Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

38 СӔР

Йесойы цӕй тыххӕй хъуамӕ уарзӕм?

Йесойы цӕй тыххӕй хъуамӕ уарзӕм?

ЗӔГЪӔМ, ленк кӕныс лодкӕйы. Ӕвиппайды дӕ лодкӕ ныгъуылын райдыдта. Нӕ дӕ фӕндид, цӕмӕй дын исчи баххуыс кӕна? ~ Ӕмӕ дӕу фервӕзын кӕныны тыххӕй исчи йӕ цард куы раттид, уӕд та цы ахъуыды кӕнис? ~ Афтӕ бакодта Йесо Чырысти. 37-ӕм сӕрӕй мах базыдтам, Йесо йӕхи нывондӕн кӕй ӕрхаста, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна.

Йесо нӕ цӕмӕй фервӕзын кодта, уый ма хъуыды кӕныс? ~ Мах иууылдӕр Адамӕй нӕ туджы кӕй рахастам, уыцы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй. Ӕмӕ Йесо амард, тынг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи арӕзта, уыдоны тыххӕй дӕр. Зӕгъ-ма, ды ахӕм адӕмӕн баххуыс кӕныны тыххӕй дӕ цард раттаис? ~

Библийы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Рӕстгӕнӕджы тыххӕй амӕлын дӕр зынтӕй сразы уыдзӕн исчи, кӕд ма хӕрзгӕнӕджы тыххӕй уа исчи мӕлӕтмӕ цӕттӕ, ӕндӕр». Фӕлӕ Йесойы тыххӕй та Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, уый «амард ӕнӕхуыцау адӕмы тыххӕй». Ахъуыды-ма кӕн, Йесо амард, Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдоны тыххӕй дӕр! Ӕмӕ дарддӕр та Библи зӕгъы: «Чырысти амард мах тыххӕй, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм [нырма ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ куы кодтам], уӕд» (Ромӕгтӕм 5:6–8).

Хъуыды ма кӕныс, раздӕр тынг ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи кодта, фӕлӕ уый фӕстӕ апостол чи сси, уыцы адӕймаджы? ~ Уый афтӕ ныффыста: «Йесо Чырысти дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕдджынты фервӕзын кӕнынмӕ. Ӕмӕ уыцы тӕригъӕдджынтӕн ӕз дӕн сӕ фыццаг». Уый уыди апостол Павел. Павел ма йӕхицӕй афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ, дам, кӕддӕр уыдтӕн ӕнӕзонд ӕмӕ фыдзӕрдӕ адӕймаг (1 Тимофеймӕ 1:15; Титмӕ 3:3).

Уӕдӕ-ма ахъуыды кӕн, Хуыцау адӕмы куыд тынг уарзы! Йӕ Фырты рарвыста, цӕмӕй ахӕм адӕмы тыххӕй амардаид! Уый тыххӕй Библийы бакӕсӕм. Бакӕн-ма Иоанны 3-аг сӕр, 16-ӕм стих. Фыст дзы ис афтӕ: «Хуыцау дуне [ома, зӕххыл цы адӕм цӕры, уыдоны] афтӕ тынг бауарзта, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ йын уа ӕнусон цард».

Йесо мах тыххӕй йӕ цард куы радта, уӕд цавӕр зындзинӕдтӕ бавзӕрста?

Йесо хъуыддагӕй равдыста, йӕ Фыд нӕ куыд тынг уарзы, уый дӕр нӕ афтӕ кӕй уарзы. Ӕвӕццӕгӕн, 30-ӕм сӕрӕй хъуыды кӕныс, Йесойы куы ’рцахстой, уӕд цы зындзинӕдтӕ бавзӕрста, уый. Хистӕр сауджын Кайафӕйы хӕдзармӕ йӕ куы акодтой, уӕд ын уым райдыдтой тӕрхон кӕнын. Ӕрбакодтой цавӕрдӕр адӕймӕгты, ӕмӕ уыдон Йесойӕ алы гӕдыныхӕстӕ фӕдзырдтой. Иннӕтӕ та йӕ тымбылкъухӕй цавтой. Петр дӕр Йесойӕ уыцы ’хсӕв загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ. Ныр та-ма нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм, цыма мах дӕр уым фестадыстӕм ӕмӕ федтам, уый фӕстӕ цы ’рцыд, уый.

