Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

46 СӔР

Рагон дуне доны бын фӕци. Искуы ма ахӕм хабар уыдзӕн?

Рагон дуне доны бын фӕци. Искуы ма ахӕм хабар уыдзӕн?

ИСКУЫ фехъуыстай бӕстысӕфты, кӕнӕ дунейы кӕроны, тыххӕй? ~ Абон уый тыххӕй бирӕтӕ дзурынц. Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ дуне фесӕфдзӕн ядерон хӕсты. Фӕлӕ дӕм куыд кӕсы, Хуыцау бауадздзӕн, цӕмӕй адӕм нӕ рӕсугъд Зӕхх фесафой? ~

Уый размӕ йӕ базыдтам, Библи кӕй дзуры ацы дунейы кӕроны тыххӕй. Фыст дзы ис афтӕ: «Дуне йӕ кӕронмӕ фӕцӕуы» (1 Иоанны 2:17). Фӕлӕ уый афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ зӕхх дӕр фесӕфдзӕн? ~ Уый афтӕ нӕу. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Хуыцау зӕхх сфӕлдыста «цӕрынӕн», ома йыл цӕмӕй адӕм цӕрой ӕмӕ уой амондджын, цин кӕной (Исай 45:18). Псаломы 37:29 та ис ахӕм ныхӕстӕ: «Зӕхх лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн рӕстгӕнджытӕн ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм». Библийы ма афтӕ дӕр уымӕн ис фыст, зӕгъгӕ, зӕхх уыдзӕн ӕнустӕм дӕр, никуы фесӕфдзӕн (Псалом 104:5; Екклесиаст 1:4).

Уӕдӕ кӕд зӕхх нӕ фесӕфдзӕн, уӕд дунейы кӕрон цы у? Зоныс ӕй? ~ Нойы рӕстӕджы цы ’рцыди, ууыл дзӕбӕх куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй базондзыстӕм. Библийы уый тыххӕй фыст ис: «Уыцы дуне сӕфт ӕрцыди, доны бын куы фӕци, уӕд» (2 Петры 3:6).

Уыцы рӕстӕджы, ома Доны хъаймӕты, дуне куы фесӕфт, уӕд ма исчи удӕгасӕй баззади? ~ Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «Хуыцау фервӕзын кодта, рӕстдзинад чи хъусын кодта, уыцы Нойы ӕмӕ ма йемӕ авд адӕймаджы. Ӕнӕхуыцау адӕмы дуне та доны хъаймӕты фесӕфта» (2 Петры 2:5).

Нойы рӕстӕджы цавӕр дуне фесӕфт?

Уӕдӕ уыцы рӕстӕг чи фесӕфт, уыцы дуне цы уыд? Зӕхх фесӕфт ӕви ӕвзӕр адӕм? ~ Библийы фыст ис, уый кӕй уыди «ӕнӕхуыцау адӕмы дуне». Нойы тыххӕй та дзы фыст ис, зӕгъгӕ, адӕмӕн «хъусын кодта». Куыд хъуыды кӕныс, Ной цы хъусын кодта? ~ Ной адӕмӕн дзырдта, «уыцы дунейӕн» кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн.

Доны хъаймӕтӕн йӕ тӕккӕ размӕ адӕм куыд цардысты, уый тыххӕй Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ загъта: «Доны хъаймӕты размӕ адӕм хордтой ӕмӕ нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ чындзы цыдысты, цалынмӕ Ной наумӕ [ковчегмӕ] нӕ бацыд, уӕдмӕ. Ӕмӕ ӕппындӕр ницӕуыл хъуыды кодтой, цалынмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ фӕласта». Уый фӕстӕ Йесо загъта, ацы дунейы кӕроны размӕ дӕр адӕм афтӕ кӕй цӕрдзысты (Матфейы 24:37–39).

Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Доны хъаймӕты размӕ адӕм куыд цардысты, уымӕй мах дӕр цӕуылдӕр кӕй хъуамӕ сахуыр уӕм. 10-ӕм сӕрӕй ма йӕ хъуыды кӕныс, уыцы адӕм цавӕр уыдысты? ~ Иуӕй-иутӕ уыдысты тынг ӕвзӕр ӕмӕ адӕмӕн алы фыдмитӕ кодтой. Фӕлӕ кӕд бирӕтӕ ахӕм ӕвзӕр нӕ уыдысты, уӕддӕр, Ной Хуыцауы номӕй цы дзырдта, уымӕ нӕ хъуыстой.

