Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ДӔСӔМ СӔР

Зӕдтӕ ӕмӕ хӕйрӕджытӕ нӕ цардмӕ исты бар дарынц?

Зӕдтӕ ӕмӕ хӕйрӕджытӕ нӕ цардмӕ исты бар дарынц?
  • Цымӕ зӕдтӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц?

  • Хӕйрӕджытӕ адӕмы цавӕр зондыл аразынц?

  • Хӕйрӕджытӕй тӕрсын хъӕуы?

1. Зӕдты тыххӕй нӕ фылдӕр базонын цӕмӕн хъӕуы?

АДӔЙМАДЖЫ искӕй хуыздӕр базонын куы фӕфӕнды, уӕд цы саразы? Йӕ бинонтимӕ йын базонгӕ вӕййы. Уӕдӕ цӕмӕй Хуыцауы хуыздӕр базонӕм, уый тыххӕй мах дӕр фылдӕр базонын хъӕуы, уӕлӕрвты йын цы бинонтӕ ис, уыдоны тыххӕй, ома зӕдты тыххӕй. Библи зӕдты хоны «Хуыцауы фырттӕ» (Иов 38:7). Зӕдтӕ Хуыцауы фӕндон куыд ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ сыл цавӕр хӕстӕ ис? Зӕххон адӕмы цардмӕ раздӕр исты бар дардтой? Абон дӕ цардмӕ та исты бар дарынц?

2. Зӕдтӕ куыд фӕзындысты ӕмӕ цас сты?

2 Библийы зӕдты тыххӕй бирӕ рӕтты ис фыст. Уӕдӕ дзы цалдӕр стихмӕ ӕркӕсӕм. Уый фӕрцы зӕдты тыххӕй фылдӕр базондзыстӕм. Зӕдтӕ куыд фӕзындысты? Колоссӕгтӕм 1:16 стихы фыст ис, Хуыцау Йесо Чырыстийы ӕххуысӕй кӕй сфӕлдыста, «уӕлӕрвты цы ис, уый дӕр ӕмӕ, зӕххыл цы ис, уый дӕр». Уӕдӕ зӕдтӕй алкӕй дӕр сфӕлдыста Йегъовӕ Хуыцау йӕ фыццаггуырд Фыртимӕ иумӕ. Фӕлӕ цымӕ зӕдтӕ цас сты? Библимӕ гӕсгӕ, сӕдӕгай милуантӕ. Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр сты тынг хъомысджын (Псалом 103:20) *.

3. Иовы 38:4–7 стихтӕй зӕдты тыххӕй цы ис базонӕн?

3 Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, зӕххӕн бындур ӕвӕрд куы ’рцыд, уӕд «Хуыцауы фырттӕ иууылдӕр фырцинӕй... хъӕр кодтой» (Иов 38:4–7). Куыд уынӕм, афтӕмӕй зӕдтӕ сты, адӕмӕн дӕр ӕмӕ зӕххӕн дӕр йӕ кой дӕр куы нӕма уыди, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Ацы стихтӕй ма базонӕн ис, зӕдтӕн ӕнкъарӕнтӕ кӕй ис, уый дӕр. Уыдон иумӕ «фырцинӕй» зарыдысты. Бафиппайдтай йӕ, «Хуыцауы фырттӕ иууылдӕр» иумӕ кӕй цин кодтой? Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ райдианы зӕдтӕ се ’ппӕт дӕр иу бинонтау ӕмвӕндӕй ӕмӕ ӕмзондӕй лӕггад кодтой Йегъовӕ Хуыцауӕн.

ЗӔДТӔ – НӔ ХЪАХЪХЪӔНДЖЫТӔ ӔМӔ НЕ ’ХХУЫСГӔНДЖЫТӔ

4. Хуыцауыл иузӕрдион зӕдтӕ адӕммӕ сӕ хъус кӕй дарынц, уый Библи куыд ӕвдисы?

