Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

45 СӔР

Цы у Хуыцауы Паддзахад? Йе ’рцыдмӕ йын ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?

Цы у Хуыцауы Паддзахад? Йе ’рцыдмӕ йын ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?

ЗОНЫС ӕй, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн кувын куыд амыдта? ~ Кӕд ӕй нӕ зоныс, уӕд-ма йӕ иумӕ Библийы бакӕсӕм. Фыст ис Матфейы 6:9–13. Ацы куывд бирӕтӕ хонынц «нӕ Фыд». Уым ис ахӕм ныхӕстӕ: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад». Хуыцауы Паддзахад цы у, уый зоныс? ~

Иуӕй-иу бӕстӕтӕн сӕ хицау хуыйны паддзах. Йемӕ ма ноджыдӕр вӕййы ӕндӕр хицӕуттӕ дӕр. Ӕмӕ иууылдӕр иумӕ хуыйнынц хицауад, кӕнӕ паддзахад. Иуӕй-иу бӕстӕтӕн та сӕ хицауады ӕппӕты уӕлдӕр чи у, уый хуыйны президент. Ӕмӕ уӕд, Хуыцауы хицауады ӕппӕты уӕлдӕр чи у, уый та цы хуыйны? ~ Паддзах. Ӕмӕ Хуыцауы хицауад дӕр уый тыххӕй хуыйны Паддзахад.

Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ хицауады Паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, уый зоныс? ~ Йӕ Фырты, Йесо Чырыстийы. Куыд хъуыды кӕныс, уыцы Паддзах, адӕм кӕй равзарынц, уыцы хицӕуттӕй хуыздӕр цӕмӕн у? ~ Уымӕн, ӕмӕ Йесо йӕ Фыды тынг уарзы. Ӕмӕ уый тыххӕй алкӕддӕр аразы, раст цы у, уый.

Йесо Вифлеемы куы райгуырд, уымӕй бирӕ раздӕр Библийы фыст ӕрцыд йӕ райгуырды тыххӕй ӕмӕ йӕ Хуыцау Хицауӕй кӕй сӕвӕрдзӕн, уый тыххӕй дӕр. Бакӕсӕм-ма йӕ Исайы 9:6, 7. Уым фыст ис: «Сывӕллон нын райгуырд – лӕппу, ӕмӕ йын лӕвӕрд уыдзӕн кънйазы бартӕ. Ӕмӕ йӕ ном хуыйндзӕн... Фарны кънйаз. Йӕ хицаудзинадӕн, стӕй сабырдзинадӕн кӕрон нӕ уыдзӕн».

Ацы ран ма Йесо – Хуыцауы Паддзахады Хицау – хуыйны «Кънйаз» дӕр. Фӕлӕ Йесо йӕхӕдӕг у ӕнӕхъӕн дунейы Паддзахы Фырт – Йегъовӕйы Фырт. Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ йӕ хицауады сӕвӕрдта Паддзахӕй. Уыцы хицауады чи уа, уыдон зӕххӕн паддзӕхтӕ уыдзысты иу мин азы (Раргомад 20:6). Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд уый фӕстӕ райдыдта адӕмӕн дзурын: «Ӕрфӕсмон кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг» (Матфейы 4:17).

Куыд хъуыды кӕныс, Йесо афтӕ цӕмӕн дзырдта, уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг, зӕгъгӕ? ~ Уымӕн ӕмӕ, уӕлӕрвты Паддзах чи хъуамӕ суыдаид, уый йӕхӕдӕг уыди семӕ! Ӕмӕ Йесо уый тыххӕй загъта адӕмӕн, «Хуыцауы паддзахад мӕнӕ уе ’хсӕн ис», зӕгъгӕ (Лукайы 17:21). Ахъуыды-ма кӕн: Йегъовӕйы ӕвзӕрст Паддзах дӕм афтӕ хӕстӕг лӕууы, ӕмӕ йӕм дӕ бон у бавналын дӕр! Зӕгъ-ма, нӕ дӕ фӕндыдаид уыцы рӕстӕг йӕ разы фестын? ~

Хъуыды ма йӕ кӕныс, Йесо зӕххыл цавӕр стыр куыст кодта? ~ Йесо йӕхӕдӕг загъта: «Иннӕ горӕтты дӕр мӕ хъӕуы Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй ӕрвыст дӕн» (Лукайы 4:43). Фӕлӕ йӕ Йесо ӕмбӕрста, уыцы куыст иунӕгӕй кӕй нӕ бакӕндзӕн. Ӕмӕ куыд бакодта, уый зоныс? ~

Йесо зӕххыл цавӕр куыст кодта?

