Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФАРӔСТӔМ СӔР

Ӕцӕгдӕр «фӕстаг бонты» цӕрӕм?

Ӕцӕгдӕр «фӕстаг бонты» цӕрӕм?
  • Абон дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уымӕй Библийы ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц?

  • «Фӕстаг бонты» адӕм цавӕр уыдзысты, уый тыххӕй Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис?

  • Библимӕ гӕсгӕ «фӕстаг бонты» цавӕр хорз хабӕрттӕ цӕудзӕн?

1. Фидӕны цы уыдзӕн, уый кӕцӕй ис базонӕн?

ТЕЛЕВИЗОРЫ ног хабӕрттӕм куы фӕкӕсыс, уӕд нӕ ахъуыды кӕныс: «Ацы дуне кӕдӕм цӕуы?» Алыхуызон бӕллӕхтӕ ӕмӕ ӕнамонд хабӕрттӕ афтӕ арӕх систы, ӕмӕ, райсом цы уыдзӕн, уый ничи зоны (Иаковы 4:14). Фӕлӕ Йегъовӕ зоны, фидӕны нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый (Исай 46:10). Йӕ Ныхас Библийы, абон цы бӕллӕхтӕ цӕуы, ӕрмӕст уыдоны тыххӕй нӕ ныффыссын кодта, фӕлӕ ма тагъд цы диссаджы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уыдоны тыххӕй дӕр.

2, 3. Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕмӕй бафарстой ӕмӕ сын цы загъта?

2 Йесо Чырысти арӕх дзырдта, зӕххӕй фыддзинад чи фесафдзӕн ӕмӕ дзы дзӕнӕт чи скӕндзӕн, уыцы уӕларвон Паддзахады тыххӕй (Лукайы 4:43). Адӕмы фӕндыд, уыцы Паддзахад кӕд хъуамӕ ӕрцыдаид, уый базонын. Иухатт Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бафарстой: «Ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?» (Матфейы 24:3). Ӕмӕ сын Йесо загъта, ацы дунейӕн йӕ кӕрон цы бон ӕрцӕудзӕн, уый Йегъовӕ Хуыцауы йеддӕмӕ кӕй ничи зоны (Матфейы 24:36). Фӕлӕ сын уый фӕстӕ радзырдта, Хуыцауы Паддзахад зӕххыл сабыр ӕмӕ ӕдас цард куы скӕна, уый хӕдразмӕ цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уый тыххӕй. Ӕмӕ цыдӕриддӕр загъта, уый абон нӕхи цӕстӕй уынӕм!

3 «Ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕроны» кӕй цӕрӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у, уымӕ гыццыл фӕстӕдӕр ӕркӕсдзыстӕм. Ныр та уал аныхас кӕнӕм, уӕлӕрвты цы хӕст уыд, ууыл. Кӕд уыцы хӕст уынгӕ иу адӕймаг дӕр нӕ фӕкодта, уӕддӕр тынг фӕзынд махӕй алкӕуыл дӕр.

ХӔСТ УӔЛӔРВТЫ

4, 5. а) Чырысти Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уӕд уӕлӕрвты цы ’рцыд? ӕ) Раргомады 12:12 стихмӕ гӕсгӕ, уӕлӕрвты цы хӕст уыд, уый цӕмӕ ӕркодта?

4 Айразмӕйы сӕрӕй базыдтам, 1914 азы Йесо Чырысти уӕлӕрвты Паддзах кӕй сси (Данел 7:13, 14). Ӕмӕ куыддӕр Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ райста, афтӕ хъуыддагмӕ ӕрӕвнӕлдта. Библийы фыст ис: «Уӕлӕрвты райдыдта хӕст: Михаил [афтӕ у Йесойы иннӕ ном] ӕмӕ йӕ зӕдтӕ схӕцыдысты залиаг калмимӕ [ома Хӕйрӕгимӕ], ӕмӕ залиаг калм дӕр йӕ зӕдтимӕ семӕ хӕцыд» *. Уыцы хӕсты Чырысти фӕуӕлахиз Хӕйрӕгыл ӕмӕ йе ’взӕр зӕдтыл, хӕйрӕджытыл, ӕмӕ сӕ уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ӕрӕппӕрста. Ӕмӕ уӕд Хуыцауы иузӕрдион уӕларвон фырттӕ сулӕфыдысты. Фӕлӕ адӕмӕй та цы зӕгъӕн ис? Библи дзуры: «Додой зӕххӕн... уымӕн ӕмӕ уӕм Хӕйрӕг ныццыд тынг мӕстыйӕ,– зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад!» (Раргомад 12:7, 9, 12).