Ӕмӕ иу бон Йегъовӕ Нойӕн загъта, зӕгъгӕ, ӕз ацы ӕвзӕр адӕмыл рауадздзынӕн дон ӕмӕ сӕ фесафдзынӕн. Дон хъуамӕ бамбӕрзтаид зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр, суанг бӕрзонд хӕхтӕ дӕр. Йегъовӕ Нойӕн загъта, цӕмӕй сарӕзтаид тынг стыр нау – ковчег. Уый уыди стыр даргъ асыччы хуызӕн. Йӕ ныв ын ис фенӕн 238-ӕм фарсыл.

Хуыцау ма загъта, уыцы науы кӕй хъуамӕ уыдаид фаг бынат Нойӕн йӕ бинонтимӕ ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕ цӕрӕгойтӕн. Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ тынг бирӕ куыстой. Хъуыди сӕ стыр бӕлӕстӕ калын. Ӕмӕ стӕй уыдонӕй арӕзтой нау. Ахӕм стыр нау саразынӕн сӕ бахъуыди бирӕ азтӕ.

Хъуыды ма йӕ кӕныс, Ной ма уыцы рӕстӕджы дӕргъы ноджыдӕр цы куыст кодта? ~ Адӕмӕн дзырдта, Доны хъаймӕт кӕй уыдзӕн. Цымӕ сӕ исчи байхъуыста? Ӕрмӕстдӕр Нойы бинонтӕ, иннӕтӕй иу дӕр нӕ. Нӕ сӕ ’вдӕлди, уымӕн ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ кодтой. Хъуыды ма йӕ кӕныс, цытӕ арӕзтой? ~ Хордтой, нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ чындзы цыдысты. Уыдон сӕхи ӕвзӕр адӕм нӕ хуыдтой ӕмӕ Ноймӕ нӕ хъуыстой. Ӕмӕ цы баисты?

Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ наумӕ куы бацыдысты, уӕд Йегъовӕ дуар сӕхгӕдта. Фӕлӕ, ӕддейӕ чи баззад, уыцы адӕмы уӕддӕр нӕ уырныдта, доны бын кӕй фӕуыдзысты. Ӕмӕ дын ӕвиппайды уарын куы райдаид! Уый ӕнӕуи къӕвда нӕ уыд. Афтӕ тынг уарыд, раст цыма исчи дӕлӕмӕ ведрайӕ дон калдта! Уайтагъд фӕзындысты стыр цӕугӕдӕттӕ. Дон гыбар-гыбургӕнгӕ размӕ бырста, стыр бӕлӕстӕ фӕлдӕхта ӕмӕ стыр дуртӕ йӕ разӕй хаста, раст цыма гыццыл хуыртӕ уыдысты, афтӕ! Ӕмӕ уӕд адӕм та цы фесты? ~ Йесо загъта: «Дон се ’ппӕты дӕр фӕласта». Наумӕ чи нӕ бацыд, уыцы адӕм иууылдӕр амардысты. Куыд хъуыды кӕныс, цӕмӕн? ~ Йесо загъта, зӕгъгӕ, «ӕппындӕр ницӕуыл хъуыды кодтой». Ной сын цы дзырдта, уымӕ нӕ байхъуыстой! (Матфейы 24:39; Райдиан 6:5–7).

Ӕрмӕст хъазыныл ӕмӕ улӕфыныл цӕуылнӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм?

Хъуыды ма йӕ кӕныс, Йесо афтӕ кӕй загъта, ӕмӕ, уыцы адӕмыл цы ’рцыди, уымӕй мах цӕуылдӕр кӕй хъуамӕ сахуыр уӕм? Куыд хъуыды кӕныс, цӕуыл? ~ Уӕд ӕвзӕр адӕмимӕ фесӕфт бирӕ ӕндӕр адӕм дӕр. Уыдоны не ’вдӕлди, цӕмӕй базыдтаиккой Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ, цы саразынмӕ хъавы, уый тыххӕй. Уӕдӕ цӕмӕй уыцы адӕмы хуызӕн ма суӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр нӕхимӕ кӕсӕм, афтӕ нӕу? ~

Куыд дӕм кӕсы, Хуыцау ма искуы адӕмы донӕй фесафдзӕн? ~ Хуыцау йӕхӕдӕг загъта, ахӕм хабар кӕй нал уыдзӕн. Ӕмӕ ма афтӕ дӕр загъта: «Мигъты-иу фӕзындзӕн мӕ арвӕрдын», ӕмӕ «уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, зӕххыл чи цӕры, уыдоны доны хъаймӕты кӕй нал фесафдзынӕн» (Райдиан 9:11–17).

