Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ДЫККАГ СӔР

Библи – Хуыцауы Ныхас

Библи – Хуыцауы Ныхас
  • Библи иннӕ чингуытӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

  • Царды нын куыд ӕххуыс кӕны?

  • Цы пехуымпарӕдтӕ дзы фыст ис, уыдоныл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис?

1, 2. Библи Хуыцауы диссаджы лӕвар цӕмӕн ис схонӕн?

ЗӔГЪ-МА, де ’ввахс ӕмбал дын исты куы балӕвар кӕны, уӕд дын тынг ӕхсызгон нӕ вӕййы? Ӕвӕццӕгӕн, ӕрмӕст лӕварыл нӕ фӕцин кӕныс, фӕлӕ дӕ де ’мбал кӕй ӕрхъуыды кодта, ууыл дӕр. Афтӕмӕй де ’мбал равдыста, тынг дын кӕй аргъ кӕны. Ӕмӕ дзы ахӕм лӕвары тыххӕй бузныг куыннӕ уыдзынӕ!

2 Библи та у Хуыцауы зынаргъ лӕвар, ӕмӕ дзы хъуамӕ уый тыххӕй стыр бузныг уӕм. Ацы диссаджы чиныг нын цы хабӕрттӕ ӕмбарын кӕны, уыдон ӕндӕр никӕцӕй ис базонӕн. Зӕгъӕм, чи сфӕлдыста стъалытӕ, арв ӕмӕ зӕхх кӕнӕ фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы. Библийы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон нын ӕххуыс кӕнынц зындзинӕдты сӕрты хизынӕн. Стӕй уыцы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд нӕ царды сагъӕстӕ сӕ быны не скӕнынц. Уымӕй уӕлдай ма нын ацы чиныг ӕмбарын кӕны, Хуыцау йӕ фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ зӕххыл хорз цард куыд скӕндзӕн. Уӕдӕ Библи ӕцӕгдӕр диссаджы лӕвар у!

3. Йегъовӕ нын Библи кӕй балӕвар кодта, уый цӕуыл дзурӕг у?

3 Фӕлӕ ма Библи зынаргъ лӕвар ноджыдӕр уый тыххӕй у, ӕмӕ дзы бирӕ цыдӕртӕ базонӕн ис, чи нын ӕй балӕвар кодта, уыцы Хуыцау Йегъовӕйы тыххӕй. Хуыцау нын ахӕм чиныг кӕй балӕвар кодта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ хорз зонӕм. Уӕдӕ Библийы фӕрцы ды баввахс уыдзынӕ Йегъовӕмӕ.

4. Библи афтӕ бирӕ адӕммӕ кӕй ис, уый дӕм диссаг нӕ кӕсы?

4 Абон Библи кӕм нӕй, ахӕм хӕдзар, ӕвӕццӕгӕн, не ссардзынӕ. Ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ дзы кӕцыдӕр чингуытӕ ис 2 500 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн ӕй сӕ 95 процентӕй фылдӕрӕн сӕ бон у кӕсын. Алы къуыри дӕр апарахат вӕййы милуан Библийӕ фылдӕр! Абоны онг ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ дзы кӕцыдӕр чингуытӕ мыхуыргонд ӕрцыд миллиардтӕ. Ӕмӕ та уымӕй дӕр бӕрӕг у, Библиимӕ иу чиныг дӕр кӕй нӕй абарӕн.

Библийы «Ног дунейы тӕлмац» ис бирӕ ӕвзӕгтыл

5. Библи «Хуыцауы комытӕфӕй» фыст у, зӕгъгӕ, уый цы нысан кӕны?

5 Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Библи фыст у «Хуыцауы комытӕфӕй» (2 Тимофеймӕ 3:16). Цы нысан кӕны уый? Дзуапп нын дӕтты Библи йӕхӕдӕг: «Адӕм дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй, йӕ сыгъдӕг тых сын куыд амыдта, афтӕ» (2 Петры 1:21). Ӕрхӕссӕм цӕвиттон. Куыстуаты хицау йӕ секретарӕн загъта, цӕмӕй йын писмо афысса. Ӕмӕ кӕд уыцы писмо секретарь ныффыста, уӕддӕр дзы хицауы хъуыдытӕ ӕмӕ амындтӕ ис, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ писмо секретары нӕу, фӕлӕ хицауы. Афтӕ Библийы дӕр, чи йӕ фыста, уыцы нӕлгоймӕгты хъуыдытӕ нӕй, фӕлӕ Хуыцауы хъуыдытӕ. Уымӕ гӕсгӕ Библи ӕнӕхъӕнӕй дӕр у «Хуыцауы ныхас» (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13).

