Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

44 СӔР

Не ’мбӕлттӕ хъуамӕ уарзой Хуыцауы

Не ’мбӕлттӕ хъуамӕ уарзой Хуыцауы

ӔМБӔЛТТӔ сты, ныхас кӕнын ӕмӕ иумӕ истытӕ аразын кӕимӕ уарзӕм, уыдон. Фӕлӕ нын хъуамӕ уа хорз ӕмбӕлттӕ. Куыд хъуыды кӕныс, нӕ хуыздӕр ӕмбал, кӕнӕ нӕ хуыздӕр хӕлар, чи у? ~ О, Йегъовӕ Хуыцау.

Куыд дӕм кӕсы, ӕцӕгдӕр уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ уӕм? ~ Раджы царди иу адӕймаг, Авраам, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Авраамы тыххӕй Библийы фыст ис, уый кӕй уыди «Йегъовӕйы хӕлар» (Иаковы 2:23). Зоныс, цӕмӕн? ~ Авраам хъуыста Хуыцаумӕ. Исты зын хъуыддаг-иу ын куы аразын кодта, уӕд дӕр-иу ӕм Авраам байхъуыста. Уӕдӕ цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Авраамау ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгау, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый аразӕм (Райдиан 22:1–14; Иоанны 8:28, 29; Дзуттӕгтӕм 11:8, 17–19).

Йегъовӕ Авраамы йӕ хӕлар цӕмӕн схуыдта?

Йесо йӕ апостолтӕн афтӕ загъта: «Цы уын фӕдзӕхсын, уый кӕд ӕххӕст кӕнут, уӕд стут мӕ хӕлӕрттӕ» (Иоанны 15:14). Йесо адӕмӕн цы дзырдта, уыдон иууылдӕр дзырдта Йегъовӕйы номӕй. Уымӕ гӕсгӕ Йесойы фӕндыд зӕгъын, ӕмӕ, Хуыцаумӕ чи хъуыста, уыдон кӕй уыдысты йе ’мбӕлттӕ. О, йе ’мбӕлттӕ иууылдӕр уарзтой Хуыцауы.

Йесойы хуыздӕр ӕмбӕлттӕ уыдысты йӕ апостолтӕ. Сӕ нывтӕ сын фенӕн ис 75-ӕм фарсыл. Уыдон алкӕддӕр уыдысты йемӕ ӕмӕ йын ӕххуыс кодтой хъусын кӕнынӕн. Йесо семӕ ӕрвыста бирӕ рӕстӕг. Хӕргӕ дӕр иумӕ кодтой. Хуыцауы тыххӕй-иу дзырдтой. Стӕй иумӕ арӕзтой ӕндӕр хъуыддӕгтӕ дӕр. Фӕлӕ ма Йесойӕн уыди бирӕ ӕндӕр ӕмбӕлттӕ дӕр. Арӕх-иу сӕм баззади, ӕмӕ-иу сӕ рӕстӕг иумӕ дзӕбӕх арвыстой.

Йесо-иу арӕх ӕрлӕууыди иу бинонтӕм Вифанийы. Вифани уыди гыццыл горӕт, Иерусалиммӕ хӕстӕг. Хъуыды ма йӕ кӕныс, уыцы бинонтӕ чи уыдысты? ~ Марийӕ, Марфӕ ӕмӕ се ’фсымӕр Лазӕр. Йесо Лазӕры хуыдта йе ’мбал (Иоанны 11:1, 5, 11). Йесо ацы бинонты бирӕ уарзта ӕмӕ-иу сӕм арӕх цыди, уымӕн ӕмӕ уыдон уарзтой Йегъовӕйы ӕмӕ йын лӕггад кодтой.

Иерусалиммӕ цӕугӕйӕ-иу Йесо арӕх ацы бинонтӕм цӕмӕн ӕрлӕууыд? Сӕ нӕмттӕ сын хъуыды кӕныс?

Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кодта, уыдонмӕ Йесо ӕвзӕр цӕстӕй каст. Ахӕм адӕммӕ дӕр-иу хӕдзармӕ бацыд ӕмӕ-иу семӕ хӕргӕ дӕр бакодта. Уый тыххӕй ма Йесойӕ иуӕй-иутӕ афтӕ дӕр дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, у «хъалонисджыты ӕмӕ тӕригъӕдджынты ӕмбал» (Матфейы 11:19). Фӕлӕ кӕд Йесо уыцы адӕммӕ цыди, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ йӕ зӕрдӕмӕ цыдысты. Уый-иу сӕм бацыд, цӕмӕй-иу сын Йегъовӕйы тыххӕй радзырдтаид. Ӕмӕ сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътаиккой ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын райдыдтаиккой.

Закхей бӕласмӕ цӕмӕн сбырыд?

Иухатт горӕт Иерихоны ӕрцыди ахӕм хабар. Йесо уыцы горӕты уылты фӕцӕйцыд Иерусалиммӕ. Йӕ фӕстӕ цыди бирӕ адӕм, ӕмӕ се ’хсӕн уыди иу лӕг, Закхей, зӕгъгӕ. Закхейы фӕндыд Йесойы фенын, фӕлӕ гыццыл кӕй уыди, уый тыххӕй йӕм адӕмӕй нӕ зынд. Уӕд размӕ алыгъди ӕмӕ бӕласмӕ сбырыд, цӕмӕй, Йесо ууылты куы фӕцӕйцыдаид, уӕд ӕй федтаид.

