Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ӔРТЫККАГ СӔР

Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?

Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?
  • Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис?

  • Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд?

  • Фидӕны зӕххыл цавӕр цард уыдзӕн?

1. Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?

ХУЫЦАУМӔ зӕххы тыххӕй ис диссаджы фӕнд. Уый фӕнды, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр адӕм ӕнӕнизӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрой. Библийы фыст ис, Хуыцау Едемы кӕй «скодта цӕхӕрадон», кӕнӕ дзӕнӕт, ӕмӕ дзы кӕй сзайын кодта алыхуызон рӕсугъд ӕмӕ, сӕ дыргъ хӕрынӕн кӕмӕн бӕззыд, ахӕм бӕлӕстӕ. Уый фӕстӕ сфӕлдыста фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы, Адам ӕмӕ Евӕйы. Ӕрцӕрын сӕ кодта уыцы диссаджы «хӕдзары» ӕмӕ сын загъта: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут» (Райдиан 1:28; 2:8, 9, 15). Уӕдӕ Хуыцауы фӕнд уыди, цӕмӕй адӕмӕн сывӕллӕттӕ гуырдаид, ӕмӕ сабыргай зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр дзӕнӕт суыдаид. Стӕй ма хъуамӕ сӕ хъус дардтаиккой цӕрӕгойтӕм дӕр.

2. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн? ӕ) Библимӕ гӕсгӕ зӕххыл ӕнустӕм цавӕр адӕм цӕрдзӕн?

2 Куыд дӕм кӕсы, Хуыцауы фӕнд искуы сӕххӕст уыдзӕн? Искуы адӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрдзысты? Хуыцау йӕхӕдӕг загъта: «Ӕз [уынаффӕ] рахастон, ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн» (Исай 46:9–11; 55:11). Хуыцау цы сфӕнд кодта, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн! Библийы зӕххы тыххӕй фыст ис: «Дзӕгъӕлы йӕ не сфӕлдыста, скодта йӕ цӕрынӕн» (Исай 45:18). Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ зӕххыл цавӕр адӕм цӕрдзӕн? Ӕмӕ йыл цас цӕрдзысты? Ацы фарстатӕн дӕр нын Библи дзуапп дӕтты: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29; Раргомад 21:3, 4).

3. Абон зӕххыл цавӕр цард ис ӕмӕ уый фӕдыл адӕймагмӕ цавӕр фарстатӕ фӕзыны?

3 Фӕлӕ абон зӕххыл ахӕм цард нӕма ис. Адӕм рынчын дӕр кӕнынц ӕмӕ мӕлгӕ дӕр. Уымӕй уӕлдай ма хӕстыты кӕрӕдзи дӕр цӕгъдынц. Бӕрӕг у, цавӕрдӕр бӕллӕх кӕй ӕрцыд. Фӕлӕ Хуыцауы нӕ фӕндыд, цӕмӕй зӕххыл ахӕм хабӕрттӕ цӕуа. Уӕдӕ афтӕ цӕмӕн рауад? Хуыцауы фӕнд нырмӕ цӕуылнӕ сӕххӕст? Ацы фарстайӕн дзуапп историйы чингуытӕй нӕ базондзыстӕм, уымӕн ӕмӕ бӕллӕх уӕлӕрвты ӕрцыд.

ХУЫЦАУӔН ЗНАГ КУЫД ФӔЗЫНД?

4, 5. а) Калмы дзыхӕй Евӕимӕ чи ныхас кодта? ӕ) Хӕрзӕгъдау ӕмӕ ӕууӕнкджын адӕймаг давӕг куыд свӕййы?