ИУ ХЪУЫДЫ ДӔР ДЗЫ ИННӔЙЫ НЫХМӔ НӔУ ӔМӔ У РАСТ

6, 7. Библийы иу хъуыды дӕр иннӕйы ныхмӕ кӕй нӕу, уый диссаг цӕмӕн у?

6 Библи фыстой 1 600 азы дӕргъы. Чи йӕ фыста, уыдон цардысты ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕстӕджыты. Стӕй дзы чи зӕхкусӕг уыд, чи – кӕсагахсӕг, чи та – фыййау. Се ’хсӕн ма уыди пехуымпартӕ, тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ дӕр. Евангелитӕй иу ныффыста дохтыр Лука. Фӕлӕ кӕд, Библи чи фыста, уыдон алыхуызон адӕймӕгтӕ уыдысты, уӕддӕр дзы райдианӕй кӕронмӕ иу хъуыды дӕр иннӕйы ныхмӕ нӕу.

7 Библийы фыццаг чиныг, ома Райдианы чиныг нын дзуры, адӕмы бӕллӕхтӕ куыд райдыдтой, уый тыххӕй. Фӕстаг чиныг, ома Раргомады чиныг та нын ӕмбарын кӕны, зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕй суыдзӕн дзӕнӕт, кӕнӕ рӕсугъд цӕхӕрадон. Библийы дзырд цӕуы, зӕххыл миназты дӕргъы цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоныл, ӕмӕ нын дзы алы хай дӕр ӕххуыс кӕны, Хуыцаумӕ цы фӕнд ис ӕмӕ куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый бамбарынӕн. Библийы иу хъуыды дӕр иннӕйы ныхмӕ кӕй нӕу, уый адӕймаджы дисы ӕфтауы. Фӕлӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ уа, кӕд ӕмӕ Хуыцауы Ныхас у!

8. Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ, Библи наукӕмӕ гӕсгӕ раст кӕй у, уымӕн.

8 Библи раст у наукӕмӕ гӕсгӕ дӕр. Фыст дзы ис, ахуыргӕндтӕ бирӕ фӕстӕдӕр кӕй базыдтой, ахӕм хабӕрттӕ. Зӕгъӕм, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ Израилы адӕм хъуамӕ сӕхи сыгъдӕг дардтаиккой, стӕй-иу, хӕцгӕ низӕй рынчын чи уыд, уыдоны хъуамӕ иннӕтӕй ахибар кодтаиккой. Ацы уагӕвӕрдтӕ Левиты чиныджы фыст ӕрцыдысты, израилӕгтӕн сӕ сыхаг адӕмтӕ уыдӕттӕн зонгӕ дӕр куы ницыма кодтой, уӕд. Кӕнӕ, зӕхх цыхуызӕн у, уый фӕдыл раджы заманты алыхуызон рӕдыд хъуыдытӕ уыди. Фӕлӕ Библийы та фыст ӕрцыд, зӕхх кӕй у къори, ома тымбыл (Исай 40:22). Библийы ма фыст ис, зӕгъгӕ, зӕхх ауыгъд у «ницӕуыл», ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у (Иов 26:7). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библи наукон чиныг нӕу. Фӕлӕ дзы наукон хабӕртты кой кӕм цӕуы, уым у раст. Ӕмӕ, уӕвгӕ, Хуыцауӕй цы чиныг у, уый хъуамӕ афтӕ ма уа?!

9. а) Библи историмӕ гӕсгӕ раст кӕй у, уый йӕхӕдӕг куыд ӕвдисы? ӕ) Библи чи фыста, уыдон алцыдӕр ӕргом кӕй дзырдтой, уый дын цӕуыл дзурӕг у?

