Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ӔХСӔЗӔМ СӔР

Мӕрдты исты ис?

Мӕрдты исты ис?
  • Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?

  • Адӕм цӕмӕн мӕлынц?

  • Мӕлӕт цы у, уый зонын цӕмӕн хъӕуы?

1–3. а) Мӕлӕты фӕдыл адӕймагмӕ цавӕр фарстатӕ фӕзыны? ӕ) Уыцы фарстатӕ динтӕ куыд ӕмбарын кӕнынц?

АЦЫ фарстатыл адӕм хъуыды кӕнынц миназты дӕргъы. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр тынг ахсджиаг фарстатӕ сты. Кӕмфӕнды ма цӕрӕм ӕмӕ цавӕрфӕнды адӕймӕгтӕ ма уӕм,– алкӕй дӕр нӕ фӕнды ацы фарстатӕн дзуапп базонын.

2 Айразмӕйы сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Йесо Чырысти адӕмы тыххӕй кӕй амард, уый фӕрцы нын фӕзынд ӕнустӕм цӕрыны фадат. Стӕй ма Библийӕ базыдтам, кӕй ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ мӕлӕт нал уыдзӕн (Раргомад 21:4). Фӕлӕ нырма иу адӕймаг дӕр ӕнӕмӕлгӕ нӕу. Кӕддӕр зондджын паддзах Соломон ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Удӕгӕстӕ зонынц, кӕй амӕлдзысты» (Екклесиаст 9:5). Алчидӕр нӕ фӕархайы, цӕмӕй фылдӕр фӕцӕра. Фӕлӕ уӕддӕр фӕхъуыды кӕнӕм, адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы, зӕгъгӕ.

3 Нӕ хиуӕттӕй исчи куы амӕлы, уӕд фырмастӕй нӕ зӕрдӕ ӕнцой нал фӕзоны. Фӕхъуыды кӕнӕм: «Цымӕ ныр кӕм ис? Мыййаг, искуы хъизӕмар кӕны? Уыны мӕ? Мӕ бон ын истӕмӕй баххуыс кӕнын у? Искуы ма йӕ фендзынӕн?» Ацы фарстатӕ динтӕ алыхуызӕтты ӕмбарын кӕнынц. Иутӕ зӕгъынц, хорз адӕм, дам, уӕлӕрвтӕм ацӕуынц, фыдгӕнджытӕ та, дам, зындоны арты фӕсудзынц. Иннӕ динтӕ та зӕгъынц, мӕлӕты фӕстӕ, дам, адӕймагӕн йӕ уд ацӕуы ӕнӕуынгӕ дунемӕ йӕ фыдӕлтӕм. Ис ма ахӕм динтӕ дӕр, ӕмӕ дзурынц, чи амӕлы, уыдон, дам, ацӕуынц мӕрдты бӕстӕм, уым сын стӕрхон кӕнынц, ӕмӕ стӕй ногӕй, ӕндӕр буары райгуырынц.

4. Мӕлӕты фӕдыл бирӕ динты ахуырӕдтӕн сӕ хъуыды цы у?

4 Ахӕм ахуырӕдтӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ хъуыды уый у, ӕмӕ, дам, адӕймаг куы амӕлы, уӕд дӕр ма, дам, дзы кӕмдӕр цыдӕр цӕргӕйӕ баззайы. Раджы дӕр ӕмӕ ныр дӕр, зӕгъӕн ис, ӕмӕ динтӕ иууылдӕр афтӕ дзурынц, ӕмӕ, дам, адӕймагӕн мӕлӕты фӕстӕ дӕр йӕ бон у цавӕрдӕр хуызы ӕнустӕм цӕрын, уынын, хъусын ӕмӕ хъуыды кӕнын. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн ис? Алчидӕр ӕй зоны, адӕймагӕн йе ’нкъарӕнтӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ йӕ магъзы куыстимӕ баст кӕй сты. Ӕмӕ адӕймаг куы амӕлы, уӕд та магъз йӕ куыстӕй ӕрлӕууы. Ӕмӕ ма уӕд адӕймаг дарддӕр куыд хъуамӕ цӕра? Уӕд хъуамӕ йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ йе ’нкъарӕнтӕ сӕхӕдӕг цавӕрдӕр хуызы ӕнӕ магъзӕй сӕ куыст кӕной.

