Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

41 СӔР

Ацы сывӕллӕттӕ Хуыцауы зӕрдӕйӕн хастой циндзинад

Ацы сывӕллӕттӕ Хуыцауы зӕрдӕйӕн хастой циндзинад

ЗОНЫС ӕй, сывӕллӕттӕй ӕппӕты тынгдӕр Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн циндзинад чи хаста? ~ Йӕ Фырт Йесо. Базонӕм-ма йӕ, Йесо цы арӕзта, цӕмӕй йӕ уӕларвон Фыд цин кодтаид.

Йесо кӕм цард, уырдыгӕй Иерусалиммӕ цӕуын хъуыди ӕртӕ боны. Иерусалимы уыд Йегъовӕйы кувӕндон. Уыди тынг рӕсугъд. Йесо уыцы кувӕндон хуыдта «мӕ Фыды хӕдзар». Алы аз дӕр-иу Йесо йӕ бинонтимӕ ацыд Иерусалиммӕ Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ.

Иухатт, Йесойыл 12 азы куы цыди, уӕд, йӕ бинонтӕ Куадзӕны фӕстӕ цыдысты сӕхимӕ. Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад хъуыды кодтой, ӕмӕ Йесо сӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ сӕ зонгӕтимӕ рацӕуы. Фӕлӕ ӕхсӕвы иу ран куы ’рлӕууыдысты, уӕд уыдонимӕ нӕ разынд. Уӕд Марийӕ ӕмӕ Иосиф фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ Йесойы агурӕг ацыдысты. Ӕмӕ куыд хъуыды кӕныс, Йесо кӕм уыди? ~

Йесойы ссардтой кувӕндоны. Уый бадти ахуыргӕнджыты ’хсӕн ӕмӕ сӕм хъуыста, стӕй сӕм лӕвӕрдта фарстытӕ дӕр. Фарстытӕ йӕм лӕвӕрдтой ахуыргӕнджытӕ дӕр, ӕмӕ йын йӕ дзуаппытыл дис кодтой. Ныр ӕй ӕмбарыс, Хуыцауы зӕрдӕйӕн йӕ Фырт циндзинад цӕмӕн хаста? ~

Марийӕ ӕмӕ Иосиф Йесойы куы ссардтой, уӕд сӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр сты. Фӕлӕ Йесо, Иерусалимы иунӕгӕй кӕй баззад, уымӕй нӕ фӕтарст. Уый зыдта, кувӕндон кӕй у ӕппӕты хуыздӕр бынат. Ӕмӕ сӕ бафарста: «Нӕ йӕ зыдтат, ӕз мӕ Фыды хӕдзары кӕй дӕн? Ӕндӕр кӕм хъуамӕ уыдаин?» Йесо зыдта, кувӕндон кӕй у Хуыцауы хӕдзар, ӕмӕ бирӕ уарзта уырдӕм цӕуын.

Уый фӕстӕ Марийӕ ӕмӕ Иосиф Йесойы ракодтой ӕмӕ иумӕ ӕрцыдысты Назаретмӕ. Куыд хъуыды кӕныс, Йесо йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадмӕ хъуыста? ~ Библийы афтӕ фыст ис, зӕгъгӕ «сын уыд коммӕгӕс». Цы йын дзырдтой, уый-иу бакодта. Зӕгъӕм, кӕд-иу дон ӕрбахӕссын хъуыди, уӕд-иу ӕрбахаста (Лукайы 2:41–52).

Йесо гыццылӕй Хуыцауы зӕрдӕйӕн циндзинад куыд хаста?

Ахъуыды-ма кӕн: кӕд Йесо йӕхӕдӕг ӕххӕст адӕймаг уыди, уӕддӕр хъуыста йӕ ӕнӕххӕст фыд ӕмӕ мадмӕ. Цымӕ Хуыцау ууыл нӕ цин кодта? ~ Куыннӕ. Хуыцауы Ныхасы афтӕ фыст ис: «Сывӕллӕттӕ, уӕ ныййарджытӕм хъусут» (Ефесӕгтӕм 6:1). Ды дӕр Йесойау дӕ фыд ӕмӕ дӕ мадмӕ куы хъусай, уӕд Хуыцау цин кӕндзӕн.

