Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

25 СӔР

Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдонӕн сӕ бон фӕивын у?

Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдонӕн сӕ бон фӕивын у?

НӔ ДӔ фӕндид, цӕмӕй адӕм иууылдӕр хорз хъуыддӕгтӕ кӕной? ~ Фӕлӕ алы адӕймаг дӕр уӕддӕр ӕвзӕрӕй исты саразы. Фӕфӕнды нӕ хорз хъуыддӕгтӕ аразын, фӕлӕ нын уый алы хатт нӕ рауайы. Афтӕ цӕмӕн у, уый зоныс? ~ Уымӕн ӕмӕ иууылдӕр райгуырдыстӕм тӕригъӕдджынӕй. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ кӕнынц тынг бирӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ. Уыдон нӕ уарзынц адӕмы, ӕмӕ сӕ нӕмгӕ дӕр фӕкӕнынц ӕмӕ ма сӕ маргӕ дӕр акӕнынц. Куыд хъуыды кӕныс, ахӕм адӕмӕн сӕ бон у, ӕмӕ искуы фӕивой ӕмӕ схорз уой? ~

Мӕнӕ-ма ацы нывмӕ ӕркӕс. Уыныс, Стефаны дуртӕй марынц. Гыццыл фалдӕр та лӕууы иу лӕг ӕмӕ, Стефаны чи мары, уыдонӕн сӕ дзаумӕттӕ хъахъхъӕны. Уыцы лӕгӕн йӕ дзуттаг ном у Савл, йӕ ромаг ном та – Павел. Уымӕн ӕхсызгон у, Йесойы ахуыргӕнинаг Стефаны кӕй марынц, уый. Базонӕм-ма йӕ, Савл ахӕм ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ цӕмӕн кодта.

Савл уыди фарисей. Фарисейтӕ уыдысты, дзуттаг адӕммӕ цы динтӕ уыд, уыдонӕй сӕ иу. Уыдонмӕ уыди Хуыцауы Ныхас, фӕлӕ тынгдӕр ӕууӕндыдысты, сӕ хицӕуттӕ сын цы дзырдтой, ууыл. Савл дӕр уый тыххӕй кодта ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ.

Стефаны Иерусалимы куы ’рцахстой, уӕд Савл дӕр уым уыди. Стефаны акодтой тӕрхондонмӕ. Уым та тӕрхонгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ уыдысты фарисейтӕ. Ӕмӕ кӕд Стефанӕй алы ӕвзӕртӕ дзырдтой, уӕддӕр нӕ фӕтарст. Уый ныфсджынӕй ныхас кодта тӕрхонгӕнджытимӕ ӕмӕ сын дзырдта Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй.

Фӕлӕ йӕ ныхӕстӕ тӕрхонгӕнджыты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты. Уыдон Йесойы тыххӕй бирӕ зыдтой. Бынтон ӕрӕджы ма йӕ сӕхӕдӕг марын дӕр акодтой! Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ райгас кодта ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ уӕларвмӕ акодта. Ӕмӕ уыцы тӕрхонгӕнджытӕ уӕддӕр сӕ митӕ нӕ уагътой, фӕлӕ ма Йесойы ахуыргӕнинӕгты ныхмӕ дӕр цыдысты.

Тӕрхонгӕнджытӕ Стефаныл фӕхӕцыдысты, горӕтӕй йӕ ӕддӕмӕ ракодтой ӕмӕ йӕ дуртӕй хойын райдыдтой. Ӕмӕ йӕ мӕнӕ нывыл куыд уыныс, афтӕмӕй Савл лӕууыд сӕ разы ӕмӕ сӕм каст. Афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ Стефаны кӕй марынц, уый раст у.

Стефаны кӕй амардтой, уый Савлмӕ раст цӕмӕн касти?

Савл афтӕ цӕмӕн хъуыды кодта, уый зоныс? ~ Уый цӕрӕнбонты уыди фарисей ӕмӕ йӕ уырныдта, фарисейтӕ цӕуыл ахуыр кодтой, уый раст кӕй у. Тынг ӕй фӕндыди, цӕмӕй уыдоны хуызӕн уыдаид, ӕмӕ уыдон куыд кодтой, уый дӕр афтӕ кодта (Хъуыддӕгтӕ 7:54–60).