4 Хуыцау фыццаг дыууӕ адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕдӕй фӕстӕмӕ иузӕрдион зӕдтӕ стыр цымыдисӕй сӕ хъус дардтой, зӕххыл адӕм куыд фылдӕр кодтой ӕмӕ Хуыцауы фӕндон куыд ӕххӕст кодта, уымӕ (Ӕмбисӕндтӕ 8:30, 31; 1 Петры 1:11, 12). Фӕлӕ рӕстӕг цыди, ӕмӕ зӕдтӕ уыдтой, адӕмӕн сӕ фылдӕр се Сфӕлдисӕджы кӕй ныууагътой, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы иузӕрдион зӕдтӕн уый тынг зын уыди. Фӕлӕ иу адӕймаг дӕр Йегъовӕмӕ куы раздӕхы, уӕд та зӕдтӕ тынг «фӕцин кӕнынц» (Лукайы 15:10). Иузӕрдион зӕдтӕ Хуыцауӕн кувӕг адӕмыл кӕй тыхсынц ӕмӕ сӕ сӕ хорздзинад кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ-иу сӕ Йегъовӕ бирӕ хӕттыты рарвыста зӕхмӕ, цӕмӕй йын-иу йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн баххуыс кодтаиккой ӕмӕ сӕ бахъахъхъӕдтаиккой (Дзуттӕгтӕм 1:7, 14). Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.

«Мӕ Хуыцау йӕ зӕды рарвыста, цӕмӕй домбӕйтты комыл ныххӕцыдаид» (Данел 6:22)

5. Зӕдтӕ адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уымӕн Библийы цавӕр цӕвиттонтӕ ис?

5 Хуыцау быныхӕлд горӕттӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕ фесафынвӕнд куы скодта, уӕд дыууӕ зӕды рӕстаг адӕймаг Лоты ӕмӕ йӕ чызджыты уырдыгӕй ракодтой (Райдиан 19:15, 16). Ӕнустӕ фӕстӕдӕр пехуымпар Данелы знӕгтӕ домбӕйтты дзыхъхъы ныппӕрстой, фӕлӕ сӕрӕгасӕй баззад. Ӕмӕ мӕнӕ цы загъта: «Мӕ Хуыцау йӕ зӕды рарвыста, цӕмӕй домбӕйтты комыл ныххӕцыдаид» (Данел 6:22). Н. э. фыццаг ӕнусы та иу зӕд апостол Петры ахӕстонӕй фервӕзын кодта (Хъуыддӕгтӕ 12:6–11). Зӕдтӕ ӕххуыс кодтой Йесо Чырыстийӕн дӕр, зӕххыл лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд (Марчы 1:13). Стӕй та йӕм йӕ мӕлӕты размӕ дӕр зӕд фӕзынд ӕмӕ йӕ «бафидар кодта» (Лукайы 22:43). Ахъуыды-ма кӕн, ахӕм зын сахат уый Йесойӕн цас удӕнцой ӕрхастаид!

6. а) Абон зӕдтӕ Хуыцауы адӕмы куыд хъахъхъӕнынц? ӕ) Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

6 Абон зӕдтӕ Хуыцауы адӕммӕ сӕхи нал ӕвдисынц. Фӕлӕ ныр дӕр Хуыцауы хъомысджын зӕдтӕ хъахъхъӕнынц йӕ лӕггадгӕнджыты. Сӕйраджыдӕр сӕ хъахъхъӕнынц, сӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цӕмӕй у, уыдӕттӕй. Библийы фыст ис: «Йегъовӕйы зӕд хъахъхъӕны, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдоны ӕмӕ сӕ ирвӕзын кӕны» (Псалом 34:7). Ацы ныхӕстӕ нын стыр ныфсы хос сты. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ис хӕйрӕджытӕ дӕр, кӕнӕ дӕлимонтӕ. Уыдон ууыл архайынц, цӕмӕй нӕ фесафой. Чи сты уыцы хӕйрӕджытӕ? Куыд фӕзындысты? Ӕмӕ адӕмӕн цавӕр зиан хӕссынц? Цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, зӕххыл адӕм куы фӕзындысты, уӕд цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уымӕ.

ХӔЙРӔДЖЫТӔ – НЕ ЗНӔГТӔ

7. Хӕйрӕг Хуыцауӕй цас адӕмы фӕиппӕрд кодта?

