Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ЦЫППӔРӔМ СӔР

Йесо Чырысти чи у?

Йесо Чырысти чи у?
  • Йесойӕн Хуыцауы фӕндты цавӕр бынат ис?

  • Зӕхмӕ кӕцӕй ӕрцыд?

  • Цавӕр адӕймаг уыди?

1, 2. а) Зындгонд адӕймаджы ном куы зонай, уӕд уый ууыл дзурӕг цӕуылнӕ у, ӕмӕ, цавӕр адӕймаг у, уый зоныс? ӕ) Йесо чи у, уый тыххӕй адӕм цы хъуыды кӕнынц?

ЗӔХХЫЛ зындгонд адӕймӕгтӕ бирӕ ис. Иуӕй-иуты зонынц ӕнӕхъӕн хъӕуы кӕнӕ горӕты йе та ӕгас бӕстӕйы дӕр. Ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ сӕ ном айхъуыст ӕппӕт дунейыл. Фӕлӕ зындгонд адӕймагӕн йӕ ном куы зонай, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕма у, ӕмӕ йын йӕ царды хабӕрттӕ, стӕй, цавӕр адӕймаг у, уый зоныс.

2 Йесо Чырысти зӕххыл куы цард, уымӕй кӕд 2 000 азы бӕрц рацыд, уӕддӕр, уый тыххӕй чи нӕ фехъуыста, ахӕм адӕймаг, ӕвӕццӕгӕн, нӕй. Фӕлӕ, ӕцӕгӕй чи уыд, уый бирӕтӕ нӕ зонынц. Иутӕ зӕгъынц, ӕнӕуи хорз адӕймаг, дам, уыди. Иннӕтӕ йӕ хонынц пехуымпар. Чидӕртӕ та зӕгъынц, Йесо Чырысти, дам, Хуыцау у ӕмӕ, дам, ын хъӕуы кувын. Фӕлӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у?

3. Йесо чи у, уый зонын дӕ ӕнӕмӕнг цӕмӕн хъӕуы?

3 Йесо чи у, уый зонын дӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3). О, Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти чи сты, адӕймаг уый бӕлвырдӕй куы зона, уӕд йӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм зӕххыл Дзӕнӕты цӕрын (Иоанны 14:6). Уымӕй уӕлдай ма нын Йесо равдыста, куыд хъуамӕ цӕрӕм ӕмӕ иннӕтӕн куыд хъуамӕ уӕм, уый (Иоанны 13:34, 35). Ацы чиныджы фыццаг сӕрӕй базыдтам, Библийы Хуыцауы тыххӕй цы фыст ис, уый. Ныр та ӕркӕсӕм, Йесо Чырыстийы тыххӕй цы дзуры, уымӕ.

ХУЫЦАУЫ ӔРВЫСТ МЕССИЙӔ

4. Дзырдтӕ «Мессийӕ» ӕмӕ «Чырысти» цы нысан кӕнынц?

4 Йесойы райгуырдӕй бирӕ раздӕр Библийы фыст ӕрцыд, Хуыцау зӕхмӕ кӕй ӕрӕрвитдзӕн Мессийӕйы, кӕнӕ Чырыстийы. Ацы дзырдтӕ дыууӕ дӕр нысан кӕнынц «Сӕрст» («Мессийӕ» – дзуттаг ӕвзагӕй, «Чырысти» та – грекъаг ӕвзагӕй). Раджы заманты-иу адӕймагӕн йӕ сӕрыл сой рауагътой ӕмӕ-иу афтӕмӕй рабӕрӕг, цавӕрдӕр бынаты ӕвӕрд кӕй ӕрцыд. Мессийӕ та хъуамӕ «сӕрст ӕрцыдаид» Хуыцауӕн йӕ сыгъдӕг тыхӕй, ома йын Хуыцау хъуамӕ йӕ бӕрны ахсджиаг хъуыддаг бакодтаид. Библи дарддӕр куы ахуыр кӕнай, уӕд ноджы фылдӕр базондзынӕ, Мессийӕйӕн Хуыцауы фӕндты цы ахсджиаг бынат ис, уый тыххӕй. Базондзынӕ ма, Йесо нын абон дӕр цы хорздзинӕдтӕ хӕссы, уый тыххӕй дӕр. Фӕлӕ, цалынмӕ Йесо нӕ райгуырд, уӕдмӕ бирӕты фӕндыд, Мессийӕ чи уыдзӕн, уый базонын.

5. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ фидарӕй цы зыдтой?

5 Н. э. фыццаг ӕнусы Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ фидарӕй зыдтой, сӕ Ахуыргӕнӕг кӕй уыди Мессийӕ (Иоанны 1:41). Уыцы ахуыргӕнинӕгтӕй сӕ иу, Симон Петр, Йесойӕн комкоммӕ загъта: «Ды дӕ Чырысти» (Матфейы 16:16). Фӕлӕ афтӕ фидарӕй цӕй фӕрцы уыди сӕ бон зӕгъын, ӕмӕ, кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы Мессийӕ Йесо уыд? Ӕмӕ йӕ абон мах та кӕцӕй зонӕм?

6. Цавӕр цӕвиттоны фӕрцы ис бамбарын кӕнӕн, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн Мессийӕйы базонынӕн куыд баххуыс кодта, уый?

6 Йесойы размӕ цы пехуымпартӕ цард, уыдон бирӕ лыстӕг хабӕрттӕ ныффыстой Мессийӕйы тыххӕй. Уыцы хабӕртты фӕрцы адӕмӕн сӕ бон уыди Мессийӕйы базонын. Ам ӕрхӕссӕн ис ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, чидӕр дын загъта, зӕгъгӕ, вокзалмӕ кӕнӕ аэропортмӕ ацу ӕмӕ иу кӕйдӕр ӕрбалас. Афтӕмӕй уыцы адӕймаджы уынгӕ та никуы фӕкодтай. Фӕлӕ, бакастӕй цыхуызӕн у ӕмӕ йыл цавӕр дзаумӕттӕ ис, уый дын куы бамбарын кӕнид, уӕд дын йӕ базонын ӕнцондӕр нӕ уаид? Афтӕ Йегъовӕ дӕр йӕ пехуымпарты уылты рагацау бӕлвырдӕй бамбарын кодта, Мессийӕ цавӕр хъуыддӕгтӕ сараздзӕн ӕмӕ цытӕ бавзардзӕн, уый. Ӕмӕ уыцы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кодтой, уый фӕрцы Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон уыд Мессийӕйы базонын.

7. Йесойыл цавӕр пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст?

7 Ӕркӕсӕм дзы дыууӕ пехуымпарадмӕ. Фыццаг: пехуымпар Михей 700 азы раздӕр загъта, Мессийӕ кӕй райгуырдзӕн Вифлеемы – Иудӕйы бӕстӕйы иу гыццыл горӕты (Михей 5:2). Ӕмӕ кӕм райгуырд Йесо? Раст уыцы горӕты! (Матфейы 2:1, 3–9). Дыккаг: бирӕ ӕнустӕ раздӕр Данелы 9:25 стихы цы пехуымпарад фыст ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ базонӕн уыди, Мессийӕ кӕцы аз хъуамӕ фӕзындаид, уый – н. э. 29 азы *. Ацы дыууӕ пехуымпарады ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр пехуымпарӕдтӕ дӕр куыд сӕххӕст сты, уымӕй рабӕрӕг, Йесо Мессийӕ кӕй уыд.

Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд сси Мессийӕ, кӕнӕ Чырысти

8, 9. Йесо донаргъуыд куы иста, уӕд куыд рабӕрӕг, Мессийӕ кӕй уыд, уый?

8 Йесо Мессийӕ кӕй уыди, уый ноджы тынгдӕр та рабӕрӕг н. э. 29 азы кӕрон. Уыцы аз Йесо бацыд Аргъауӕг Иоанмӕ, цӕмӕй Иорданы цӕугӕдоны донаргъуыд райстаид. Йегъовӕ Иоаннӕн уый размӕ загъта, бӕлвырд нысан кӕй фендзӕн ӕмӕ уый фӕрцы кӕй базондзӕн Мессийӕйы. Ӕмӕ Иоанн уыцы нысан федта, Йесойӕн донаргъуыд куы лӕвӕрдта, уӕд. Библийы фыст ис: «Йесо куыддӕр аргъуыд райста, афтӕ донӕй рахызт, ӕмӕ уӕд арв фегом, ӕмӕ йын Иоанн йӕ сӕрмӕ федта Хуыцауы сыгъдӕг тых бӕлоны хуызы ӕрцӕйцӕугӕ. Ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: „Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт“» (Матфейы 3:16, 17). Иоанн уыдӕттӕ куы федта ӕмӕ Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъуыста, уӕд ма йын цы зонын хъуыди, Йесо Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй уыд (Иоанны 1:32–34). Уыцы бон Хуыцау Йесойыл йӕ сыгъдӕг тых, ома йӕ архайгӕ тых, куы ӕруагъта, уӕд уый сси Мессийӕ, кӕнӕ Чырысти. Уыцы бон Йесо ӕвӕрд ӕрцыд Хицауӕй ӕмӕ Паддзахӕй (Исай 55:4).