АДӔЙМАГ КУЫ АМӔЛЫ, УӔД ЦЫ ФӔВӔЙЙЫ?

5, 6. Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы, уый тыххӕй Библи цы дзуры?

5 Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы, уый Йегъовӕйӕ хуыздӕр ничи зоны, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы магъз уый скодта. Ӕмӕ нын ӕй йӕ Ныхасы, Библийы, ӕмбарын дӕр кӕны. Уым бӕлвырдӕй фыст ис: адӕймаг амард, уӕд нал ис. Мӕлӕт ӕмӕ цардӕн кӕрӕдзиимӕ ӕппындӕр иумӕйагӕй ницы ис. Мард нӕдӕр уынгӕ кӕны, нӕдӕр хъусгӕ ӕмӕ нӕдӕр хъуыды кӕнын у йӕ бон. Адӕймаг куы амӕлы, уӕд дзы цӕргӕйӕ ницы баззайы. Ӕнӕмӕлгӕ уд ын нӕй *.

Судзгӕйӕ ма дзы исты баззад?

6 Соломон афтӕ куы загъта, удӕгӕстӕ зонынц, кӕй амӕлдзысты, зӕгъгӕ, уӕд ма ноджыдӕр йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц». Ӕмӕ стӕй ацы хъуыды фӕбӕлвырддӕр кодта. Загъта, зӕгъгӕ, мардӕн йӕ бон нӕдӕр уарзын у ӕмӕ нӕдӕр фыдӕх хӕссын ӕмӕ ингӕны «нӕдӕр куыст ис, нӕдӕр фӕндтӕ, нӕдӕр зонындзинӕдтӕ, нӕдӕр зонд» (Екклесиаст 9:5, 6, 10). Ахӕм хъуыды ма ис Псаломы 146:4 стихы дӕр, зӕгъгӕ, адӕймаг куы амӕлы, уӕд «фесӕфынц йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр». Адӕймаг сыджыты хай бавӕййы – удӕгасӕй дзы ницыуал баззайы. Адӕймаджы цард абарӕн ис судзгӕ цырагъимӕ. Цырагъ куы ахуыссын кӕнай, уӕд дзы судзгӕйӕ ницыуал баззайы.

МӔЛӔТЫ ТЫХХӔЙ ЧЫРЫСТИ ЦЫ ЗАГЪТА

7. Чырысти мӕлӕт цӕимӕ абарста?

7 Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы, уый тыххӕй дзырдта Йесо Чырысти. Иу бон ын фӕхабар кодтой, йӕ хорз ӕмбал Лазӕр кӕй амард. Йесо уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Не ’мбал Лазӕр бафынӕй». Уыдон ын йӕ ныхӕстӕ афтӕ бамбӕрстой, цыма Лазӕрӕн йӕ низӕй фенцондӕр ӕмӕ афынӕй. Ӕмӕ сын уӕд Йесо комкоммӕ загъта, «Лазӕр амард», зӕгъгӕ (Иоанны 11:11–14). Кӕс-ма, Йесо мӕлӕт абарста, адӕймаг куы бафынӕй вӕййы, уыимӕ. Лазӕр уӕлӕрвтӕм нӕ ацыд, уӕдӕ зындоны арты дӕр нӕ сыгъд. Уый нӕдӕр зӕдты федта, нӕдӕр йӕ фыдӕлты. Стӕй ногӕй ӕндӕр адӕймагӕй дӕр нӕ райгуырд. Лазӕр уыд мард, ницы ӕмбӕрста, мӕнӕ адӕймаг тарф фынӕй куы бавӕййы ӕмӕ фынтӕ дӕр куы нӕ фӕуыны, раст афтӕ. Ахӕм цӕвиттонтӕ ма Библийы ис ӕндӕр рӕтты дӕр. Зӕгъӕм, Чырыстийы ахуыргӕнинаг Стефаны дуртӕй куы амардтой, уый тыххӕй Библийы фыст ис, «бафынӕй», зӕгъгӕ (Хъуыддӕгтӕ 7:60, фиппаинаг). Апостол Павел дӕр, йӕ рӕстӕджы чи амард, ахӕмты тыххӕй фыста, зӕгъгӕ, «бафынӕй» сты (1 Коринфӕгтӕм 15:6, фиппаинаг).