Куыд хъуыды кӕныс, Стефаны мӕлӕты фӕстӕ Савл цы арӕзта? ~ Архайдта, цӕмӕй Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй иу дӕр мауал баззадаид. Сӕ хӕдзӕрттӕм-иу бабырста ӕмӕ-иу нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты ӕддӕмӕ раласта. Стӕй-иу сӕ ахӕстоны сбадын кодта. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ Иерусалимӕй алыгъдысты, фӕлӕ уӕддӕр адӕмӕн Йесойы тыххӕй хъусын кодтой (Хъуыддӕгтӕ 8:1–4).

Савл сӕм уый тыххӕй ноджы тынгдӕр мӕсты кодта. Ӕмӕ уӕд ацыди хистӕр сауджын Кайафӕмӕ ӕмӕ дзы бар ракуырдта, цӕмӕй Дамаскы дӕр чырыстӕтты ӕрцахса. Савлы фӕндыди уыдоны Иерусалиммӕ ӕркӕнын, цӕмӕй сӕ тынг бафхӕрдтаиккой. Фӕлӕ Дамаскмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕрцыди диссаджы хабар.

Савлимӕ чи дзуры ӕмӕ йӕ кӕдӕм ӕрвиты?

Ӕвиппайды арв ныррухс, ӕмӕ чидӕр ӕрдзырдта: «Савл, Савл, мӕ фӕдыл цӕмӕн зилыс?» Савлмӕ арвӕй дзырдта Йесо йӕхӕдӕг! Рухс афтӕ ирд уыди, ӕмӕ Савл бакуырм. Ӕмӕ йемӕ чи уыд, уыдон ын йӕ къухтыл ныххӕцыдысты ӕмӕ йӕ Дамаскмӕ афтӕмӕй ӕркодтой.

Ӕртӕ боны фӕстӕ Дамаскы Йесо цӕстылуайӕны фӕзынд йӕ ахуыргӕнинаг Ананимӕ. Йесо йын загъта, цӕмӕй Савлмӕ ацӕуа, цӕстӕй йӕ ракӕсын кӕна ӕмӕ йемӕ аныхас кӕна. Анани Савлимӕ куы аныхас кодта, уӕд Савл Йесойыл баууӕндыд. Ӕмӕ фӕстӕмӕ уынын дӕр райдыдта. Савлӕн йӕ цард бынтондӕр фӕивта. Уый сси Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг (Хъуыддӕгтӕ 9:1–22).

Ныр ӕй ӕмбарыс, Савл ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ цӕмӕн кодта? ~ Уымӕн ӕмӕ йӕ раст нӕ ахуыр кодтой. Уый хъуыста, Хуыцауыл иузӕрдион чи нӕ уыд, уыдонмӕ. Уыцы адӕм Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ нӕ цардысты, фӕлӕ, сӕхимӕ растдӕр куыд каст, афтӕ. Фӕлӕ Савл йӕ цард цӕмӕн аивта ӕмӕ цӕмӕн райдыдта хорз хъуыддӕгтӕ кӕнын, кӕд ӕмӕ иннӕ фарисейтӕ уӕддӕр Хуыцауы ныхмӕ цыдысты, уӕд? ~ Уымӕн ӕмӕ Савл рӕстдзинадмӕ ӕвзӕр цӕстӕй нӕ каст. Ӕмӕ йын, раст цы у, уый куы бамбарын кодтой, уӕд райдыдта хорз хъуыддӕгтӕ кӕнын.

Зоныс ӕй, Савл уый фӕстӕ чи сси? ~ О, уый сси апостол Павел, Йесойы апостол. Ӕмӕ йӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй Библийы чингуытӕй ӕппӕты фылдӕр уый ныффыста.

Савлы хуызӕн адӕмӕй бирӕтӕн у сӕ бон фӕивын. Фӕлӕ уый ӕнцон нӕу, уымӕн ӕмӕ сӕ иу чидӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтыл тынг ардауы. Чи у, уый зоныс? ~ Йесо йӕ кой кодта, Савлмӕ куы фӕзынд, уӕд. Йесо йын загъта: «Ӕз дӕ ӕрвитын адӕммӕ, цӕмӕй сын байгом кӕнай сӕ цӕстытӕ ӕмӕ сӕ ракӕнай талынгӕй рухсмӕ, Сайтанӕй – Хуыцаумӕ» (Хъуыддӕгтӕ 26:17, 18).