9 Уӕдӕ, Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст сты ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцау йӕхӕдӕг цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, Йесо Хуыцауы ӕрвыст Мессийӕ кӕй уыд. Фӕлӕ ма нын Библи Йесо Чырыстийы тыххӕй дзуапп дӕтты дыууӕ ахсджиаг фарстайӕн: зӕхмӕ кӕцӕй ӕрцыд ӕмӕ цавӕр адӕймаг уыди?

ЙЕСО ЗӔХМӔ КӔЦӔЙ ӔРЦЫД?

10. Йесо цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ кӕм цард?

10 Библи нын ӕмбарын кӕны, Йесо цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ уӕлӕрвты кӕй цард. Афтӕ чи загъта, зӕгъгӕ, Мессийӕ Вифлеемы райгуырдзӕн, уыцы пехуымпар Михей ма ноджыдӕр загъта, Мессийӕйӕн йӕ равзӕрд «раджы замантӕй» кӕй у (Михей 5:2). Йесо йӕхӕдӕг дӕр бирӕ хӕттыты дзырдта, цалынмӕ зӕххыл адӕймагӕй нӕ райгуырд, уӕдмӕ уӕлӕрвты кӕй цард (Иоанны 3:13; 6:38, 62; 17:4, 5). Уым, уӕлӕрвты, Йесо тынг ӕввахс уыди Йегъовӕимӕ.

11. Йегъовӕйӕн Йесо йӕ фырттӕй се ’ппӕтӕй зынаргъдӕр кӕй у, уый Библи куыд ӕвдисы?

11 Йегъовӕйӕн Йесо йӕ фырттӕй се ’ппӕтӕй зынаргъдӕр у, ӕмӕ уый афтӕ хуымӕтӕджы нӕу. Библийы фыст ис, Йесо кӕй у, «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг» (Колоссӕгтӕм 1:15) *. Йегъовӕйӕн ма Йесо уӕлдай адджын ноджыдӕр уый тыххӕй у, ӕмӕ йӕ «иунӕггуырд» Фырт у (Иоанны 3:16, фиппаинаг). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Йесойы Хуыцау йӕхӕдӕг иунӕгӕй сфӕлдыста. Уый фӕстӕ цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдӕттӕ та сфӕлдыста Йесоимӕ (Колоссӕгтӕм 1:16). Йесо ма хуыйны «Дзырд» дӕр (Иоанны 1:14). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йесо уыд Хуыцауы минӕвар. Йӕ Фыд-иу йӕ иннӕ фырттӕн, ома зӕдтӕн ӕмӕ адӕмӕн, цы зӕгъинаг уыди, уый-иу сӕм Йесо фӕхӕццӕ кодта.

12. Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ, Хуыцаумӕ цы бартӕ ис, йӕ фыццаггуырд Фыртмӕ ахӕм бартӕ кӕй нӕй?

12 Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, Хуыцаумӕ цы бартӕ ис, Йесомӕ дӕр ахӕм бартӕ ис. Фӕлӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у? Библи афтӕ нӕ дзуры. Куыд базыдтам, афтӕмӕй Йесойы Хуыцау сфӕлдыста. Уӕдӕ Фыртӕн уыди райдиан, Йегъовӕ Хуыцауӕн та нӕдӕр райдиан ис, нӕдӕр кӕрон (Псалом 90:2). Стӕй Хуыцауы иунӕггуырд Фырт ууыл никуы архайдта, цӕмӕй, йӕ Фыдмӕ цы бартӕ ис, уымӕ дӕр ахӕм бартӕ уыдаид. Библи нын комкоммӕ дзуры, Фыд Фыртӕй уӕлдӕр кӕй у (Иоанны 14:28; 1 Коринфӕгтӕм 11:3). Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ у «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау» (Райдиан 17:1). Уӕдӕ, уымӕ цы бартӕ ис, ахӕм бартӕ ӕндӕр никӕмӕ ис *.