Уӕдмӕ сбон. Йесо ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фынӕй нӕ кодта. Ӕхсӕвы йын кӕй тӕрхон кодтой, уый закъонмӕ гӕсгӕ раст нӕ уыди. Уымӕ гӕсгӕ сауджынтӕ тагъд-тагъдӕй фӕдзырдтой Синедрионмӕ – дзуттӕгты Сӕйраг тӕрхондонмӕ, ӕмӕ та Йесойӕн ногӕй тӕрхон кӕнын райдыдтой. Ӕмӕ та йӕ аххосджын кодтой – дзырдтой дзы, Хуыцауы ныхмӕ, дам, цӕуы.

Уый фӕстӕ Йесойы сбастой ӕмӕ йӕ акодтой Пилатмӕ, ромаг хицаумӕ. Пилатӕн та афтӕ загътой: «Йесо цӕуы хицауады ныхмӕ, ӕмӕ йын хъӕуы мӕлӕты тӕрхон рахӕссын». Фӕлӕ йӕ Пилат уыдта, сауджынтӕ сайгӕ кӕй кӕнынц. Ӕмӕ сын загъта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ ацы адӕймаг ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта, ӕмӕ йӕ ауадздзынӕн». Фӕлӕ сауджынтӕ, стӕй иннӕ адӕм дӕр хъӕр кӕнын райдыдтой: «Ма йӕ ауадз! Амар ӕй!»

Фӕстӕдӕр та Пилат адӕмӕн ногӕй загъта, Йесойы ауадзынмӕ кӕй хъавы. Фӕлӕ сауджынтӕ адӕмы сардыдтой, ӕмӕ уыдон хъӕр кӕнын райдыдтой: «Куы йӕ ауадзай, уӕд ды дӕр хицауады ныхмӕ дӕ! Амар ӕй!» Ӕмӕ тынгӕй-тынгдӕр хъӕр кодтой ӕмӕ змӕстой. Ӕмӕ уӕд Пилат куыд бакодта, уый зоныс? ~

Пилат адӕммӕ байхъуыста ӕмӕ Йесойӕн мӕлӕты тӕрхон рахаста. Фыццаг уал ӕй ехсӕй фӕнӕмын кодта. Уый фӕстӕ йӕ ӕфсӕддонтӕн акӕнын кодта. Уыдон Йесойӕ хынджылӕг кӕнын райдыдтой: йӕ сӕрыл ын ӕркодтой сындзытӕй быд кадыхуд ӕмӕ-иу йӕ разы сӕ уӕрджытыл ӕрлӕууыдысты. Стӕй йын стыр хъӕд йе ’ккой сӕвӕрдтой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй акодтой, Сӕрыкӕхц чи хуынди, уыцы бынатмӕ. Уым Йесойӕн йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ зӕгӕлтӕй хъӕдмӕ ныххуыдтой ӕмӕ йӕ хӕрдмӕ систой. Йесойӕн йӕ туг калди ӕмӕ фыррыстӕй йӕ бон нал уыд.

Йесо уайтагъд нӕ амард. Иуцасдӕр ма хъӕдыл фӕхъизӕмар кодта. Ӕмӕ дзы сауджынты хистӕртӕ хынджылӕг кодтой. Йӕ рӕзты-иу чи фӕцӕйцыд, уыдон дӕр ын дзырдтой: «Кӕд Хуыцауы фырт дӕ, уӕд хъизӕмӕртты хъӕдӕй ӕрхиз!» Фӕлӕ Йесо хорз зыдта, йӕ Фыд ӕй цӕй тыххӕй рарвыста, уый – хъуамӕ йӕ цард, ӕххӕст адӕймаджы цард, раттаид, цӕмӕй махӕн нӕ бон уыдаид ӕнустӕм цӕрын. Ӕмӕ ма боны 3 сахатмӕ ’ввахс Йесо хъизӕмар кӕнгӕйӕ йӕ Фыдмӕ фӕстаг хатт сдзырдта ӕмӕ амард (Матфейы 26:36–27:50; Марчы 15:1; Лукайы 22:39–23:46; Иоанны 18:1–19:30).

Йесо Адамы хуызӕн ӕппындӕр нӕ уыд. Адам Хуыцауы нӕ уарзта. Нӕ йӕм байхъуыста. Ӕмӕ Адам мах дӕр нӕ уарзта. Тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый тыххӕй иууылдӕр райгуырдыстӕм тӕригъӕдджынӕй. Йесо та равдыста, Хуыцауы дӕр кӕй уарзы ӕмӕ мах дӕр. Уый Хуыцаумӕ алкӕддӕр хъуыста. Ӕмӕ йӕ цард дӕр радта, цӕмӕй, Адамы тыххӕй цы зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уыдонӕй нӕ фервӕзын кӕна.

