Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФЫЦЦАГ СӔР

Библи Хуыцауы тыххӕй цы дзуры?

Библи Хуыцауы тыххӕй цы дзуры?
  •  Хуыцау ныл тыхсы?

  • Хуыцау цыхуызӕн у? Ном ын ис?

  • Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцаумӕ баввахс уай?

1, 2. Фӕрсын хорз цӕмӕн у?

СЫВӔЛЛӔТТӔМ цас фарстатӕ вӕййы, уый никуы бафиппайдтай? Бирӕтӕ сӕ фарстатӕ дӕттын райдайынц, куыддӕр дзурын базонынц, афтӕ. Адӕймагмӕ сӕ хъоппӕг цӕстытӕй ныккӕсынц ӕмӕ уыцы цымыдисхуызӕй фӕфӕрсынц: арв цъӕх цӕмӕн у? Стъалытӕ бонӕй кӕм вӕййынц? Цъиуты тӕхын чи сахуыр кодта? Адӕймаджы фӕфӕнды сӕ фарстатӕн дзуапп раттын, фӕлӕ уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Цыфӕнды хорз дзуапп сын ма раттай, уӕддӕр ма дӕ афӕрсдзысты: «Ӕмӕ афтӕ цӕмӕн у?»

2 Фӕлӕ фӕрсгӕ ӕрмӕст сывӕллӕттӕ нӕ фӕкӕнынц. Стырты дӕр бирӕ цыдӕртӕ фӕфӕнды базонын. Зӕгъӕм, фӕфӕнды нӕ, царды нӕ кӕцы фӕндагыл цӕуын хъӕуы кӕнӕ нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм, уый базонын. Йе та нӕ ӕнӕуи цыдӕр фӕцымыдис кӕны. Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй бирӕтӕ фарстатӕ нал дӕттынц, уӕлдайдӕр та царды ахсджиагдӕр хъуыддӕгты фӕдыл. Кӕд сӕм фарстатӕ вӕййы, уӕддӕр сын дзуапп нал фӕагурынц.

3. Бирӕтӕ царды ахсджиаг фарстатӕн дзуапп цӕуылнӕ агурынц?

3 Ахъуыды-ма кӕн, ацы чиныджы ӕддаг цъарыл, йӕ разныхасы кӕнӕ  ацы сӕрӕн йӕ райдианы цы фарстатӕ ис, уыдоныл. Уыцы фарстатӕ сты, адӕймагмӕ цы фарстатӕ фӕзыны, уыдонӕн сӕ ахсджиагдӕртӕй. Фӕлӕ сын бирӕтӕ дзуапп нӕ агурынц. Цӕуылнӕ? Цымӕ сын Библийы дзуапп ис? Уыцы фарстатӕн Библи цавӕр дзуапп дӕтты, уый иуӕй-иутӕм зынӕмбарӕн кӕсы. Иннӕтӕ та фарстатӕ дӕттын ӕфсӕрмы кӕнынц кӕнӕ тӕрсынц, исчи сыл куы бахуда. Чидӕртӕ та фӕзӕгъынц, уыдӕттӕй, дам, сауджынты ӕмӕ дины разамонджыты хъӕуы бафӕрсын. Ды та куыд хъуыды кӕныс?

4, 5. а) Адӕймаг цавӕр ахсджиаг фарстатыл фӕхъуыды кӕны? ӕ) Уыцы фарстатӕн нӕ дзуапп ссарын цӕмӕн хъӕуы?