4 Библийы фыццаг чиныджы фыст ис, Едемы цӕхӕрадоны Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уый тыххӕй. Уыцы ныхмӕлӕууӕджы Библи хоны «калм», фӕлӕ уый ӕнӕуи цӕрӕгой нӕ уыди. Библийы фӕстаг чиныг нын дзуры, зӕгъгӕ, уый у, «Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан чи хуыйны, зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр чи сайы, уыцы рагон калм» (Райдиан 3:1; Раргомад 12:9). Уый у ӕнӕуынгӕ, хъомысджын зӕд. Калмы дзыхӕй Евӕимӕ уыцы зӕд дзырдта. Уый афтӕ скодта, цыма йӕхӕдӕг нӕ, фӕлӕ калм дзырдта. Хуыцау зӕхх адӕмӕн куы цӕттӕ кодта, уӕд уыцы зӕд дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ фарсмӕ уыди (Иов 38:4, 7).

5 Фӕлӕ кӕд, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдон иууылдӕр ӕнаипп ӕмӕ ӕххӕст сты, уӕд уыцы «Хӕйрӕджы» кӕнӕ «Сайтаны» та чи сфӕлдыста? Иу ныхасӕй йӕ куы зӕгъӕм, уӕд Хуыцауы уӕларвон фырттӕй сӕ иу йӕхӕдӕг сси Хӕйрӕг. Уый гӕнӕн куыд ис? Зӕгъӕм, афтӕ рауайы, ӕмӕ хӕрзӕгъдау, ӕууӕнкджын адӕймаг свӕййы давӕг. Куыд? Цавӕрдӕр ӕвзӕр фӕнд ӕм фӕзынд, йӕ зӕрдӕйы бынат скодта ӕмӕ дзы уидӕгтӕ ауагъта. Ӕмӕ йыл цас фылдӕр хъуыды кодта, уыйас ӕй тынгдӕр фӕндыд уыцы фӕнд сӕххӕст кӕнын. Гъемӕ йын куыддӕр фадат фӕзынд, афтӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кодта (Иаковы 1:13–15).

6. Хуыцауы уӕларвон фырттӕй иу Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан куыд сси?

6 Раст афтӕ рауад йӕ хабар Хӕйрӕгӕн дӕр. Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн куы дзырдта, зӕнӕг уадзут ӕмӕ зӕхх уӕ байзӕддӕгтӕй байдзаг кӕнут, зӕгъгӕ, уӕд уыцы ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый дӕр хъуыста (Райдиан 1:27, 28). Ӕмӕ уӕд ахъуыды кодта: «Уыцы адӕм иууылдӕр Хуыцауӕн нӕ, фӕлӕ мӕнӕн куы кувиккой, уӕд цы хорз уаид!» Дарддӕр уыцы ӕвзӕр фӕнд йӕ зӕрдӕйы тыхджынӕй-тыхджындӕр кодта ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг сӕххӕст кодта. Евӕйӕн Хуыцауӕй мӕнг ныхӕстӕ фӕдзырдта ӕмӕ йӕ афтӕмӕй асайдта (Райдиан 3:1–5). Уыйадыл уыцы зӕд сси Хӕйрӕг, ома «фыдкойгӕнӕг». Уымӕй уӕлдай ма уый сси Сайтан дӕр, ома «ныхмӕлӕууӕг».

7. а) Адам ӕмӕ Евӕ цӕмӕн амардысты? ӕ) Адамы байзӕддӕгтӕ иууылдӕр цӕмӕн зӕронд кӕнынц ӕмӕ цӕмӕн мӕлынц?

7 Хӕйрӕг Адам ӕмӕ Евӕйы йӕ мӕнг ныхӕстӕй асайдта, ӕмӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызтысты (Райдиан 2:17; 3:6). Ӕмӕ ӕгоммӕгӕс кӕй разындысты, уый тыххӕй амардысты, Хуыцау сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ (Райдиан 3:17–19). Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд сси ӕнӕххӕст адӕймаг, ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр тӕригъӕд сӕ туджы рахастой (Ромӕгтӕм 5:12). Цӕмӕй ацы хабар хуыздӕр бамбарӕм, уый тыххӕй цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕн ис дзулфыцӕн тебӕ. Тебӕ зылын куы уа, уӕд дзултӕ цавӕртӕ уыдзысты? Иууылдӕр уыдзысты тебӕйы хуызӕн зылынтӕ. Афтӕ алы адӕймаг дӕр Адамӕй йӕ туджы рахаста ӕнӕххӕстдзинад. Адӕм зӕронд дӕр ӕмӕ мӕлгӕ дӕр уый тыххӕй кӕнынц (Ромӕгтӕм 3:23).