7 Ацы чиныджы 3-аг сӕры дзырд цӕуы, зӕдтӕй иуы кӕй бафӕндыд, цӕмӕй иннӕтӕн хицау уый уыдаид. Уыцы зӕд рацыд Хуыцауы ныхмӕ, ӕмӕ сси Сайтан ӕмӕ Хӕйрӕг (Раргомад 12:9). Хӕйрӕг Евӕйы куы асайдта, уый фӕстӕ 1 600 азы дӕргъы цыдӕриддӕр адӕм цард, уыдоны се ’ппӕты дӕр Хуыцауӕй фӕиппӕрд кодта. Ӕрмӕстдӕр цалдӕр адӕймаджы баззадысты Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй, зӕгъӕм, Авел, Енох ӕмӕ Ной (Дзуттӕгтӕм 11:4, 5, 7).

8. а) Зӕдтӕй иуӕй-иутӕ хӕйрӕджытӕ куыд систы? ӕ) Цӕмӕй хӕйрӕджытӕ Доны хъаймӕты ма фесӕфтаиккой, уый тыххӕй цы сарӕзтой?

8 Нойы рӕстӕджы Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты ӕндӕр зӕдтӕ дӕр. Уыдон ныууагътой Хуыцауы уӕларвон бинонты, ома Йегъовӕйы ӕмӕ иннӕ зӕдты, зӕхмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ адӕймаджы буӕрттӕ райстой. Цӕмӕн? Райдианы 6:2 стихы кӕсӕм: «Ӕцӕг Хуыцауы фырттӕ сӕ хъус дарын райдыдтой зӕххон чызджытӕм, рӕсугъд кӕй сты, уымӕ. Ӕмӕ-иу дзы сӕ зӕрдӕмӕ чи фӕцыди, уыдонӕй-иу сӕхицӕн устытӕ скодтой». Фӕлӕ уыцы зӕдтӕ цы митӕ кодтой, ӕмӕ адӕм куыд фехӕлдысты, уымӕ Йегъовӕ Хуыцау ӕнцад нӕ касти. Зӕххыл доны хъаймӕт рауагъта, ӕмӕ ӕвзӕр адӕм фесӕфтысты. Удӕгасӕй ма баззадысты ӕрмӕстдӕр Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ (Райдиан 7:17, 23). Хивӕнд зӕдтӕн та, ома хӕйрӕджытӕн, ӕндӕр гӕнӕн нал уыди, ӕмӕ сӕ зӕххон буӕрттӕ ныууагътой ӕмӕ фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм аздӕхтысты. Афтӕмӕй уыдон слӕууыдысты Хӕйрӕджы фарс, ӕмӕ уый сси «хӕйрӕджыты ӕлдар» (Матфейы 9:34).

9. а) Хӕйрӕджытӕ уӕлӕрвтӕм куы аздӕхтысты, уӕд цы баисты? ӕ) Хӕйрӕджыты тыххӕй цы базондзыстӕм?

9 Уыцы хивӕнд зӕдтӕ уӕлӕрвтӕм куы аздӕхтысты, уӕд сын уым, Хуыцауы бинонты ’хсӕн, бынат нал уыди, се ’лдар Хӕйрӕгӕн дзы куыд нал уыд бынат, афтӕ (2 Петры 2:4). Ӕмӕ кӕд абон адӕймаджы буар райсын сӕ бон нал у, уӕддӕр адӕмы алы ӕвзӕр ӕмӕ хӕлд хъуыддӕгтыл ӕфтауынц. Сайтан уыцы хӕйрӕджытимӕ «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр... сайы» (Раргомад 12:9; 1 Иоанны 5:19). Куыд? Адӕмы сайынӕн хӕйрӕджытӕ алыхуызон мадзӕлттӕ ӕрымысынц (2 Коринфӕгтӕм 2:11). Цӕй уӕдӕ уыцы мадзӕлттӕй цалдӕрмӕ ӕркӕсӕм.

ХӔЙРӔДЖЫТӔ АДӔМЫ КУЫД САЙЫНЦ?

10. Хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕ чи кӕны, уыдон кӕимӕ сты баст?