4 Дӕу дӕр куыннӕ фӕнддзӕн царды ахсджиаг фарстатӕн дзуапп базонын. Ӕвӕццӕгӕн, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ хъуыды кодтай: «Адӕймаг цӕмӕн цӕры? Райгуыр, фӕфыдӕбон кӕн ӕмӕ стӕй амӕл – уый у цард? Цымӕ Хуыцау цыхуызӕн у?» Ахӕм фарстатыл хъуыды кӕнын ӕнӕмӕнг хъӕуы. Стӕй ӕрмӕст хъуыды кӕнын нӕ, фӕлӕ сын цалынмӕ раст дзуапп не ссарай, уӕдмӕ ӕнцад ма ӕрлӕуу. Зындгонд ахуыргӕнӕг Йесо Чырысти афтӕ загъта: «Курут, ӕмӕ уын ратдзысты. Агурут, ӕмӕ ссардзыстут. Хойут, ӕмӕ уын бакӕндзысты» (Матфейы 7:7).

5 Ахӕм ахсджиаг фарстатӕн дзуапп зӕрдиагӕй куы «агурай», уӕд дӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 2:1–5). Иннӕтӕ дын цыфӕнды ма дзурой, уӕддӕр ӕй зон: дӕ фарстатӕн дзуапп ис, ӕмӕ сӕ дӕ бон у Библийы ссарын. Уыцы фарстаты тыххӕй Библи цы дзуры, уый дын зын бамбарӕн нӕ уыдзӕн. Ӕмӕ цы базонай, уый та дӕ ныфс бауадздзӕн ӕмӕ дын циндзинад ӕрхӕсдзӕн. Стӕй абон дӕр дӕ цардӕй райгонд уыдзынӕ. Цӕй уӕдӕ уал ӕркӕсӕм, бирӕтӕн ӕнцой чи нӕ дӕтты, уыцы фарстамӕ.

ХУЫЦАУ ДУРЗӔРДӔ У?

6. Бирӕтӕ афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнынц, ӕмӕ ныл Хуыцау нӕ тыхсы?

6 Афтӕ хъуыды кӕнынц бирӕтӕ. Фӕзӕгъынц, Хуыцау, дам, ныл куы тыхсид, уӕд, дам, цард ахӕм нӕ уаид. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, нӕ алыварс хӕстытӕ, фыдӕх, хӕрам ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ йеддӕмӕ ӕндӕр ницы фендзынӕ. Стӕй нӕхӕдӕг дӕр низтӕй ӕмӕ мӕстытӕй хызт не стӕм, мӕлӕт нын байсы нӕ хиуӕтты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ фӕзӕгъынц: «Кӕд нын Хуыцау нӕ зындзинӕдтӕ уыны ӕмӕ ныл ӕцӕгдӕр тыхсы, уӕд цӕуылнӕ исты саразы?»

7. а) Динамонджытӕ адӕмы ахӕм хъуыдымӕ куыд ӕркӕнынц, ӕмӕ Хуыцау дурзӕрдӕ у? ӕ) Адӕмы бӕллӕхты тыххӕй Библи цы дзуры?

7 Йӕ бӕллӕх ма ноджыдӕр уый у, ӕмӕ иуӕй-иу хатт адӕм Хуыцауы дурзӕрдӕ фӕхонынц сауджынты ӕмӕ дины разамонджыты аххосӕй. Ома куыд? Адӕймагыл исты фыдбылыз куы ’рцӕуы, уӕд ын фӕзӕгъынц, уый, дам, Хуыцауы фӕндон уыди. Сӕ ныхӕстӕй афтӕ уайы, ӕмӕ адӕмы бӕллӕхты Хуыцау у аххосджын. Фӕлӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у? Библи та цы дзуры? Иаковы 1:13 стихы фыст ис: «Фӕлварӕны бахаугӕйӕ афтӕ мачи зӕгъӕд: „Хуыцау мӕ фӕлвары“. Хуыцауы фыддзинадӕй бафӕлварӕн нӕй, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг дӕр фыддзинадӕй никӕй фӕлвары». Уӕдӕ дунейы цы фыдхъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдон Хуыцауы фӕндӕй никуы вӕййынц (Иов 34:10–12). Раст у, ахӕм ӕвзӕр хабӕрттӕ бауадзы. Фӕлӕ цавӕрдӕр хабар бауадзай ӕмӕ дӕ фӕндӕй ӕрцӕуа, уый иу нӕу.