8, 9. а) Хӕйрӕг Хуыцауӕй цы загъта? ӕ) Хуыцау змӕнтджыты уайтагъд цӕуылнӕ фесӕфта?

8 Сайтан Адам ӕмӕ Евӕйы куы фӕрӕдийын кодта ӕмӕ сӕ Хуыцауы ныхмӕ куы скодта, уӕд сси змӕнтӕг. Хӕйрӕг сдзырддаг кодта Йегъовӕйы хицаудзинад. Йӕ ныхӕстӕй йӕ уый зӕгъын фӕндыд: «Хуыцау хицауӕн нӕ бӕззы. Йӕ дӕлбар чи ис, уыдоны сайгӕ кӕны ӕмӕ сӕ хорзӕй цыдӕр ӕмбӕхсы. Адӕмы Хуыцау ницӕмӕн хъӕуы. Хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый сӕхи бон дӕр у равзарын. Стӕй, ӕз куы уаин сӕ хицау, уӕд сын бирӕ хуыздӕр уаид». Цымӕ Хуыцау ахӕм уавӕры куыд хъуамӕ бакодтаид? Бирӕтӕ зӕгъынц, хъуамӕ, дам, змӕнтджыты уайтагъд фесӕфтаид. Фӕлӕ афтӕмӕй Сайтаны ӕфхӕрӕн ныхӕстӕн дзуапп лӕвӕрд ӕрцыдаид? Хуыцау хорз хицау кӕй у, уый сбӕлвырд уыдаид?

9 Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау у, ӕмӕ йӕ бон нӕ уыд змӕнтджыты уайтагъд фесафын. Хуыцау зыдта: цӕмӕй Сайтаны ӕфхӕрӕн ныхӕстӕн, куыд ӕмбӕлы, ахӕм дзуапп раттаид ӕмӕ, Хӕйрӕг сайӕгой кӕй у, уый сбӕлвырд уыдаид, уый тыххӕй хъуыди рӕстӕг. Уыйадыл адӕмы рӕстӕгмӕ сӕхи бар ауагъта, цӕмӕй сӕхӕдӕг сӕхицӕн хицӕуттӕ уыдаиккой ӕмӕ Сайтаны зондӕй цардаиккой. Йегъовӕ афтӕ цӕмӕн бакодта ӕмӕ ацы дзырддаг фарстатӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн уыйбӕрц рӕстӕг цӕмӕн радта, ууыл дзырд цӕуы 11-ӕм сӕры. Фӕлӕ уал ныр дӕр иу хъуыддагыл ахъуыды кӕнӕм. Адам ӕмӕ Евӕ Хӕйрӕгӕй хорзӕй ӕппындӕр куы ницы зыдтой, уӕд ыл, уӕвгӕ, куыд баууӕндыдысты? Цыдӕриддӕр сӕм уыди, уый сын Йегъовӕ куы радта, уӕд сӕ куыд бауырныдта, ӕмӕ сӕ сайгӕ кӕны? Ды та куыд бакодтаис?

10. Куыд у дӕ бон Йегъовӕйы фарс слӕууын ӕмӕ Хӕйрӕгӕн ныхкъуырд раттын?

10 Ацы фарстатыл хъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын, уымӕн ӕмӕ махӕй алкӕмӕ дӕр хауынц. Дӕуӕн дӕр ис фадат, цӕмӕй Йегъовӕйы фарс слӕууай ӕмӕ афтӕмӕй Хӕйрӕгӕн ныхкъуырд радтай. Дӕхи Йегъовӕйы дӕлбар куы бакӕнай, уӕд равдисдзынӕ, Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй кодта (Псалом 73:28; Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Абон зӕххыл цалдӕр миллиард адӕймаджы цӕры, фӕлӕ дзы, хъыгагӕн, Хуыцауы фарс ӕрмӕстдӕр иуӕй-иутӕ лӕууынц. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ адӕймагмӕ фӕзыны ахсджиаг фарста: Библийы ӕцӕгдӕр афтӕ фыст ис, ӕмӕ ацы дунейы хицау Хӕйрӕг у?