Йегъовӕ адӕмы сфӕлдыста зӕххыл ӕнустӕм цӕрынӕн

8. Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ Хуыцауы нӕ фӕндыди, цӕмӕй адӕм мӕлой?

8 Фӕлӕ Хуыцауы нӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм мӕлой. Йегъовӕ адӕймаджы зӕххыл ӕнустӕм цӕрынӕн сфӕлдыста. Куыд базыдтам, афтӕмӕй Хуыцау фыццаг лӕг ӕмӕ усы ӕрцӕрын кодта дзӕнӕты цӕхӕрадоны. Уыдон, низ цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кодтой. Йегъовӕйы фӕндыди ӕрмӕстдӕр сӕ хорздзинад. Уӕвгӕ, кӕцы ныййарӕджы фӕнды, цӕмӕй йӕ хъӕбул искуы базӕронд уа ӕмӕ амӕла? Никӕцы! Афтӕ Йегъовӕ дӕр уарзта йӕ сывӕллӕтты ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй зӕххыл ӕнустӕм амондджынӕй цардаиккой. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕ «адӕмӕн сӕ зӕрдӕты нывӕрдта ӕнусон цард» (Екклесиаст 3:11). Хуыцау нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ фӕнды ӕнустӕм цӕрын. Ӕмӕ ӕппӕт дӕр сарӕзта, цӕмӕй уыцы фӕнд сӕххӕст уа.

АДӔМ ЦӔМӔН МӔЛЫНЦ?

9. Йегъовӕ Адамы цӕмӕй бафӕдзӕхста ӕмӕ уыцы фӕдзӕхст зынӕххӕстгӕнӕн цӕуылнӕ уыд?

9 Уӕдӕ уӕд адӕм цӕмӕн мӕлынц? Цӕмӕй уый бамбарӕм, уый тыххӕй нӕ ӕркӕсын хъӕуы, зӕххыл ӕрмӕстдӕр дыууӕ адӕймаджы куы цард, уыцы хабӕрттӕм. Библийы фыст ис: «Йегъовӕ Хуыцау зӕххӕй сзайын кодта алыхуызон рӕсугъд ӕмӕ, сӕ дыргъ хӕрынӕн кӕмӕн бӕззыд, ахӕм бӕлӕстӕ» (Райдиан 2:9). Ӕрмӕст сӕ иу цӕмӕйдӕр бафӕдзӕхста. Йегъовӕ Адамӕн загъта: «Цӕхӕрадоны алы бӕласӕй дӕр хӕр, цас дӕ хъӕуы, уыйбӕрц. Фӕлӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоныны бӕласӕй ма бахӕр. Цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ» (Райдиан 2:16, 17). Ацы фӕдзӕхст зынӕххӕстгӕнӕн нӕ уыд. Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕ алыварс уыди бирӕ ӕндӕр дыргъбӕлӕстӕ, ӕмӕ уыдонӕй сӕ бон уыди, цас сӕ хъуыди, уыйбӕрц хӕрын. Фӕлӕ сын уыцы фӕдзӕхсты фӕрцы фӕзынд диссаджы фадат. Сӕ бон уыди равдисын, ӕппӕт дӕр сын чи радта, ӕххӕст адӕймӕгтӕй сӕ чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцауӕй бузныг кӕй сты. Сӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды коммӕ куы кастаиккой, уӕд ма уымӕй равдыстаиккой, сӕ хицауыл ӕй кӕй нымайынц ӕмӕ сӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй сын зонд амона.

10, 11. а) Фыццаг лӕг ӕмӕ ус Хуыцауы ныхасы сӕрты куыд ахызтысты? ӕ) Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ кӕй нӕ байхъуыстой, уый гыццыл хъуыддаг схонӕн цӕуылнӕ ис?

