Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

9 СӔР

Мачи дӕ фӕрӕдийын кӕнӕд

Мачи дӕ фӕрӕдийын кӕнӕд

ИСКУЫ дын исчи ӕвзӕр хъуыддаг аразын кодта? ~ Тыххӕй дын ӕй аразын кодта ӕви дын афтӕ дзырдта: «Ма тӕрс, ӕвзӕрӕй дзы ницы ис»? ~ Исчи нын исты ӕвзӕр хъуыддаг куы аразын кӕна, уӕд нӕ уымӕй рӕдийын кӕны.

Исчи нӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм? Хъуамӕ йӕм байхъусӕм ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддаг саразӕм? ~ Уый Йегъовӕйӕн зын уыдзӕн. Фӕлӕ цин чи кӕндзӕн, уый зоныс? ~ О, Сайтан Хӕйрӕг.

Сайтан у Хуыцауы знаг. Ӕмӕ уый у мах знаг дӕр. Махӕн ӕй нӕ бон фенын нӕу, фӕлӕ нӕ уый та уыны. Иухатт Хӕйрӕг ныхас кодта Йесоимӕ, ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгимӕ, ӕмӕ архайдта, цӕмӕй йӕ фӕрӕдийын кодтаид. Цымӕ Йесо куыд бакодта? Ӕркӕсӕм уыцы хабармӕ ӕмӕ йӕ базонӕм, исчи нӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд цы хъуамӕ саразӕм.

Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд йӕ зӕрдыл цы ’рлӕууыд?

Йесойы алкӕддӕр фӕндыд, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын. Ӕмӕ уый ӕргом равдыста, Иорданы цӕугӕдоны донаргъуыд куы райста, уӕд. Сайтан уый фӕстӕ архайдта, цӕмӕй йӕ фӕрӕдийын кодтаид. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд ын «арв фегом» (Матфейы 3:16). Ома Йесо ӕрхъуыды кодта, уӕлӕрвты Хуыцауимӕ куыд цард, уый.

Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд ацыд ӕдзӕрӕг быдырмӕ, йӕ зӕрдыл цы ’рлӕууыд, ууыл ахъуыды кӕнынмӕ. Рацыд 40 боны ӕмӕ 40 ӕхсӕвы. Уал боны Йесо ницы бахордта ӕмӕ тынг сӕххормаг. Хӕйрӕг раст уыцы рӕстӕг архайдта, цӕмӕй Йесойы фӕрӕдийын кодтаид.

Хӕйрӕг Йесойы куы фӕлвӕрдта, уӕд ын дурты тыххӕй цы загъта?

Хӕйрӕг ын загъта: «Кӕд Хуыцауы фырт дӕ, уӕд ацы дуртӕн зӕгъ, ӕмӕ дзултӕ фестой». Куыд хорз уыдаид, Йесо иу дзулы къӕбӕр уӕддӕр куы ахордтаид! Фӕлӕ йӕ бон уыди афтӕ саразын, цӕмӕй дуртӕй дзултӕ рауадаид? ~ О, уыди. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йесомӕ, Хуыцауы Фыртмӕ, уыди ахӕм тых, ӕмӕ йӕ бон уыд диссӕгтӕ аразын.

Дӕуӕн Хӕйрӕг куы загътаид, зӕгъгӕ, дуртӕй дзултӕ фестын кӕн, уӕд ӕм байхъуыстаис? ~ Йесо уыди ӕххормаг. Уӕдӕ уыцы иу хатт дуртӕй дзултӕ куы фестын кодтаид, уӕд ӕвзӕрӕй исты сарӕзтаид? ~ Йесо йӕ зыдта, раст кӕй нӕу йӕ тыхӕй ахӕм хъуыддӕгтӕ аразын. Йегъовӕ йын ахӕм тых уый тыххӕй нӕ радта, цӕмӕй дзы, йӕхи цы фӕндыд, уый арӕзтаид, фӕлӕ цӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кодтаид Хуыцауы базонынӕн.

Йесо Хӕйрӕгӕн загъта, Библийы цы фыст ис, уый: «Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй». Йесо йӕ зыдта, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын хӕринагӕй дӕр сӕйрагдӕр кӕй у.

Фӕлӕ Хӕйрӕг уӕддӕр не ’рлӕууыд. Йесойы акодта Иерусалиммӕ ӕмӕ йӕ кувӕндоны иу бӕрзонд бынаты ӕрлӕууын кодта. Стӕй йын загъта: «Кӕд Хуыцауы фырт дӕ, уӕд дӕхи ардыгӕй аппар, уымӕн ӕмӕ фыст у, йӕ зӕдтӕ дӕ кӕй хъахъхъӕндзысты».

Хӕйрӕг Йесойӕн афтӕ цӕмӕн загъта? ~ Цӕмӕй йын исты ӕнӕзонд ми саразын кодтаид. Фӕлӕ йӕм Йесо ацы хатт дӕр нӕ байхъуыста. Уый Хӕйрӕгӕн загъта: «Фыст у: „Ма фӕлвар дӕ Хуыцау Йегъовӕйы“». Йесо йӕ зыдта, раст кӕй нӕу Йегъовӕйы фӕлварын. Ома раст нӕ уыдаид, бахъахъхъӕндзӕн ӕй ӕви нӕ, уый феныны тыххӕй йӕ цард тӕссаг уавӕры куы баппӕрстаид.

Фӕлӕ Хӕйрӕг уӕддӕр Йесойы нӕ ныууагъта. Скодта йӕ тынг бӕрзонд хохмӕ ӕмӕ йын равдыста дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ ӕмӕ сӕ кад. Стӕй йын загъта: «Ӕппӕт адӕттӕ дын ратдзынӕн, дӕ зонгуытыл куы ӕрхауай ӕмӕ мын куы бакувай, уӕд».