Йегъовӕ ма ноджыдӕр цин кӕндзӕн, цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй иннӕтӕн куы дзурай, уӕд. Ӕцӕг, иуӕй-иутӕн сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, сывӕллӕттӕ адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй кӕй фӕдзурынц, уый. Йесойы рӕстӕджы дӕр уыд ахӕм адӕм. Иухатт гыццыл лӕппутӕ Хуыцауы куы кадджын кодтой, уӕд уый кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Хуыцауы Ныхасы никуы бакастыстут, зӕгъгӕ, „Хуыцау афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ йӕ гыццыл сывӕллӕттӕ кадджын кӕндзысты“?» (Матфейы 21:16). Уӕдӕ нӕхи куы фӕнда, уӕд махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ, куыд диссаджы Хуыцау у, уый тыххӕй дзурын. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ цин кӕндзӕн.

Зӕгъ-ма, Хуыцауы тыххӕй куыд ис базонӕн? ~ Хӕдзары Библи ахуыр кӕнгӕйӕ. Ноджы фылдӕр та базонӕн вӕййы, Хуыцауы адӕм Библи ахуыр кӕнынмӕ иумӕ куы ӕрӕмбырд вӕййынц, уӕд. Фӕлӕ йӕ адӕм чи сты, уый нӕ бон куыд у базонын? ~

Хъӕуы ахъуыды кӕнын: уыцы адӕм се ’мбырдты цы фӕаразынц? Библийы цы фыст ис, ӕцӕгдӕр уый фӕамонынц? Библи фӕкӕсынц ӕмӕ йыл фӕныхас кӕнынц? Хуыцау нын цы дзуры, уый Библийӕ йеддӕмӕ ӕндӕр искуыцӕй ис базонӕн? ~ Ӕмӕ уӕд ӕмбырдты дӕр хъуамӕ амоной, Хуыцау нын цы дзуры, уый, афтӕ нӕу? ~ Фӕлӕ дын афтӕ куы дзурой, зӕгъгӕ, Библийы цы фыст ис, уый аразын нӕ хъӕуы, уӕд сӕ Хуыцауы адӕм схонӕн ис? ~

Хъӕуы ма ноджыдӕр иу цӕуылдӕр ахъуыды кӕнын. Библийы фыст ис, Хуыцауӕн йӕ адӕм йӕ номӕй кӕй хуындзысты (Хъуыддӕгтӕ 15:14). Хуыцауы ном та у Йегъовӕ. Уымӕ гӕсгӕ, сӕхи Хуыцауы адӕм чи хоны, уыдоны ис бафӕрсӕн, уӕ Хуыцау Йегъовӕ у, зӕгъгӕ. Кӕд зӕгъой, Йегъовӕ нӕу, уӕд уыдон Хуыцауы адӕм не сты. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауы адӕм хъуамӕ иннӕтӕн дзурой Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Ӕмӕ Хуыцауы кӕй уарзынц, уый хъуамӕ ӕвдисой, йӕ фӕдзӕхстытӕ йын кӕй ӕххӕст кӕнынц, уымӕй (1 Иоанны 5:3).

Ӕппӕт адӕттӕ чи ӕххӕст кӕны, кӕд ахӕм адӕмы зоныс, уӕд ды дӕр семӕ, Хуыцауӕн кӕм фӕкувынц, уыцы ӕмбырдтӕм цу. Ӕмбырдты-иу лӕмбынӕг хъус ӕмӕ дзы цы фарстытӕ фӕдӕттынц, уыдонӕн дзуапп дӕтт. Афтӕ кодта Йесо дӕр, Хуыцауы хӕдзары куы уыди, уӕд. Ӕмӕ уӕд ды дӕр Йесойы хуызӕн Хуыцауы зӕрдӕйӕн циндзинад хӕсдзынӕ.