10 Хъыгагӕн, фыццаг лӕг ӕмӕ ус Йегъовӕйы ныхасмӕ нӕ байхъуыстой. Калмы дзыхӕй дзургӕйӕ, Хӕйрӕг Евӕйы бафарста: «Хуыцау уын ӕцӕгдӕр загъта, цӕхӕрадоны алы бӕласӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ?» Евӕ йын бамбарын кодта: «Цӕхӕрадоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдоны дыргътӕй нын ис хӕрӕн. Фӕлӕ цӕхӕрадоны астӕу цы бӕлас ис, уымӕй нын Хуыцау афтӕ загъта: „Ма дзы бахӕрут, ӕвналгӕ дӕр ӕм ма бакӕнут, науӕд амӕлдзыстут“» (Райдиан 3:1–3).

11 Ӕмӕ йын уӕд Хӕйрӕг загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут. Фӕлӕ йӕ Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый» (Райдиан 3:4, 5). Хӕйрӕджы фӕндыд Евӕйы ахӕм зондыл саразын, зӕгъгӕ, хӕрӕн кӕмӕй нӕй, уыцы дыргътӕй куы бахӕрай, уӕд дын хорз уыдзӕн. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Евӕйӕн йӕхи бон уыди равзарын, цы у хорз ӕмӕ цы у ӕвзӕр; йӕ бон уыди, цы йӕ фӕндыд, уый кӕнын. Хӕйрӕджы ныхӕстӕй ма афтӕ дӕр рауад, ӕмӕ сын Йегъовӕ куы загъта, уыцы дыргътӕй куы бахӕрат, уӕд амӕлдзыстут, зӕгъгӕ, уӕд сӕ сайгӕ кодта. Ӕмӕ йыл Евӕ дӕр баууӕндыд. Гъемӕ уыцы дыргътӕй ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта. Стӕй дзы йӕ лӕгӕн дӕр радта, ӕмӕ дзы уый дӕр бахордта. Адам ӕмӕ Евӕ зыдтой, Хуыцау сын афтӕ цӕмӕй загъта, ма бакӕнут, зӕгъгӕ, уый кӕй аразынц. Ӕмӕ уыцы бӕласы дыргътӕй куы бахордтой, уӕд зонгӕ-зонын ахызтысты, хуымӕтӕг, зынӕй кӕм ницы уыд, уыцы фӕдзӕхсты сӕрты. Уыдон ницӕмӕ ӕрдардтой сӕ уӕларвон Фыды ӕмӕ се Сфӕлдисӕджы. Ӕмӕ уымӕн та ныххатыр кӕнӕн нӕ уыд!

12. Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд ын куыд зын уыди, уый цавӕр цӕвиттоны фӕрцы ис бамбарӕн?

12 Зӕгъӕм, дӕ фырты кӕнӕ дӕ чызджы схъомыл кодтай, дӕ уд дӕр ын не ’вгъау кодтай. Фӕлӕ уый дӕ ныхасы сӕрты ахызт ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, кӕй дӕ нӕ уарзы ӕмӕ дӕ ӕппындӕр кӕй ницӕмӕ дары. Ӕнцон дын уаид? Кӕцӕй! Ӕвӕццӕгӕн, уымӕй стырдӕр маст нӕй. Ӕмӕ-ма уӕдӕ ахъуыды кӕн, Йегъовӕйӕн та куыд зын уыдаид, Адам ӕмӕ Евӕ йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд.

Адам уыд сыджытӕй конд ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхт

13. Адаммӕ йӕ мӕлӕты фӕстӕ цы ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй Йегъовӕ цы загъта ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты?

13 Йегъовӕ ӕгоммӕгӕс Адам ӕмӕ Евӕйы ӕнустӕм цӕргӕйӕ ныууагътаид, уымӕн гӕнӕн нӕ уыд. Куыддӕриддӕр сын загъта, афтӕ рауад – амардысты. Адам ӕмӕ Евӕ никуыуал уыдысты. Уыдон кӕдӕмдӕр ӕндӕр дунемӕ нӕ ацыдысты ӕмӕ уым нӕ цардысты. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Адам кӕй нӕ байхъуыста, уый тыххӕй йын Йегъовӕ цы тӕрхон рахаста, уымӕй. Загъта йын: «Дӕ хид калгӕйӕ амал кӕндзынӕ дӕ къӕбӕр, цалынмӕ фӕстӕмӕ зӕхмӕ нӕ аздӕхай, уымӕн ӕмӕ уымӕй конд дӕ. Сыджыт дӕ, ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ» (Райдиан 3:19). Хуыцау Адамы скодта сыджытӕй (Райдиан 2:7). Уый размӕ Адамӕн йӕ кой дӕр никуы уыди. Уӕдӕ йын Йегъовӕ афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхдзынӕ, уӕд ӕй уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Адам уӕдмӕ куыд никуы уыд, афтӕ та никуы уыдзӕн.