8, 9. а) Цавӕр цӕвиттоны фӕрцы ис бамбарын кӕнӕн, фыддзинад ӕруадзай ӕмӕ дӕ фӕндӕй ӕрцӕуа, уый иу кӕй нӕу? ӕ) Афтӕ зӕгъӕн цӕуылнӕ ис, ӕмӕ Хуыцау адӕмы сӕхи зондыл куы ауагъта, уӕд раст нӕ бакодта?

8 Ӕрхӕссӕм цӕвиттон. Зондджын ӕмӕ уарзӕгой фыдӕн ис стыр фырт. Фӕлӕ иу бон уый йӕ ныййарджыты ныхмӕ рацыд ӕмӕ хӕдзарӕй ацӕуынвӕнд скодта. Фыд ӕй нӕ баурӕдта. Гъемӕ фырт ацыд, ӕвзӕр митыл бафтыд, ӕмӕ стыр бӕллӕхты бахауд. Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ йыл уыцы бӕллӕхтӕ йӕ фыды аххосӕй ӕрцыдысты? (Лукайы 15:11–13). Раст афтӕ, адӕм рӕдыд фӕндаг куы равзӕрстой, уӕд сӕ Хуыцау дӕр нӕ баурӕдта. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сыл бӕллӕхтӕ уый аххосӕй ӕрцӕуы. Уӕдӕ, адӕмыл цы бӕллӕхтӕ цӕуы, уыдон Хуыцауы аххос кӕнын раст нӕу.

9 Хуыцау адӕмы рӕдыд фӕндагыл ацӕуын кӕй бауагъта, уымӕн уыди бӕлвырд аххосӕгтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, не Сфӕлдисӕг Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау хӕсджын нӕу, ӕмӕ нын уыцы аххосӕгтӕ ӕмбарын кӕна. Фӕлӕ нӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй нын сӕ ӕмбарын кӕны йӕ Ныхасы. Уыцы аххосӕгты тыххӕй фылдӕр дзырд цӕуы 11-ӕм сӕры. Фӕлӕ ныр дӕр фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ зындзинӕдты Хуыцау аххосджын нӕу. Стӕй аххосджын нӕ, фӕлӕ ма нын ӕрмӕстдӕр уый дӕтты ахӕм ныфс, ӕмӕ нын нӕ зындзинӕдтӕн кӕрон скӕндзӕн! (Исай 33:2).

10. Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ, фыддзинад цы бӕллӕхтӕм ӕркодта, уыдон Хуыцау аиуварс кӕндзӕн?

10 Уымӕй уӕлдай ма, Хуыцау у сыгъдӕг (Исай 6:3). Ома йӕм фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй ис, ницы йӕм ис ӕвзӕрдзинадӕй. Ӕмӕ йыл уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у алы хъуыддаджы дӕр нӕ зӕрдӕ дарын. Адӕмӕй уый зӕгъӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ уыдон алы хатт рӕстӕй нӕ фӕархайынц. Фӕлӕ зӕххон хицӕуттӕ цыфӕнды ӕнӕзӕрдӕхудт ма уой, уӕддӕр арӕх сӕ бон нӕ вӕййы, ӕвзӕр адӕм иннӕтӕн цы зиан ӕрхӕссынц, уый аиуварс кӕнын. Хуыцауӕн та йӕ бон алцыдӕр у. Йӕ бон у, фыддзинад цы бӕллӕхтӕм ӕркодта, уыдонӕн кӕрон скӕнын, ӕмӕ уый кӕнгӕ дӕр бакӕндзӕн. Хуыцау хъуыддагмӕ куы ӕрӕвнала, уӕд зӕххӕй фыддзинад ӕнустӕм фесафдзӕн! (Псалом 37:9–11).

ЗӔХХЫЛ РӔСТДЗИНАД КӔЙ НӔЙ, УЫМӔ ХУЫЦАУ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫ?