9 Библи раст у историмӕ гӕсгӕ дӕр. Фыст дзы ис бӕлвырд хабӕрттӕ. Цы адӕмы кой дзы цӕуы, уыдонӕн дзы ӕрмӕст сӕ нӕмттӕ нӕй, фӕлӕ ма, чи уыдысты, кӕмӕй рацыдысты, уый дӕр *. Историктӕ арӕх сӕхи адӕмы хъӕндзинӕдты кой не скӕнынц. Библи чи фыста, уыдон та ӕргом дзырдтой сӕхи рӕдыдтыты тыххӕй дӕр ӕмӕ сӕ адӕмы хъӕндзинӕдты тыххӕй дӕр. Зӕгъӕм, Нымӕцты чиныджы Моисей йӕхӕдӕг ныффыста, карз ӕфхӕрд кӕй тыххӕй баййӕфта, уыцы стыр рӕдыды тыххӕй (Нымӕцтӕ 20:2–12). Ӕндӕр историон документты хабӕрттӕ афтӕ ӕргом фыст арӕх нӕ вӕййынц. Библимӕ та уымӕй фау ӕрхӕссӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй у.

БИБЛИ ӔХХУЫС КӔНЫ ЦАРДЫ

10. Библи царды стыр ӕххуыс цӕмӕн у?

10 Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у, уымӕ гӕсгӕ «пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн» (2 Тимофеймӕ 3:16). Ӕцӕгдӕр, Библи стыр ӕххуыс у царды. Адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, цыма уыцы чиныджы уылты йемӕ ныхас кӕны, тынг хорз ӕй чи зоны, ахӕм чидӕр. Ӕмӕ нӕм уый хъуамӕ диссаг дӕр ма кӕса, уымӕн ӕмӕ Библи не Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕйӕ у! Йегъовӕ нын нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ нӕхицӕй дӕр хуыздӕр ӕмбары. Уый зоны, амондджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм ӕмӕ нӕ царды нӕхи цавӕр хъуыддӕгтӕй хъӕуы хизын.

11, 12. а) Матфейы чиныджы 5–7-ӕм сӕрты цы раныхас фыст ис, уым Чырысти цавӕр хъуыддӕгтыл дзырдта? ӕ) Библийы ма ноджыдӕр цавӕр хорз уынаффӕтӕ ис ӕмӕ йӕ уынаффӕтӕ зӕронд цӕуылнӕ кӕнынц?

11 Ӕркӕсӕм, иухатт Чырысти адӕмы раз цы ныхасимӕ рацыди, уымӕ. Фыст ис Матфейы чиныджы 5–7-ӕм сӕрты. Уыйбӕрц арф хъуыдытӕ дзы ис, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Чырысти дзырдта ахӕм хъуыддӕгтыл: куыд ис ӕцӕг амонд ссарӕн, искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд куыд бакӕнын хъӕуы, куыд хъӕуы Хуыцаумӕ кувын кӕнӕ хӕринаг ӕмӕ уӕлӕдарӕсыл ӕгӕр мӕт кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы. Чырыстийы ныхӕстӕ уӕд царды куыд ӕххуыс кодтой, афтӕ ӕххуыс кӕнынц абон дӕр.

12 Библийы хорз уынаффӕтӕ ис бинонты царды фӕдыл, стӕй, куыстмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ адӕмимӕ куыд цӕрӕм, уый фӕдыл дӕр. Йӕ уынаффӕтӕ зӕронд нӕ кӕнынц ӕмӕ пайда сты алкӕмӕн дӕр. Библи у зонды суадон. Уый тыххӕй Хуыцау пехуымпар Исайы уылты ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны» (Исай 48:17).

ПЕХУЫМПАРӔДТЫ ЧИНЫГ

Пехуымпар Исай бирӕ раздӕр загъта, Вавилон куыд басӕтдзысты, уый тыххӕй

13. Йегъовӕ пехуымпар Исайӕн Вавилоны тыххӕй цавӕр лыстӕг хабӕрттӕ ныффыссын кодта?

13 Библийы ис тынг бирӕ пехуымпарӕдтӕ. Абоны онг дзы бирӕтӕ сӕххӕст сты. Ӕркӕсӕм дзы иумӕ. Йегъовӕ пехуымпар Исайы уылты загъта, горӕт Вавилон кӕй ныппырх кӕндзысты. Исай цард н. э. размӕ 8-ӕм ӕнусы (Исай 13:19; 14:22, 23). Библийы лыстӕг хабӕртты онг фыст ӕрцыд, уыцы горӕт куыд басӕтдзысты, уый. Знаджы ӕфсӕдтӕ Вавилоны цӕугӕдон басур кӕндзысты ӕмӕ горӕтмӕ бацӕудзысты, хӕцын сӕ нӕ бахъӕудзӕн, афтӕмӕй. Исай ма загъта, Вавилон чи басӕтдзӕн, уыцы паддзахӕн йӕ ном дӕр, Кир, зӕгъгӕ (Исай 44:27–45:2).