14. Адӕм цӕмӕн мӕлынц?

14 Адам ӕмӕ Евӕ ма абоны онг дӕр цардаиккой. Фӕлӕ Хуыцаумӕ кӕй нӕ байхъуыстой ӕмӕ тӕригъӕд кӕй сарӕзтой, уый тыххӕй амардысты. Фӕлӕ мах та цӕмӕн мӕлӕм? Уымӕн ӕмӕ не ’ппӕт дӕр Адамӕй нӕ туджы рахастам тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт (Ромӕгтӕм 5:12). Тӕригъӕд у, адӕймаг йӕ туджы кӕй рахӕссы, ахӕм мӕлӕтдзаг низы хуызӕн. Иу адӕймагӕн дӕр дзы йӕ бон нӕу йӕхи бахизын. Тӕригъӕд ӕркӕны мӕлӕтмӕ, ӕмӕ мӕлӕт та у ӕлгъыст. Мӕлӕт адӕймагӕн йе ’мбал нӕу, фӕлӕ йе знаг (1 Коринфӕгтӕм 15:26). Уӕдӕ Йегъовӕйӕ куыд бузныг хъуамӕ уӕм, йӕ Фырты мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста ӕмӕ нӕ уый фӕрцы уыцы ӕгъатыр знагӕй кӕй фервӕзын кодта, уый тыххӕй.

МӔЛӔТ ЦЫ У, УЫЙ ЗОНЫН ӔНӔМӔНГ ХЪӔУЫ

15. Мӕлӕты тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый куы базонӕм, уӕд нын уый стыр удӕнцой цӕмӕн ӕрхӕссы?

15 Библийы мӕрдты тыххӕй цы фыст ис, уый куы базонӕм, уӕд нын уый стыр удӕнцой ӕрхӕссы. Куыд базыдтам, афтӕмӕй мард нӕдӕр хъизӕмар кӕны, нӕдӕр – маст. Мӕрдтӕй тӕрсын нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ удӕгӕстӕн сӕ бон ницы зиан ракӕнын у. Уӕдӕ не ’ххуыс хъуаг дӕр не сты. Стӕй сӕхицӕн дӕр сӕ бон ницӕмӕй у махӕн баххуыс кӕнын. Махӕн нӕ бон нӕу семӕ ныхас кӕнын, уыдонӕн та – махимӕ. Бирӕ динты разамонджытӕ дзурынц, махӕн, дам, нӕ бон у, чи амард, уыдонӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ сын сӕ ныхӕстыл чи ӕууӕнды, уыдон сын ӕхца раттынц. Фӕлӕ, мӕлӕт цы у, уый куы зонӕм, уӕд нӕ ахӕм мӕнг ныхӕстӕй ничи асайдзӕн.

16. Бирӕ динты ахуырӕдтӕ кӕмӕй цӕуынц ӕмӕ адӕмы зонд куыд зыгъуыммӕ кӕнынц?

16 Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы, уый Библи куыд ӕмбарын кӕны, дӕ дин дӕр ӕй афтӕ ӕмбарын кӕны? Динтӕн ӕй сӕ фылдӕр афтӕ не ’мбарын кӕнынц. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ сӕ ахуырӕдтӕ Хӕйрӕгӕй цӕуынц. Мӕнг динты фӕрцы Хӕйрӕг адӕмы ӕууӕндын кӕны ахӕм хъуыдыйыл, зӕгъгӕ, дам, адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ уд ӕнӕуынгӕ дунемӕ йӕ фыдӕлтӕм ацӕуы. Ацы мӕнг ахуырӕдтӕй ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр мӕнг ахуырӕдтӕй Хӕйрӕг адӕмы зонд зыгъуыммӕ кӕны, цӕмӕй Йегъовӕ Хуыцауы ма базоной. Ома куыд?

