Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

28 СӔР

Кӕмӕ хъӕуы хъусын?

Кӕмӕ хъӕуы хъусын?

ИУӔЙ-ИУ ХАТТ адӕймаг нӕ фӕзоны, кӕмӕ хъуамӕ байхъуса, уый. Зӕгъӕм, дӕ мад кӕнӕ дын дӕ фыд иу дзурынц, ахуыргӕнӕг кӕнӕ милиционер та – ӕндӕр. Ӕмӕ афтӕ куы уа, уӕд кӕмӕ хъуамӕ байхъусай? ~

Ацы чиныджы 7-ӕм сӕры Библийӕ кастыстӕм Ефесӕгтӕм 6:1–3. Уым сывӕллӕттӕн фыст ис: «Нӕ Хицауы хатырӕй уӕ ныййарджытӕм хъусут». Куыд ӕмбарыс ацы ныхӕстӕ? ~ Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн Хуыцауы закъӕттӕ куы амоной, уӕд сӕм хъуамӕ хъусой.

Фӕлӕ стыртӕй алчи Йегъовӕйыл не ’ууӕнды. Ӕмӕ уыдонӕй иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, урокты сусӕгӕй искӕмӕй исты куы рафыссай кӕнӕ дуканийӕ ӕнӕбафидгӕйӕ исты куы рахӕссай, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Куыд дӕм кӕсы, афтӕ дын куы дзурой, уӕд асайӕн кӕнӕ адавӕн ис? ~

Ӕрхъуыды-ма кӕн, иухатт паддзах Навуходоносор куыд загъта, зӕгъгӕ, цы сызгъӕрин хуыцау сарӕзтон, уымӕн хъуамӕ алчидӕр бакува. Фӕлӕ йын Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго нӕ бакуывтой. Зоныс ӕй, цӕуылнӕ? ~ Уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис, адӕм ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кӕй хъуамӕ кувой (Рацыд 20:3; Матфейы 4:10).

Петр Кайафӕйӕн цы загъта?

Йесо куы амард, уӕд ын йӕ апостолты ӕрбакодтой Синедрионмӕ – дзуттӕгты Сӕйраг тӕрхондонмӕ. Уым сын хистӕр сауджын Кайафӕ загъта: «Нӕ уын загътам, цӕмӕй уыцы адӕймаджы номӕй [ома Йесойы номӕй] макӕмӕнуал дзурат? Сымах та Иерусалим байдзаг кодтат уӕ ахуырадӕй». Зоныс ӕй, апостолтӕ Синедрионмӕ цӕуылнӕ байхъуыстой? ~ Петр Кайафӕйӕн се ’ппӕты номӕй загъта: «Махӕн нӕ хицау Хуыцау у, ӕмӕ хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ» (Хъуыддӕгтӕ 5:27–29).

Уыцы рӕстӕг дзуттаг дины хистӕртӕн сӕ бон бирӕ уыди, уымӕн ӕмӕ сӕм уыд стыр бартӕ. Фӕлӕ сӕ бӕстӕ уыдис Ромы къухы. Ромы хицау хуынди кесӕр. Дзуттӕгты нӕ фӕндыд, цӕмӕй сын кесӕр уыдаид хицау, афтӕмӕй та Ромы хицауад адӕмӕн бирӕ хорздзинӕдтӕ арӕзта. Абон дӕр хицауад адӕмӕн бирӕ хорздзинӕдтӕ аразы. Куыд хъуыды кӕныс, хицауад цавӕр хорздзинӕдтӕ аразы? ~

Зӕгъӕм, хицауад аразы фӕндӕгтӕ. Стӕй милицӕйы кусджытӕн ӕмӕ зынгхуыссынгӕнджытӕн фиды ӕхца, ӕмӕ нӕ хъахъхъӕнынц. Сывӕллӕттӕн аразы скъолатӕ, ӕмӕ сӕ бон у ахуыр кӕнын. Хицауад ӕххуыс кӕны зӕрӕдтӕн дӕр, зӕгъӕм, хостӕй ӕмӕ бирӕ ӕндӕр цӕмӕйдӕрты. Ӕппӕт уыдӕттӕн та хъӕуы ӕхца. Зоныс ӕй, хицауад уыцы ӕхца кӕцӕй исы? ~ Адӕмӕй. Адӕм хицауадӕн цы ӕхца фидынц, уый хуыйны хъалон.

Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг зӕххыл куы цард, уыцы рӕстӕджы дзуттӕгтӕй бирӕты нӕ фӕндыди Ромы хицауадӕн хъалон фидын. Ӕмӕ иухатт сауджынтӕ Йесомӕ кӕйдӕрты барвыстой, цӕмӕй йӕ истӕмӕй фӕрӕдийын кодтаиккой. Уыдон ӕй бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, кесӕрӕн хъалон фидын хъӕуы ӕви нӕ?» Афтӕ йӕ барӕй бафарстой. Йесо сын куы загътаид: «О, хъӕуы», уӕд уый дзуттӕгтӕй бирӕты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдаид. Фӕлӕ сын афтӕ куы загътаид, нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, уӕд уый дӕр раст нӕ уыдаид.

Цымӕ Йесо куыд бакодта? Уый сын загъта: «Равдисут-ма мӕм уе ’хца». Куы йӕм ӕй равдыстой, уӕд сӕ бафарста: «Кӕй ныв ыл ис ӕмӕ йыл кӕй ном ис фыст?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Кесӕры». Уӕд сын Йесо загъта: «Уӕдӕ, кесӕры цы у, уый кесӕрӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн» (Лукайы 20:19–26).