Йесо йемӕ иннӕты дӕр кодта ӕмӕ сын амыдта, хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый. Фыццаг уал сахуыр кодта йӕ 12 апостолы (Матфейы 10:5, 7). Фӕлӕ ӕрмӕст уыдон нӕ хъусын кодтой. Библийы фыст ис, Йесо ма бирӕ кӕйдӕрты кӕй сахуыр кодта. Фӕстӕдӕр хъусын кӕнынмӕ дыгӕйттӕй арвыста 70 ахуыргӕнинаджы. Ӕмӕ адӕмӕн цы дзырдтой, уый зоныс? ~ Йесо сын бафӕдзӕхста: «Дзурут сын: „Хуыцауы паддзахад уӕм ӕрхӕстӕг“» (Лукайы 10:9). Афтӕмӕй-иу адӕм базыдтой Хуыцауы паддзахады тыххӕй.

Тынг раджы Израилы уыд афтӕ, ӕмӕ-иу ног паддзах горӕтмӕ бацыди хӕрӕгыл, цӕмӕй-иу ӕй адӕм федтаиккой. Ӕмӕ Йесо фӕстаг хатт Иерусалиммӕ куы цыди, уӕд уый дӕр горӕтмӕ хӕрӕгыл бацыд, уымӕн ӕмӕ хъуамӕ суыдаид Паддзах Хуыцауы Паддзахады. Куыд хъуыды кӕныс, адӕмы фӕндыди, цӕмӕй Йесо Паддзах уа? ~

Йесо хӕрӕгыл куы ’рбацӕйцыди, уӕд бирӕтӕ йӕ размӕ фӕндагыл байтыдтой сӕ дарӕстӕ. Иннӕтӕ та фӕндагмӕ ӕппӕрстой бӕласы къалиутӕ. Уымӕй бӕрӕг уыди, адӕмы тынг кӕй фӕндыд, цӕмӕй Йесо сӕ Паддзах уа. Ӕмӕ ма фырцинӕй хъӕр дӕр кодтой: «Арфӕгонд у, Йегъовӕйы номӕй чи ’рцӕуы, уыцы Паддзах!» Фӕлӕ ууыл иууылдӕр нӕ цин кодтой. Дзуттӕгты хистӕртӕй ма чидӕртӕ Йесойӕн афтӕ дӕр загътой: «Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕгъ, ӕмӕ басабыр уой» (Лукайы 19:28–40).

Адӕмы цӕуылнӕуал фӕндыд, цӕмӕй Йесо сӕ Паддзах уа?

Фондз боны фӕстӕ Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ йӕ акодтой ромаг хицау Понти Пилатмӕ. Йесойӕ йе знӕгтӕ дзырдтой, йӕхи, дам, паддзах хоны ӕмӕ, дам, цӕуы Ромы хицауады ныхмӕ. Уӕд ӕй Пилат бафарста, ӕцӕгдӕр афтӕ у, зӕгъгӕ. Йесо йын бамбарын кодта, паддзахы бынат байсынмӕ кӕй нӕ хъавы. «Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу»,– загъта Йесо Пилатӕн (Иоанны 18:36).

Уӕд Пилат ӕддӕмӕ рацыд ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Ӕз ацы адӕймагмӕ ницы аххос ссардтон». Фӕлӕ ныр адӕмы нал фӕндыд, цӕмӕй Йесо сӕ Паддзах уа. Нӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ Пилат рауадза (Иоанны 18:37–40). Пилат та Йесоимӕ ногӕй куы аныхас кодта, уӕд ӕппындӕр нал дызӕрдыг кодта, ӕвзӕрӕй кӕй ницы сарӕзта, ууыл. Фӕстаг хатт ма Йесойы адӕмы размӕ ракодта ӕмӕ сын загъта: «Мӕнӕ уӕ паддзах!» Фӕлӕ адӕм хъӕр кӕнын райдыдтой: «Амар ӕй! Амар ӕй! Хъӕдыл ӕй ӕрцауындз!»

Пилат сын загъта: «Уӕ паддзахы уын ӕрцауындзон?» Сауджынты хистӕртӕ та йын дзуапп радтой: «Махӕн кесӕр йеддӕмӕ паддзах нӕй». Ахъуыды-ма кӕн: уыцы саузӕрдӕ сауджынтӕ адӕмы дӕр Йесойы ныхмӕ скодтой! (Иоанны 19:1–16).

Абон дӕр адӕмӕн сӕ фылдӕр афтӕ сты. Нӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй Йесо сӕ Паддзах уа. Дзургӕ кӕнынц, Хуыцау нӕ уырны, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ фӕндгӕ та нӕ кӕны, цӕмӕй сын Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти амоной, куыд цӕрын сӕ хъӕуы, уый. Уыдоны фӕнды, цӕмӕй сын хицӕуттӕ уой зӕххон адӕм.