5 Дӕ хъус-ма ӕрдар, уыцы хӕст цӕмӕ ӕркодта, уымӕ. Хӕйрӕг фырмӕстӕй зӕххыл цӕрӕг адӕмы додойаг фӕкодта, ома сыл алы бӕллӕхтӕ уадзы. Куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй абон мах цӕрӕм раст уыцы рӕстӕджы. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг бирӕ нӕ ахӕсдзӕн. Хӕйрӕг ӕй йӕхӕдӕг дӕр зоны, «рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад». Библи уыцы рӕстӕг хоны «фӕстаг бонтӕ» (2 Тимофеймӕ 3:1). Ахъуыды-ма кӕн, тагъд Хуыцау кӕрон скӕндзӕн Хӕйрӕджы митӕн! Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Библийы бирӕ раздӕр фыст чи ӕрцыд ӕмӕ ныртӕккӕ нӕхи цӕстӕй кӕй уынӕм, уыцы хабӕрттӕм. Уыдонӕй бӕрӕг у, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм ӕмӕ, Йегъовӕйы чи уарзы, уыцы адӕмӕн тагъд Хуыцауы Паддзахад ӕнусон хорздзинӕдтӕ кӕй ӕрхӕсдзӕн. Фыццаг уал аныхас кӕндзыстӕм, Йесо «фӕстаг бонты» тыххӕй куы дзырдта, уӕд цы хабӕртты кой кодта, уыдонӕй цыппарыл.

ӔВИРХЪАУ ХАБӔРТТӔ

6, 7. Чырысти хӕстытӕ ӕмӕ ӕххормагдзинады тыххӕй цы загъта, уый абон куыд ӕххӕст кӕны?

6 «Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ» (Матфейы 24:7). Ивгъуыд ӕнусы хӕстыты цы адӕм фӕмард, уыдонӕн сӕ нымӕц ахызт милуантӕй. Иу бритайнаг историк ныффыста: «Зӕххыл 20-ӕм ӕнусы цас туг ныккалд, уыйбӕрц никуы. [...] Йӕ райдианӕй йӕ кӕронмӕ адӕм сӕ хӕцынӕй не ’рлӕууыдысты. Кӕд-иу кӕмдӕрты сабыр уыди, уӕддӕр – цыбыр рӕстӕгмӕ». Иу институты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, «н. э. 1-аг ӕнусӕй 19-ӕм ӕнусы кӕронмӕ ӕппӕт хӕстыты цы адӕм фӕмард, уымӕй ӕртӕ хатты фылдӕр адӕм фӕцагъды афтид 20-ӕм ӕнусы хӕстыты». 1914 азӕй фӕстӕмӕ хӕстыты фӕмард 100 милуан адӕймагӕй фылдӕр. Кӕд нын хӕсты исчи фӕмард ӕмӕ уыцы рыст нӕхиуыл бавзӕрстам, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, зынтӕй бамбардзыстӕм, уал милуан адӕймаджы мӕлӕт цас маст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕрхаста, уый.

7 «Адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг» (Матфейы 24:7). Фӕстаг 30 азы фӕзынд тынг бирӕ алыхуызон хойрӕгтӕ. Фӕлӕ уӕддӕр бирӕтӕ ӕххормаг ӕййафынц, уымӕн ӕмӕ сӕм хӕринаг балхӕнынӕн фаг ӕхца нӕй, стӕй сын зӕххы гӕбаз дӕр нӕй, цӕмӕй дзы истытӕ ныссадзой. Мӕгуыр бӕстӕты иу милуан адӕймагӕй фылдӕрмӕ иу бонмӕ хауы иу доллӕр кӕнӕ та уымӕй дӕр къаддӕр. Ӕнӕниздзинады дунеон организацийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, алы аз дӕр фондз милуан сывӕллонӕй фылдӕр амӕлы, хӕринаг сын фаг кӕй нӕй, сӕйраджыдӕр уый аххосӕй.