14, 15. Исай Вавилоны тыххӕй цы лыстӕг хабӕрттӕ загъта, уыдон куыд сӕххӕст сты?

14 Уымӕй 200 азы фӕстӕдӕр, н. э. размӕ 539 азы 5 октябры ӕхсӕвы знаджы ӕфсӕдтӕ Вавилонмӕ хӕстӕг ӕрбынат кодтой. Чи уыди сӕ сӕргълӕууӕг? Персы паддзах Кир. Ӕмӕ уӕд ӕххӕст кӕнын райдыдта уыцы диссаджы пехуымпарад. Фӕлӕ Киры ӕфсӕдтӕ Вавилонмӕ ӕнӕхӕцгӕйӕ куыд хъуамӕ бацыдаиккой?

15 Уыцы ӕхсӕв Вавилоны цӕрджытӕн уыди стыр бӕрӕгбон. Сӕ горӕты фӕтӕн къултӕй тынг ныфсджын уыдысты. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг дӕсны хӕстон Кир та къанау скъахта ӕмӕ, горӕты астӕуты цы цӕугӕдон цыд, уымӕн йӕ дӕттӕ уырдӕм сарӕзта. Цасдӕры фӕстӕ дон афтӕ ныггыццыл, ӕмӕ Киры адӕмӕн сӕ бон баци цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ бахизын ӕмӕ горӕты къулты бынмӕ ӕрлӕууын. Фӕлӕ къултӕ та? Хабар афтӕ рауад, ӕмӕ уыцы ӕхсӕв Вавилоны кулдуӕрттӕ гомӕй ныууагътой!

16. а) Вавилоны фидӕны тыххӕй Исай цы загъта? ӕ) Исай Вавилоны тыххӕй цы загъта, уый куыд сӕххӕст?

16 Вавилоны тыххӕй бирӕ раздӕр загъд уыд: «Никуыуал дзы ничи ӕрцӕрдзӕн. Фӕлтӕр фӕлтӕры ивдзӕн, фӕлӕ уый йӕхицӕн цӕрӕнбынат нал ссардзӕн. Аравиаг лӕг дзы йӕ цатыр не ’рӕвӕрдзӕн, фыййӕуттӕ уырдӕм сӕ фос ривӕд кӕнынмӕ не ’рбатӕрдзысты» (Исай 13:20). Ацы пехуымпарады, горӕт кӕй басӕтдзысты, ӕрмӕст уый кой нӕй. Дзырд ма дзы цӕуы, Вавилон ӕнустӕм ӕдзӕрӕг кӕй хъуамӕ фӕуыдаид, уый тыххӕй дӕр. Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй рауад, уый дӕ бон у дӕхи цӕстӕй фенын. Кӕддӕры Вавилонӕй ма цы хӕлддзӕгтӕ баззад, уыдон абон сты Иракы зӕххыл, Багдадӕй 80 километры бӕрц хуссарырдӕм. Уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ Исайы уылты цы ныхӕстӕ загъта, уыдон кӕй сӕххӕст сты, «амӕрздзынӕн ӕй бындзагъдгӕнӕн уисойӕ», зӕгъгӕ (Исай 14:22, 23).

Вавилоны хӕлддзӕгтӕ

17. Библийы пехуымпарӕдтӕ алкӕддӕр кӕй сӕххӕст вӕййынц, уый дын дӕ уырнындзинад куыд фидар кӕны?

17 Библийы пехуымпарӕдтӕ алкӕддӕр кӕй сӕххӕст вӕййынц, уый дын дӕ уырнындзинад нӕ фидар кӕны? Кӕд Йегъовӕ абоны онг йӕ дзырд никуы фӕсайдта, уӕд фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ, фидӕны тыххӕй цы загъта, уый дӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн – зӕххыл уыдзӕн Дзӕнӕт (Нымӕцтӕ 23:19). Махӕн ис «ӕнусон царды ныфс». Ӕмӕ нын уыцы цардӕй зӕрдӕ бавӕрдта, «йӕ бон сайын кӕмӕн нӕу, уыцы Хуыцау» (Титмӕ 1:2) *.