Ды та уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс? Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ, цы хорздзинӕдтӕ сараздзӕн, уый тыххӕй куы базыдтай, уӕд нӕ цин кодтай? ~ Хуыцауы тынг нӕ бауарзтай? ~ Уӕдӕ нӕ бон куыд у равдисын, Хуыцауы кӕй уарзӕм ӕмӕ нӕ йӕ Паддзахады закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй фӕнды? ~

Йесо донаргъуыд цӕмӕн райста ӕмӕ уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй фӕцыд, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?

Мах дӕр, Йесо куыд кодта, афтӕ кӕнӕм. Йесо та куыд равдыста, Йегъовӕйы кӕй уарзы, уый? ~ Уый загъта: «Ӕз алкӕддӕр, уымӕн ӕхсызгон цы у, уый аразын» (Иоанны 8:29). Йесо зӕхмӕ ’рцыди, цӕмӕй «Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кодтаид» ӕмӕ йын «йӕ хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кодтаид» (Дзуттӕгтӕм 10:7; Иоанны 4:34). Базонӕм-ма йӕ, цы сарӕзта, цалынмӕ хорз хабар хъусын кӕнын райдыдта, уӕдмӕ.

Йесо ӕрбацыди Аргъауӕг Иоанмӕ Иорданы цӕугӕдоны былмӕ. Донмӕ куы ныххызтысты, уӕд Иоанн Йесойы ӕнӕхъӕнӕй доны бын фӕкодта, стӕй йӕ фӕстӕмӕ систа. Зоныс, Иоанн Йесойӕн донаргъуыд цӕмӕн радта? ~

Хуыцауы Паддзахады тыххӕй нӕ бон кӕм у дзурын?

Йесо Иоаннӕн йӕхӕдӕг загъта, цӕмӕй йын донаргъуыд ратта. Фӕлӕ цымӕ Хуыцауы дӕр фӕндыд, цӕмӕй Йесо донаргъуыд райса? Куыд ӕй ис базонӕн? ~ Йесо донӕй куы рахызт, уӕд Хуыцау уӕларвӕй ӕрдзырдта: «Ды дӕ мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕ дӕ рухс кӕны». Хуыцау ма йын радта йӕ сыгъдӕг уд дӕр – ӕрцыди йыл бӕлоны хуызы. Йесо донаргъуыд кӕй райста, уымӕй равдыста, кӕй йӕ фӕнды Йегъовӕйӕн алкӕддӕр лӕггад кӕнын, суанг ӕнустӕм дӕр (Марчы 1:9–11).

Дӕуӕн дӕ цард нырма ныр райдыдта. Фӕлӕ куы фестырдӕр уай, уӕд та цы араздзынӕ? Дӕу дӕр фӕнды, цӕмӕй Йесойы хуызӕн уай ӕмӕ донаргъуыд райсай? ~ Хъуамӕ йӕ бафӕзмай, уымӕн ӕмӕ Библийы афтӕ фыст ис, зӕгъгӕ «дын Йесо равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый, цӕмӕй йӕ фӕдыл цӕуай» (1 Петры 2:21). Ӕмӕ донаргъуыд куы райсай, уӕд равдисдзынӕ, кӕй дӕ фӕнды Хуыцауы Паддзахады закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын. Фӕлӕ ӕрмӕст донаргъуыд райсын фаг нӕу.

Йесо цы дзырдта, уыдон хъуамӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнӕм. Зӕгъӕм, Йесо загъта, ацы дунейӕ ма ут, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ацы дунейы хъуыддӕгтӕ куы кӕнӕм, уӕд Йесомӕ хъусдзыстӕм? Йесо йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ апостолтӕ дӕр ацы дунейы хъуыддӕгтӕй иу дӕр нӕ кодтой (Иоанны 17:14). Хъуыды ма йӕ кӕныс, цы арӕзтой? ~ О, адӕмӕн дзырдтой Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Уыцы хъуыддаг сӕ царды уыди ӕппӕты сӕйрагдӕр. Зӕгъ-ма, махӕн дӕр нӕ бон у адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурын? ~ Куыннӕ. Кӕд алы бон дӕр кувӕм, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, ӕмӕ нӕ уый ӕцӕгдӕр фӕнды, уӕд адӕмӕн дӕр уыцы Паддзахады тыххӕй дзурдзыстӕм.

Ноджыдӕр ма нӕ бон куыд у равдисын, кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа? Уый тыххӕй ма бакӕсӕн ис Матфейы 6:24–33; 24:14 ӕмӕ 1 Иоанны 2:15–17; 5:3.