Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

29 СӔР

Хуыцауы зӕрдӕмӕ алы бӕрӕгбон дӕр цӕуы?

Хуыцауы зӕрдӕмӕ алы бӕрӕгбон дӕр цӕуы?

Ацы бӕрӕгбон Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕмӕн фӕцыд?

БӔРӔГБӔТТӔ бирӕ уарзыс? ~ Уым тынг хъӕлдзӕг вӕййы. Куыд хъуыды кӕныс, ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕджы фӕнды, цӕмӕй бӕрӕгбӕттӕ кӕнӕм? ~ Иухатт Йесо йӕхӕдӕг дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уыди иу бӕрӕгбоны. Уый уыд чындзӕхсӕв. Йегъовӕ у «амондджын Хуыцау», ӕмӕ йын ӕхсызгон вӕййы, йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм бӕрӕгбӕтты куы фӕцин кӕнӕм, уӕд (1 Тимофеймӕ 1:11; Иоанны 2:1–11).

Ацы чиныджы 29-ӕм фарсыл дзырд цӕуы, Йегъовӕ Сырх денджызы астӕу израилӕгтӕн фӕндаг кӕй скодта, ууыл. Уыцы хабар ма хъуыды кӕныс? ~ Уый фӕстӕ адӕм зарыдысты, кафыдысты ӕмӕ Йегъовӕйӕн бузныг дзырдтой. Уый сын уыди стыр бӕрӕгбон. Уӕд адӕм иууылдӕр тынг цин кодтой. Ӕмӕ Хуыцау дӕр куыннӕ цин кодтаид (Рацыд 15:1, 20, 21).

Уымӕй иу-40 азы куы рацыд, уӕд израилӕгтӕ ацыдысты ӕндӕр бӕрӕгбонмӕ. Фӕлӕ сӕ уырдӕм фӕхуыдтой, Йегъовӕйӕн чи нӕ куывта, ахӕм адӕм. Уыдон куывтой ӕндӕр хуыцӕуттӕн ӕмӕ хӕлд митӕ кодтой. Куыд дӕм кӕсы, израилӕгтӕ уырдӕм кӕй ацыдысты, уый раст уыди? ~ Уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй тынг бафхӕрдта (Нымӕцтӕ 25:1–9; 1 Коринфӕгтӕм 10:8).

Библийы ма фыст ис дыууӕ гуырӕнбоны тыххӕй дӕр. Мыййаг дзы сӕ иу ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕджы гуырӕнбон нӕ уыди? ~ Нӕ уыди. Дыууӕ гуырӕнбоны дӕр кодтой, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кодта, ахӕм адӕймӕгтӕ. Иу дзы уыди паддзах Ирод Антипӕ. Йесойы рӕстӕджы Ирод уыд Галилейы хицау.

Ирод бирӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кодта. Зӕгъӕм, бацард йе ’фсымӕры ус Иродиадӕимӕ. Хуыцауы лӕггадгӕнӕг, Аргъауӕг Иоанн та Иродӕн ӕргом дзырдта, уый тынг ӕвзӕр хъуыддаг кӕй уыди. Фӕлӕ йӕ ныхӕстӕ Ироды зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты, ӕмӕ йӕ ахӕстоны сбадын кодта (Лукайы 3:19, 20).

Ирод йӕ гуырӕнбон куы кодта, уӕд Иоанн нырма ахӕстоны уыди. Ирод фӕхуыдта бирӕ кадджын уазджыты ӕмӕ сын ӕрӕвӕрдта стыр фынгтӕ. Иууылдӕр хордтой, нуӕзтой ӕмӕ сӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвыстой. Стӕй сын Иродиадӕйы чызг акафыд. Йӕ кафт алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр афтӕ тынг фӕцыди, ӕмӕ паддзахы бафӕндыд чызгӕн зынаргъ исты балӕвар кӕнын. Ирод ын загъта: «Цыдӕриддӕр мӕ ракурай – ратдзынӕн дын ӕй, суанг мӕ паддзахадӕн йе ’рдӕг дӕр».Фӕлӕ дзы цы ракура: ӕхца, зынаргъ дзаумӕттӕ ӕви рӕсугъд стыр хӕдзар? Чызг нӕ зыдта, цы зӕгъа, уый. Уӕд ацыд йӕ мадмӕ ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы дзы ракурон?»

Иродиадӕ та Аргъауӕг Иоанны нӕ уарзта, тынг мӕсты йӕм уыд. Ӕмӕ йӕ чызгӕн загъта, цӕмӕй Иоанны сӕр ракуырдтаид. Чызг фӕстӕмӕ паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Фӕнды мӕ, цӕмӕй мын ныртӕккӕ тӕбӕгъыл Аргъауӕг Иоанны сӕр ӕрбахӕссай».

Паддзах Ироды нӕ фӕндыди Иоанны марын, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, хорз адӕймаг кӕй у. Фӕлӕ Ирод чызгӕн дзырд радта ӕмӕ тарсти, йӕ уазджытӕ дзы цы ахъуыды кӕндзысты, йӕ ныхас куы нӕ сӕххӕст кӕна, уӕд. Ӕмӕ хъахъхъӕнӕджы ахӕстонмӕ арвыста, цӕмӕй Иоанны сӕр акъуырдтаид. Цасдӕры фӕстӕ хъахъхъӕнӕг фӕстӕмӕ ӕрбацыд. Уый тӕбӕгъыл ӕрбахаста Иоанны сӕр ӕмӕ йӕ чызгмӕ радта. Чызг та йӕ радта йӕ мадмӕ (Марчы 6:17–29).