АЦЫ ДУНЕЙЫ ХИЦАУ ЧИ У?

Дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ дӕр Хӕйрӕджы къухы куы нӕ уыдаиккой, уӕд сӕ Чырыстийӕн куыд лӕвӕрдтаид?

11, 12. а) Хӕйрӕг Йесойы кӕй фӕлвӕрдта, уымӕй куыд рабӕрӕг, ацы дунейы хицау чи у, уый? ӕ) Ацы дунейы хицау Хӕйрӕг кӕй у, уымӕн ма Библийы цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис?

11 Ацы дунейы хицау Хӕйрӕг кӕй у, ууыл Чырысти никуы дызӕрдыг кодта. Иухатт ӕй Хӕйрӕг «фӕлвӕрдта» ӕмӕ йын диссаджы хуызы равдыста «дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ ӕмӕ сӕ кад». Стӕй йын загъта: «Ӕппӕт адӕттӕ дын ратдзынӕн, дӕ зонгуытыл куы ӕрхауай ӕмӕ мын куы бакувай, уӕд» (Матфейы 4:1, 8, 9; Лукайы 4:5, 6). Ахъуыды-ма кӕн: уыцы паддзахӕдтӕ Хӕйрӕджы къухы куы нӕ уыдаиккой, уӕд сӕ Йесойӕн куыд лӕвӕрдтаид? Чырысти афтӕ никуы загъта, ӕмӕ ацы дунейы цыдӕриддӕр хицауӕдтӕ ис, уыдон Хӕйрӕджы къухы не сты. Хӕйрӕджы къухы куы нӕ уыдаиккой, уӕд уый тыххӕй ӕнӕмӕнг загътаид.

12 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау у. Уый сфӕлдыста ацы диссаджы Дун-дуне (Раргомад 4:11). Фӕлӕ Библийы афтӕ никуы ис фыст, ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау кӕнӕ Йесо Чырысти у ацы дунейы хицау. Чырысти комкоммӕ загъта, «ацы дунейы хицау» Хӕйрӕг у, зӕгъгӕ (Иоанны 12:31; 14:30; 16:11). Библи ма Хӕйрӕджы хоны «ацы цардӕвӕрды хуыцау» дӕр (2 Коринфӕгтӕм 4:3, 4). Уыцы ныхмӕлӕууӕджы тыххӕй, ома Сайтаны тыххӕй, апостол Иоанн та ныффыста: «Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы» (1 Иоанны 5:19).

ХӔЙРӔДЖЫ ДУНЕЙӔН ЙӔ КӔРОН КУЫД ӔРЦӔУДЗӔН?

13. Ацы дуне фесафын цӕмӕн хъӕуы?

13 Ацы дунейы цард азӕй-азмӕ кӕны фыддӕрӕй-фыддӕр. Бирӕ рӕтты цӕуы хӕстытӕ, фыдгӕнджытӕ ӕгъатырӕй-ӕгъатырдӕр кӕнынц. Политиктӕ кӕнынц ӕрмӕстдӕр сӕхи мӕт, дины разамонджытӕ адӕмы сайынц. Ацы дунейӕн фӕхуыздӕр кӕнӕн нӕй. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй тагъд Хуыцау Армагеддоны хӕсты ацы фыддуне фесафдзӕн. Ӕмӕ уӕд ралӕудзӕн рӕстаг ног дуне (Раргомад 16:14–16).

14. Хуыцау йӕ Паддзахады Сӕргълӕууӕгӕй кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ уый тыххӕй бирӕ раздӕр цы уыд загъд?