10 Хӕйрӕджытӕ адӕмы сайынц, хинтӕ-кӕлӕнтӕм цыдӕриддӕр хауы, уыдӕттӕй. Ахӕм хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон баст сты хӕйрӕджытимӕ. Хӕйрӕджытӕ семӕ фӕныхас кӕнынц кӕнӕ комкоммӕ, кӕнӕ та – дӕсныты уылты. Ахӕм хъуыддӕгтӕй Хуыцау йе сӕфт уыны ӕмӕ нӕ Библийы фӕдзӕхсы, цӕмӕй, хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтимӕ цыдӕриддӕр баст у, уыдӕттӕй нӕхи хизӕм (Галатӕгтӕм 5:19–21). Ам цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕн ис кӕсагахсӕджы. Кӕсагахсӕг алыхуызон кӕсӕгтӕ ӕрцахсынӕн фӕпайда кӕны алыхуызон сайӕнтӕй. Афтӕ хӕйрӕджытӕ дӕр алыхуызон адӕймӕгты сӕ дӕлбар бакӕнынӕн пайда кӕнынц алыхуызон хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕй.

11. Цы у дӕсны фӕрсын ӕмӕ дзы нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?

11 Хӕйрӕджыты сайӕнтӕй иу у дӕсны фӕрсын. Фӕлӕ дӕсны фӕрсын бӕлвырдӕй цы у? Адӕймаг фидӕны хабӕрттӕ кӕнӕ, цы нӕ зоны, ахӕм исты базоныныл куы архайа. Дӕсны фӕрсынмӕ хауы астрологи, гороскоптӕ, къамтӕй ӕмӕ къофийӕ фӕрсын, армытъӕпӕны хӕххытӕ ӕвзарын ӕмӕ фынтӕ халын. Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕсны фӕрсыны тӕссагӕй ницы ис. Фӕлӕ Библи комкоммӕ дзуры, дӕсныфӕрсджытӕ хӕйрӕджытимӕ баст кӕй сты. Зӕгъӕм, Хъуыддӕгты 16:16–18 стихты кӕсӕм, иу чызгӕн йӕ мидӕг кӕй уыди дӕлимон ӕмӕ йын дӕсны фӕрсыны хъомыс кӕй лӕвӕрдта. Фӕлӕ уыцы чызгӕй дӕлимоны куы расырдтой, уӕд дӕсны фӕрсын йӕ бон нал уыди.

Хӕйрӕджытӕ адӕмы сайынц алыхуызон мадзӕлттӕй

12. Мӕрдтимӕ «ныхас кӕнын» тӕссаг цӕмӕн у?

12 Хӕйрӕджытӕ ма адӕмы уымӕй дӕр сайынц, ӕмӕ сӕ ахӕм зондыл аразынц, цӕмӕй мӕрдтимӕ ныхас кӕной. Адӕймагӕн исчи куы амӕлы, уӕд тынг фӕмаст кӕны, ӕмӕ йӕ ӕнцонтӕй бауырны, мардимӕ ныхас кӕнӕн ис, уый. Бирӕтӕ фӕзӕгъынц, марды, дам, федтон кӕнӕ, дам, мемӕ ныхас дӕр кодта. Чидӕртӕ та, цӕмӕй мардимӕ аныхас кӕной, уый тыххӕй дӕснымӕ дӕр ацӕуынц. Гъемӕ бирӕтӕ афтӕ ӕнхъӕлынц, ӕмӕ мӕрдты ӕцӕгдӕр цыдӕр ис, ӕмӕ семӕ куы аныхас кӕной, уӕд афтӕ тынг нал маст кӕндзысты. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та афтӕмӕй адӕймаг йӕхи фыдбылызы ӕппары. Ома куыд? Чи амард, уый хъӕлӕсӕй фӕдзурынц хӕйрӕджытӕ, ӕмӕ дӕснытӕн дӕр уыцы адӕймаджы тыххӕй цыдӕртӕ уыдон фӕзӕгъынц (1 Самуилы 28:3–19). Стӕй, адӕймаг куы амӕлы, уӕд никуыуал вӕййы (Псалом 115:17). Уӕдӕ, «мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны», уый бахауы хӕйрӕджыты къӕппӕджы ӕмӕ фӕархайы Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ (Дыккаг закъон 18:10, 11; Исай 8:19). Уымӕ гӕсгӕ дӕхи хъахъхъӕн, цӕмӕй дӕ хӕйрӕджытӕ ма асайой.

13. Кӕддӕр йӕ царды бонтӕ хӕйрӕджытӕй тӕрсгӕйӕ чи ӕрвыста, уыдонӕн сӕ бон цы баци?