8, 9. Цӕмӕй бӕрӕг у, Чырысти зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ низты тыххӕй цы загъта, уый кӕй ӕххӕст кӕны?

8 «Уыдзӕн стыр зӕххӕнкъуыстытӕ» (Лукайы 21:11). Америкӕйы геологты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, алы аз дӕр вӕййы иу-19 стыр зӕххӕнкъуысты. Уыцы зӕххӕнкъуыстытӕ афтӕ тыхджын вӕййынц, ӕмӕ хӕдзӕрттӕ бахъыгдарынц ӕмӕ зӕхх аскъуыдтӕ вӕййы. Стӕй иу аз дӕр афтӕ нӕ ацӕуы, ӕмӕ, хӕдзӕрттӕ бынтондӕр кӕмӕй ныккӕлынц, ахӕм зӕххӕнкъуыст ма уа. Ӕндӕр бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ та 1900 азӕй фӕстӕмӕ зӕххӕнкъуыстыты фӕмард дыууӕ милуан адӕймагӕй фылдӕр. Иу чиныджы фыст ис: «Кӕд техникӕ размӕ тынг ацыд, уӕддӕр, зӕххӕнкъуыстыты чи фӕмард вӕййы, уыдоны нымӕц бирӕ нӕ фӕкъаддӕр».

9 «Сыстдзӕн фыднизтӕ» (Лукайы 21:11). Кӕд медицинӕ размӕ ацыд, уӕддӕр адӕм алы низтӕй хъизӕмар кӕнынц. Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, фӕстаг азты тынг сарӕх сты, ӕнӕхъӕн дунейы дӕр кӕй зонынц, ахӕм низтӕ, зӕгъӕм, туберкулез, тӕфсӕг (малярия), халер – ӕдӕппӕтӕй 20 низы бӕрц. Уыцы низтӕй ис ахӕмтӕ, ӕмӕ сыл хостӕ нал тых кӕнынц. Стӕй ма фӕзынди ног низтӕ дӕр – ӕппынкъаддӕр 30 бӕрц. Иуӕй-иутӕн дзы хос нӕма ссардтой, ӕмӕ дзы адӕм мӕлгӕ дӕр акӕнынц.

АДӔМ ФӔСТАГ БОНТЫ

10. 2 Тимофеймӕ 3:1–5 стихты цавӕр миниуджыты тыххӕй фыст ис ӕмӕ абон адӕм ӕцӕгдӕр ахӕмтӕ сты?

10 Библийы, фӕстаг бонты цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, ӕрмӕст уыдӕттӕ не ’рцыд фыст. Фыст ма дзы ис, адӕм цавӕр уыдзысты, уый тыххӕй дӕр. 2 Тимофеймӕ 3:1–5 стихты кӕсӕм ахӕм ныхӕстӕ: «Фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг». Апостол Павел бирӕ раздӕр загъта, адӕм кӕй уыдзысты:

  • хиуарзон

  • ӕхцауарзаг

  • сывӕллӕттӕ ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсдзысты

  • мӕнгард

  • бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн

  • хиуыл хӕцын нӕ зондзысты

  • ӕгъатыр

  • Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ ирхӕфсӕнтӕ

  • сӕхи афтӕ ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауӕн кувӕг адӕм сты, фӕлӕ сӕ цардӕй та уый бӕрӕг нӕ уыдзӕн

11. Псаломы 92:7 стихмӕ гӕсгӕ фыдгӕнджытӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

11 Адӕм ахӕмтӕ кӕй систы, уый, ӕвӕццӕгӕн, дӕхӕдӕг дӕр уыныс. Ӕмӕ афтӕ у алы ран дӕр. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сын тагъд Хуыцау сӕ хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзӕн. Библийы фыст ис: «Фыдгӕнджытӕ кӕрдӕгау куы сзайынц, ӕмӕ, фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон дидинӕг куы ракалынц, уӕд уый тыххӕй, цӕмӕй ӕнустӕм фесӕфой» (Псалом 92:7).

ЦИНЫ ХАБӔРТТӔ

12, 13. Ацы фӕстаг бонты «раст зонындзинӕдтӕ» куыд сбирӕ сты?