Йесойы кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын?

Зӕгъ-ма, Йесо цы стыр хорздзинад сарӕзта, уый тыххӕй дзы бузныг нӕ дӕ? ~ Ӕмӕ Йегъовӕмӕ куы фӕкувыс, уӕд ын бузныг фӕзӕгъыс, йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый тыххӕй? ~ Апостол Павел Чырыстийӕ тынг бузныг уыд, цы хорздзинад ын сарӕзта, уый тыххӕй. Павел ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Хуыцауы Фырт мӕн бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй йӕ цард радта» (Галатӕгтӕм 2:20). Ӕмӕ Йесо амард дӕу тыххӕй дӕр ӕмӕ мӕн тыххӕй дӕр. Куыд диссаг у, уый йӕ цард радта, цӕмӕй махӕн нӕ бон уа ӕнустӕм цӕрын! Уӕдӕ Йесойы куыннӕ хъуамӕ уарзӕм!

Коринфы чи цард, уыцы чырыстӕттӕм апостол Павел ныффыста: «Чырысти нӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй мах дӕр фӕнды нӕ уарзт хъуыддагӕй ӕвдисын». Куыд хъуыды кӕныс, цавӕр хъуыддагӕй? ~ Кӕс-ма, Павел уый тыххӕй цы загъта: «Чырысти амард алы адӕймаджы тыххӕй дӕр, цӕмӕй, чи цӕры, уыдон сӕхицӕн [ома сӕхи куыд фӕнды, афтӕ] мауал цӕрой, фӕлӕ уыдоны тыххӕй чи амард, уымӕн» (2 Коринфӕгтӕм 5:14, 15).

Зӕгъ-ма, дӕ бон ӕй куыд у ӕвдисын, Чырыстийы куыд фӕнды, афтӕ кӕй цӕрыс? ~ Зӕгъӕм, Йесойы тыххӕй цы базыдтай, уый иннӕтӕн дӕр дзур. Кӕнӕ, зӕгъӕм, хӕдзары иунӕгӕй баззадтӕ. Цы кусыс, уый дӕ фыд дӕр ӕмӕ дӕ мад дӕр нӕ уынынц. Адӕмӕй дӕ ӕппындӕр ничи уыны. Ӕмӕ уӕд телевизоры кӕнӕ компьютеры, Йесойы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, ахӕм цӕмӕдӕрты кӕсдзынӕ? ~ Рох дӕ ма уӕд: Йесо ныртӕккӕ у ӕгас ӕмӕ алцыдӕр уыны!

Нӕ алы хъуыддаг дӕр нын чи уыны?

Йесойы ма хъуамӕ уый тыххӕй дӕр уарзӕм, ӕмӕ мах фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы хуызӕн уӕм. Ӕмӕ Йегъовӕ та Йесойы бирӕ уарзы. «Мӕ Фыд мӕ уарзы»,– загъта Йесо. Зоныс ӕй, Йегъовӕ Йесойы цӕмӕн уарзы ӕмӕ йӕ мах дӕр цӕмӕн хъуамӕ уарзӕм? ~ Уымӕн ӕмӕ Йесойы фӕндыди Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ цард дӕр радта (Иоанны 10:17). Уӕдӕ нын Библи куыд зӕгъы, афтӕ кӕнӕм: «Уарзон хъӕбултау, фӕзмут Хуыцауы, ӕмӕ сымах дӕр цӕрут кӕрӕдзи уарзгӕйӕ, Чырысти сымах куыд бауарзта ӕмӕ йӕхи сымах тыххӕй нывондӕн куыд ӕрхаста, афтӕ» (Ефесӕгтӕм 5:1, 2).

Бакӕс-ма Иоанны 3:35; 15:9, 10 ӕмӕ 1 Иоанны 5:11, 12. Ацы стихтыл куы ахъуыды кӕнай, уӕд Йесойы ноджы тынгдӕр уарздзынӕ ӕмӕ нын цы стыр хорздзинад сарӕзта, уый тыххӕй дзы тынгдӕр бузныг уыдзынӕ.