13 Хӕйрӕджытӕ адӕмы ӕрмӕст сайгӕ нӕ кӕнынц, фӕлӕ ма сӕ тӕрсын дӕр кӕнынц. Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ зонынц, «рӕстӕг сын бирӕ кӕй нал баззад». Тагъд сын Хуыцау сӕ тых байсдзӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ абоны хуызӕн ӕгъатыр никуы уыдысты (Раргомад 12:12, 17). Фӕлӕ кӕддӕр йӕ царды бонтӕ хӕйрӕджытӕй тӕрсгӕйӕ чи ӕрвыста, уыдонӕй сӕ бирӕтӕ ныр нал тӕрсынц. Цы сын баххуыс кодта? Ӕмӕ хӕйрӕджытимӕ баст чи у, уымӕн та цы кӕнгӕ у?

ХӔЙРӔДЖЫТЫ НЫХМӔ ФИДАР ФӔЛӔУУ

14. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау махӕн дӕр нӕ бон куыд у хӕйрӕджыты ахӕстӕй раирвӕзын?

14 Библи нын дзуры, куыд ис хӕйрӕджыты ныхмӕ фидар фӕлӕууӕн дӕр ӕмӕ сӕ ахӕстӕй раирвӕзӕн дӕр. Ӕркӕсӕм, фыццаг ӕнусы горӕт Ефесы цы чырыстӕттӕ цард, уыдоны хабармӕ. Чидӕртӕ сӕ раздӕр уыдысты дӕснытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕ. Фӕлӕ уыцы хъуыддӕгтӕ ныууадзын куы сфӕнд кодтой, уӕд куыд бакодтой? Библийы фыст ис: «Кӕлӕнгӕнджытӕй... бирӕтӕ сӕ чингуытӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕ се ’ппӕты раз басыгътой» (Хъуыддӕгтӕ 19:19). Уыцы чырыстӕттӕ хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст чингуытӕ кӕй басыгътой, уымӕй фӕзминаг сты, абон хӕйрӕджыты ныхмӕ фидар фӕлӕууын кӕй фӕнды, уыдонӕн. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын чи сфӕнд кодта, уыдонмӕ хъуамӕ мацыуал уа, дӕснытӕ, хинтӕ-кӕлӕнтимӕ цыдӕриддӕр баст у, уыдӕттӕй. Зӕгъӕм, бирӕ чингуытӕ, журналтӕ, кинотӕ, нывтӕ ӕмӕ музыкӕ адӕмы разӕнгард кӕнынц хинтӕ-кӕлӕнтӕм ӕмӕ хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕ афтӕ ӕвдисынц, цӕмӕй адӕймаг сцымыдис уа ӕмӕ йӕм ӕвзӕр ма кӕсой. Уырдӕм ма хауынц, фыдбылызӕй хи бахизынӕн хъуырыл кӕй фӕдарынц, ахӕм дӕсныйы чингуытӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм дзауматӕ дӕр (1 Коринфӕгтӕм 10:21).

15. Цӕмӕй хӕйрӕджыты ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?

15 Ефесы цӕрӕг чырыстӕттӕ сӕ чингуытӕ куы басыгътой, уымӕй сӕм цалдӕр азы фӕстӕ апостол Павел фыста, зӕгъгӕ, нӕ тох у «фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ» (Ефесӕгтӕм 6:12). Куыд уынӕм, афтӕмӕй хӕйрӕджытӕ нӕ басастысты. Уыдон дарддӕр дӕр тох кодтой. Уӕдӕ ма уыцы чырыстӕтты ноджыдӕр цы бакӕнын хъуыди? Павел загъта: «Алы уавӕрты дӕр-иу райсут уырнындзинады стыр уарт – уымӕй уӕ бон бауыдзӕн Фыдбылызы [ома Хӕйрӕджы] судзгӕ фаттӕ се ’ппӕт дӕр ахуыссын кӕнын» (Ефесӕгтӕм 6:16). Нӕ уырнындзинады уарт цас фидардӕр уа, уыйас нӕ бон тынгдӕр уыдзӕн хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕууын (Матфейы 17:20).

16. Нӕ бон куыд у нӕ уырнындзинад фидар кӕнын?