12 Библийы куыд фыст уыд, афтӕ фӕстаг бонты адӕмыл цӕуы бирӕ бӕллӕхтӕ ӕмӕ фыдбылызтӕ. Фӕлӕ ацы змӕст дунейы дӕр Йегъовӕйӕн кувӕг адӕмӕн ис, цӕуыл цин кӕной, уый.

13 «Раст зонындзинӕдтӕ сбирӕ уыдзысты»,– бирӕ раздӕр фыст ӕрцыд Библийы, Данелы чиныджы. Уыцы хабар кӕд хъуамӕ ӕрцыдаид? «Кӕроны рӕстӕджы», ома фӕстаг бонты (Данел 12:4). Уӕлдайдӕр 1914 азӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны Библи ӕмбарынӕн. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ хуыздӕр ӕмбарын райдыдтой ахсджиаг хабӕрттӕ. Зӕгъӕм, Хуыцауӕн йӕ ном ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй, Йесо Чырысти йӕ цард мах тыххӕй цӕмӕн радта, адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы ӕмӕ мӕрдтӕ куыд райгас уыдзысты, уыдӕттӕ. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕйӕн кувӕг адӕм ахуыр кӕнынц сӕ цард афтӕ аразын, цӕмӕй дзы сӕ зӕрдӕ рухс кӕна ӕмӕ Хуыцауӕн кад хӕсса. Хуыздӕр ма бамбӕрстой, Хуыцауы Паддзахадӕн йӕ хӕс цы у ӕмӕ адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон куыд скӕндзӕн, уый дӕр. Цымӕ сӕ уыцы зонындзинӕдтӕ цӕмӕ сразӕнгард кодтой? Ацы фарста баст у ӕндӕр пехуымпарадимӕ, ӕмӕ уый дӕр ӕххӕст кӕны фӕстаг бонты.

«Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» (Матфейы 24:14)

14. а) Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар цал бӕстӕйы ӕмӕ цал ӕвзагыл цӕуы хъуыстгонд? ӕ) Уыцы хорз хабар чи хъусын кӕны?

14 «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр»,– загъта Йесо Чырысти, «ацы цардӕвӕрды кӕроны» кой куы кодта, уӕд (Матфейы 24:3, 14). Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуыстгонд цӕуы ӕгас зӕххыл дӕр – 235 бӕстӕйӕ фылдӕры, стӕй 600 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Уыцы Паддзахад цы у, адӕмӕн цавӕр хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн ӕмӕ уыцы хорздзинӕдтӕй цӕй фӕрцы схайджын уыдзысты, уый тыххӕй зӕрдиагӕй хъусын кӕнынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Уыдон сты милуантӕ – «ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» (Раргомад 7:9). Библийы цы фыст ис, уый базонын кӕй фӕнды, уыдонмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕдзармӕ бацӕуынц ӕмӕ семӕ Библи лӕвар фӕахуыр кӕнынц. Ӕмӕ ахӕм адӕм дӕр сты милуантӕ. Уыцы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уый ӕцӕгдӕр диссаг у, уымӕн ӕмӕ Чырысти афтӕ загъта, зӕгъгӕ, ӕцӕг чырыстӕттӕй «иууылдӕр се сӕфт уындзысты» (Лукайы 21:17).

КУЫД БАКӔНДЗЫНӔ?

15. а) Фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый дӕ уырны? Цӕмӕн? ӕ) «Кӕрон» цы ӕрхӕсдзӕн, Йегъовӕйы ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн? Ӕмӕ, йӕ Паддзахады дӕлбар йӕхи чи бакӕна, уыдонӕн та?

15 Куыд федтам, афтӕмӕй, Библийы фыст пехуымпарӕдтӕй бирӕтӕ абон ӕххӕст кӕнынц. Уӕдӕ разы нӕ дӕ, ӕцӕгдӕр фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм? Хорз хабар хъуыстгонд цӕудзӕн, цалынмӕ Йегъовӕ «фаг у» нӕ зӕгъа, уӕдмӕ. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн «кӕрон» (Матфейы 24:14). Фӕлӕ «кӕрон» цӕмӕн ӕрцӕудзӕн? Зӕххыл фыддзинадӕй цыдӕриддӕр ис, уымӕн. Йегъовӕ фесафдзӕн, йӕ ныхмӕ зонгӕ-зонын чи цӕуы, уыдоны се ’ппӕты дӕр. Уыцы хъуыддаг Йегъовӕ бахӕс кодта Йесо Чырыстийӕн ӕмӕ хъомысджын зӕдтӕн (2 Фессалоникӕгтӕм 1:6–9). Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ адӕмы нал сайдзысты ӕмӕ сын сӕ зонд нал зыгъуыммӕ кӕндзысты. Ӕмӕ уӕд Хуыцауы Паддзахад бирӕ хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, йӕ дӕлбар чи уа, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр (Раргомад 20:1–3; 21:3–5).