Ацы лӕгтӕ Йесойы куы къахтой, уӕд сын цы загъта?

Йесо сын ахӕм дзуапп куы радта, уӕд сӕ бон ницыуал сси зӕгъын. Кӕд кесӕр адӕмӕн хорздзинӕдтӕ аразы, уӕд ын уый тыххӕй ӕмбӕлы фидын, йӕхӕдӕг кӕй уадзы, уыцы ӕхцайӕ. Афтӕмӕй Йесо бамбарын кодта, хицауад нын хорзӕй цы аразы, уый тыххӕй йын кӕй хъӕуы хъалон фидын.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕу нырма хъалон фидын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ гыццыл дӕ. Фӕлӕ дӕ бон у хицауадмӕ ӕндӕр хъуыддаджы хъусын. Зоныс, цавӕр хъуыддаджы? ~ Хъуамӕ хъусай, хицауад цы закъӕттӕ рауадзы, уыдонмӕ. Библийы афтӕ фыст ис: «Хицӕуттӕн коммӕгӕс ут». Хуыцау нын йӕхӕдӕг дзуры, цӕмӕй, хицауад цы закъӕттӕ рауадзы, уыдонмӕ хъусӕм (Ромӕгтӕм 13:1, 2).

Зӕгъӕм, ис ахӕм закъон, ӕмӕ уынджы нӕй гӕххӕттытӕ ӕмӕ ӕндӕр истытӕ ӕппарӕн. Уыцы закъонмӕ хъусын дӕ хъӕуы? ~ Хъӕуы, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы афтӕ фӕнды. Куыд хъуыды кӕныс, милиционертӕм дӕр хъуамӕ хъусай? ~ Уыдонӕн хицауад фиды ӕхца, цӕмӕй адӕмы хъахъхъӕной. Ӕмӕ уыдонмӕ чи хъусы, уый хъусы хицауадмӕ.

Зӕгъӕм, хъӕуы дӕ фӕндаджы иннӕ фарсмӕ ахизын ӕмӕ дын милиционер дзуры, фӕлӕуу, зӕгъгӕ. Куыд бакӕндзынӕ? ~ Иннӕтӕ куы не ’рлӕууой, уӕд ды дӕр сӕ фӕдыл алидздзынӕ? ~ Хъуамӕ банхъӕлмӕ кӕсай, дӕу йеддӕмӕ куы ничи ’рлӕууа, уӕддӕр. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй коммӕгӕс уай.

Кӕнӕ уӕ уынджы исты хабар куы ’рцӕуа ӕмӕ милиционертӕ куы дзурой, ӕддӕмӕ мачи рацӕуӕд, зӕгъгӕ, уӕд та куыд бакӕндзынӕ? Зӕгъӕм, адӕмы хъӕлӕба дӕм хъуысы ӕмӕ дӕ фӕнды базонын, цы ’рцыди, уый. Уӕд ӕддӕмӕ рацӕудзынӕ? ~ Афтӕ куы бакӕнай, уӕд «хицӕуттӕн коммӕгӕс уыдзынӕ»? ~

Бирӕ рӕтты хицауад аразы скъолатӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн фиды ӕхца. Куыд хъуыды кӕныс, Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй ахуыргӕнджытӕм хъусай? ~ Иумӕ-ма йыл ахъуыды кӕнӕм. Хицауад ахуыргӕнджытӕн фиды ӕхца, цӕмӕй нӕ ахуыр кӕной. Фиды милиционертӕн дӕр, цӕмӕй нӕ хъахъхъӕной. Уӕдӕ милиционермӕ кӕнӕ ахуыргӕнӕгмӕ куы хъусай, уӕд уымӕй ӕвдисдзынӕ, хицауадмӕ кӕй хъусыс.

Милиционер нын цы дзуры, уымӕ хъусын цӕмӕн хъӕуы?

Фӕлӕ дын ахуыргӕнӕг куы дзура, цӕмӕй цавӕрдӕр нывӕн бакувай, уӕд та куыд бакӕндзынӕ? ~ Паддзах Навуходоносор ӕртӕ дзуттаг лӕппуйӕн куы загъта, сызгъӕрин хуыцауӕн бакувут, зӕгъгӕ, уӕд ӕм нӕ байхъуыстой. Цӕуылнӕ йӕм байхъуыстой, уый ма хъуыды кӕныс? ~ Уымӕн ӕмӕ сӕ фӕндыди Хуыцаумӕ хъусын.

Историк Уилл Дюрант фыццаг чырыстӕтты тыххӕй фыста, зӕгъгӕ, уыдонӕн ӕппӕты сӕйраг кесӕры ныхас нӕ уыди. Ӕппӕты сӕйрагдӕр сын уыди Йегъовӕйы ныхас! Уӕдӕ дӕ рох ма уӕд: царды нын фыццаг бынаты хъуамӕ уа Хуыцау.

Мах хицауадмӕ уымӕн хъусӕм, ӕмӕ Хуыцауы афтӕ фӕнды. Фӕлӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, ахӕм исты нын куы аразын кӕной, уӕд сын хъуамӕ цы зӕгъӕм? ~ Уӕд сын хъуамӕ зӕгъӕм, апостолтӕ хистӕр сауджынӕн куыд загътой, афтӕ: «Махӕн нӕ хицау Хуыцау у, ӕмӕ хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ» (Хъуыддӕгтӕ 5:29).

Библи нын фӕдзӕхсы, цӕмӕй закъӕттӕм хъусӕм. Бакӕсӕм-ма уый тыххӕй Матфейы 5:41; Титмӕ 3:1 ӕмӕ 1 Петры 2:12–14.