11. а) Зӕххыл рӕстдзинад кӕй нӕй, уымӕ Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы? ӕ) Ды куы фӕхъизӕмар кӕныс, уӕд уымӕ та цы цӕстӕй фӕкӕсы?

11 Фӕлӕ нырма зӕххыл рӕстдзинад нӕй. Уый дӕхиуыл дӕр, ӕвӕццӕгӕн, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бавзӕрстай. Цымӕ Хуыцау уымӕ та цы цӕстӕй кӕсы? Библи нын зӕгъы, Хуыцау кӕй «уарзы рӕстдзинад» (Псалом 37:28). Адӕм рӕстӕй архайынц ӕви нӕ, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Цыфӕнды фыдхъуыддаг дӕр нӕ быхсы. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, раджы заманты зӕхх ӕвзӕрдзинадӕй куы байдзаг, уӕд Хуыцауӕн «йӕ зӕрдӕ фӕрыст» (Райдиан 6:5, 6). Ӕмӕ Хуыцау нӕ аивта (Малахи 3:6). Абон дӕр адӕмы хъизӕмӕрттӕм куы фӕкӕсы, уӕд дӕр афтӕ фӕриссы йӕ зӕрдӕ. Библийы фыст ис: «Уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:7).

Библи дзуры, Йегъовӕ кӕй у Дунесфӕлдисӕг ӕмӕ нӕ бирӕ кӕй уарзы

12, 13. а) Цӕй фӕрцы нӕм ис хорз миниуджытӕ, зӕгъӕм, уарзондзинад? ӕ) Уыцы миниуӕджы фӕрцы, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм? б) Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, уый кӕцӕй зонӕм?

12 Хуыцауӕн адӕмы хъизӕмӕрттӕм кӕсын зын кӕй у, уымӕн ма ноджыдӕр цавӕр бӕлвырдгӕнӕн ис? Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй Хуыцау адӕймаджы скодта йӕхимӕ гӕсгӕ (Райдиан 1:26). Уӕдӕ нӕм хорз миниуджытӕ кӕй ис, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы хорз миниуджытӕ сты Хуыцаумӕ. Зӕгъӕм, ӕнаххос адӕмы хъизӕмӕрттӕм кӕсгӕйӕ дӕ зӕрдӕ нӕ фӕриссы? Ӕмӕ кӕд уыдӕттӕм кӕсын дӕуӕн зын вӕййы, уӕд Хуыцауӕн та цас зындӕр у.

13 Адӕймаджы хуыздӕр миниуджытӕй иу у, уарзын кӕй зоны, уый. Ӕмӕ уый дӕр Хуыцауы миниуӕг у. «Хуыцау у уарзондзинад»,– зӕгъы Библи (1 Иоанны 4:8). Мах уарзын уымӕн зонӕм, ӕмӕ Хуыцау уарзы. Дӕ бон куы уаид, уӕд фыдхъуыддӕгтӕн ӕмӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон не скӕнис? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, скӕнис, уымӕн ӕмӕ адӕмы уарзыс. Уӕдӕ кӕд дӕу фӕнды фыдхъуыддӕгтӕн ӕмӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон скӕнын, уӕд Хуыцауы та ноджы тынгдӕр фӕнды. Ӕмӕ сын ӕнӕмӕнг скӕндзӕн кӕрон! Ацы чиныджы разныхасы цы диссаджы фидӕны кой кодтам, уый рӕсугъд фын кӕнӕ аргъау нӕу. Хуыцау цы загъта, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн! Фӕлӕ дӕ цӕмӕй уый фидарӕй уырна, уый тыххӕй дӕ хъӕуы Хуыцауы хуыздӕр базонын.

ХУЫЦАУЫ ФӔНДЫ, ЦӔМӔЙ ЙӔ БАЗОНАЙ

Искӕимӕ куы фӕзонгӕ кӕныс, уӕд ын дӕ ном нӕ фӕзӕгъыс? Хуыцау та нын йӕ ном ӕргом кӕны Библийы

14. Куыд у Хуыцауы ном ӕмӕ йӕм йӕ номӕй дзурын цӕмӕн хъӕуы?