16. Дарддӕр дӕр дӕ цы хъӕуы аразын?

16 Ныр мах зонӕм, Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ кӕрон тынг хӕстӕг кӕй у, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Мӕн та цы аразын хъӕуы?» Хорз уаид, дарддӕр дӕр Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй фылдӕр базоныныл куы архаис (Иоанны 17:3). Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕн. Стӕй алы ӕмбырдмӕ дӕр цу ӕмӕ афтӕмӕй, Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уыдонимӕ лымӕн кӕн (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Йегъовӕ ӕгас дунейы дӕр адӕмӕн цы хабӕрттӕ ӕргом кӕны, уыдоныл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнай ӕмӕ дӕ дӕ царды фӕивын цы хъӕуы, уый куы ивай, уӕд Хуыцауы хорзӕх ссардзынӕ (Иаковы 4:8).

17. Ӕвзӕр адӕмӕн се сӕфт ӕнӕнхъӕлӕджы цӕмӕн ӕрцӕудзӕн?

17 Чырысти загъта, зӕгъгӕ, адӕмӕн сӕ фылдӕр, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый ницӕмӕ дардзысты. Ӕвзӕр адӕмӕн се сӕфт ӕрцӕудзӕн ӕнӕнхъӕлӕджы. Мӕнӕ давӕг ӕхсӕвыгон ӕнӕнхъӕлӕджы куыд фӕзыны, афтӕ адӕмӕн дӕр сӕ фылдӕр уый ӕнхъӕл нӕ уыдзысты (1 Фессалоникӕгтӕм 5:2). Йесо фӕдзӕхста: «Нойы рӕстӕджы куыд уыди, афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕг дӕр. Доны хъаймӕты размӕ адӕм хордтой ӕмӕ нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ моймӕ цыдысты, цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бацыд, уӕдмӕ. Ӕмӕ сӕм нымады дӕр ницы уыди, цалынмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ фӕласта. Раст афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕг дӕр» (Матфейы 24:37–39).

18. Нӕ зӕрдӕмӕ нӕ цавӕр ныхӕстӕ хъӕуы айсын?

18 Уымӕ гӕсгӕ Чырысти загъта: «Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды сагъӕстӕй ма ӕруӕззау уой ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕнӕнхъӕлӕджы ма ӕрӕййафа, ӕмӕ хызы бахауӕгау ма фӕуат. Уымӕн ӕмӕ уыцы бон, зӕххы цъарыл цы адӕм цӕры, уыдоны се ’ппӕты дӕр ӕрӕййафдзӕн. Уӕдӕ ма бафынӕй ут. Ӕдзухдӕр зӕрдиагӕй кувут, цӕмӕй уӕ бон бауа, ӕрцӕуинаг цы у, ӕппӕт уыдӕтты сӕрты ахизын ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз [ӕнӕзӕрдӕхудтӕй] ӕрлӕууын» (Лукайы 21:34–36). Мах хъӕуы Чырыстийы ныхӕстӕ нӕ зӕрдӕмӕ айсын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ «Адӕймаджы Фырты», ома Йесо Чырыстийы, раз ӕнӕзӕрдӕхудт чи уа, уыдон Хӕйрӕджы дунеимӕ нӕ фесӕфдзысты, фӕлӕ ног дунейы ӕнустӕм амондджынӕй цӕрдзысты. Уыцы дуне та тынг хӕстӕг у! (Иоанны 3:16; 2 Петры 3:13).

^ 4 абз. Михаил Йесо Чырыстийы иннӕ ном кӕй у, ууыл дзырд цӕуы Уӕлӕмхасӕны, статьяйы «Чи у хистӕр зӕд Михаил?».