Хуыцауы зӕрдӕйӕн циндзинад чи хаста, ахӕм сывӕллӕттӕй ма Библийӕ ноджыдӕр искӕй зоныс? ~ Уыдонӕй иу уыд Тимофей. Уый уыди тынг хорз лӕппу. Йӕ фыд Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кодта, фӕлӕ йӕ мад Евникӕ ӕмӕ йӕ мадымад Лоидӕ та лӕггад кодтой Йегъовӕйӕн. Тимофей-иу сӕм хъуыста ӕмӕ бирӕ цыдӕртӕ базыдта Йегъовӕйы тыххӕй.

Кӕд Тимофейӕн йӕ фыд Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кодта, уӕддӕр Тимофейы цы фӕндыд аразын?

Тимофей куы сыстыр, уӕд, цы горӕты цард, уырдӕм ӕрцыд апостол Павел. Павел федта, Тимофейы тынг кӕй фӕнды Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ, мемӕ рацу, ӕмӕ дӕ бон уыдзӕн Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕнын. Кӕдӕмфӕнды ма ’рцыдаиккой, алы ран дӕр адӕмӕн дзырдтой Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ Йесойы тыххӕй (Хъуыддӕгтӕ 16:1–5; 2 Тимофеймӕ 1:5; 3:14, 15).

Фӕлӕ цымӕ Библи ӕрмӕстдӕр лӕппуты кой кӕны? ~ Нӕ, уый афтӕ нӕу. Библийы фыст ис, Хуыцауы зӕрдӕйӕн циндзинад чи хаста, иу ахӕм гыццыл израилаг чызджы тыххӕй дӕр. Уыцы рӕстӕг Сири хӕцыди Израилимӕ. Иу бон куы уыди, уӕд сириӕгтӕ Израилмӕ бабырстой ӕмӕ иннӕ израилӕгтимӕ Сиримӕ уыцы гыццыл чызджы дӕр акодтой. Уый бахауд ӕфсады хистӕр Нееманы хӕдзармӕ ӕмӕ йын йӕ усӕн лӕггад кодта.

Нееман уыди хъотырӕй рынчын. Ӕмӕ иу дохтырӕн дӕр йӕ бон нӕ уыди, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид. Фӕлӕ уыцы израилаг чызджы уырныдта, иу пехуымпарӕн, ома Хуыцауы лӕггадгӕнӕгӕн, йӕ бон кӕй у Нееманы сдзӕбӕх кӕнын. Фӕлӕ Нееман ӕмӕ йӕ ус Йегъовӕйӕн нӕ куывтой. Цымӕ сын уыцы чызг пехуымпары тыххӕй радзырдта? Ды та куыд бакодтаис? ~

Ацы гыццыл израилаг чызг Хуыцауы зӕрдӕйӕн циндзинад куыд ӕрхаста?

Чызг Нееманы усӕн загъта: «Нееман Израилмӕ Йегъовӕйы пехуымпармӕ куы ацӕуид, уӕд йӕ низӕй сдзӕбӕх уаид». Нееман уыцы гыццыл чызгмӕ байхъуыста ӕмӕ Йегъовӕйы пехуымпармӕ ацыд. Ӕмӕ йын пехуымпар куыд загъта, афтӕ куы бакодта, уӕд сдзӕбӕх. Уыцы хабары фӕстӕ Нееман райдыдта иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн кувын (4 Паддзахӕдты 5:1–15).

Нӕ дӕ фӕндид уыцы гыццыл чызгау искӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй базона Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй? ~ Кӕмӕн у дӕ бон Хуыцауы тыххӕй радзурын? ~ Чи зоны дын фыццаг зӕгъой, де ’ххуыс нӕ нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ. Фӕлӕ сын дӕ бон у, Йегъовӕ цы хорздзинӕдтӕ аразы, уыдоны тыххӕй радзурын. Уӕд дӕм, чи зоны, байхъусой. Ӕмӕ Хуыцау ууыл тынг цин кӕндзӕн!

Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕныс, уый дын цӕмӕй циндзинад хӕсса, уымӕн дын баххуыс кӕндзысты мӕнӕ ацы стихтӕ: Псалом 122:1; 148:12, 13; Екклесиаст 12:1; 1 Тимофеймӕ 4:12 ӕмӕ Дзуттӕгтӕм 10:23–25.