Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ӔСТӔМ СӔР

Цы у Хуыцауы Паддзахад?

Цы у Хуыцауы Паддзахад?
  • Хуыцауы Паддзахады тыххӕй Библи цы дзуры?

  • Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?

  • Уыцы Паддзахады фӕрцы зӕххыл Хуыцауы фӕндон кӕд уыдзӕн?

1. Ацы сӕры цавӕр куывдыл аныхас кӕндзыстӕм?

ӔГАС дунейы дӕр бирӕтӕ зонынц, «нӕ уӕларвон Фыд» кӕй хонынц, уыцы куывд. Йесо Чырысти уыцы куывды фӕрцы йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бацамыдта, кувын куыд хъӕуы, уый. Уыцы куывды цы ахсджиаг хъуыдытӕ ис, уыдонӕй ӕркӕсдзыстӕм фыццаг ӕртӕмӕ. Уый фӕрцы ноджы фылдӕр базондзынӕ, Библи цы дзуры, уый тыххӕй.

2. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цавӕр ӕртӕ хъуыддагӕй загъта, афтӕ кувут, зӕгъгӕ?

2 Фыццаг уал Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Кувгӕ та кӕнут афтӕ: „Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр“» (Матфейы 6:9–13). Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы ӕртӕ хъуыддагӕй загъта, афтӕ кувут, зӕгъгӕ, уыдон цы нысан кӕнынц?

3. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы хъуамӕ зонӕм?

3 Библи ахуыр кӕнгӕйӕ ды базыдтай, Хуыцауӕн йӕ ном куыд у ӕмӕ йӕ фӕндон цӕй мидӕг ис, уый тыххӕй, стӕй адӕмы тыххӕй цы сарӕзта ӕмӕ ма ноджыдӕр цы сараздзӕн, уый тыххӕй дӕр. Фӕлӕ Йесо афтӕ куы загъта, кувут, «ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад», зӕгъгӕ, уӕд ӕй уымӕй та цы зӕгъын фӕндыд? Цы у Хуыцауы Паддзахад? Уыцы Паддзахад куы ’рцӕуа, уӕд Хуыцауы ном куыд срухс кӕндзӕн, кӕнӕ йӕ куыд ссыгъдӕг кӕндзӕн? Ӕмӕ уыцы Паддзахады фӕрцы Хуыцауы фӕндон куыд сӕххӕст уыдзӕн?

ЦЫ У ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД?

4. Цы у Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ Паддзах чи у?

4 Хуыцауы Паддзахад у, Йегъовӕ Хуыцау кӕй сӕвӕрдта, уыцы хицауад. Йӕ сӕргъы чи лӕууы, уыцы Паддзахы дӕр Хуыцау йӕхӕдӕг равзӕрста. Чи у уыцы Паддзах? Йесо Чырысти. Зӕххон хицӕуттӕй Чырыстиимӕ иуы дӕр нӕй абарӕн. Йесо хуыйны «паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау» (1 Тимофеймӕ 6:15). Йесойы бон цы у саразын, уый зӕххон хицӕуттӕй иуӕн дӕр нӕу йӕ бон саразын, цыфӕнды хорз хицау ма уа, уӕддӕр.

5. Хуыцауы Паддзахад кӕм ис ӕмӕ йӕ бар цӕуыл цӕудзӕн?

5 Хуыцауы Паддзахад разамынд кӕцӕй дӕтдзӕн? Ахъуыды-ма кӕнӕм, Чырысти ныртӕккӕ кӕм ис. Ӕвӕццӕгӕн ӕй хъуыды кӕныс, Йесо хъизӕмӕртты хъӕдыл кӕй амард, фӕлӕ йӕ стӕй Хуыцау кӕй райгас кодта ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ уӕлӕрвтӕм кӕй аздӕхт (Хъуыддӕгтӕ 2:33). Уӕдӕ Хуыцауы Паддзахад дӕр ис уӕлӕрвты. Библи йӕ «уӕларвон паддзахад» дӕр уый тыххӕй хоны (2 Тимофеймӕ 4:18). Фӕлӕ кӕд уыцы Паддзахад уӕлӕрвты ис, уӕддӕр йӕ бар цӕудзӕн ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр (Раргомад 11:15).