Йесо уыцы бӕласмӕ куы бахӕццӕ, уӕд скаст уӕлӕмӕ ӕмӕ Закхеймӕ сдзырдта: «Рӕвдздӕр дӕлӕмӕ ӕрхиз. Абон сымахмӕ цӕуын». Закхей уыди тынг хъӕздыг адӕймаг. Хъӕздыг та сси, адӕмӕй цы ’хцатӕ байста, уыдонӕй. Ӕмӕ уӕд Йесойы цӕмӕн бафӕндыд ахӕм адӕймаджы хӕдзармӕ бацӕуын? ~

Кӕд Йесо Закхеймӕ бацыд, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕ уыди, ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ йӕ зӕрдӕмӕ цыдысты. Йесойы фӕндыди Закхейӕн Хуыцауы тыххӕй радзурын. Закхей Йесойы феныныл куыд тынг архайдта, уымӕй Йесо бамбӕрста, кӕй йӕм байхъусдзӕн. Уый уыди хорз рӕстӕг, цӕмӕй йемӕ аныхас кодтаид, Хуыцау адӕмӕн цы дзуры, уый тыххӕй.

Йесо Закхеймӕ цӕмӕн бацыд ӕмӕ фӕстӕдӕр Закхей цы загъта?

Зоныс ӕй, хабар дарддӕр куыд уыди? ~ Закхейы зӕрдӕмӕ тынг фӕцыди, Йесо йын цы радзырдта, уый. Адӕмы кӕй сайдта, ууыл ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, дам, сӕ цы ’хцатӕ байстон, уыдон сын фӕстӕмӕ ратдзынӕн. Уый фӕстӕ Закхей сси Йесойы ахуыргӕнинаг. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уӕд систы Йесо ӕмӕ Закхей ӕмбӕлттӕ (Лукайы 19:1–10).

Мах дӕр ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгау, не ’мбӕлттӕ чи не сты, уыцы адӕммӕ цӕудзыстӕм? ~ Уӕдӕ. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ нӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц. Стӕй, уыдон цы ’взӕр хъуыддӕгтӕ аразынц, ахӕм хъуыддӕгтӕ нӕ араздзыстӕм. Фӕлӕ сӕм куы бацӕуӕм, уӕд сын дзурдзыстӕм Хуыцауы тыххӕй.

Нӕ хуыздӕр ӕмбӕлттӕ сты, ныхӕстӕ кӕнын, иумӕ истытӕ аразын нын уӕлдай ӕхсызгондӕр кӕимӕ у, уыдон. Фӕлӕ не ’мбӕлттӕ хъуамӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ дӕр цӕуой. Иуӕй-иутӕ Йегъовӕйы тыххӕй ӕппындӕр ницы зонынц. Фӕлӕ сӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй йӕ базоной, уӕд сын баххуыс кӕндзыстӕм. Ӕмӕ уыдон дӕр Йегъовӕйы мах хуызӕн куы бауарзой, уӕд суыдзысты нӕ хуыздӕр ӕмбӕлттӕ.

Исчи дын ӕмбалӕн бӕззы ӕви нӕ, уый ма куыд ис базонӕн? Йӕхи куыд фӕдары, уымӕ бакӕс. Мыййаг, иннӕтӕн исты ӕвзӕр митӕ фӕкӕны, цӕмӕй сыл ахуда? Афтӕ куы кӕна, уӕд уый хорз уыдзӕн? ~ Фыдуаг фӕкӕны ӕмӕ искӕй смӕсты кӕны? Ӕмӕ дӕу фӕндид, цӕмӕй ды дӕр йемӕ фыдуаг кӕнай ӕмӕ-иу искӕй смӕсты кӕнай? ~ Кӕнӕ, мыййаг, исты ӕвзӕр митӕ фӕкӕны ӕмӕ стӕй йӕхицӕй феппӕлы, мӕн та ничи базыдта, зӕгъгӕ? Ӕмӕ йӕ кӕд адӕмӕй ничи базоны, уӕд ӕй Хуыцау дӕр нӕ зоны? Куыд хъуыды кӕныс? ~ Куыд дӕм кӕсы, афтӕтӕ чи кӕны, уыдон нын хорз ӕмбӕлттӕ уыдзысты? ~

Райс-ма дӕ Библи ӕмӕ дзы бакӕсӕм, цавӕр ӕмбӕлттӕ нын хъуамӕ уа, уый тыххӕй. Бакӕн 1 Коринфӕгтӕм 15-ӕм сӕр, 33-аг стих. Ссардтай йӕ? ~ Фыст дзы ис афтӕ: «Ма рӕдийут: ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц». Ома нын ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ куы уа, уӕд нӕхӕдӕг дӕр сӕвзӕр уыдзыстӕм. Фӕлӕ нын хорз ӕмбӕлттӕ куы уа, уӕд та хуыздӕрӕй-хуыздӕр кӕндзыстӕм.

Макуы йӕ рох кӕнӕм, Йегъовӕйӕ хуыздӕр Хӕлар нын кӕй нӕй. Ӕмӕ дӕ фӕндид, цӕмӕй дӕ Йегъовӕ йӕ хӕларыл мауал нымайа? ~ Уӕдӕ архай, цӕмӕй де ’мбӕлттӕ уой, Хуыцауы чи уарзы, ӕрмӕстдӕр уыдон.

Хорз ӕмбӕлттӕ нын кӕй хъуамӕ уа, уый тыххӕй бакӕсӕн ис Псаломы 119:115; Ӕмбисӕндты 13:20; 2 Тимофеймӕ 2:22 ӕмӕ 1 Иоанны 2:15.