13. Библийы Йесойы тыххӕй афтӕ цӕмӕн ис фыст, зӕгъгӕ, уый у, «цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы хуызӕн»?

13 Арв дӕр ӕмӕ зӕхх дӕр куы нӕма фӕзындысты, уӕд Йегъовӕ ӕмӕ йӕ фыццаггуырд Фырт иумӕ уыдысты миллиард азты дӕргъы. Ахъуыды-ма кӕн, кӕрӕдзи куыд тынг уарзтаиккой! (Иоанны 3:35; 14:31). Хуыцауӕн йӕ зынаргъ Фырт алцӕмӕй дӕр уыд йӕхи хуызӕн. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Йесо у, «цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы хуызӕн» (Колоссӕгтӕм 1:15). Мӕнӕ фыдӕн йӕ фырт бирӕ цӕмӕйдӕрты йӕхи хуызӕн куыд вӕййы, афтӕ уыцы уӕларвон Фырт дӕр йӕ удыхъӕдӕй ӕмӕ йӕ миниуджытӕй уыди йӕ Фыды хуызӕн.

14. Йегъовӕйы иунӕггуырд Фырт адӕймаг куыд сси?

14 Йегъовӕйы иунӕггуырд Фырт барвӕндонӕй ныууагъта уӕлӕрвтӕ ӕмӕ зӕхмӕ ӕрцыд. Фӕлӕ уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ уӕларвон зӕд адӕймаг суыдаид? Йегъовӕ сарӕзта диссаг. Йӕ фыццаггуырд Фырты цард уӕлӕрвтӕй рахаста дзуттаг чызг Марийӕйы хуылфмӕ. Марийӕ зӕххон лӕгӕй нӕ басывӕрджын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ фырт йӕ туджы тӕригъӕд нӕ рахаста. Марийӕ йӕ фырты схуыдта Йесо (Лукайы 1:30–35).

ЙЕСО ЦАВӔР АДӔЙМАГ УЫД?

15. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесойы фӕрцы хуыздӕр базондзыстӕм Йегъовӕйы?

15 Йесо зӕххыл цӕргӕйӕ цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уый фӕрцы йӕ нӕ бон у хорз базонын. Стӕй ма афтӕмӕй хуыздӕр базондзыстӕм Йегъовӕйы дӕр. Куыд? Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй Йесо алцӕмӕй дӕр у йӕ Фыды хуызӕн. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ дӕр уымӕн загъта: «Мӕн чи федта, уый федта Фыды дӕр» (Иоанны 14:9). Библийы цыппар Евангелийӕ – Матфей, Марк, Лука ӕмӕ Иоанны чингуытӕй – бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн, Йесо Чырысти куыд цард, цы арӕзта ӕмӕ йӕм цавӕр миниуджытӕ уыд, уый тыххӕй.

16. Йесо адӕмӕн сӕйраджыдӕр цавӕр хабар хъусын кодта ӕмӕ уыцы хабар кӕмӕй уыд?

16 Йесойы зыдтой «Ахуыргӕнӕгӕй» (Иоанны 1:38; 13:13). Цӕуыл ахуыр кодта адӕмы? Уый сӕйраджыдӕр хъусын кодта «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» (Матфейы 4:23). Хуыцауы Паддзахад у уӕларвон хицауад. Зӕхх ӕгасӕй дӕр уыдзӕн уыцы хицауады дӕлбар ӕмӕ коммӕгӕс адӕмӕн ӕрхӕсдзӕн бирӕ хорздзинӕдтӕ. Фӕлӕ уыцы хорз хабар кӕмӕй уыд? Йесо йӕхӕдӕг загъта: «Ӕз цӕуыл ахуыр кӕнын, уый мӕхицӕй нӕу, фӕлӕ мӕ чи рарвыста, уымӕй», ома Йегъовӕйӕ (Иоанны 7:16). Йесо зыдта, йӕ Фыды кӕй фӕнды, цӕмӕй адӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъусой. Уыцы Паддзахад цы у ӕмӕ цы сараздзӕн, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис 8-ӕм сӕрӕй.

17. Йесо адӕмы кӕм ахуыр кодта ӕмӕ йӕ хъарутӕ иууылдӕр уыцы хъуыддагӕн цӕмӕн лӕвӕрдта?