6, 7. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесойы хуызӕн Паддзах нӕй?

6 Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесойы хуызӕн Паддзах нӕй? Уымӕн ӕмӕ уый мӕлгӕ никуы акӕндзӕн. Зӕххон паддзӕхтӕй уӕлдай Йесойы тыххӕй Библийы фыст ис: «Иунӕг уый у ӕнӕмӕлгӕ, уый цӕры, бацӕуӕн кӕдӕм нӕй, ахӕм рухсы» (1 Тимофеймӕ 6:16). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Йесо хорзӕй цыдӕриддӕр аразы, уый адӕмӕн пайда хӕсдзӕн ӕнустӕм. Ӕмӕ йӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй фидӕны Йесо адӕмӕн бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ сараздзӕн.

7 Ӕркӕс-ма, Йесойы тыххӕй Библийы иу пехуымпарады цы фыст уыд, уымӕ: «Ууыл ӕрцӕудзӕн Йегъовӕйы тых – схайджын уыдзӕн зонд ӕмӕ ӕмбарындзинадӕй, уынаффӕ, хъомыс ӕмӕ зонындзинӕдтӕй ӕмӕ тӕрсдзӕн Йегъовӕйӕ. Ӕмӕ, Йегъовӕйӕ кӕй тӕрсдзӕн, уый йын хӕсдзӕн циндзинад. Цӕстӕй цы уына, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕн тӕрхон ӕмӕ, хъусӕй цы хъуса, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕндзӕн уайдзӕф. Уый мӕгуыртӕн кӕндзӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон, зӕххыл цы сабыр адӕм ис, уыдоны пайдайӕн уайдзӕф кӕндзӕн рӕстӕй» (Исай 11:2–4). Ацы ныхӕстӕ хорз ӕвдисынц, Йесо кӕй уыдзӕн рӕстаг ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Паддзах. Ахӕм хицау дын уа, уый дӕ нӕ фӕнды?

8. Йесоимӕ ма хицӕуттӕ чи уыдзысты?

8 Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ма зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ дзы Йесо иунӕгӕй нӕ уыдзӕн хицау. Йемӕ ма уыдзӕн ӕндӕр чидӕртӕ дӕр. Зӕгъӕм, апостол Павел Тимофеймӕ фыста: «Кӕд фидар лӕууӕм, уӕд йемӕ паддзӕхтӕ дӕр уыдзыстӕм» (2 Тимофеймӕ 2:12). Уӕдӕ уӕларвон Паддзахады Йесоимӕ иумӕ хицӕуттӕ уыдзысты Павел, Тимофей ӕмӕ ма Хуыцау ноджыдӕр кӕй равзӕрста, уыцы иузӕрдион чырыстӕттӕ. Уыцы стыр кад цал адӕймагмӕ ӕрхауд?

9. Йесоимӕ ма цал хицауы уыдзӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау ӕвзарын кӕд райдыдта?

9 Айразмӕйы сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта Уӕрыччы, ома Йесо Чырыстийы. Уый лӕууыд Сионы хохыл, ома уӕлӕрвты паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ райста, ӕмӕ йемӕ лӕууыдысты «сӕдӕ цыппор цыппар мины, йӕ ном ӕмӕ йӕ Фыды ном сӕ ныхтыл фыст кӕмӕн у, уыдон». Чи сты уыцы 144 000? Иоанн йӕхӕдӕг ныффыста: «Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы, уыдон дӕр уырдӕм цӕуынц йӕ фӕдыл. Хуыцау ӕмӕ Уӕрыккӕн адӕмӕй фыццаг уыдон ӕрцыдысты ӕлхӕд» (Раргомад 14:1, 4). Ацы ныхӕстӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй уыдон сты Йесо Чырыстийы иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ. Уыдон ӕвзӕрст ӕрцыдысты, цӕмӕй Чырыстиимӕ уӕлӕрвты хицӕуттӕ уой. Ӕмӕ уӕларвон цардмӕ куы райгас вӕййынц, уӕд Чырыстиимӕ иумӕ «зӕххӕн... паддзӕхтӕ» свӕййынц (Раргомад 5:10). Хуыцау уыцы иузӕрдион чырыстӕтты ӕвзарын райдыдта апостолты замантӕй фӕстӕмӕ.