14 Йегъовӕ Хуыцау йӕ уӕларвон Паддзахады, кӕнӕ хицауады, Сӕргълӕууӕгӕй сӕвӕрдта Йесо Чырыстийы. Библийы бирӕ раздӕр фыст ӕрцыд: «Мӕнӕ нын райгуырди сывӕллон, лӕвӕрд нын у лӕппу. Уымӕн йе уӕхсчытыл ӕрӕнцайдзысты кънйазы бартӕ. Ӕмӕ йӕ хондзысты... Фарны кънйаз. Йӕ кънйазы бартӕ аххӕсдзысты дардыл... ӕмӕ йӕ паддзахад уыдзӕн ӕгӕрон фарнӕй хайджын» (Исай 9:6, 7). Уыцы паддзахады, кӕнӕ хицауады, кой кодта Чырысти дӕр. Йӕ фӕдылдзӕуджытӕн амыдта, зӕгъгӕ, кувут афтӕ: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:10). Библи дарддӕр дӕр куы ахуыр кӕнай, уӕд базондзынӕ, тагъд рӕстӕджы Хуыцауы Паддзахад ацы дунейы хицауӕдтӕ иууылдӕр кӕй фесафдзӕн ӕмӕ сӕ бӕсты уыцы хицауад кӕй ӕрфидар кӕндзӕн (Данел 2:44). Уӕд Хуыцауы Паддзахад ӕгас зӕххыл дӕр скӕндзӕн Дзӕнӕт.

НОГ ДУНЕ У ТЫНГ ХӔСТӔГ!

15. Цы у «ног зӕхх»?

15 Библийы фыст ис, зӕгъгӕ нын Хуыцау зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ «ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ» (2 Петры 3:13; Исай 65:17). Библийы иуӕй-иу рӕтты дзырд «зӕхх» фӕамоны зӕххыл цӕрӕг адӕммӕ (Псалом 33:8). Уымӕ гӕсгӕ «ног зӕхх» афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ, ныртӕккӕ цы зӕххыл цӕрӕм, уый бӕсты Хуыцау ӕндӕр зӕхх скӕндзӕн. Рӕстаг «ног зӕхх» амоны, Хуыцауы хорзӕх чи ссардта, уыцы адӕммӕ.

16. а) Хуыцауы хорзӕх чи ссардта, уыдонмӕ цавӕр стыр лӕвар ӕнхъӕлмӕ кӕсы? ӕ) Цӕмӕй уыцы лӕвар райсӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?

16 Йесо Чырысти куыд загъта, афтӕмӕй, Хуыцауы хорзӕх чи ссардта, уыдон ног дунейы хайджын уыдзысты «ӕнусон цардӕй» (Марчы 10:30). Дӕ хорзӕхӕй, ссар-ма дӕ Библийы Иоанны 3:16 ӕмӕ Иоанны 17:3 стихтӕ ӕмӕ Чырыстийы ныхӕстӕ бакӕс. Бафиппайдтай, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрӕм, уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы? Ныр та ӕркӕсӕм, зӕххыл Дзӕнӕты чи цӕрдзӕн, уыдонмӕ цавӕр хорздзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ.

17, 18. Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр адӕм сабырӕй ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты?

17 Фыддзинад, тыхми ӕмӕ хӕстытӕ нал уыдзӕн. «Фыдгӕнӕг нал уыдзӕн... Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты» (Псалом 37:10, 11). Зӕххыл уыдзӕн сабырдзинад, уымӕн ӕмӕ Хуыцау «зӕххы кӕрӕтты онг бауромдзӕн хӕстытӕ» (Псалом 46:9; Исай 2:4). Уӕд «рӕстгӕнӕг дидинӕг калдзӕн, ӕмӕ алы ран дӕр уыдзӕн сабырдзинад, цалынмӕ мӕй уа, уӕдмӕ», ома ӕнустӕм! (Псалом 72:7).

18 Йегъовӕйӕн кувӕг адӕм цӕрдзысты сабырӕй ӕмӕ ӕдасӕй. Раджы заманты-иу израилӕгтӕ Хуыцаумӕ куы хъуыстой, уӕд-иу ӕдасӕй цардысты (Левит 25:18, 19). Ӕмӕ Дзӕнӕты дӕр адӕм сӕхицӕн сабырӕй ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзысты! (Исай 32:18; Михей 4:4).

19. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцауы ног дунейы хӕринаг парахатӕй кӕй уыдзӕн?

19 Хӕринагхъуаг ничиуал уыдзӕн. «Зӕххыл хор уыдзӕн парахат, хӕхты цъуппытыл зӕу-зӕу кӕндзӕн»,– фыст ис Библийы (Псалом 72:16). Йегъовӕ Хуыцау арфӕ кӕндзӕн рӕстгӕнджытӕн, ӕмӕ сын «зӕхх ратдзӕн тыллӕг» (Псалом 67:6).

20. Нӕ бон фидарӕй цӕмӕн у зӕгъын, зӕхх ӕгасӕй дӕр дзӕнӕт кӕй суыдзӕн?

20 Зӕхх ӕгасӕй дӕр суыдзӕн дзӕнӕт. Абон ӕнӕхуыцау адӕм зӕхх сафынц, фӕлӕ ног дунейы йӕ хуыз скалдзӕн. Адӕм дзы сӕхицӕн араздзысты райдзаст ног хӕдзӕрттӕ, рӕсугъд цӕхӕрадӕттӕ ӕмӕ дыргъдӕттӕ дзы скӕндзысты (Исай 65:21–24; Раргомад 11:18). Зӕххыл адӕм куыд фылдӕр кӕной, афтӕ дзы иу бынат дӕр ӕнӕзылд нал уыдзӕн. Афтӕмӕй зӕххы къори ӕгасӕй дӕр суыдзӕн Едемы цӕхӕрадонау рӕсугъд ӕмӕ дӕтдзӕн хъӕздыг тыллӕг. Хуыцау йӕ «къух байгом кӕндзӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр дӕтдзӕн, йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый» (Псалом 145:16).

21. Кӕцӕй йӕ зонӕм, адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ кӕрӕдзийӕ кӕй нал тӕрсдзысты?

21 Адӕм ӕмӕ цӕрӕгойтӕ кӕрӕдзийӕ нал тӕрсдзысты. Хъӕддаг сырдтӕ ӕмӕ хӕдзарон фос хиздзысты иумӕ. Абон хӕстӕг бацӕуӕн кӕмӕ нӕй, уыцы цӕрӕгойтӕй гыццыл сывӕллон дӕр нал тӕрсдзӕн! (Исай 11:6–9; 65:25).

22. Низтӕн сӕ кой дӕр цӕуылнӕуал уыдзӕн?

22 Низтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Чырысти зӕххыл куы цард, уӕд бирӕты сдзӕбӕх кодта. Ныр та у Хуыцауы уӕларвон Паддзахады Сӕргълӕууӕг. Уымӕ гӕсгӕ ног дунейы ноджы фылдӕр адӕмы сдзӕбӕх кӕндзӕн (Матфейы 9:35; Марчы 1:40–42; Иоанны 5:5–9). Уӕд зӕххыл цӕрӕг «адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24; 35:5, 6).

23. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый нын стыр цины хос цӕмӕн уыдзӕн?

23 Чи нын амард, уыдон райгас уыдзысты. Хуыцау цардмӕ раздахдзӕн, чи амард, уыцы адӕмӕй йӕ зӕрдыл кӕй дары, уыдоны. О, «райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 24:15; Иоанны 5:28, 29).

24. Нӕ дӕ фӕндид зӕххыл Дзӕнӕты цӕрын?

24 Не Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕйы базонын ӕмӕ йӕ фӕндагыл слӕууын чи сфӕнд кодта, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы фидӕн! Чырысти, йӕ фарсмӕ йын хъӕдыл кӕй байтыгътой, уыцы фыдгӕнӕгӕн загъта: «Уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты» (Лукайы 23:43). Уый кодта, фидӕны зӕххыл Дзӕнӕт кӕй уыдзӕн, уый кой. Адӕм уыцы хорздзинӕдтӕй хайджын уыдзысты Йесо Чырыстийы фӕрцы. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ Чырыстийы тыххӕй хъӕуы фылдӕр базонын.