«ХУЫЦАУЫ НЫХАС У УДӔГАС»

18. «Хуыцауы ныхасӕн» цы стыр тых ис, уый тыххӕй апостол Павел цавӕр ныхӕстӕ загъта?

18 Ацы сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Библийы хуызӕн чиныг ӕцӕгдӕр нӕй. Иу хъуыды дӕр дзы иннӕйы ныхмӕ нӕу, наукӕ ӕмӕ историмӕ гӕсгӕ у раст, цы уынаффӕтӕ дзы ис, уыдон царды стыр ӕххуыс сты ӕмӕ йӕ пехуымпарӕдтӕ алкӕддӕр сӕххӕст вӕййынц. Фӕлӕ Библи диссаджы чиныг ӕрмӕст уый тыххӕй нӕу. Апостол Павел ныффыста: «Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых, уый у цыфӕнды дыууӕкомон хъамайӕ дӕр цыргъдӕр: адӕймаджы афтӕ ахизы, ӕмӕ равдисы, бакастӕй куыд зыны ӕмӕ мидӕгӕй цавӕр у, уый, кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕны стджытӕ ӕмӕ стджыты магъз, ӕмӕ базоны зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ» (Дзуттӕгтӕм 4:12).

19, 20. а) Библи дын дӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсынӕн куыд баххуыс кӕндзӕн? ӕ) Хуыцауӕй Библийы тыххӕй бузныг кӕй дӕ, уый дӕ бон куыд у равдисын?

19 Хуыцауы «ныхасы», ома Библийы, цы фыст ис, уымӕн ахӕм тых ис, ӕмӕ нын нӕ цард аивы. Уый фӕрцы нӕ зӕрдӕтӕм арф ныккӕсӕм ӕмӕ, чи стӕм, уый хуыздӕр базонӕм. Чи зоны, афтӕ фӕдзурӕм, ӕз Хуыцауы уарзын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Библийӕ исты куы базонӕм, уӕд куыд бакӕнӕм? Уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, нӕ зӕрдӕйы ӕцӕгӕй цы ис, уый – уарзӕм ӕй ӕви нӕ.

20 Библи ӕцӕгдӕр у Хуыцауы Ныхас. Уыцы чиныг хъӕуы кӕсын, ахуыр ӕй кӕнын ӕмӕ йӕ зынаргъ хӕзнайыл нымайын. Хуыцауӕй уыцы лӕвары тыххӕй бузныг кӕй дӕ, уый уымӕй равдисдзынӕ, ӕмӕ йӕ дарддӕр дӕр лӕмбынӕг куы кӕсай. Уый фӕрцы хуыздӕр бамбардзынӕ, Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый. Уыцы фӕнд цавӕр у ӕмӕ куыд сӕххӕст уыдзӕн, ууыл ныхас цӕудзӕн иннӕ сӕры.

^ 9 абз. Лукайы 3:23–38 стихты бӕстон фыст ӕрцыд Йесойы хӕдзарвӕндаджы номхыгъд.

^ 17 абз. Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕй сӕххӕст вӕййынц, уый ӕрмӕст Вавилоны хабарӕй нӕу бӕрӕг. Уымӕн ма бӕлвырдгӕнӕн у, рагон горӕттӕ Тир ӕмӕ Ниневи куыд фесӕфтысты, уый дӕр (Йезекил 26:1–5; Софони 2:13–15). Уымӕй уӕлдай пехуымпар Данел ныффыста, Вавилоны фӕстӕ дунеон паддзахӕдтӕ кӕрӕдзи куыд ивдзысты, уый тыххӕй. Уыцы паддзахӕдты ’хсӕн уыдысты Мидо-Перси ӕмӕ Греци дӕр (Данел 8:5–7, 20–22). Мессийӕйы тыххӕй цы бирӕ пехуымпарӕдтӕ ӕрцыд фыст, уыдон Йесо Чырыстийыл куыд сӕххӕст сты, уый тыххӕй та кӕс ацы чиныджы Уӕлӕмхасӕны, статьяйы «Йесо Чырысти - Хуыцауы ӕрвыст Мессийӕ».