10. Адӕмӕн хицӕуттӕ Йесо ӕмӕ 144 000 кӕй уыдзысты, уый Хуыцауы уарзондзинадыл дзурӕг цӕмӕн у?

10 Адӕмӕн хицӕуттӕ Йесо ӕмӕ 144 000 кӕй уыдзысты, уый дзурӕг у Хуыцауы уарзондзинадыл. Йесо йӕхӕдӕг дӕр уыди адӕймаг, ӕмӕ рыст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ йӕхиуыл бавзӕрста. Павел Йесойӕ афтӕ загъта, зӕгъгӕ, уый, «нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын чи нӕ бамбара, ахӕм нӕу. Уый махау фӕлвӕрд ӕрцыд алцӕмӕй дӕр, ӕрмӕст тӕригъӕд никуы сарӕзта» (Дзуттӕгтӕм 4:15; 5:8). Йесоимӕ ма паддзӕхтӕ чи уыдзысты, уыдон дӕр зӕххыл бирӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрстой. Стӕй сӕхӕдӕг дӕр тох кодтой ӕнӕххӕстдзинадимӕ ӕмӕ алыхуызон низтимӕ дӕр. Уӕдӕ, адӕм цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уый куыннӕ ӕмбардзысты!

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД ЦЫ САРАЗДЗӔН?

11. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, кувут цӕмӕй Хуыцауы фӕндон уӕлӕрвты уа?

11 Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн куы амыдта, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады ӕрцыды тыххӕй куывтаиккой, уӕд ма афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ, кувут, цӕмӕй, Хуыцауы фӕндон «уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уа зӕххыл дӕр». Хуыцау ис уӕлӕрвты, ӕмӕ йын уым иузӕрдион зӕдтӕ алкӕддӕр йӕ фӕндон ӕххӕст кодтой. Фӕлӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй зӕдтӕй сӕ иу Хуыцауы фӕндон нал ӕххӕст кодта ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйы дӕр тӕригъӕды бафтыдта. Уыцы ӕвзӕр зӕды тыххӕй, ома Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтаны тыххӕй, Библийы цы фыст ис, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис 10-ӕм сӕрӕй. Сайтанӕн ӕмӕ, зӕдтӕй йӕ зондыл чи ацыд, уыдонӕн, ома хӕйрӕджытӕн, цасдӕр рӕстӕг уыд уӕлӕрвты цӕрыны бар. Уӕдӕ уыцы рӕстӕг уӕлӕрвты Хуыцауы фӕндон алчи не ’ххӕст кодта. Фӕлӕ, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уӕд уавӕр фӕивта. Куыддӕр Йесо Чырысти Паддзах сси, афтӕ Хӕйрӕгимӕ схӕцыд (Раргомад 12:7–9).

12. Раргомады 12:10 стихы цавӕр дыууӕ ахсджиаг хабары кой цӕуы?

12 Уыцы хӕсты тыххӕй Библийы бирӕ раздӕр фыст ӕрцыд: «Уӕларвӕй [мӕм] ӕрыхъуыст тыхджын хъӕлӕс: „Ныр нӕ Хуыцау адӕмӕн ирвӕзындзинад ӕрхаста, йӕ тых раргом, йӕ паддзахад сфидар ӕмӕ йӕ Чырыстийы хицаудзинад райдыдта, уымӕн ӕмӕ ӕппӕрст ӕрцыд не ’фсымӕртыл фауӕвӕрӕг [ома Хӕйрӕг], ӕхсӕвӕй-бонӕй сыл нӕ Хуыцауы раз фаутӕ чи ӕвӕры, уый“» (Раргомад 12:10). Бафиппайдтай йӕ, ацы стихы дыууӕ ахсджиаг хабары кой кӕй цӕуы? Фыццаг уый, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад, йӕ сӕргъы Йесо Чырысти, афтӕмӕй, бартӕ йӕ къухмӕ райста. Дыккаг та уый, ӕмӕ Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыд.

13. Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст кӕй ӕрцыд, уый хорзӕй цы ’рхаста?

13 Цымӕ уыцы дыууӕ хабары хорзӕй цы ’рхастой? Уӕлӕрвты цы ’рцыд, уый тыххӕй кӕсӕм: «Уӕдӕ цин кӕнут, уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕлӕрвты цӕрджытӕ!» (Раргомад 12:12). Ӕцӕгдӕр, уӕлӕрвты Хуыцауыл иузӕрдион зӕдтӕ цин кӕнынц, уымӕн ӕмӕ Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ уым нал сты. Ныр уӕлӕрвты чи ис, уыдон се ’ппӕт дӕр Йегъовӕ Хуыцауыл сты иузӕрдион. Ӕмӕ дзы ис ӕцӕг фарн ӕмӕ иудзинад. Ныр уӕлӕрвты ис Хуыцауы фӕндон.

Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст куы ’рцыдысты, уӕд зӕххыл адӕм додойаг фесты. Фӕлӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕн тагъд кӕрон ӕрцӕудзӕн

14. Чырысти Хӕйрӕджы уӕлӕрвтӕй куы ӕрӕппӕрста, уӕд цы ’рцыд?

14 Зӕххӕй та цы зӕгъӕн ис? Библийы кӕсӕм: «Додой зӕххӕн ӕмӕ денджызӕн, уымӕн ӕмӕ уӕм Хӕйрӕг ныццыд тынг мӕстыйӕ,– зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад!» (Раргомад 12:12). Хӕйрӕг уӕлӕрвтӕй ӕппӕрст кӕй ӕрцыд ӕмӕ йын рӕстӕг бирӕ кӕй нал баззад, уый тыххӕй мӕстӕй тоны. Ӕмӕ зӕххыл адӕмӕн сӕ сӕр додойаг фӕкодта, алы хъизӕмӕрттӕ сын ӕвзарын кӕны. Уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис иннӕ сӕрӕй. Фӕлӕ ныр та ахъуыды кӕнӕм ахӕм фарстайыл: «Уӕларвон Паддзахады фӕрцы Хуыцауы фӕндон зӕххыл куыд ӕххӕст кӕндзӕн?»

15. Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цавӕр фӕнд ис?

15 Хъуыды кӕныс, зӕххы тыххӕй Хуыцаумӕ цавӕр фӕнд ис? Едемы цӕхӕрадоны Хуыцау бӕлвырд бамбарын кодта, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй зӕххыл уа Дзӕнӕт ӕмӕ дзы рӕстаг адӕм ӕнустӕм цӕрой. Фӕлӕ Хӕйрӕг Адам ӕмӕ Евӕйы тӕригъӕды бафтыдта. Уый фӕзынд, Хуыцауы фӕнд куыд сӕххӕст уыдзӕн, ууыл, фӕлӕ йӕ фӕнд ивгӕ нӕ акодта. Йегъовӕйы фӕндон ныр дӕр у, цӕмӕй «рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсой ӕмӕ йыл цӕрой ӕнустӕм» (Псалом 37:29). Ӕмӕ йын йӕ фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн Хуыцауы Паддзахад. Куыд?

16, 17. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй Данелы 2:44 стихӕй цы ис базонӕн?