Библийы ма ноджыдӕр фыст ис иу гуырӕнбоны тыххӕй, ӕмӕ уым дӕр хорзӕй ницы уыди. Уый уыд Египеты паддзахы гуырӕнбон. Уыцы бӕрӕгбоны рӕстӕджы дӕр паддзах иу лӕгӕн йӕ сӕр акъуырын кодта. Стӕй йын йӕ мард хъӕдыл ӕрцауындзын кодта, ӕмӕ йӕ цъиутӕ бахордтой (Райдиан 40:19–22). Куыд хъуыды кӕныс, уыцы дыууӕ бӕрӕгбоны Хуыцауы зӕрдӕмӕ фӕцыдысты? ~ Зӕгъ-ма, фӕндыдаид дӕ, цӕмӕй уыцы бӕрӕгбӕтты уыдаис? ~

Ироды гуырӕнбоны цы ’рцыд?

Библийы цы фыст ис, уыдон дзы дзӕгъӕлы фыст не сты. Библи кӕны ӕрмӕстдӕр дыууӕ гуырӕнбоны кой, ӕмӕ дыууӕйы дӕр ӕрцыди ахӕм ӕвзӕр хабӕрттӕ. Куыд хъуыды кӕныс, уымӕй нын Хуыцау цы зӕгъынмӕ хъавы? Фӕнды йӕ, цӕмӕй гуырӕнбонтӕ кӕнӕм? ~

Абон ахӕм бӕрӕгбӕтты рӕстӕджы йӕ сӕр никӕмӕн акъуырынц. Фӕлӕ гуырӕнбонтӕ ӕрхъуыды кодтой, ӕцӕг Хуыцауӕн чи нӕ куывта, ахӕм адӕм. Библи цы гуырӕнбонты кой кӕны, уыдоны тыххӕй иу энциклопедийы фыст ис: «Ӕрмӕстдӕр ӕнӕхуыцау адӕм... кӕнынц сӕ райгуырӕн боны стыр куывдтӕ» («The Catholic Encyclopedia»). Зӕгъ-ма, фӕнды дӕ, цӕмӕй уыдоны хуызӕн уай? ~

Цымӕ-иу ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг йӕ гуырӕнбон кодта? ~ Библийы уый тыххӕй никуы ницы ис фыст. Йесойӕн йӕ гуырӕнбон йӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр нӕ кодтой. Зоныс ӕй, фӕстӕдӕр адӕм Йесойы гуырӕнбон 25 декабры кӕнӕ 7 январы бӕрӕг кӕнын цӕмӕн райдыдтой? ~

Уый тыххӕй иу энциклопедийы афтӕ ис фыст: «Ромӕгтӕ уыцы бон бӕрӕг кодтой Сатурны бӕрӕгбон – хуры гуырӕнбон» («The World Book Encyclopedia»). Ахъуыды-ма кӕн: адӕм Йесойы гуырӕнбон бӕрӕг кӕнын райдыдтой, мӕнгхуыцӕуттӕн чи куывта, уыдон сӕ бӕрӕгбон кӕд кодтой, уыцы бон!

Зоныс ӕй, Йесо декабры кӕнӕ январы цӕуылнӕ райгуырдаид? ~ Уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Йесо куы райгуырд, уӕд нырма фыййӕуттӕ сӕ фыстимӕ ӕхсӕвыгон быдыры уыдысты (Лукайы 2:8–12). Ӕмӕ уый декабры кӕнӕ январы нӕ уыдаид, уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстӕг уыцы бӕстӕйы вӕййы уазал ӕмӕ дзы фӕуары къӕвда.

Йесо 25 декабры цӕуылнӕ райгуырдаид?

Бирӕтӕ йӕ хорз зонынц, Цыппурс (Рождество) Йесойы райгуырӕн бон кӕй нӕу. Зонынц ма уый дӕр, ӕмӕ, мӕнгхуыцӕуттӕн чи куывта, уыдон уыцы бон кӕй бӕрӕг кодтой, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цыд, ахӕм бӕрӕгбон. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр бӕрӕг кӕнынц. Уыдоны фӕнды сӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй арвитын, ӕмӕ сын уӕлдай нӕу, Хуыцау уый тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый. Фӕлӕ мах та фӕнды, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразын, афтӕ нӕу? ~

Уӕдӕ нӕ нӕхицӕн исты бӕрӕгбон саразын куы фӕнда, уӕд уал ӕй хъуамӕ раздӕр базонӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн ӕви нӕ. Ахӕм бӕрӕгбӕттӕ аразӕн ис алкӕддӕр. Цавӕрдӕр бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ хъӕуы. Нӕ бон у адджинӕгтӕ скӕнын ӕмӕ исты хъӕзтытӕй ахъазын. Нӕ дӕ фӕндид ахӕм бӕрӕгбон саразын? ~ Уӕд уый тыххӕй зӕгъ дӕ фыд ӕмӕ дӕ мадӕн ӕмӕ иумӕ исты ӕрцӕттӕ кӕнут. Зӕгъ-ма, уый хорз нӕ уаид? ~ Фӕлӕ дӕ исты бӕрӕгбон саразын куы фӕнда, уӕд уал раздӕр базон, Хуыцау уый тыххӕй цы хъуыды кӕны.

Куыд ис базонӕн, цы бӕрӕгбон аразӕм, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуы ӕви нӕ?

Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый алкӕддӕр кӕй хъуамӕ аразӕм, уый тыххӕй фыст ис Ӕмбисӕндты 12:2; Иоанны 8:29; Ромӕгтӕм 12:2 ӕмӕ 1 Иоанны 3:22.