14 Зӕгъӕм, искӕимӕ куы фӕзонгӕ кӕныс, уӕд фыццаджыдӕр цы саразыс? Дӕ ном ын нӕ фӕзӕгъыс? Цымӕ Хуыцауӕн та ном ис? Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ йӕ ном у «Хуыцау» кӕнӕ «Дунедарӕг». Фӕлӕ уыдон нӕмттӕ не сты. Уыдон сты титултӕ, ома, чи у ӕмӕ йӕм цы бартӕ ис, ӕрмӕстдӕр уый ӕвдисынц. Мӕнӕ «паддзах» кӕнӕ «президент» куыд сты, афтӕ. Библи куыд дзуры, афтӕмӕй Хуыцауӕн бирӕ титултӕ ис. «Хуыцау» ӕмӕ «Дунедарӕг» дӕр йӕ титултӕ сты. Фӕлӕ ма Хуыцауӕн ис ном дӕр – Йегъовӕ. Библийы Псаломы 83:18 стихы фыст ис: «Ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды... дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн». Кӕд дӕ Библийы йӕ ном нӕй, уӕд дӕ, ӕвӕццӕгӕн, бафӕнддзӕн, ацы чиныджы Уӕлӕмхасӕны цы ӕрмӕг ис, «Хуыцауы ном дзурын цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ цы нысан кӕны», зӕгъгӕ, уымӕ ӕркӕсын ӕмӕ, афтӕ цӕмӕн рауад, уый базонын. Библийы рагон къухфыстыты Хуыцауы ном ӕмбӕлы цалдӕр мин хатты. Уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йын йӕ ном зонай ӕмӕ йӕм йӕ номӕй дзурай. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ дын Библийы фӕрцы йӕхи амоны.

15. Хуыцауӕн йӕ ном, Йегъовӕ, цӕуыл дзурӕг у?

15 Хуыцау йӕхицӕн цы ном радта, уымӕн ис бӕлвырд нысаниуӕг. Йӕ ном, Йегъовӕ, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ бон у, зӕрдӕ цӕмӕйфӕнды ма бавӕра ӕмӕ цыфӕнды ма сфӕнд кӕна, уый сӕххӕст кӕнын *. Хуыцауы номимӕ никӕй ном ис абарӕн. Ахӕм ном ӕрмӕстдӕр уымӕн ис. Йегъовӕйӕн бирӕ цӕмӕйдӕрты ӕмбал нӕй. Куыд ӕмбарын хъӕуы уый?

16, 17. Цӕуыл дзурӕг сты Йегъовӕйы титултӕ: а) Ӕппӕтхъомысджын? ӕ) Ӕнусты Паддзах? б) Сфӕлдисӕг?

16 Псаломы 83:18 стихы куыд бакастыстӕм, афтӕмӕй Йегъовӕ у «Иунӕг Стыр Хуыцау». Уӕдӕ «Ӕппӕтхъомысджын» дӕр ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ хуыйны. Раргомады 15:3 стихы фыст ис: «Стыр ӕмӕ диссаг сты дӕ хъуыддӕгтӕ, о Йегъовӕ, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау! Раст ӕмӕ ӕцӕг сты дӕ фӕндӕгтӕ, ӕнусты Паддзах!» Дзырд «Ӕппӕтхъомысджын» ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйӕ хъомысджындӕр ничи ис, йӕ тыхӕн ӕмбал нӕй. Йегъовӕ ма хуыйны «ӕнусты Паддзах» дӕр. Ӕмӕ уымӕй дӕр бӕрӕг у, Йегъовӕимӕ ӕндӕр кӕй никӕй ис абарӕн. Ӕрмӕстдӕр уый уыди ӕмӕ уыдзӕн алкӕддӕр. Псаломы 90:2 стихы фыст ис: «Ӕнусӕй-ӕнусмӕ дӕр ды дӕ Хуыцау». Ацы хъуыды дӕ дисы не ’фтауы?