16 Ӕркӕс-ма, Данелы 2:44 стихы цы пехуымпарад фыст ис, уымӕ: «Уыцы паддзӕхты рӕстӕг уӕларвон Хуыцау сфидар кӕндзӕн, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн, ахӕм паддзахад. Уыцы паддзахад ӕндӕр адӕмы къухмӕ лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн. Уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн уыцы паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм». Ацы ныхӕстӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы ис базонӕн?

17 Фыццаг: Хуыцауы Паддзахад ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн «уыцы паддзӕхты рӕстӕг», ома, зӕххыл нырма иннӕ паддзахӕдтӕ уыдзысты, афтӕмӕй. Дыккаг: уыцы Паддзахад уыдзӕн ӕнустӕм, ома йӕ ӕндӕр хицауад нӕ басӕтдзӕн ӕмӕ йӕ нӕ раивдзӕн. Ӕртыккаг: Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ зӕххон паддзахӕдты ’хсӕн уыдзӕн хӕст. Уыцы хӕсты фӕуӕлахиз уыдзӕн Хуыцауы Паддзахад. Ӕмӕ уӕд зӕххыл ӕппӕт адӕмы сӕргъы дӕр уыдзӕн иу хицауад. Уӕд адӕм фендзысты, рагӕй фӕстӕмӕ дӕр цы цардмӕ бӕллынц, уый.

18. Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ ацы дунейы хицауӕдты ’хсӕн цы хӕст уыдзӕн, уый куыд хуыйны?

18 Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ ацы дунейы хицауӕдты ’хсӕн цы стыр хӕст уыдзӕн, уый тыххӕй Библийӕ бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн. Зӕгъӕм, фыст дзы ис, кӕрон куыд хӕстӕгдӕр кӕна, афтӕ хӕйрӕджытӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕй парахат кӕндзысты, цӕмӕй «ӕгас дунейы паддзӕхты» дӕр сайой. Цӕмӕн? «Цӕмӕй сӕ ӕрӕмбырд кӕной, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕстмӕ». Зӕххон паддзӕхтӕ ӕрӕмбырд уыдзысты, «дзуттагау Армагеддон чи хуыйны, уыцы бынатмӕ» (Раргомад 16:14, 16). Ацы дыууӕ стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, зӕххон хицауӕдты ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады ’хсӕн цы стыр хӕст уыдзӕн, уый хуыйны Армагеддоны хӕст.

19, 20. Ныртӕккӕ зӕххыл Хуыцауы фӕндон цӕуылнӕ ис?

19 Хуыцауы Паддзахадӕн Армагеддоны хӕсты фӕрцы цы бантысдзӕн? Ногӕй-ма дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый. Йегъовӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй рӕстаг, алцӕмӕй ӕххӕст адӕм зӕххыл Дзӕнӕты цӕрой ӕмӕ йын лӕггад кӕной. Ныртӕккӕ афтӕ цӕуылнӕ у? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ адӕм иууылдӕр сты тӕригъӕдджын, стӕй рынчын кӕнынц ӕмӕ мӕлынц. Фӕлӕ 5-ӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Йесо мах тыххӕй амард, цӕмӕй нӕ бон ӕнустӕм цӕрын уа. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕндзынӕ Иоанны Евангелийӕ ацы ныхӕстӕ: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:16).

20 Иннӕ аххосаг та уый у, ӕмӕ адӕм алы фыдхъуыддӕгтӕ аразынц. Кӕрӕдзи сайынц ӕмӕ стигъынц, стӕй хӕлд митыл бафтыдысты. Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын сӕ нӕ фӕнды. Ахӕм адӕмы Хуыцау Армагеддоны фесафдзӕн (Псалом 37:10). Хуыцауы фӕндон ма зӕххыл ныртӕккӕ ноджыдӕр уымӕн нӕй, ӕмӕ зӕххон хицӕуттӕ адӕмӕн уыцы зонд нӕ амонынц. Бирӕ бӕстӕты хицӕуттӕн сӕ адӕмыл сӕ бар нӕ цӕуы, сты ӕгъатыр, стӕй гӕртамхор. Библи дзӕгъӕлы нӕ зӕгъы: «Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Екклесиаст 8:9).