16 Фӕлӕ нӕ уырнындзинад куыд фидар кӕнӕм? Уый тыххӕй хъӕуы Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнын. Зӕгъӕм, хӕдзары бындур фидар куы уа, уӕд йӕ къултӕ дӕр фидар уыдзысты. Раст афтӕ нӕ уырнындзинад дӕр фидар уыдзӕн, цӕуыл лӕууы, уый фидар куы уа, уӕд, ома, Хуыцауы Ныхас цы дзуры, уый бӕлвырдӕй куы зонӕм. Библи алы бон дӕр куы кӕсӕм ӕмӕ йӕ бӕстон куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кӕндзӕн. Ӕмӕ нӕ ахӕм уырнындзинад фидар къултау хъахъхъӕндзӕн хӕйрӕджытӕй (1 Иоанны 5:5).

17. Цӕмӕй хӕйрӕджыты ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй ма ноджыдӕр цы хъуамӕ аразӕм?

17 Ефесы цӕрӕг чырыстӕтты ма ноджыдӕр цы аразын хъуыд? Сӕ горӕт хӕйрӕджытӕй йедзаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ хъуыди ноджы фылдӕр ӕххуыс. Ӕмӕ сын Павел афтӕ дӕр уымӕн загъта: «Алкӕддӕр сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ кувут Хуыцаумӕ, кувут ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнут алы хуызы дӕр ӕмӕ алцӕй тыххӕй дӕр» (Ефесӕгтӕм 6:18). Абон дӕр дуне йедзаг у хӕйрӕджытӕй. Ӕмӕ цӕмӕй сӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй кувӕм ӕмӕ дзы ӕххуыс курӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕмӕ хъуамӕ кувӕм йӕ номӕй (Ӕмбисӕндтӕ 18:10). Хъуамӕ йӕм ӕдзухдӕр кувӕм, цӕмӕй нӕ «Фыдбылызӕй фервӕзын кӕна» (Матфейы 6:13). Йегъовӕ нын нӕ зӕрдиаг куывдтытӕ ӕнӕмӕнг фехъусдзӕн (Псалом 145:19).

18, 19. а) Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ хӕйрӕджытыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм? ӕ) Иннӕ сӕры цавӕр фарстайыл цӕудзӕн дзырд?

18 Хӕйрӕджытӕ тынг тӕссаг сты, фӕлӕ нӕ сӕ разы зыр-зыр кӕнын нӕ хъӕуы. Хӕйрӕгӕн йӕ ныхмӕ куы слӕууӕм ӕмӕ Хуыцауы фӕндон куы ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ йӕм афтӕмӕй куы ӕввахс кӕнӕм, уӕд нын ницы ракӕндзысты (Иаковы 4:7, 8). Хӕйрӕджытӕн сӕ бон алцы нӕу. Нойы рӕстӕджы уыдон карз ӕфхӕрд баййӕфтой, фидӕны та сӕ Хуыцау бынтондӕр фесафдзӕн (Иудӕйы 6). Стӕй нӕ уый дӕр рох ма уӕд, ӕмӕ нӕ Йегъовӕйы хъомысджын зӕдтӕ кӕй хъахъхъӕнынц (2 Паддзӕхты 6:15–17). Уыцы зӕдты тынг фӕнды, цӕмӕй хӕйрӕджыты ныхмӕ фидар лӕууӕм. Нӕ ныфсыл нын ныфс ӕфтауынц, раст нын цыма афтӕ дзурынц, фидар лӕуут, зӕгъгӕ. Цӕй уӕдӕ нӕхи бӕттӕм Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ бинонтыл, ома йӕ иузӕрдион зӕдтыл. Стӕй дӕснытӕ ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтимӕ цыдӕриддӕр баст у, уыдӕттӕй нӕхи хизӕм ӕмӕ алкӕддӕр аразӕм, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый (1 Петры 5:6, 7; 2 Петры 2:9). Ӕмӕ уӕд хӕйрӕджытыл ӕнӕмӕнг фӕуӕлахиз уыдзыстӕм.

19 Фӕлӕ Хуыцау хӕйрӕджыты цӕуылнӕ фесафы ӕмӕ фыддзинадӕн ӕмӕ адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны? Ацы фарстайыл дзырд цӕудзӕн иннӕ сӕры.

^ 2 абз. Хорз зӕдты тыххӕй Раргомады 5:11 стихы фыст ис: «Уыцы зӕдтӕ уыдысты милуантӕ ӕмӕ мин-минтӕ». Уӕдӕ, Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Хуыцауы сконд зӕдтӕ сты сӕдӕгай милуантӕ.