17 Йегъовӕйӕн ма ӕмбал ноджыдӕр уымӕн нӕй, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый у Сфӕлдисӕг. Раргомады 4:11 стихы кӕсӕм: «О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис ӕмӕ фӕзынд». Стъалыджын арвӕй райдай ӕмӕ бӕлӕсты дыргътӕй, денджызты ӕмӕ цӕугӕдӕтты цы дуне кӕсӕгтӕ ис, уыдонӕй фӕу – ӕппӕт дӕр сфӕлдыста Йегъовӕ!

УЫЙ ГӔНӔН ИС, ӔМӔ ЙЕГЪОВӔМӔ БАВВАХС УАЙ?

18. а) Иуӕй-иутӕм афтӕ цӕмӕн кӕсы, ӕмӕ Хуыцаумӕ баввахс уой, уымӕн гӕнӕн нӕй? ӕ) Уый тыххӕй Библи та цы зӕгъы?

18 Йегъовӕйы диссаджы миниуджыты тыххӕй кӕсгӕйӕ иуӕй-иутӕ фӕхъуыды кӕнынц, Хуыцау кӕм ис ӕмӕ ӕз та кӕм дӕн, зӕгъгӕ. Фӕзӕгъынц, куыд, дам, ӕм хъуамӕ баввахс уон, ӕз, дам, ӕм, ӕвӕццӕгӕн, нымады дӕр нӕ дӕн. Фӕлӕ цымӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у? Библи афтӕ нӕ дзуры. Уым Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис: «Уый махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Хъуыддӕгтӕ 17:27). Стӕй ма нӕ Библи разӕнгард дӕр кӕны: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иаковы 4:8).

19. а) Хуыцаумӕ цӕй фӕрцы баввахс уыдзынӕ ӕмӕ дын уый цы ратдзӕн? ӕ) Хуыцауы миниуджытӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцы цӕуы?

19 Цӕй фӕрцы баввахс уыдзынӕ Хуыцаумӕ? Дарддӕр дӕр араз, мӕнӕ ныртӕккӕ цы аразыс, уый. Архай Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базоныныл. Йесо загъта: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3). Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырысти чи сты, уый базоныныл куы архайӕм, уӕд ӕнустӕм цӕрдзыстӕм! Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:16). Йегъовӕмӕ ма ис бирӕ ӕндӕр рӕсугъд миниуджытӕ дӕр. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, Йегъовӕ кӕй у «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст» (Рацыд 34:6). Уый у «хӕларзӕрдӕ» ӕмӕ цӕттӕ у «хатыр кӕнынмӕ» (Псалом 86:5). Хуыцау бирӕ быхсы (2 Петры 3:9). Стӕй у иузӕрдион (Раргомад 15:4). Библи куы кӕсай, уӕд ӕй дӕхӕдӕг фендзынӕ, Йегъовӕмӕ ӕцӕгдӕр кӕй ис ацы миниуджытӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр рӕсугъд миниуджытӕ дӕр.

20–22. а) Хуыцауы нӕ бон фенын кӕй нӕу, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕм баввахс уӕм, уымӕн гӕнӕн нӕй? Бамбарын ӕй кӕн. ӕ) Иннӕтӕ дын сӕ хорз зӕрдӕйӕ цы дзурдзысты, фӕлӕ дӕу куыд бакӕнын хъӕудзӕн?