17 Йесо адӕмы кӕм ахуыр кодта? Кӕмдӕриддӕр сыл ӕмбӕлд, уым: хъӕуты, горӕтты, базарты ӕмӕ сӕ хӕдзӕртты дӕр. Йесо не ’нхъӕлмӕ каст, адӕм ӕм кӕд ӕрбацӕудзысты, уымӕ, фӕлӕ сӕм йӕхӕдӕг цыди (Марчы 6:56; Лукайы 19:5, 6). Цымӕ хъусын кӕнынӕн ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнынӕн уыйбӕрц хъарутӕ ӕмӕ уыйбӕрц рӕстӕг цӕмӕн лӕвӕрдта? Уымӕн ӕмӕ уый Хуыцауы фӕндон уыди. Ӕмӕ Йесо та алкӕддӕр арӕзта, йӕ Фыды цы фӕндыд, уый (Иоанны 8:28, 29). Фӕлӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ хъусын кодта. Йесо адӕмӕн тӕригъӕд кодта ӕмӕ сыл йӕ зӕрдӕ рысти (Матфейы 9:35, 36). Адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй чи хъуамӕ дзырдтаид, уыцы дины разамонджыты сӕ мӕт ӕппындӕр нӕ уыд. Йесо ӕмбӕрста, адӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕнӕмӕнг кӕй хъуамӕ фехъуыстаиккой.

18. Йесойы миниуджытӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцы цӕуы?

18 Йесо уыд фӕлмӕн ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг, адӕмы йӕ зӕрдӕйы хъармӕй тавта. Иннӕтӕн, суанг сывӕллӕттӕн дӕр йемӕ тынг ӕнцон уыди (Марчы 10:13–16). Йесо алы хъуыддаджы дӕр рӕстӕй архайдта ӕмӕ никӕй хъулон кодта. Стӕй цӕстмӕ митӕ нӕ уарзта, зыд ӕмӕ кӕрӕф адӕмӕй йе сӕфт уыдта (Матфейы 21:12, 13). Уӕды заман сылгоймӕгты ницӕуыл нымадтой ӕмӕ сӕ ӕфхӕрдтой, фӕлӕ сын Йесо та кад кодта (Иоанны 4:9, 27). Йесо уыди тынг сӕрныллӕг. Иухатт йӕ апостолтӕн сӕ къӕхтӕ ныхсадта, кӕд-иу уыцы куыст лӕггадгӕнджытӕ кодтой ӕмӕ йӕ йӕ сӕрмӕ ничи хаста, уӕддӕр.

Йесо хъусын кодта, адӕмыл кӕмдӕриддӕр ӕмбӕлд, уым

19. Йесо тыхст адӕймагӕн баххуыс кӕнынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй уыд, уый цавӕр хабар ӕвдисы?

19 Йесо алкӕддӕр цӕттӕ уыд тыхст адӕймагӕн баххуыс кӕнынмӕ. Ӕмӕ йӕ Хуыцау цы тыхӕй схайджын кодта, уыцы тыхы фӕрцы-иу адӕмы сдзӕбӕх кодта (Матфейы 14:14). Зӕгъӕм, иухатт ӕм хъотырӕй рынчын адӕймаг бацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕрмӕст дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ». Йесо уыцы адӕймагӕн афтӕ тынг фӕтӕригъӕд кодта, цыма йӕхӕдӕг уыди ахӕм уавӕры. Гъемӕ йӕм йӕ къух бадардта, андзӕвыд ыл ӕмӕ йын загъта: «Фӕнды мӕ. Сдзӕбӕх у». Ӕмӕ лӕг адзӕбӕх! (Марчы 1:40–42). Уыцы лӕг куыд цин кодтаид, уый-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн.

КӔРОНМӔ ИУЗӔРДИОНӔЙ БАЗЗАД

20, 21. Йесо Хуыцауыл куыд иузӕрдион уыд ӕмӕ йӕ коммӕ куыд каст, уымӕй нын фӕзминаг цӕмӕн у?