21. Уӕларвон Паддзахады фӕрцы Хуыцауы фӕндон зӕххыл кӕд уыдзӕн?

21 Армагеддоны фӕстӕ адӕмӕн уыдзӕн иу хицауад – Хуыцауы Паддзахад. Уыцы Паддзахад Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ адӕмӕн диссаджы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн. Зӕгъӕм, Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕн сӕ тых байсдзӕн (Раргомад 20:1–3). Чырысти йӕ туг кӕй ныккалдта, уый фӕрцы Хуыцауыл иузӕрдион адӕм рынчын дӕр нал кӕндзысты ӕмӕ мӕлгӕ дӕр. Уыдон цӕрдзысты ӕнустӕм (Раргомад 22:1–3). Зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт. Афтӕмӕй уӕларвон Паддзахады фӕрцы Хуыцауӕн йӕ ном срухс уыдзӕн ӕмӕ зӕххыл уыдзӕн йӕ фӕндон. Уый цӕуыл дзурӕг у? Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи уа, уыдон иууылдӕр кадджын кӕндзысты Йегъовӕйы ном.

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД ХЪУЫДДӔГТӔМ КӔД ӔРКӔСДЗӔН?

22. Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад, Йесо зӕххыл куы цард, уӕд дӕр кӕй не ’рцыд ӕмӕ куы райгас, уӕд дӕр?

22 Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ кӕй амыдта, кувут, «ӕрцӕуӕд дӕ Паддзахад», зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ уыцы Паддзахад уӕд нӕма ӕрцыд. Уӕдӕ кӕд ӕрцыд? Йесо уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уӕд? Уӕд дӕр не ’рцыд. Петр дӕр ӕмӕ Павел дӕр дзырдтой, Чырысти куы райгас, уый фӕстӕ йыл кӕй сӕххӕст сты Псаломы 110:1 стихы ныхӕстӕ: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ мӕ Хицауӕн: „Бад мӕ рахиз фарс, цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ“» (Хъуыддӕгтӕ 2:32–35; Дзуттӕгтӕм 10:12, 13). Куыд уынӕм, афтӕмӕй Чырыстийы хъуыди банхъӕлмӕ кӕсын.

Уӕларвон Паддзахадӕн зӕххыл йӕ бар куы цӕуа, уӕд, Хуыцауы фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уыдзӕн зӕххыл дӕр

23. Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райста?

23 Цас рӕстӕг ӕй хъуыди ӕнхъӕлмӕ кӕсын? 19-ӕм ӕнусы кӕрон ӕмӕ 20-ӕм ӕнусы райдианы Библииртасджытӕ бамбӕрстой, уыцы рӕстӕг 1914 азы кӕй фӕуыдзӕн. (Кӕс Уӕлӕмхасӕн, статья «1914 аз ӕмӕ Библийы пехуымпарӕдтӕ».) Дунейы 1914 азӕй фӕстӕмӕ цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон равдыстой, Библииртасджытӕ раст кӕй хъуыды кодтой. Библийы пехуымпарӕдтӕ кӕй сӕххӕст сты, уымӕй рабӕрӕг, 1914 азы Чырысти кӕй сси Паддзах ӕмӕ Хуыцауы уӕларвон Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста. Уӕдӕ абон мах ахӕм рӕстӕджы цӕрӕм, ӕмӕ Хӕйрӕгӕн «рӕстӕг бирӕ... нал баззад» (Раргомад 12:12; Псалом 110:2). Фидарӕй зӕгъӕн ис уый дӕр, ӕмӕ тагъд Хуыцауы Паддзахад хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзӕн ӕмӕ уый фӕрцы зӕххыл уыдзӕн Хуыцауы фӕндон. Уый диссаджы хабар нӕу? Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый дӕ уырны? Тагъд рӕстӕджы зӕххыл ӕцӕгдӕр диссаджы хабӕрттӕ кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй дзырд цӕуы иннӕ сӕры.