20 Раст у, Хуыцауы нӕ бон фенын нӕу, уымӕн ӕмӕ йын махау туг ӕмӕ стӕгӕй буар нӕй (Иоанны 1:18; 4:24; 1 Тимофеймӕ 1:17). Фӕлӕ Библийы фӕрцы базондзынӕ, Хуыцау чи у, уый. Библийы фысджытӕй сӕ иу куыд загъта, афтӕ ды дӕр «уындзынӕ Йегъовӕйы рӕсугъддзинад» (Псалом 27:4; Ромӕгтӕм 1:20). Йегъовӕйы тыххӕй цас фылдӕр зонай, уыйас хуыздӕр ӕмбардзынӕ, удӕгас Хуыцау кӕй у. Ӕмӕ йӕм уый фӕрцы ӕввахсдӕр кӕндзынӕ ӕмӕ йӕ тынгӕй-тынгдӕр уарздзынӕ.

Хорз фыд уарзы йӕ хъӕбулты – нӕ уӕларвон Фыд та нӕ ноджы тынгдӕр уарзы

21 Стӕй ма бамбардзынӕ, Библи афтӕ цӕмӕн дзуры, зӕгъгӕ, Йегъовӕ у нӕ Фыд (Матфейы 6:9). Йегъовӕ нын ӕрмӕст цард нӕ радта, фӕлӕ ма йӕ нӕ хорздзинад дӕр фӕнды, алы хорз фыды дӕр йӕ хъӕбулты хорздзинад куыд фӕфӕнды, афтӕ (Псалом 36:9). Уымӕй уӕлдай ма Библийӕ зонӕм, адӕмӕн сӕ бон кӕй у, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ суой (Иаковы 2:23). Ахъуыды-ма кӕн, уый фадат дын ис, цӕмӕй Дунесфӕлдисӕджы хӕлар суай!

22 Арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ адӕймаг Библи куы фӕахуыр кӕны, уӕд ын йӕ хиуӕттӕ кӕнӕ йӕ зонгӕтӕ сӕ хорз зӕрдӕйӕ фӕдзурынц, ныууадз уыдӕттӕ, ницӕмӕн дӕ хъӕуы, зӕгъгӕ. Ӕндӕр диныл куы ныххӕца, уымӕй йын фӕтӕрсынц. Ӕмӕ, чи зоны, дӕуӕн дӕр афтӕ дзурой. Фӕлӕ ды Библи уый тыххӕй ахуыр кӕныс, цӕмӕй Йегъовӕимӕ базонгӕ уай ӕмӕ йӕ хӕлар суай. Уӕдӕ уый бар макӕмӕн ратт, ӕмӕ дӕ бакъуылымпы кӕна, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй хуыздӕр Хӕлар нӕй.

23, 24. а) Библи ахуыргӕнгӕйӕ фӕрсын хорз цӕмӕн у? ӕ) Иннӕ сӕры дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

23 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, райдианы алцы не ’мбардзынӕ. Чи зоны дӕм худинаг кӕса ӕххуыс ракурын, ай не ’мбарын, ӕмӕ мын баххуыс кӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ фӕрсын худинаг нӕу. Чырысти загъта, сывӕллӕттау сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уӕм (Матфейы 18:2–4). Ӕмӕ йӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй сывӕллӕттӕм бирӕ фарстатӕ вӕййы. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй дӕ фарстатӕн дзуапп ссарай. Библийы фыст ис, Хуыцауы базонын тынг кӕй фӕндыд, ахӕм адӕймӕгты тыххӕй. Уыдон Фыстад лӕмбынӕг иртӕстой ӕмӕ-иу афтӕмӕй сбӕлвырд кодтой, цы сын дзырдтой, уый ӕцӕгдӕр афтӕ уыди ӕви нӕ (Хъуыддӕгтӕ 17:11).

24 Йегъовӕйы базонынӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзал у Библи ахуыр кӕнын. Библи иннӕ чингуыты хуызӕн нӕу. Библи иннӕ чингуытӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ сӕры.

^ 15 абз. Хуыцауы ном цы нысан кӕны ӕмӕ йӕ куыд дзурын хъӕуы, уый тыххӕй фылдӕр ӕрмӕг ис Уӕлӕмхасӕны, статьяйы «Хуыцауы ном дзурын цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ цы нысан кӕны».