕр хорз хабар загъта?

Зӕд ма фыййӕуттӕн загъта, Йесойы кӕй ссардзысты Вифлеемы, кӕвдӕсы. Уый фӕстӕ ӕвиппайды арвыл фӕзынд бирӕ зӕдтӕ ӕмӕ уыцы зӕдимӕ райдыдтой Хуыцауы кадджын кӕнын ӕмӕ зарын: «Кад Хуыцауӕн! Хуыцау кӕй уарзы, уыцы адӕмы ’хсӕн уӕд сабыр цард!» (Лукайы 2:12–14).

Зӕдтӕ куы нал зындысты, уӕд фыййӕуттӕ Вифлееммӕ ацыдысты ӕмӕ уым ссардтой Йесойы. Уыдон Иосиф ӕмӕ Марийӕйӕн радзырдтой, цы хорз хабӕрттӕ фехъуыстой, уыдон. Ахъуыды-ма кӕн, Марийӕ куыд тынг цин кодтаид, кӕй сразы, цӕмӕй Йесойы мад суыдаид!

Фӕстӕдӕр Иосиф ӕмӕ Марийӕ Йесоимӕ ацыдысты Назаретмӕ. Йесо схъомыл уыцы горӕты. Куы сыстыр, уӕд райдыдта алы рӕтты адӕмы ахуыр кӕнын. Йегъовӕ йӕ Фырты зӕхмӕ уый тыххӕй дӕр рарвыста. Йесо уыцы куыст кодта цингӕнгӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ уӕларвон Фыды бирӕ уарзта.

Йесо цалынмӕ адӕмы ахуыр кӕнын нӕ райдыдта, уӕдмӕ йын Аргъауӕг Иоанн Иорданы цӕугӕдоны радта донаргъуыд. Уыцы бон ӕрцыд стыр диссаг! Йесо донӕй куы рахызт, уӕд Йегъовӕ арвӕй ӕрдзырдта: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕ дзы рухс кӕны» (Матфейы 3:17). Дӕ фыд ӕмӕ дын дӕ мад куы фӕзӕгъынц, бирӕ дӕ кӕй уарзынц, уӕд нӕ фӕцин кӕныс? ~ Йесо дӕр йӕ Фыды ныхӕстыл тынг цин кодта.

Йесо алы хатт дӕр кодта, раст цы у, уый. Цы у, йӕхи уымӕй уӕлдӕр никуы ӕвӕрдта. Никуы загъта афтӕ: «Ӕз Хуыцау дӕн». Зӕд Гавриил дӕр Марийӕйӕн загъта, Йесойы кӕй хондзысты Хуыцауы Фырт. Ӕмӕ Йесо йӕхӕдӕг дӕр дзырдта, Хуыцауы Фырт кӕй у. Стӕй афтӕ дӕр никуы загъта: «Ӕз мӕ Фыдӕй фылдӕр зонын». Фӕлӕ уый загъта: «Мӕ Фыд мӕнӕй уӕлдӕр у» (Иоанны 14:28).

Йесо уӕлӕрвты цӕргӕйӕ дӕр кодта, йӕ Фыд ын цы дзырдта, уый. Кӕд-иу загъта, бакӕндзынӕн ӕй, зӕгъгӕ, уӕд-иу ӕндӕр цыдӕртӕ нӕ арӕзта. Уый йӕ Фыды бирӕ уарзта ӕмӕ йын йӕ ныхасмӕ хъуыста. Ӕмӕ зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд бакодта, йӕ уӕларвон Фыд ӕй цӕй тыххӕй рарвыста, уыдӕттӕ иууылдӕр. Йесо йӕ рӕстӕг ӕндӕр цӕуылдӕрты нӕ хардз кодта. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр йӕ Фырты уый тыххӕй уарзы!

Махӕй алкӕй дӕр фӕнды, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын, афтӕ нӕу? ~ Уый тыххӕй хъуамӕ Йесойау алцӕмӕй дӕр Хуыцаумӕ хъусӕм. Хуыцау нӕм дзуры Библийы уылты. Нӕхи афтӕ куы дарӕм, цыма Хуыцаумӕ хъусӕм, ӕцӕгӕй та ӕндӕр цӕуылдӕрты куы ’ууӕндӕм ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ куы аразӕм, уӕд уый раст уыдзӕн? ~ Ӕмӕ ма рох кӕн: Йегъовӕйы бирӕ куы уарзай, уӕд дӕ фӕнддзӕн, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын.

Ныр Библийы бакӕс мӕнӕ ацы стихтӕ: Матфейы 7:21–23; Иоанны 4:25, 26 ӕмӕ 1 Тимофеймӕ 2:5, 6. Уыдонӕй базондзынӕ, Йесойы тыххӕй цы хъуамӕ зонӕм ӕмӕ нӕ цы хъуамӕ уырна, уый.