Уӕдӕ Хуыцау дуне доны хъаймӕты никуыуал фесафдзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр Библийы фыст ис, ацы дунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй. Ӕмӕ Хуыцау ацы дуне куы сафа, уӕд удӕгасӕй кӕй ныууадздзӕн? ~ Йӕ рӕстӕг ӕндӕр хъуыддӕгтыл чи ’рвыста ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй кӕй нӕ фӕндыд базонын, уыдоны? Кӕнӕ, Библи ахуыр кӕнынӕн рӕстӕг ӕппындӕр кӕмӕн нӕ уыди, уыцы адӕмы? Куыд хъуыды кӕныс? ~

Мах фӕнды, цӕмӕй нӕ Хуыцау удӕгасӕй ныууадза, афтӕ нӕу? ~ Зӕгъ-ма, хорз нӕ уыдзӕн, нӕ бинонтӕ дӕр Нойы бинонты хуызӕн куы разыной ӕмӕ нӕ Хуыцау куы фервӕзын кӕна? ~ Кӕд нӕ ӕцӕгдӕр фӕнды, цӕмӕй фервӕзӕм, уӕд хъуамӕ хорз ӕмбарӕм, Хуыцау ацы дуне куыд фесафдзӕн ӕмӕ ног, хорз дуне куыд скӕндзӕн, уый. Уый куыд уыдзӕн, уымӕ-ма ӕркӕсӕм.

Библийы уымӕн дзуапп ссарӕн ис Данелы чиныджы 2-аг сӕры 44-ӕм стихы. Уым нӕ рӕстӕджы тыххӕй фыст ис афтӕ: «Уыцы паддзӕхты рӕстӕджы уӕларвон Хуыцау сараздзӕн, ӕнусмӕ чи нӕ фехӕла, ахӕм паддзахад [кӕнӕ хицауад]; ӕмӕ йӕ паддзахдзинад ӕндӕр адӕммӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн; уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм».

Ацы ныхӕстӕ ӕмбарыс? ~ Хуыцауы хицауад фесафдзӕн зӕххон хицауӕдтӕ иууылдӕр. Куыд хъуыды кӕныс, цӕмӕн? ~ Уымӕн ӕмӕ уыдон нӕ хъусынц, Хуыцау Паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, уымӕ. Хъуыды ма йӕ кӕныс, чи у? ~ Раст зӕгъыс, уый у Йесо Чырысти.

Йесо Чырысти, Хуыцауы ӕвзӕрст Паддзах, ацы дуне Армагеддоны фесафдзӕн

Йегъовӕ йӕ хуыздӕр зоны, адӕмӕн цавӕр хицауад хъуамӕ уа, уый. Ӕмӕ Паддзахӕй равзӕрста йӕ Фырты, Йесо Чырыстийы. Тагъд уыцы Паддзах ацы дунейы хицауӕдтӕ иууылдӕр фесафдзӕн. Уый тыххӕй фыст ис Библийы, Раргомады чиныджы 19-ӕм сӕры, 11–16-ӕм стихты. Мӕнӕ йӕ ацы нывыл дӕр ис фенӕн. Библийы Хуыцауы хӕст хуыйны Армагеддон.

Хуыцау зӕгъы, йӕ Паддзахад адӕмы хицауӕдтӕ кӕй фесафдзӕн. Ӕмӕ уӕд мах дӕр хъуамӕ хӕцӕм уыцы хӕсты? ~ Мах нӕ хъӕуы хӕцын, уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Армагеддон у, «Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕст» (Раргомад 16:14, 16). О, Армагеддон у Хуыцауы хӕст. Ӕмӕ дзы хӕцдзысты Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ уӕларвон ӕфсӕдтӕ – зӕдтӕ. Фӕлӕ цымӕ уыцы хӕст тагъд уыдзӕн? Фӕстӕдӕр уый дӕр базондзыстӕм.

Хуыцау ӕвзӕрты кӕй фесафдзӕн ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдоны кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уый тыххӕй-ма бакӕсӕм Ӕмбисӕндты 2:21, 22; Исайы 26:20, 21; Йеремийы 25:31–33 ӕмӕ Матфейы 24:21, 22.