20 Йесо нын фӕзминаг у, Хуыцауыл куыд иузӕрдион уыд ӕмӕ йӕ коммӕ куыд каст, уымӕй. Кӕд-иу алыхуызон зын уавӕрты бахауд, кӕд йӕ ныхмӕ карзӕй цыдысты ӕмӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, уӕддӕр йӕ уӕларвон Фыдыл йӕ зӕрдӕ никуы сивта. Хӕйрӕг ӕй куы рӕдийын кодта, уӕд Хуыцауы ныхасы сӕрты нӕ ахызт (Матфейы 4:1–11). Иухатт та йыл йӕ хиуӕттӕ дӕр нӕ баууӕндыдысты ӕмӕ ма дзы афтӕ дӕр дзырдтой, йӕ сӕрызонд, дам, фӕцыди (Марчы 3:21). Фӕлӕ Йесо сӕ зондыл нӕ ацыд ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаг нӕ ныууагъта. Кӕд-иу ын йе знӕгтӕ алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ дзырдтой, уӕддӕр йӕхиуыл хӕцын зыдта ӕмӕ сын ӕвзӕр ӕвзӕрӕй никуы бафыста (1 Петры 2:21–23).

21 Йесо Хуыцауыл иузӕрдион уыди мӕлӕты онг. Мӕлгӕ та акодта йе знӕгты къухӕй, стӕй ӕгъатыр ӕмӕ хъизӕмары мардӕй (Филиппӕгтӕм 2:8). Иу гыццыл-ма ахъуыды кӕнӕм, зӕххыл йӕ царды фӕстаг бон йӕ уд цытӕ бавзӕрста, ууыл. Ӕрцахстой йӕ, мӕнг ӕвдисӕнтӕ йыл, цы нӕ уыди, уыдӕттӕ ӕрымысыдысты, мӕнгард тӕрхонгӕнджытӕ йын мӕлӕты тӕрхон рахастой, адӕм дзы хынджылӕг кодтой, стӕй йын ӕфсӕддонтӕ алы фыдмитӕ фӕкодтой ӕмӕ йӕ хъӕдыл байтыгътой. Ӕмӕ уым, хъӕдыл ауыгъдӕй, Йесо фӕстаг улӕфт скодта ӕмӕ ма йӕ фӕстаг ныхӕстӕ загъта: «Цыдӕриддӕр мын бафӕдзӕхстай, уый сӕххӕст кодтон!» (Иоанны 19:30). Йесо амард, фӕлӕ йӕ ӕртыккаг бон йӕ Фыд, Йегъовӕ Хуыцау, фӕстӕмӕ уӕларвон цардмӕ райгас кодта (1 Петры 3:18). Ӕмӕ цалдӕр къуырийы фӕстӕ уӕлӕрвтӕм аздӕхт. Уым Йесо «ӕрбадт Хуыцауы рахиз фарс» ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, паддзахы бартӕ йын йӕ къухмӕ кӕд ратдзӕн, уымӕ (Дзуттӕгтӕм 10:12, 13).

22. Йесо мӕлӕты онг иузӕрдионӕй кӕй баззад, уый фӕрцы нын цавӕр фадат фӕзынд?

22 Йесо мӕлӕты онг иузӕрдионӕй кӕй баззад, уый фӕрцы нын цавӕр фадат фӕзынд? Уый фӕрцы нын фӕзынд фадат, цӕмӕй ӕнустӕм зӕххыл Дзӕнӕты цӕрӕм, Йегъовӕйы ӕппӕты райдианӕй куыд фӕндыд, афтӕ. Йесойы мӕлӕт нын ӕнустӕм цӕрыны фадат куыд дӕтты, ууыл дзырд цӕуы иннӕ сӕры.

^ 7 абз. Данелы пехуымпарад Йесойыл куыд сӕххӕст, уый бӕстон ӕвзӕрст цӕуы Уӕлӕмхасӕны, статьяйы «Данелы пехуымпарад Мессийӕйы ӕрцыды тыххӕй».

^ 11 абз. Йегъовӕ «Фыд» уымӕн хуыйны, ӕмӕ Сфӕлдисӕг у (Исай 64:8). Йесойы Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ хуыйны Хуыцауы Фырт. Ӕмӕ иннӕ зӕдтӕ дӕр, стӕй зӕххон адӕймаг Адам дӕр, уый тыххӕй хуыйнынц Хуыцауы фырттӕ (Иов 1:6; Лукайы 3:38).

^ 12 абз. Хуыцаумӕ цы бартӕ ис, йӕ фыццаггуырд Фыртмӕ ахӕм бартӕ кӕй нӕй, уый тыххӕй фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис Уӕлӕмхасӕны, статьяйы «Фыд, фырт ӕмӕ сыгъдӕг уд».