О, Хӕйрӕг алкӕй дӕр ардауы ӕвзӕр хъуыддӕгтыл. Зӕгъ-ма, иуӕй-иу хатт дын зын нӕ вӕййы хорз хъуыддӕгтӕ аразын? ~ Уый алкӕмӕн дӕр зын вӕййы, уымӕн ӕмӕ нӕ Хӕйрӕг хъыгдары. Фӕлӕ ма нын хорз хъуыддӕгтӕ аразын ӕнцон нӕ вӕййы ноджыдӕр иу цӕйдӕр тыххӕй. Зоныс, цӕй тыххӕй? ~ Мах райгуырдыстӕм тӕригъӕдджынӕй.

Тӕригъӕдджын кӕй стӕм, уый тыххӕй нын арӕх ӕнцондӕр вӕййы хорз хъуыддаг нӕ, фӕлӕ ӕвзӕр хъуыддаг саразын. Ӕмӕ цӕмӕй афтӕ ма уа, уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы? ~ О, хъуамӕ тынг архайӕм хорз хъуыддӕгтӕ аразыныл. Уӕд нын Йесо ӕнӕмӕнг ӕххуыс кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ бирӕ уарзы.

Йесо зӕххыл куы цард, уӕд-иу йӕ зӕрдӕйӕн адджын систы, йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ-иу чи ныууагъта, уыцы адӕм. Уый йӕ хорз ӕмбӕрста, куыд зын сын уыди фӕивын. Зӕгъӕм, иуӕй-иу сылгоймӕгтӕ лӕг ӕмӕ усы цард кодтой бирӕ нӕлгоймӕгтимӕ. Уый тынг ӕвзӕр уыди. Библи ахӕм сылгоймӕгты хоны хӕтаг, хӕлд.

Йесо ацы сылгоймагӕн йӕ тӕригъӕдтӕ цӕмӕн ныххатыр кодта?

Иухатт иу ахӕм сылгоймаг фехъуыста Йесойы тыххӕй ӕмӕ йӕм ӕрбацыди. Йесо та уӕд уыди иу фарисейы хӕдзары. Уыцы сылгоймаг Йесойы къӕхтыл сой рауагъта ӕмӕ йын сӕ, йӕ цӕссыг калгӕйӕ, йӕ дзыккутӕй сӕрфта. Уый йе ’взӕр хъуыддӕгтыл тынг фӕсмон кодта, ӕмӕ йын Йесо ныххатыр кодта. Фӕлӕ, кӕй хӕдзары уыдысты, уыцы фарисеймӕ уый раст нӕ фӕкасти. Афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ ахӕм сылгоймагӕн ныххатыр кӕнӕн нӕй (Лукайы 7:36–50).

Зоныс ӕй, иухатт Йесо фарисейтӕн куыд загъта? ~ Уый сын загъта: «Хуыцауы паддзахадмӕ хъалонисджытӕ ӕмӕ хӕтаг сылгоймӕгтӕ уӕ разӕй бацӕудзысты» (Матфейы 21:31). Афтӕ сын уымӕн загъта, ӕмӕ йыл хӕлд, хӕтаг сылгоймӕгтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътой. Фарисейтӕ та нӕ ивтой ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгты ныхмӕ тынг цыдысты.

Уӕдӕ, цы хъуыддӕгтӕ аразӕм, уыдон Библимӕ гӕсгӕ раст куы нӕ уой, уӕд сӕ хъуамӕ ныууадзӕм. Ӕмӕ нын Йегъовӕ цы дзуры, уый куы базонӕм, уӕд ын йӕ ныхас хъуамӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнӕм. Уӕд Йегъовӕ цин кӕндзӕн ӕмӕ нын ратдзӕн ӕнусон цард.

Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй нӕхи куыд бахъахъхъӕнӕм, уый тыххӕй-ма бакӕсӕм Псаломы 119:9–11 ӕмӕ Ӕмбисӕндты 3:5–7; 12:15.