17. Динтӕ афтӕ кӕй зӕгъынц, зӕгъгӕ, адӕм зындоны хъизӕмар кӕнынц, уый Йегъовӕйы куыд худинаг кӕны?

17 Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй иуӕй-иу динтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, дам, кӕд адӕймаг йӕ удӕгасӕй фыдгӕнӕг уыди, уӕд йӕ мӕлӕты фӕстӕ ӕнустӕм зындоны арты судздзӕн. Ацы ахуырад Хуыцауы худинаг кӕны. Йегъовӕ уарзондзинады Хуыцау у, ӕмӕ адӕмӕн ахӕм хъизӕмӕрттӕ куыд хъуамӕ ӕвзарын кӕна? (1 Иоанны 4:8). Зӕгъӕм, сывӕллон йӕ фыды коммӕ куы нӕ бакӕса, ӕмӕ йын уый тыххӕй фыд йӕ къухтӕ арты куы судза, уӕд ахӕм фыдӕй цы ахъуыды кӕнис? Хорз адӕймаг ӕй схонис? Ахӕм адӕймагӕн дӕ, ӕвӕццӕгӕн, салам раттын дӕр нӕ бафӕндид. Зӕгъис, уый ӕгъатыр ӕмӕ дурзӕрдӕ куы у. Ӕмӕ Хӕйрӕджы дӕр раст уый фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм Йегъовӕйӕ, зӕгъгӕ, адӕмы ӕнустӕм зындоны арты судзы!

18. Адӕм мӕрдтӕн кӕй табу кӕнынц, уый цавӕр мӕнг ахуырадимӕ у баст?

18 Хӕйрӕг ма пайда кӕны ахӕм мӕнг ахуырадӕй дӕр, зӕгъгӕ, дам, адӕймаг куы амӕлы, уӕд мӕрдты бӕстӕм ацӕуы, ӕмӕ йын удӕгӕстӕ хъуамӕ кад кӕной ӕмӕ йын йӕ ном арой. Ацы ахуырадмӕ гӕсгӕ, мӕрдтӕ удӕгӕстыл кӕнӕ хӕрзаудӕн кӕнынц, кӕнӕ та – фыдаудӕн. Ӕмӕ уыцы мӕнг ахуырадыл чи ӕууӕнды, уыдон стыр хистытӕ скӕнынц, стӕй афӕдзӕй-афӕдзмӕ марды кӕндтӕ фӕкӕнынц, цӕмӕй, дам, нӕм мӕрдтӕ ма смӕсты уой. Уыдон тӕрсынц мӕрдтӕй ӕмӕ сын табу кӕнынц, сӕ ном сын арынц. Библи та афтӕ дзуры, ӕмӕ мард у фынӕй, ницы ӕмбары. Стӕй кувын хъӕуы ӕрмӕстдӕр иунӕг ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн – не Сфӕлдисӕгӕн ӕмӕ нӕ Дарӕгӕн (Раргомад 4:11).

19. Мӕлӕты тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый куы зонай, уӕд дын ӕнцондӕр цы уыдзӕн бамбарын?

19 Мӕлӕты тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый куы зонай, уӕд дын алыхуызон мӕнг ахуырӕдтӕ дӕ зонд не сзыгъуыммӕ кӕндзысты. Стӕй дын уый фӕрцы ӕнцондӕр уыдзӕн Библийы иннӕ ахуырӕдтӕ дӕр бамбарын. Зӕгъӕм, уый куы зонай, ӕмӕ мӕрдты ницы ис, уӕд тынгдӕр аргъ кӕндзынӕ, ӕнустӕм зӕххыл Дзӕнӕты цӕрыны ныфс нын кӕй ис, уымӕн.

20. Иннӕ сӕры дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

20 Кӕддӕр рӕстаг адӕймаг Иовмӕ ахӕм фарста фӕзынд: «Адӕймаг куы амӕла, уӕд ма ногӕй цӕрдзӕн?» (Иов 14:14). Чи амард, уымӕн ма фӕстӕмӕ цардмӕ раздахӕн ис? Уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый нын нӕ зӕрдӕты стыр ныфс уадзы. Ӕмӕ ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ сӕры.

^ 5 абз. Дзырд «уд» бӕстон ӕвзӕрст цӕуы Уӕлӕмхасӕны, статьяйы «Адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд ис?».