Ахъуыды-ма кӕнӕм Хӕйрӕджы ныхӕстыл. Дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ, кӕнӕ зӕххон хицауӕдтӕ, ӕцӕгдӕр Хӕйрӕджы сты? ~ Йесо афтӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, Хӕйрӕджы не сты. Хӕйрӕджы куы нӕ уыдаиккой, уӕд ӕй Йесо загътаид. Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр у ӕппӕт адӕмты ӕмӕ ӕппӕт бӕстӕты хицау. Библи йӕ хоны «ацы дунейы хицау» (Иоанны 12:31).

Хӕйрӕгӕн йӕ бон цӕмӕн уыд Йесойӕн ӕппӕт ацы паддзахӕдтӕ раттын?

Зӕгъӕм, Хӕйрӕг дын загъта, зӕгъгӕ мын бакув, ӕмӕ дӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый дын ратдзынӕн. Куыд бакӕнис? ~ Йесо йӕ зыдта: Хӕйрӕг ын цыфӕнды ма раттаид, уӕддӕр ын кувын раст нӕ уыд. Ӕмӕ йын Йесо загъта: «Ацу ардыгӕй, Сайтан! Библийы фыст у: „Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн кув ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕн“» (Матфейы 4:1–10; Лукайы 4:1–13).

Фӕлварӕн дын куы уа, уӕд куыд бакӕндзынӕ?

Махӕн дӕр вӕййы алыхуызон фӕлварӕнтӕ. Зоныс ӕй, цавӕртӕ сты? ~ Зӕгъӕм, дӕ мад скодта адджын тъорт. Ӕмӕ дын загъта, зӕгъгӕ, цалынмӕ хӕрынмӕ не ’рбадӕм, уӕдмӕ йӕм ма бавнал. Фӕлӕ тынг сӕххормаг дӕ, ӕмӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй дзы иу гыццыл ахӕрай. Куыд бакӕндзынӕ? Дӕ мадмӕ байхъусдзынӕ? ~ Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй йӕм ма байхъусай.

Ӕрхъуыды-ма кӕн Йесойы. Уый дӕр тынг ӕххормаг уыди. Фӕлӕ йӕ зыдта, сӕйрагдӕр кӕй у, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын. Уӕдӕ дын дӕ мад цы дзуры, уый куы аразай, уӕд уыдзынӕ Йесойы хуызӕн.

Науӕд дын, зӕгъӕм, иннӕ сывӕллӕттӕй чидӕртӕ цавӕрдӕр хостӕ нуазын кӕнынц. Ӕмӕ дын дзурынц, зӕгъгӕ сӕ куы бануазай, уӕд схъӕлдзӕг уыдзынӕ. Фӕлӕ уыдон вӕййынц наркотиктӕ. Уыцы хостӕй тынг фӕрынчын уыдзынӕ ӕмӕ ма мӕлгӕ дӕр акӕндзынӕ. Кӕнӕ дын, зӕгъӕм, чидӕр тамако дымын кӕны. Ӕмӕ тамакоты дӕр ис наркотиктӕ. Куыд бакӕндзынӕ? ~

Ӕрхъуыды-ма кӕн Йесойы. Хӕйрӕг ын загъта, цӕмӕй кувӕндонӕй агӕпп кодтаид ӕмӕ йӕ цард тӕссаг уавӕры баппӕрстаид. Фӕлӕ Йесо афтӕ нӕ бакодта. Дӕуӕн дӕр исчи исты тӕссаг хъуыддаг куы аразын кӕна, уӕд ды та куыд бакӕндзынӕ? ~ Йесо Хӕйрӕгмӕ нӕ байхъуыста. Ӕмӕ ды дӕр хъуамӕ ма хъусай, ӕвзӕр хъуыддаг дын чи аразын кӕна, уыдонмӕ.

Цыдӕр нывтӕн кӕнӕ ӕндӕр истӕмӕн кувӕн цӕуылнӕ ис?

Афтӕ дӕр уыдзӕн, ӕмӕ дын скъолайы цавӕрдӕр бӕрӕгбоны зӕгъдзысты, цӕмӕй бакувай цыдӕр нывӕн кӕнӕ ӕндӕр истӕмӕн. Ӕмӕ уый та Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу (Рацыд 20:4, 5). Чи зоны дӕ тӕрсын дӕр кӕной, зӕгъгӕ, афтӕ куы нӕ бакӕнай, уӕд дӕ скъолайӕ атӕрдзыстӕм. Куыд бакӕндзынӕ? ~

Иууылдӕр, раст цы у, уый куы фӕаразынц, уӕд махӕн дӕр ӕнцон вӕййы, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын. Фӕлӕ нын иннӕтӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ куы фӕаразын кӕнынц, уӕд та, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын тынг зын вӕййы. Афтӕ дӕр ма фӕдзурынц, зӕгъгӕ, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ Хуыцау та куыд зӕгъы? Уый алцыдӕр хуыздӕр зоны.

Иннӕтӕ нын цыфӕнды ма дзурой, уӕддӕр, Хуыцаумӕ раст цы нӕ кӕсы, уый хъуамӕ макуы аразӕм. Ӕмӕ уӕд, Хӕйрӕджы цы фӕнды, уый никуы араздзыстӕм, ӕмӕ Хуыцау цин кӕндзӕн.

Исчи нӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, уый тыххӕй ма бакӕсӕн ис мӕнӕ ацы стихты дӕр: Псалом 1:1, 2; Ӕмбисӕндтӕ 1:10, 11; Матфейы 26:41 ӕмӕ 2 Тимофеймӕ 2:22.